Галаты Барисы номыл кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль «Симд»-ы аивадон разамонæг Коцты Сергейы уæнгты тæлфы аивады цæхæр, йæ курдиат æмæ хæларзæрдæйæ та тавы коллективы æмæ сæ цырен кæны кафтмæ. Сергей йæхи куы базыдта, уæдæй нырмæ сæрыстыр у йæ рагфыдæлтæй æмæ сæ фæстæ кæй ныууагътой, уыцы хъæздыг ирон культурæйæ. Нырма æвзонг специалист у, фæлæ æппынæдзух ис профессионалон куысты уæлхъус æмæ йæхи амондджыныл нымайы йæ цард национ хореографийыл кæй сбаста æмæ фидæны кафджыты кæй хъомыл кæны, уый тыххæй. Коцты фырт тынг хорз æмбары паддзахады раз стыр бæрндзинад кæй хæссы æмæ йæ куыст хуымæтæджы кæй нæу, уый. «Симд» абон цы уавæры ис, цы хæстæ æвæры йæ разы, уыдон базоныны тыххæй æрныхас кодтам йемæ.

 – Паддзахадон ансамбль «Симд»-ы аивадон къухдариуæггæнæджы бынат у тынг бæрнон бынат. Профессионалон хореографион ахуырад дæм кæй ис, уый ныфсæй дыл РХИ-йы Культурæйы министрад баууæндыд, цæмæй ансамблы раздæры кад раздахай. Дæхимæ куыд кæсы, сарæхсдзынæ дзы?

– Кæй зæгъын æй хъæуы, сарæхсдзынæн. Æз ардæм ахæм хъуыдыимæ не ‘рбацыдтæн æмæ мæхицæн иуран сбадон. Тынг мæ фæнды ирон хореографийæн балæггад кæнын, æмбæлон æмвæзадмæ йæ ракæнын. Национ кафт профессионалон æгъдауæй фæхуыздæр кæнынмæ цы хауы æмæ цы ферох, уыдон раздахын мæ фæнды æмæ сыл кусын. Æхсызгон мын у ацы куыстыл лæуд кæй дæн æмæ сыл кæй архайын. Иугæр ацы фæндагыл слæууыдтæн, уæд ыл кæронмæ цæудзынæн. Куыд профессионал æмæ куыд ирон лæппу, афтæ нæ иунæг паддзахадон ансамблы æмвæзадыл иузæрдионæй хъуамæ бакусон. Ныфс мæ ис мæхицæй, кæй мын бантысдзæнис. Культурæйы министрадмæ цы домындзинæдтæ ис æмæ «Симд» йæ разы цы хæстæ æвæры, уыдон хъуамæ æххæст æрцæуой, æндæр гæнæн дзы нæй. Абоны концертдзауæн тынг сырæзт йæ аивадон æмвæзад æмæ мах хъуамæ бацархайæм, цæмæй нæ ансамбль дæр уа профессионалон, паддзахады цæсгом. Мæ бæллицц та у, цæмæй «Симд» схиза академион ансамблы статусмæ.

– Куыд равзæрстай кафæджы дæсныйад?

– Фыццаг къласы куы ахуыр кодтон, уæд бацыдтæн акробатикæмæ æмæ дзы зæрдиа-гæй мæхи фæлвæрдтон. Фæлæ фæрынчын дæн æмæ йæ ныууагътон. Уый фæстæ ба-цыдтæн хъæбысхæсты спортмæ. Спорты ацы хуыз тынг фæцыдис мæ зæрдæмæ æмæ йæм, кæддæриддæр, тырныдтон, æнæзивæгæй йæм цыдтæн. Ерысты дæр-иу райстон хайад. Иухатт фесæфтон мæ кедтæ æмæ йæ хæдзары зæгъын нæ бауæндыдтæн, тынг тарстæн мæ фыдæй. Уæд мæ тренеры тасæй та залмæ нал бацыдтæн æмæ афтæмæй спорт ныууагътон. Райдыдтон волейболмæ цæуын, уым та кæимæдæрты фæхыл дæн, æмæ мын уæд мæ ныййарджытæ фидарæй загътой, кафджытæм мæ кæй хъуамæ барвитой. Уырдæм бацæуын нæ куымдтон, фæлæ абон, куыд уынут, афтæмæй, дæн хореограф æмæ паддзахадон ансамбль «Симд»-ы аивадон къухдариуæггæнæг. Мæ фыццаг ахуыргæнæг-хореограф уыд дзæнæттаг Быценты Геннади. Уый фæрцы бауарзтон кафын, бауарзтон хореографи æмæ аскъуыддзаг кодтон, скъолайы фæстæ æнæмæнг ацы професси равзарын. Мæскуыйы ахуыр кæнынмæ бацыдтæн Культурæйы университетмæ æмæ йæ æнтыстджынæй каст фæдæн.

– Æрæджы М. Годенкойы номыл Красноярскы кафты паддзахадон академион ансамблимæ иумæ равдыстат концерт. Адæм федтой ирон æмæ сыбыраг профессионалон аивад, хореографи. Иумæйаг концерты, цыма, ерыс кодтат, афтæ зындис. Дæхицæн, æмæ коллективы пайдайæн цы райстай ацы концертæй?

