Ныр 50 азы дæргъы æрвылаз дæр 1-æм марты легендарон студентон клуб банысан кæны йæ райгуырæн бон. «Аполлон» арæзт æрцыд 1972 азы 1-æм марты, Хуссар Ирыстоны педагогон институты (абон университет) истори æмæ филологийы факультеты бындурыл, историон факультеты ахуыргæнæг, историон зонæдты кандидат, доцент Саулохты Тамарæйы хъæппæрисæй. Ацы диссаджы сылгоймаг бирæ азты дæргъы уыд студентон клубы æнæраивгæ къухдариуæггæнæг æмæ сын ссис уарзон адæймаг.

20-æм æнусы 70-æм азты æмбисы ХИПУ-йы историон факультеты æвзонг ахуыргæнæг, Мæскуыйы паддзахадон университеты аспирантурæйы рауагъдон Саулохты Тамарæ йæ фæндон раргом кодта йе студенттæн аивад уарзджыты клуб саразыны тыххæй. Клубы фыццаг рабадт уагъд æрцыд 1972 азы 1-æм марты. Æвæццæгæн, уæд Тамарæ Никъалайы чызг дæр æмæ студенттæ дæр нæ ахъуыды кодтаиккой, клуб цæрыны гуырд кæй фæуыдзæн æмæ йын фидæны стыр нысаниуæг кæй уыдзæн, ууыл. «Аполлон» 50 азы дæргъы йæхимæ æлвасы Хуссар Ирыстоны университеты ног æмæ ног фæлтæрты. Æрвылаз дæр клубы рæнхъытæ баххæст кæнынц уыцы æвзонг адæймæгтæ, кæцытæ æгæрон уарзтæй уарзынц æмæ цымыдис кæнынц Ирыстоны æрдз, культурæ æмæ историмæ.

Аполлононтæй бирæтæ абон сæхæдæг сты стыр ахуыргæндтæ, куыд, зæгъæм, Мæскуыйы паддзахадон университеты профессор Джиоты Алеся, Цоциты Алан, Джиоты Мурат, Коцты Къоста æмæ æндæртæ.

1972 азы 1-æм марты Цхинвалы уыд ивгæ боныгъæд – куы мит уарыд, куы та-иу хур ракаст. Уый уыд ахсджиаг бон Хуссар Ирыстонæн ХИППИ-йы студентты къордæн, кæцытæ æрæмыбрд сты, цæмæй фехъусын кодтаиккой  клуб «Аполлон» саразыны тыххæй.

 

Аполлон»-ы сырæзты историйæ

Саулохты Тамарæ нымадта, зæгъгæ, аивад, уæлдайдæр та музыкæ æвæрццагæй æндавы адæймагыл æмæ ацы хъуыдыйæ никуы фæиппæрд йæ царды бонты. ХИППИ-йы историон-филологон факультеты цыппæрæм курс, кæцы-йæн Тамарæ уыд сæ куратор, уыдысты тынг активон студенттæ. Гена Хайрули, Нелли Корниенко, Марина Асанидзе, Гæбæраты Розæ, Дыгъуызты Валера, Джанашвили Рафик – номхуындæй уыдонæй райдыдтой поэзийы изæртæ, экскурситæ, балцытæ. Лекцитæй сæ иуы рæстæджы Саулохты Тамарæ йе студентты базонгæ кодта испайнаг поэт æмæ драматург Федерико Гарсиа Лоркийы сфæлдыстадимæ, кæцы сæ зæрдæмæ афтæ тынг фæцыд æмæ аскъуыддзаг кодтой ацы поэты сфæлдыстадимæ баст иумиагфакультетон изæр сорганизаци кæныны тыххæй. Поэзийы изæр афтæ æнтыстджын рауад æмæ æвзонг ахуыргæнæджы сразæнгард кодта иумиагинститутон студентон клуб саразынмæ. Тамарæ-иу куыд дзырдта, уымæ гæсгæ аныхас кодта 4-æм æмæ 5-æм курсы студенттимæ æмæ рахæцыдысты йæ идеяйы æвварс. Снысан кодта бындурæвæрæн æмбырд ауадзыны бон. «Бахæс мын кодта æрæмбырдуæвджытæн фидæны клубы сæйраг принциптæ базонгæ кæныны тыххæй. Йæ бындур хъуамæ уыдаиккой иумиагадæймагон æргъадтæ, хорздзинад аразынмæ тырнындзинад, хъусын зонын, уынын, патриот æмæ хорз ахуыр адæймаг уæвын», – радзырдта клубы раздæры уæнг, 2-æм астæуккаг скъолайы уырыссаг æвзаджы ахуыргæнæг Икъоты Аллæ. Расидт æрцыд конкурс клубы номы тыххæй, бирæ идеятæ раразмæгонд æрцыд, фæлæ фылдæр хъæлæстæй скъуыддзаг æрцыд клубы «Аполлон» схонын. Уый у грекъаг хуыцау, аивæдтыл аудæг. Афтæмæй 1972 азы 1-æм марты «Аполлон»-ы 1-аг æмбырды скъуыддзаг æрцыд, зæгъгæ, рабадтытæ уагъд цæудзысты æрвылкъуыри дæр къуырисæр боны. Æмæ  ацы традици хъахъхъæд цæуы ныр 50 азы дæргъы. Икъоты Аллæйы ныхæстæм гæсгæ клубы президентæй æвзæрст æрцыд 5-æм курсы курдиатджын  студент  Санахъоты Константин. Сбæрæг кодтой архайды сæйраг здæхтытæ: ахуыры азы дæргъы зынгæ нывгæнджытæ, музыканттæ, поэттимæ баст рабадтытæ уадзын, цымыдисон адæймæгтимæ, хæсты ветерантимæ фембæлдтытæ организаци кæнын. Клубы фыццаг рабадты ма аскъуыддзаг кодтой, зæгъгæ, сæрды мæйты цæудзысты балцыты райгуырæн къуымтæм. Зæгъæн ис афтæ дæр, æмæ ацы балцытæ бындур кæй æрæвæрдтой Хуссар Ирыстоны систематикон хæххон туризмæн.

