Ахæм хъуыдыйыл хæст у йæ сабион бонтæй абонмæ, Хохы Дæргъæвсы цæрæг, дунейыл йæ ном хъуыстгонд кæмæн у, уыцы «Мæрдты горæт»-ы хъуыддæгтæ рæгъмæхæссæг, æрвыл бон дæр æнæхонгæ уазджытыл зæрдæрайгæ чи сæмбæлы, уыцы Сасиаты Ислам.

Чи сæ банымайдзæн «Мæрдты горæт»-ы фысым цал уазæджы райста, цал лекци дзы бакаст, цал ахуыргонды къух райста. Бирæ сты, тыхджын бирæ, фæлæ сæ Ислам никуы бафæллад, алкæуыл дæр дзы сæмбæлы нæртон зæрдæимæ.

Нæ уыдзæн рæдыд, куы зæгъæм, Дæргъæвсгомы дæгъæл абоны бон Исламмæ ис, уый. Уый бæлвырд у иу стыр хъуыддагæй: Сасиайы фырт тынг хорз зоны Дæргъæвсгомы æвæджиауы æвæрæнты. Алы хох, алы къуылдым, алы ком-историон хабæртты æвæрæнтæ сты, æмæ сыл Ислам дзурын куы райдайы сæрыстырæй, уæд æм лæг хъусынæй не ‘фсæды.

Нæ истори нæм фыстæй не ‘рхæццæ, агуринаг нын фæцис нæ адæмон дзыхæй-дзургæ сфæлдыстады, стæй уæд нæ фыдæлты уæлмæрдты, зæп-падзты æмæ Дæргъæвсгомы къаннæг мæсыг-гæндты хуылфыты. Уыдæттæ та парахат сты канд Хъобангом æмæ Тлийы нæ, фæлæ Дæргъæвсгомы дæр.

Дзырд дæр ыл нæй, Дæргъæвсгомы æрдз алæмæттаг кæй у. Зонæм уый дæр, йæ ном Дунейыл кæй ныхъхъæр «Мæрдты горæт»-ы руаджы.

Ислам йæ ныхас алы хатт дæр райдайы Тæтæр-Монголы ныббырстæй, Тамерланæй. Хæхтæ адæмæй байдзаг сты, фæлæ дзы цард цæджджинагау фыхт, уый зæгъæн нæй. Зæххъуагдзинад Дæргъæвсгомы дæр æлдариуæг кодта.

Фыдæлты уæзæгæн та рохуаты уадзæн нæй. Исламæн уыцы фадæттæ уыд, цæмæй стыр сахары æрцардаит, фæлæ нæй, йæ царды фæндаг райдыдта Дæргъæвсæй, æнтыстджынæй каст фæцис Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты филологон факультет, ссис хæххон (Дæргъæвсы) скъолайы ахуыргæнæг. Йæ цардæмбал Цыхтисаты Азæимæ бавнæлдтой Дæргъæвсы хъуыддæгтæ къахыл сæвæрынмæ.

Азæ 45 азæй фылдæр кусы хъæууон рынчындоны дохтырæй, Исламимæ рæсугъдæй хъомыл кæнынц сæ цæуæты æмæ уыдоны байзæттаджы. Хъæубæсты, комбæсты фарн, дæлæмæ нæ уадзынц, рæдау фысымтæ сты алы бæлццонæн дæр.

Ирыстоны хуссар хайы дæр хорз зонгæ сты Исламы руаджы «Мæрдты горæты»-ы историимæ. Не студенттæ арæх абалц кæнынц Дæргъæвсмæ æмæ сыл алы хатт дæр хъæлдзæг æмæ худгæбылæй сæмбæлы Ислам.