– Æз дæн, йæхи чи критикæ кæны, ахæм адæймаг. Алы хатт дæр уынын мæ рæдыдтытæ æмæ мæ цæуыл хъæуы уæлæмхас бакусын, уый фæзонын. Нæ иумæйаг концерт куыд ацыдис, уый федтон. Адæмы къухæмдзæгъдæй бæрæг уыд, концерт цымыдисон кæй уыд æмæ адæмы зæрдæмæ кæй фæцыд. Сыбыраг ансамбль цы равдыстой, уый мæнæн æнæзонгæ нæ уыд. Ахæм профессионалон ансамблтимæ концерттæ уадзын, æндæр æмæ æндæр фестивальты хайад райсын сты тынг пайда. Ацы сыбыраг ансамблы ис цалдæр артисты, кæцытимæ æз Уæрæсейы кафыдтæн. Уыдон мын куыд радзырдтой, афтæмæй ирон аивад фæцыдис сæ зæрдæмæ, æмæ уый мæнæн уыдис  æхсызгон. Банысан кæнын мæ фæнды уый æмæ фæстаг концертты «Симд»-ы цæттæдзинад кæй фæхуыздæр.

– Ныртæккæ цæуыл кусыс æмæ дæм цавæр сфæлдыстадон пълæнттæ  ис?

– Сæйраджыдæр архайын ууыл, цæмæй нæ программæ афтæ арæзт уа æмæ артисттæ концерты рæстæджы кæддæриддæр æвдисой профессионалон цæттæдзинад. «Хон-гæ» кафтæй дарддæр нæм кæфтытæ бирæ ис. Ныртæккæ кусын цыппар кафтыл, кæцытæ ныридæгæн сты æвæрд.

– Цахæм къуылымпыдзинæдтыл æмбæлы коллектив æмæ сæ куыд иуварс кæныс, исты æххуыс æнкъарыс нæ хицауадæй? Ансамблы репертуар цас æххæст у, ногæй ма йæм истытæ бахæсдзынæ?

– Культурæйы министрад нæ фарсмæ кæй æрбалæууыдысты, уый махæн у стыр æххуыс. Мæн цы фæнды зæгъын? Æз ахæм хъуыдыимæ не ‘рбацыдтæн, цæмæй нæ хицауадæй æппынæдзух æхца курон. Мæн фæнды, цæмæй нæхæдæг нæ фондмæ æхца æрбахæссынхъом уæм, æмæ кафæн дзаума балхæнынæн дæр уæм. Нæ размæцыд бирæ-бæрцæй баст у нæ ансамблы профессионалон цæттæдзинадимæ æмæ йыл хъæуы бакусын. Ныфс мæ ис нæхæдæг нæхи фаг кæй кусдзыстæм, уымæй.

Къуылымпыдзинæдтæ ма нын ис кадрты фарсты дæр. Махæн æнæмæнгхъæуæг сты цæттæ кадртæ. Цард афтæ у æмæ чи бинонтæ æркæны, чи чындзы ацæуы, адæймаг рынчын кæнын дæр зоны, æмæ ахæм рæстæджы сæ бынæттæм фæхъæуынц профессионалон кафджытæ, кæцытæ нæ вæййынц. Зæгъæм, мæхæдæг афæдз æмæ æрдæджы размæ бакодтон хореографион скъола æмæ хъомыл кæнын фидæны кафджыты. Ныртæккæ мæм цæуы сæдæ сывæллонæй фылдæр. Сомбон уыдонæй паддзахадон ансамблæн мæ бон уыдзæнис равзарын «Симд»-ы аккаг хуыздæр кафджыты æмæ уыдзысты, куыд резерв, афтæ. Мæнмæ гæсгæ нæм цалдæр азы фæстæ проблемæ нæ уыдзæн кадртимæ.

Ныртæккæ «Симд»-ы репертуары æдæппæтæй ис 9 кафты. Уыдоны мах баххæст кæндзыстæм цыппар ног кафтæй, (солон, дуэтон, цæцæйнаг кафт, æмæ хæсты темæйыл кафт «08.08.08») æмæ уымæй фæхъæздыгдæр уыдзæн ансамблы концертон программæ. Ацы кæфтытæ хъуамæ сцæттæ уой æртæ мæймæ. Аивады тыххæй цы бакусай, уый сæфт никуы вæййы æмæ мах ныртæккæ иумиагæй коллективимæ хъуамæ афтæ бакусæм, цæмæй «Симд»-ы раздæры кад раздахæм, йæ программæ дæр уа цымыдисон æмæ дзы паддзахад дæр сæрыстыр куыд уа.

– Фæстаг рæстæджыты «Симд»-æн арæх нал уыд концерттæ, адæм та сæм бæллынц. Паддзахадон ансамблы концерттæ цæмæн хъуамæ уой сенсаци?

– Ивгъуыдимæ абаргæйæ, концерттæ арæхдæр райдыдтам æвдисын. Æртæ мæйы мидæг не ‘мбæстæгтæ афтæ нæ зæгъдзысты æмæ «Симд»-æн концерттæ нæ уыд. Иу-æхсæз концерты равдыстам Цхинвалы. Нæ программæ куы баххæст уа, уæд дыууæ къуыри иу хатт хъуамæ æвдисæм концерттæ. Дзырд ма цæуы, цæмæй нæ республикæйы районтæм дæр арæхдæр цæуæм æмæ уый дæр уыдзæнис. Октябры æмбисы та уæ фæхондзыстæм нæ радон концертмæ. Табуафси, æрбацæут нæм. Нæ республикæйы цы бæрæгбонтæ фæнысан кæнæм, уыдоны дæр хайад фæисæм æмæ афтæ уыдзæн дарддæр дæр. Махæн ма сæйраг у республикæйæн æддæмæ гастролон балцыты ацæуын. Хорз ма уаид Уæрæсейы Федерацийы уагъдцæуæг фестивальты дæр-иу хайад куы райсиккам. Ахæм мадзæлтты хайадистæй сфæлдыстадон коллектив кæддæриддæр профессионалон æгъдауæй кæны рæзгæ, афтæ ма æндæр культурæты æмрæнхъ ссариккам нæ бынат, дуне та хуыздæр базонид ирон культурæ æмæ аивад.

ЦХУЫРБАТЫ Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.