Клуб «Аполлон»-ы маршруттæ уыдысты æрмæст Хуссар Ирыстоны хæххон къахвæндæгтыл нæ, фæлæ Цæгат Ирыстон, Абхаз, Хъæрæсе-Черкесси, Кæсæг-Балхъар æмæ афтæ дарддæр. Фæлæ фыццаг хæрдмæцыд клуб сарæзта 1978 азы Хуссар Ирыстоны иууыл рæсугъддæр хæхтæй сæ иу – Бурхохы кувæндонмæ. Уæд клубы президент уыд Джиоты Замирæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ сын фыццаг бæрзæндмæ схизынæн баххуыс кодта Козаты Владимир. Уыдон уыдысты аст адæймаджы – Саулохты Тамарæ, Джиоты Замирæ, Дзуццаты Барсæг, Цхуырбаты Чермен, Дзабиты Роланд, Бестауты Дзерассæ, Тедеты Аидæ æмæ Лолитæ. Уыцы балцæй сæ зæрдæты цæрæнбонтæм баззадысты æнæферохгæнгæ тæлмæнтæ. Уый фæстæ схызтысты æндæр хæхты бæрзæндтæм дæр.

Балцы уыдысты Кæсæг-Балхъары дæр, кæцы ахæссыд 16 боны. Алкæцы балцы рæстæджы дæр арæзт цыдысты Олимпион хъæзтытæ. Балцыты хайадисджытæ кафыдысты ирон национ кафт «Симд», организаци кодтой инсценировкæтæ æмæ викторинæтæ. 1990 азты уæззау рæстæджыты-иу балцыты цæугæйæ баисты 40-50 адæймаджы бæрц. Æрвылаз дæр-иу бирæбонон балцыты ацыдысты дыууæ-цыппар хатты.

«Аполлон»-ы уæнгтæ-иу уагътой фембæлдтытæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантимæ. Фæхуыдтой-иу, институты ахуыргæнджытæй хæсты хайад чи иста, уыдоны – Беджызаты Дудар æмæ Анатоли Александровы. Клуб стыр куыст бакодта ахуыргæнджыты сконды  æмæ студентты ‘хсæн хæсты хайадисджыты фæдыл бæрæггæнæнтæ æрæмбырд кæныны тыххæй. Æмæ Уæлахизы 40 азмæ сарæзтой стенд «ХИППИ-йы ахуыргæнджытæ æмæ студенттæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты», зæгъгæ.

Клубы историйы хицæн бынат ахсынц зынгæ ирон ахуыргонд Абайты Васоимæ изæртæ-фембæлдтытæ. Æнæхъæн изæр-иу уагъд æрцыд ирон æвзагыл, студенттæ-иу зарыдысты, кастысты æмдзæвгæтæ, Васойы райстой клубы кадджын уæнгæй, дидинджыты гирляндæйыл бакæнгæйæ. Уыцы бон Саулохты Тамарæ тынг бирæ систа ахуыргонды къамтæ.

Абон «Аполлон»-ыл сæххæст 50 азы. Клуб, кæцы райдыдта куыд æмхъуыдыгæнджыты æмбырд, æппæт уыцы азты ссис символ æмæ сæйраджыдæр та алы æмæ алы фæлтæрты аполлононты сæдæгай адæймæгты иугæнæг. Абон клубмæ цæуынц уыцы ныййарджыты сывæллæттæ, кæцытæ дæсгай азты размæ базонгæ сты «Аполлон»-ы. Дарддæр дæр цæуынц балцыты, уагъд цæуынц рабадтытæ, дарддæр кæны хæлардзинад æмæ фидардæр кæны уарзондзинад райгуырæн къуымы бынæттæм, хæхтæм, арты цур зарджытæм.

