Ирыстоны фæлдыстадон куыст цæстуарзонæй чи кодта, уыдонæй иу уыд Кокойты Уасил – курдиатджын нывгæнæг, скульптор, зæрдæхæлар адæймаг, принципиалон аивадон кусæг. Уый куыста æппæт хъаруйæ, йæ тыхтыл æнæауæрдгæйæ, цæсгомджы-нæй, намысджынæй. Йæ алы куысты дæр адæймаг хаты, нывгæнæг стыр сфæлдыстадон бæрндзинад кæй æнкъардта, уый. Адæмы размæ цы уацмыстæ хаста, уыдон сты æххæст сæ кондæй, сæ идейон тырнынадæй. Аивад тагъд кæнын нæ уарзы, хъуыды, куыд æмбæлы, афтæ хъуамæ бахсида, уацмысы алы чысыл хай дæр, алцы дæр йæ гаччы хъуамæ æрбада, уа æнæмæнгхъæуæг, ма зына уæлдайау, æмпъузæнау. Сфæлдыстадон куысты ацы царддæттæг дисциплинæйыл нæ нывгæнджы-тæй Кокойты Уасилæй æнувыддæр ничи уыд. Уый фæрцы, æмæ ма ноджы йæхи курдиатæн йæхæдæг объективон аргъгæнæг кæй уыд, уый руаджы бонæй-бонмæ бæрзонддæр кодта Уасилы профессионалон дæсныйад.

Кокойты Никъалайы фырт Уасил райгуырд 1921 азы Хуссар Ирыстоны. Нывкæнынады хъуыддагмæ йæ сцыбæл кодта Тугъанты Махарбеджы нывкæнынады студи. Уый уыд Васяйы сфæлдыстадон курдиаты фыццаг авдæн, уырдыгæй рацыд цæттæ нывгæнæгæй (ахуыр дзы кодта 1933 азæй 1938 азмæ).

Уасил Цхинвалы нывгæнæн ахуыргæнæн-дон (раздæры студи) каст куы фæцис, уый фæстæ, 1939 азы йæ ахуыр адарддæр кæныны тыххæй бацыд Мæскуыйы прикладон æмæ декоративон аивады институты (МИПИДИ) монументалон æмæ декоративон скульптурæйы факультетмæ. Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, уæд æрыздæхт фæстæмæ Ирыстонмæ. Куыста Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры нывгæнæг-декораторæй. Сси цалдæр спектаклы автор-фæлындзаг.

Хæсты фæстæ Вася фæстæмæ баздæхт институтмæ æмæ йæ каст фæцис 1949 азы. Паддзахадон-экзаменацион къамис стыр аргъ скодта ирон нывгæнæджы дипломон куыст «Айдарты Знауыр»-æн.

Васяйы аивадон куыстæн стыр ахъаз фæци, институты фæстæ цалдæр азы (1952-1956) академик Кибальниковы æрмадзы кæй фæкуыста, уый. Уыцы ран Вася лæмбынæг базонгæ ис аивады сусæгдзинæдтимæ, сфæлдыстадон æгъдауæй уыдон раргом кæныны фæрæзтимæ.

1949 азæй фæстæмæ Вася хайад исын райдыдта æрмæст областон нæ, фæлæ республикон равдыстыты дæр, цыран стыр аргъ скодтой «Колхозон сылгоймаджы» (1949 аз), республикæйы адæмон артисткæ Цæбиты Нинæйы (1952) æмæ «Зæронд лæджы» (1957) скульптурон портреттæн. Цымыдисаг сты Советон Цæдисы хъайтартæ Плиты Иссæйы, Кобылты Сергейы, Остъаты Алексийы скульптурон портреттæ дæр. Сæ арæзт, се скондæй аив сты «Хосгæрдæг» æмæ «Баксеры» фигурæтæ дæр. (Уыдон дæр хайад истой республикон равдыстыты).

Кокойы фырт фæстаг рæстæджы сарæзта Хетæгкаты Къостайы, Руставели Шотайы, Козаты Раздены скульптурон портреттæ. Фыццаг уацмысы автор æргом кæны гениалон поэт æмæ йæ адæмы амонды сæрыл æвæллайгæ архайæджы, æфхæрджыты ныхмæ æгъатыр тохгæнæджы миддуне, дык-каджы уынæм æнæкæрон хъуыдыты аныгъуылгæ астæуккаг æнусты поэт æмæ хъуыдыгæнæджы фæлгондз, æртыккаджы та нæ разы раудæгас вæййы, нæ амонды сæрыл удуæлдай тох чи кодта, ахæм революционер.

Егъау æнтыстытæ уыд Васяйæн бирæфигурæйон композицион уацмыстæ фæлдисыны хъуыддаджы дæр. Стыр Октябры социалистон революцийы цытæн цы бирæ фигурæйон композицион этюдтæ бæцæттæ кодта, уыдонæй зæрдæмæ уæлдай тынгдæр цæуынц «Революцийы хъайтартæ», «Хæсты фыдох», «Исахъы зарæг» æмæ æндæртæ. Уыдон адæймагмæ æвзæрын кодтой тыхджын эмоционалон æнкъарæнтæ, æвдисынц авторы сфæлдыстадон æрмдзæф æмæ бæрзонд идейон тырнындзинад.

«Исахъы зарæг». Уый æцæг гимн у революцийыл, революцийы сæрыл тохгæнæг адæймагыл… Тохы быдыр. Фæцæф Исахъ. Æрыввахс мæлæт, фæлæ æрыввахс уæлахиз дæр. Исахъы дæлæрмтты бацыдысты йе ‘мгæрттæ, йе ‘мтохгæнджытæ æмæ цæуынц тохæй нæ, фæлæ тохмæ. Цæуынц æнкъардæй нæ, – заргæйæ. Йæ хъару, йæ уæнгтæ йæ нал амонынц, фæлæ уæддæр цæргæсау фæлгæсы Исахъ æмæ зары, зары хъæрæй æмæ сиды адæмæй: «Кæнæ – сæрибар, кæнæ – мæлæт!»

Октябры æрдæгæнусон юбилейы рæстæджы Вася аивадуарзджыты базонгæ кодта Ленины скульптурон фигурæимæ. Дунейы пролетариаты фæтæджы фæлгондз нывгæн-гæйæ, скульптортæ сæйраг хъуыды здæхтой Ленины революцион темперамент равдисынмæ. Уый та домы динамикон, энергион позæ. Ацы традици хъахъхъæдта Вася дæр, йæ уацмысы æвдисы фæтæджы стыр революцион темперамент, ис ын динамикон, энергион позæ. Ацы уацмысы автор сæйраг хæсыл нымадта, цæмæй Ленин æвдыст æрцыдаид куыд иууыл стырдæр, иууыл гениалондæр хъуыдыгæнæг адæймагады историйы.

Кокойты Вася æнувыдæй лæггад кодта йæ адæмæн, ирон культурæйы размæцыдæн, активон хайад иста æхсæнадон куысты. Уый куыста Гуырдзыстоны Нывгæнджыты цæди-сы Хуссар Ирыстоны хайады сæргълæууæгæй. Ирон нывкæнынад райрæзыны хъуыддаджы йæ лæггæдты тыххæй Кокойты Васяйæн 1965 азы лæвæрд æрцыд республикæйы сгуыхт нывгæнæджы кадджын ном.

Æрмæг мыхуырмæ

бацæттæ кодта

 ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.