Нæ республикæйы цы иунæг бирæпрофилон колледж ис, уый кæд нырма 12 азы йедтæмæ нæ уæвынад кæны, уæддæр йæ хайбавæрд егъау у хъæуæг кадртæ бацæттæ кæныны хъуыддаджы. Æнтыстытæм кæсгæйæ зæрдæ райы, фæлæ колледжы къухдариуæгад æмбæлынц зындзинæдтимæ дæр.

Ацы аз колледжы ахуырдзауты нымæц у 151. Æдæппæт ахуыргæнæн уагдоны кусынц 83 адæймаджы, уыдонæй 60 сты педагогтæ. Ис дзы 12 дæсныйад райсыны фадат – «Строительство и эксплуатация зданий и сооружений», «Экономика и бухгалтерский учет», «Агрономия», «Мастер по ремонту автомобилей», «Портной», «Мастер по обработке цифровой информации», «Изготовитель художественных изделий из дерева», «Мастер отделочных строительных работ», «Электромонтажник электрических сетей и электрооборудования», «Повар, кондитер», «Сварщик», «Машинист дорожных и строительных машин». Ацы аз «Агрономия»-мæ ничи бацыд. Ацы дæсныйадмæ раздæр дæр зивæгæй цыдысты, стæй сæм æрбахатыд хъæууон хæдзарады министр, цæмæй сын сæ кусджыты райсой ахуырмæ. Колледжы директор Козаты Лирæ куыд зæгъы, афтæмæй ацы студенттæ кусгæ кæй кæнынц, уый фæдыл арæх рауадзынц лекцитæ, фæлæ сæм тырнындзинад ис æмæ фæсте нæ зайынц ахуыры программæйæ. Афтæмæй колледжы фæрцы хъæууон хæдзарады 18 кусæджы райсдзысты хъæугæ зонындзинæдтæ.

Колледжæн уавæртæ ис, цæмæй бирæ фылдæр ахуырдзаутæ райса æмæ сæ иттæг хорз бацæттæ кæна. Фæлæ Лирæ куыд æмбарын кæны, афтæмæй нæ цæрджытæм баззад ахæм хъуыды, ома, «мæ сывæллон æнæмæнг хъуамæ бауа университеты дипломы хицау». Экономисттæ, юристтæ æмæ нæм историктæ æгæр бирæ дæр ис, фæлæ нæм сисамайджытæ, æндадзджытæ, кафельщиктæ æмæ æндæр ахæмтæ та стæм сты. Университеты диплом хорз у, фæлæ уый фæстæ куыст ссарын та зын вæййы. Нæ хъус куы æрдарæм, уæд нæ куыстуæтты кусджыты фылдæр хай сты, сæрмагонд дæсныйад кæмæ нæй, ахæмтæ. Зæгъæм, чидæр каст фæцис экономикæйы факультет æмæ кусгæ та электрикæй кæны.

Цæмæй æрыгон фæсивæд сæрмагонд дæсныйад райсынмæ тырной, уый тыххæй сæ хъæуы разæнгард кæнын. Ацы ахуыргæнæн уагдонæн цы фæрæзтæ хицæн цæуы, уыдон нысанмæздæхтæй хардз цæуынц. Цы материалон-техникон базæ сæм ис, уымæй дæр æнтыстджынæй пайда кæнынц ахуыры процессы рæстæджы. Фæлæ уый фаг нæу. Зæгъæм, ацы азы сæм уыд æрмæстдæр 6 рауагъдоны кафельщиктæ, кæд æмæ сæ бон уыдис 60 ахуырдзауы бацæттæ кæнын дæр.

Хицауадæй аразгæ дзы бирæ ис уавæр фæхуыздæр кæнынæн. Зæгъæм, æнæ дæсныйадæй куыстмæ куы нæ исиккой, уæд бар-æнæбары цæуиккой ахуырмæ. Зæгъæм, паддзахадон хæрæндæттæм æнæ хæринагаразæджы дипломæй ма райс кусæг, кæнæ электрохызæгмæ та – æнæ электрикы дæсныйады дипломæй.

Ныридæгæн колледжы электрикы дæсныйадыл ахуыр кæнынц 12 адæймаджы æмæ дзы 11 электриктæй кусынц. Адон сæ куысты практикæйы рæстæджы райстой хъæугæ зонындзинæдтæ æмæ ма сæ ныр хъæуы æрмæстдæр диплом. Колледжы директорæн ацы сæвзæргæ уавæр зын у. Иуæй сæ бамбарын хъæуы – сæ бинонты цæмæй дардзысты æнæкусгæйæ. Иннæмæй та, уагæвæрдмæ гæсгæ ахуырмæ куы нæ цæуа ахуырдзау, уæд æм бафхæрын æмбæлы. Афтæмæй паддзахад æнæхъуаджы хардз кæны фæрæзтæ ахæмтыл, кæцыты хъæуы æрмæстдæр гæххæтт, ома, диплом.