«Саулохты Тамарæ уыд зынгæ ахуыргæнæг, уый равзæрста клубы куысты раст механизм, бын æрæвæрдта традицитæн æмæ традицитæ та фидар кæны коллектив. Уый клубæн ахæм фидар бындур æрæвæрдта æмæ уый цæры 50 азы дæргъы. Никæцы æндæр организаци нæ уæвынад кæны уыйбæрц азты дæргъы, афтæмæй йын нæй финанскæнынад дæр. Тамарæ тынг æмбæрста фæсивæды зæрдæмæ цы цыд, уыдæттæ. Никуы мæ ферох уыдзысты клубы арвитгæ рæстæджытæ, балцытæ», – загъта Бедойты Элеонорæ.

Легендарон «Аполлон»-ы уæнг, журналист Джергаты Аллæйы дæр нæ рох кæнынц клубы  цымыдисон мадзæлттæ. «Никуы мæ ферох уыдзысты клуб «Аполлон»-ы арвитгæ хъæлдзæг æмæ цымыдисон рæстæджытæ. Фæлæ, æвæц-цæгæн, мæ мысынады иууыл ирддæр цау ссис клубы фæлгæтты мæ фыццаг балц. Уый уыд 2003 азы. Мæ фыртыхстæй балцы размæ æнæхъæн æхсæв нæ бафынæй дæн æмæ райсомæй мæ уæззау хызыныл куы схæцыдтæн, цыран æнæмæнгæйдæр хъуамæ уыдаид консервтæ æмæ тушенкæ, уæд фæтыхстæн, фæлæ мæхи фæфидар кодтон. Æмæ райсомы 8 сахатыл къорд æрæмбырд Ленины уынджы, университетмæ æввахс. Балцы цыдыстæм дæс боны æмгъуыдмæ. Уым æрæмбырд бирæ адæм æмæ цыма фронтмæ цыдыстæм, уыйау нын дзырдтой фæндарастгæнæн ныхæстæ, истой къамтæ. Уыцы æнæферохгæнгæ минутты абоны онг дæр хъуыды кæнын, раст цыма знон уыдысты, уыйау. Уæд æз хæхты рæсугъддзинад æввахсмæ федтон фыццаг хатт. Афтæ рæсугъд уыдысты æмæ мæм афтæ каст, цыма æз февзæрдтæн аргъæутты дунейы. Мæ мысынады мын стыр фæд ныууагътой хæхты сабыр мæйрухс æхсæвтæ, арты цур гитарæимæ зарджытæ, райсомæй кæрдæгыл уазал æртæхтæ, кæцыты æмбырд кæныс дæ къухы, цæмæй дзы дæ цæсгом сыхсай. Æрдзы рæсугъддзинад, фыццаг æхсæрдзæн фенгæйæ, ахъуыдыгæнæн уыд, цыма ацы ныв  æцæгæй нæ уæвынад кæны, фæлæ йæ стыр гени сфæлдыста. Доны стыр гуылфæн хауд цæугæдонмæ, махыл йæ уазал æртæхтæ калгæйæ. Уый ахæм рæсугъд пейзаж уыд æмæ нæ фæндыд, цæмæй йæм кастаиккам сахатгай, фæлæ изæрдалынгтæ кодта æмæ атагъд кодтам, цæмæй лагермæ рæстæгыл бацыдаиккам. Уый фæстæ дæр цалдæр хатты ацыдтæн балцы. «Аполлон»-ы къухдариуæггæнæг Саулохты Тамарæ дзырдта: «Сымах хæхтæм куы ацæуат æмæ уæ зæрдæмæ куы фæцæуой, уæд сæ нал фæхицæн уыдзыстут æмæ сæм балцыты цæудзыстут æппæт уæ царды дæргъы», – йæ зæрдыл æрлæууыд Джергаты Аллæйæн.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ ацы аз фыццаг хатт клубы сырæзты юбилей кæй банысан кодтой æнæ Саулохты Тамарæйæ. Мадзалмæ æрбацыд Президент Бибылты Анатоли æмæ сын загъта арфæйы фæндиæгтæ. Уый загъта, зæгъгæ, Саулохты Тамарæйы къамты фæрцы дунейы зонынц Хуссар Ирыстоны тыххæй æмæ йын йæ фотоальбомтæ та республикæйы къухдариуæгад балæвар кæны уæрæсейаг æмæ фæсарæйнаг уазджытæн. Ацы уæздан сылгоймаг, зæгъ, æрбаиу кодта бирæ адæмы, бауарзын сын кодта республикæйы æрдз.

Легендарон сылгоймаг цардæй ахицæн 2021 азы 22-æм сентябры, фæлæ йæ ном цæргæйæ баззад, чи йæ зыдта, уыдоны зæрдæты.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.