Кемеровойы президентон кадетон ахуыргæнæндоны цур байгом кодтой мемориалон комплекс. Центры ис цырт кузбассаг хæстон-сæрибаргæнæг Николай Масаловæн, уый мæлæтæй аирвæзын кодта немыцаг чысыл чызджы. Статуяйы цур æрбынат кодтой конструкцитæ 2916 хъайтар-сыбырæгты нæмттимæ, кæцытæ фæмард сты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы. Мемориалон комплекс баххуыс уыдзæн бирæ фæлтæртæн Стыр Фыдыбæстæйон хæсты тыххæй историон рæстдзинад бахъахъхъæнынæн. Кузбассаг монумент практиконæй у Берлины Трептов-паркы советон салдатæн æвæрд цырты хуызæн. Уый у скульптор Евгений Вучетичы скульптурæ «Меч Победы»-йы триптихы хай.

Хæстон-сæрибаргæнæг, гвардийы сержант Николай Масаловы сгуыхтдзинад

Берлины Трептов-парчы хæстон-сæрибаргæнæгæн цырт байгом кодтой 1949 азы: советон салдат йæ риумæ нылхъывта немыцаг чысыл чызджы, йæ къухы ис цирхъ, йæ къæхты бын та — фаст свастикæ. Ацы сюжетмæ Вучетичы сразæнгард кодта хæстоны сгуыхтдзинад, кæцы Берлины штурмы размæ фехъуыста сывæлллоны кæуын æмæ йæ цардæн тæссаг уавæрты æхстыты бынæй рахаста чысыл чызджы.

Æрмæстдæр 20 азы фæстæ рабæрæг хъайтары ном. Уый уыд гвардийы хистæр сержант Николай Масалов. Маршал Василий Чуйков йæ мысинæгты лæмбынæг радзырдта ацы эпизоды тыххæй æмæ афтæмæй хъайтары ном нырма бахаудта советон æмæ уый фæстæ та дунеон прессæмæ.

Немыцаг чызг æмæ советон салдат

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Николай Масалов хæцыд 1942 азæй, рацыд Брянскаг фронт, хъахъхъæдта Сталинград. 1945 азы 30-æм апрелы советон хай йæхи цæттæ кодта Берлины районы Тиргартены штурммæ. Николай Масалов уыд Ландвер-къанауыл хидтæй сæ иуы районы. Штурм райдайынмæ ма баззад сахатæй къаддæр, афтæмæй хæстонтæ позициты ’хсæнæй фехъуыстой сывæллоны кæуын. Æмбæрстгонд уыд, æхстытæ куы райдайой, уæд сывæллон амæлдзæн. Николай йæ командирæй бар райста йæ аирвæзын кæныны тыххæй. Хиды цур фæзуат уыд пулеметы æмæ автоматон пушкæты æхстыты бын, зæххы бын та æмбæхст уыдысты минæтæ æмæ фугастæ, — фыста йæ мысинæгты маршал Чуйков. Сержант Масалов бырыд размæ йæхи асфальтмæ нылхъивгæйæ. Хæстонæн тас уыд йæ цардæн, фæлæ бахæццæ йæ нысанмæ. «Æз уæддæр бабырыдтæн кæуын кæцæй хъуыст, уыцы бынатмæ æмæ уынын, мардæй хуыссы бурдзалыг сылгоймаг. Эсэсовæгтæ йæ фехстой фæстийæ, нæ сæ фæндыд сæ лæгæтæй сæхиуæтты рауадзын дæр. Йæ мард мады астæумæ бæндæнæй баст уыд æртæаздзыд чызг. Бахъуыды йын кодтон йæ урс тæппытимæ къаба. Уый æппынæдзух кæугæйæ хъæр кодта: „Мутти“, „Мутти!“, зæгъгæ. Куыдæр æй мæ къухтæм систон, афтæ уайтагъд басабыр». Фæстæмæ здæхгæйæ, сержанты æхстой пулеметæй, фæлæ йæ дзуаппон æхстытæй бамбæрзтой йе ’мхæстонтæ. Уый чызджы радта штабмæ æмæ фæстæмæ раздæхт тырысамæ.

Берлины кадджын æмбæстаг

Николай Масаловы ном куы айхъуыст, уæд уый куыста Тяжинайы сабидоны хæдзарады сæргълæууæгæй. Уырдæм цæрынмæ рацыдысты сæ райгуырæн хъæу Вознесенскæй. 1966 азы йæ фæхуыдтой Мæскуымæ телеалæвæрдмæ йæ сисыны тыххæй æмæ йын маршал Чуйков йæхæдæг радта Фыдыбæстæйон хæсты орден. Германы Масаловы бахастой Берлины кадджын æмбæстæгты номхыгъдмæ. Куыд дзурынц, афтæмæй йын, æгæрыстæмæй загътой сæ фæндон Скæсæйнаг Германы столицæйы æрцæрыны фæдыл, фæлæ хъайтар уæддæр баззад Тяжинайы. 1990 азы, Германы æрбаиуы фæстæ Масаловы ном фесæфт кадджын æмбæстæгты номхыгъдæй. 2020 азы Кузбассы губернатор Сергей Цивилев бафарст арвыста Берлины хицауадмæ хъайтары ном сæндидзын кæныны куырдиатимæ. Фæлæ йын сдзуапп кодтой, зæгъгæ, уый гæнæн нæй, уымæн æмæ, дам, Германы æрбаиу кæныны фæстæ ног номхыгъдмæ бахастой æрмæстдæр ахуыргæндты æмæ культурæйы архайджыты. Номхыгъдмæ советон æфсады æмæ æфсæддон администрацийы 11 минæварæй иу дæр хаст нал æрцыд. Уыимæ бамбарын кодтой, зæгъгæ, конкретонæй Масаловы ныхмæ Берлины ничи у. Берлины хицауады банысан кодтой, зæгъгæ, йын Трептовы мемориалон комплексы ис аккаг цырт.

«Кузбассæгтæ ахæм дзуаппыл не сразы сты. Николай Масаловы фæхъыг кодтой, цы зæхх ссæрибар кодтой, уым æмæ уымæ гæсгæ мах аскъуыддзаг кодтам ацы монумент нæ зæххыл саразын», — загъта Сергей Цивилев.

Историон мысынад

Кемеровойы мемориал кæд Берлины цырты халдих у, уæддæр дзы ис ивындзинæдтæ: йæ иумиаг бæрзæнд у фылдæр, ома 37 метры, йæ уæз та — 25 тоннæйæ фылдæр. Салдаты 12-метрон фигурæ бронзæйæ сарæзтой Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады æфсæддон нывгæнджыты мæскуыйаг студийы скульптортæ. Проекты архитектор у Кемеровойы раздæры сæйраг архитектор, УФ-йы сгуыхт архитектор Олег Ражев.

Цырты раз ис 300-метрон аллея æмæ 12 колоннæ сыбырæгты — Советон Цæдисы, Уæрæсейы хъайтарты нæмттимæ. Уый æрмæст аллея нæу, фæлæ ма плац дæр, цæмæй дзы кадеттæн сæ бон уа рæнхъон æмæ цытджын мадзæлттæ уадзын. Ахæм у мемориалы нысаниуæг фидæны фæлтæрты патриотон хъомылады фæдыл.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.