Ислам æцæг ирон лæг у. Ирон лæджы хæрзæгъдаудзинадыл рыг абадын нæ уадзы. Кæцæй нæ цæуынц ацы æгъуыстаджы бынатмæ, цынæ нацийы минæварыл дзы сæмбæлдзынæ ацы къуымы. Ислам се ‘ппæтимæ дæр ссары æвзаг, зоны кæимæ куыд дзурын хъæуы æмæ алкæмæн дæр æмбарын кæны, абоны Ирæн кæй уыд кадджын рагфыдæлтæ – скифтæ, сæрмæттæ, алантæ, кæй стæм нарты байзæттаг, Къостайы фæдонтæ/

Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ абоны «Мæрдты горæт» кæй бахъахъхъæдта Ислам, кæлын æмæ сæ фæлдæхын нæ бауагъта, йæ алфæмблаймæ йын ног чындзау кæй зилы, амæлæг удты фæлысты цы зæрдылдарæн, фæлындзæн хæзнатæ баззад, уыдон дæр Исламы фæрцы бахъахъхъæд кæй æрцыдысты.

Исламы тыххæй ма мын загътой уый дæр, кæй архайы Дæргъæвсæй Хъобанмæ фæндаг аразыныл. Куы сырæза, уæд Дæргъæвс тынг феввахс уыдзæн Дзæуджыхъæумæ, уæд сæ нымæц дзæвгар фæфылдæр уыдзæн Дæргъæвсмæ цæуæг адæмæн.

Лæг кæм ис, хъуыддæгтæ дæр уым рæзынц. Сасиаты фырт курдиатджын поэт кæй у, ирон аив дзырды рахæцæн йæ къухы кæй ис, уый мæ фидарæй бауырныдта, куы бакастæн, ацы аз ын цы чиныг рацыд «Зæххон æлхъывдад», – зæгъг уæд.

Фыды зæххы æлхъывдад куынæ уаит, уæд Ислам дæр йæ фыдæлты рæгътæ æмæ къуылдымтыл раджы систаит йæ къух.

Студент уæвгæйæ дæр, Ислам бирæ хъуыды кодта йæ фыдæлты уæзæгыл, цæмæн æм æрбаздæхт, цæмæн бандзæрста къонайы арт, уый дæр æргомæй зæгъы:

«Цæмæй дзы ‘взæртæн ног мыггæгтæ ‘ппарон,

            Цæмæй дзы хъуыса булæмæргъы зард.

             Æрдзон тыхтæ мæхи тыхтимæ сбарон,

Цæмæй хæхбæсты ма бахуыскъ уа цард».

Кæддæры хæхтæ сæ бынаты сты, не сты цух сычъитæ, сагтæ æмæ дзæбидыртæй. Уый рæсугъддзинад у, фæлæ сцух сты адæмæй, зæрдæ йæхи къултыл бахойы кæддæры нæргæ хъæутæ гæныстон кæй фесты, æнкъард, æрхæндæг, мæрдонгъуыз сыл кæй бахæцыд. Ахæм хъæутæ бирæ ис Ирыстоны зæххыл, нымайæг сæ нæ банымайдзæн.

Баззад ныхас: «Хæхтæй рæсугъддæр сты, хæхтæ». Уый æмбарынц, хæхты чи райгуырд, фыййауы лæдзæг кæй къухы уыд, рындзæй чи разарыд, зæйтæ цæугæ чи федта, зымты зарæгмæ чи байхъуыста, уыдон. Ислам йе ‘мдзæвгæ «Æнамонд хæхбæстæ»-йы цы хабæрттыл дзуры, уыдонæй абоны фæлтæр ницы федтой. Хæрд – фаг, пысулæй – ифтонг, хæдзæрттæ – хъарм æмæ райдзаст. Уыдæтты æтте поэты сæйраг сагъæс у абоны хæхбæстыл «нæ сомбоныл хæмпæл кæй æрзад», ууыл.

Ислам мардæрцыды хъуыддагыл нымайы хист кæнын æмæ хистхорты хъуыддаг.

Нæ цины фынгтыл дæр хуыздæйраг кæй нал стæм, уый дæр сагъæсы æппары Исламы.