Ахæм уавæры ма сты астæуккаг скъолаты хæрæндæтты хæринагаразджытæ дæр. Райстой сæ куыстмæ æнæ дипломтæй æмæ сæ ныр та домын райдыдтой хъæугæ гæххæттытæ. Уымæ гæсгæ ахуырмæ бацыдысты колле-джмæ, фæлæ фылдæр куысты вæййынц. Хорз уаид æмæ ахæм категорийы ахуырдзаутæн куы бакæниккой æндæр хайадтæ индивидуалон программæмæ гæсгæ. Студенты йæ куыстæй кæд равдæла, уæд-иу æрбацæуид колледжмæ æмæ нæ къуылымпы кæнид ахуыры процесс.

Иууыл стырдæр проблемæ колледжæн у – ахуыргæнæн æрмадз. Ис сын ахæм иттæг хорз, алцæмæй ифтонг бæстыхай, фæлæ дзы сæ бон пайда кæнын нæу. 2016 азы Шанхайы районы фæсивæд бахатыдысты колледжы къухдариуæгадмæ, ома, нæм уæ бæстыхай 2-3 мæйы æмгъуыдмæ авæрут – спортивон тренажертæ дзы сæвæрæм æмæ сæ стæй æндæр ранмæ ахæсдзыстæм. Куыд фæдзурынц, – «æддагон мыст мидæггагон мысты расырдта». Ам сын ис хорз уавæртæ, стæй ма коммуналон фиддонтæ дæр нæ фидынц æмæ сæ нал фæнды искуыдæм цæуын.

Колледжы директор куыд зæгъы, афтæмæй цалдæр азы дæргъы хъæстытæ балæвæрдтой бирæ инстанцитæм, фæлæ сын сæ проблемæ ничи скъуыддзаг кæны. Горæт Цхинвалы администрацийæ æрбацыд ахæм дзуапп, зæгъгæ, дам, æвзæрдзинадыл ныххæцыны фæлтау тренировкæ кæнæд. Æмæ колледжы ахуырдзаутæ та цы фæуой?

Раздæр ахуыргæнæн æрмадзы практикон ахуыртæ цыдысты æндадзджытæ, къулсæрдджытæ æмæ электромонтажниктæ. Фæстаг 3 азы æндадзджыты дæсныйадмæ никæй райстой, практикон зонындзинæдтæ радтыны фадат сын кæй нæ уыдис, уый тыххæй. Ацы аз райстой 7 адæймаджы сварщикы дæсныйадмæ æмæ практикон ахуырты рæстæджы кæрты сæвæрдзысты халагъудтæ.

Уымæй уæлдай ма колледжæн ис æмдзæрæндон дæр, фæлæ уый дæр сæ къухты не ‘фты. 1992 азы дзы æрцардысты лигъдонтæ 7 бинонтæй. Уый фæстæ сын радтой фатертæ æмæ колледжы къухдариуæгады ныфс уыд, сæ бæстыхай сæм кæй æрбафтдзæнис. Фæлæ дзы ныридæгæн та цæры 42 адæймаджы – раздæры цæрджыты хæстæджытæ æмæ зонгæтæ æмæ та колледж æнæбæстыхайæ аззад. Цы спортивон фæзуат уыд колледжæн, уый дæр лигъдæтты сывæллæттæн радтой.

Сæ хъуыдыйы уыд ветеринарон факультет бакæнын дæр. Фæлæ йын йæ хæрдзтæ куы банымадтой, уæд æй хуыздæр рæстæгмæ ныууагътой, нырма сын уыцы фадæттæ нæй.

Ныридæгæн ма зындзинад æвзарынц колледжы хæрæндоны – рагæй фæстæмæ иу адæймагæн нысангонд уыд 47 сомы æмæ ныр нал фаг кæны. Ис сæм дыууæ автотранспорты – рог автомашинæ æмæ автобус. Фæлæ дыууæ дæр сты цалцæгкæнинаг æмæ сæ пайда нæй. Фæнды ма сæ колледжы æрбахизæны тротуар æмæ фæндаджы æхсæн æмбонд саразын дæр, фæлæ сын нырма ницы дзуапп радтой горæты администрацийы. Хорз уаид æмæ ацы ахуыргæнæн уагдонмæ фылдæр хъусдард куы уаид, æмæ фылдæр рауагъдонтæ куы уадзиккой.

ДЖИОТЫ Алыксандр

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.