Ислам йæ царды хуыздæр бонтæ схæлар кодта рæзгæ фæлтæры хъомыладон хъуыддагæн. Куыд экскурсовод, афтæ фылдæр кæнæм йæ кой, фæлæ дзæвгар азты ахуыр-хъомыладон куыст кæй кæны, уый нæ хъуамæ макуы уа рох. Бирæ рæзгæ фæлтæр рацыд йæ къухæй, арæх æм æрцæуынц Дæргъæвсмæ уынæг æмæ уынаффæтæм.

Йе сфæлдыстады зынгæ бынат ахсы сывæллæтты темæ дæр. Уыцы æмдзæвгæтæ та сты: «Зымæг», «Масты фын», «Ног бæрзæндтæ», «Раст конд нывтæ», «Рувас куыд сыстыр», «Журнал», «Уадындз»-ы, «Мыстыты паддзах» æмæ æндæртæ.

Исламы чиныджы æмдзæвгæтæ сты алыгъуызон сæ тематикæмæ гæсгæ. Иугъуызон сæ уый ис, æмæ дзы дзырд кæй цæуы сабитыл, сæ куыст, сæ митыл, се ‘нæхин хъуыддæгтыл, сæ рæсугъд сомбоны бæллицтыл, сæ ахаст ныййарджытæм, хæдзарон æмæ хъæддаг цæрæгойтæм.

Иу уацы зын у ахæм чиныгæн саргъ кæнын. Ууыл хъæуы бындурон куыст бакæнын. Историон æгъдауæй бирæ фарстыты кой кæны Ислам æмæ уыдоны равзарынæн та хъæуы гуырахстджындæр куыст. Исламы чиныг бирæ  ахсджиаг фарстытыл   дзуры. Ис дзы поэты æмбырдгонды тыхджын, æлвæст, фидар бындурыл амад æмдзæвгæтæ сæ рæсугъд риф-мæтимæ; ис дзы, хур фаг кæмæ нæ бакаст, æцæг рæгъæд чи не сси, ахæм æмдзæвгæтæ дæр. Уыдон чиныджы гъæдыл дæлæмæ нæ хæцынц, уымæн æмæ дзы поэт ахсджиаг фарстытыл дзуры, уыдон сты сæйраг чиныгкæсæгæн.

Исламимæ ныхасæй бафсæдæн нæй. Куы йæм хъусай, уæд дын цард адджындæр кæны, хæхбæстæ дæ сæхимæ тынгдæр æлвасынц.

Нæ хæдзарвæндаг Дæллаг Комгæроны æрцард 1952 азы. Арæх-иу хъуыстон мæ фыд Гæбилайæ ахæм ныхас: «Нырма Комгæройнаг фын никуы федтон. Мæ фынты иууыл вæййын Ручъы».

Æуыцы стыр хъуыдыйыл хæст у Ислам дæр.  Абоны бон дæр йæ ныхасы кæройнаг вæййы:

«Зон, мæн дæр хуыздæр амонд нæ хъæуы.

  Йæхирдыгон хъæздыг уыдис мæ цард.

  Тæхуды мæ кæддæры рагон хъæуы.

   Уæлхæдзарæй куы фехъуысид дæ зард».

Ислам у хæхты хъæбул, йæ рæсугъд хъуыдыты къуыбылой дзы кæронмæ райхæлæд. Цы зарæг скодта Дæргъæвсыл, «Дæргъæвс», зæгъгæ, уый зæлæд, хъырнæнт ын кæмттæ æмæ рæгътæ, хъуысæт нæм йæ ныхæстæ:

«Ирон адæмы намыс,

                   Хæхтæй рацыд, хæхтæй».

Ислам, Дзесты Куыдзæджы «Фæндагсæр Уастырджи»-йы бынаты нын дæ, æмæ макуы фæцуд. Дæ фæндиаг уæнт Ирыстон, ды та нын у Ирыстоны фæндиаг!

ПЛИТЫ Гацыр, Республикæ Хуссар Ирыстоны

университеты профессор, Къостайы номыл

премийы лауреат, Зонады къабазы сгуыхт кусæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.