Æрæджы зынгæ иранист, стыр ахуыргонд, ирон филологийы стырдæр дæсны, профессор Абайты Васойы райгуырдыл сæххæст 116 азы æмæ уый цытæн нæ горæты, æмткæй нæ республикæйы уагъд цæуынц алыгъуызон цымыдисон мадзæлттæ. Абайты Васо канд Ирыстоны нæ, фæлæ æндæр бæстæты дæр зындгонд у йæ зонадон бындурон куыстытæй, куыд, зæгъæм, «Осетинский язык и фольклор», «Нартовский эпос осетин», «Русско-осетинский словарь» æмæ ма бирæ æндæртæй. Абайты Васойы ном дунейыл айхъуыст йæ диссаджы куыст, цæстыгагуыйау хъахъхъæнын кæй хъæуы, уыцы ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуаты руаджы. Йæ дзырдуаты уый бæстон амоны ирон дзырдты равзæрд æмæ сæ бастдзинад æндæр æмæ æндæр æвзæгтимæ. Ацы историон-этимологион дзырдуат стыр ахъаз у æмткæй æвзагзонынадæн. Уæдæ, Абайты Васойæн йæ лæггæдтæ егъау кæй сты ирон æвзаджы рæзты хъуыддаджы, уый тыххæй йын стыр кад кæнынц ирон адæм дæр. Хуссар Ирыстоны йын кæддæриддæр ссарынц йæ рухс ном æмæ йын йæ гуырæн боны цытæн бацæттæ кæнынц мысæн изæртæ, зонадон конференцитæ. Абайты Васойы цард æмæ йæ зонадон архайды тыххæй æрдзырдтой, 22-æм декабры Хуссар Ирыстоны Уанеты Захары номыл зонад-иртасæн институты актон залы цы зонадон конференци уагъд æрцыд, уым. Конференци уагъд æрцыд, Абайты Васойы райгуырдыл 116 азы кæй сæххæст, уый сæраппонд.

Зонадон конференцимæ æрбацыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар  Хъуылымбегты Доменти, Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ахуыргæнджытæ æмæ студенттæ, зонадон кусджытæ, нæ республикæйы районты скъолаты ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ, æхсæ-нады минæвæрттæ.

Зонадон конференци бацæуæн ныхасæй байгом кодта зонад-иртасæн институты директор, историон зонæдты кандидат Гаглойты Роберт. Уый æрæмбырдуæвджыты базонгæ кодта конференцийы куысты фæтк æмæ программæимæ æмæ уый фæс-тæ президиуммæ фæхуыдта РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти æмæ докладгæнджыты: Дзиццойты Юри –  ХИЗИИ-йы ирон æвзаджы хайады разамонæг æмæ Коцты Къостайы –  ХИЗИИ-йы истори æмæ этнологийы хайады зонадон кусæг. Гаглойты Роберт цыбыртæй æрдзырдта, номдзыд Абайты Васо Ирыстонæн æвæджиауы стыр лæггæдтæ кæй бакодта æмæ ирон адæмæн цы стыр хæзнатæ ныууагъта, уый фæдыл. Банысан кодта, Васойы гениалондзинад, йæ зонадон бынтæн цы стыр нысаниуæг æмæ ахадындзинад ис æвзагзонынады, уый. Институты директор ма æрæмысыд, Васоимæ куыд фембæлд æмæ йæм цавæр тæлмæнтæ сæвзæрын кодта. «Абайты Васойæн йæ хайбавæрд егъау у ирон æвзагзонынады. Этимологион дзырдуат адæймаг иунæгæй ныффысса, уый кæуылты хъуыддаг у. Ахæм куыстытыл, чингуытыл æгас институттæ фæкусынц, Васо та йæ иунæгæй сарæзта. Не стыр  ахуыргонд Васо ацы дзырдуаты фæстæ æппындæр куы ницыуал ныффысстаид, уæддæр ын уый фаг уыдис.

Ацы аз мах нысан кæнæм Абайты Васойæн йæ 116 азы бон æмæ уый тыххæй фембæлдтытæ уадзæм скъоладзаутимæ, куыд горæты, афтæ районты дæр. Стыр бузныг зæгъын хъæуы уый тыххæй Битарты Зояйæн. Мæнæ ацы залы уый нæ горæты æппæт скъолатæн дæр ауагъта лекцитæ Васойы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй.

Æз мæхæдæг хорз зонгæ уыдтæн Абайты Васоимæ. 1969  азы нæ куырыхон Васо æрцыдис Ирыстонмæ Мæскуыйæ. Уыцы рæстæджы Тлигомы куыста археологон экспедици æмæ йæ бафæндыд уырдæм ссæуын. Уæд нæм Уанелæй фехъусын кодтой, зæгъгæ, Васо Уанелы хъæуы ис æмæ йæ фæнды Тлимæ ссæуын. Мæн Баграт бæхимæ рарвыста ацы хъæумæ ахæм дзырдимæ, зæгъгæ, зæронд лæг у æмæ йæ бæхыл скæн. Ныххæццæ дæн Уанелмæ æмæ мæ Васо куы федта, уæд мыл тынг фæцин кодта, зæгъгæ йын фадат фæцис Тлимæ ссæуынæн. Васойæн рыстис йæ къах æмæ цыдис лæдзæджы ʻнцой, æвæццæгæн, иунæгæй зивæг дæр кодта уыцы дард фæндагмæ. Æмæ куыд хъуыды кæнут? Уæддæр Васо бæхыл не сбадтис, зæгъгæ, бæх тæригъæд у æмæ  сабыргай ссыдыстæм Тлийы хъæумæ. Мах уæд куыд базыдтам, афтæмæй Васо хæри-нæгтæй тынг уарзта дзыкка æмæ хъайла. Кæй зæгъын æй хъæуы, Тлийы йын скодтой дзыкка æмæ хъайла дæр. Æгæрыстæмæй ма йын бæгæны дæр сфыхтой. Васойы хорз кæй суазæг кодтой ирон хъæуы, уый йæ зæрдæмæ арф айста æмæ-иу йæ цæссыгтæ дæр æркалдта. Тынг æхсызгон ын уыдис, Хуссар Ирыстоны уазæгуарзаг адæм ыл стыр цины æнкъарæнтимæ кæй æмбæлдысты, уый. Тлийы Васойы хорз фысымтæ уыдысты зынгæ ирон тренер Мæргъиты Анатолийы бинонтæ. Уый фæстæ-иу нæ куырыхон лæг арæх кодта сæ хорзы кой, ирон æгъдау æмæ фарнимæ йыл кæй æмбæлдысты æмæ йæ кæй суазæг кодтой, уый тыххæй. Ацы хъуыддаг уымæн æрæмысыдтæн æмæ мæ фæнды банысан кæнын уый, æмæ Абайты Васо зонады куыд уникалон æмæ гениалон уыдис, афтæ царды æндæр хъуыддæгты дæр кæй уыдис, æвæрццаг миниуджытæй æххæст чи уыд, ахæм цымыдисон адæймаг. Васо уыдис тынг хорз адæймаг æмæ йæ чи зыдта лæгæй лæгмæ, уый йæ бафиппайдтаид æнæмæнгæй.

Васойæн  Ирыстоны  номдзыд адæймæгтæ  æмæ  ахуыргæндтимæ дæр бирæтимæ уыдис фембæлдтытæ æмæ-иу райгондæй баззадысты уыцы цымыдисон æмæ хъæлдзæг фембæлдтытæй», – йæ мысинæгты дзырдта Гаглойты Роберт.

Дарддæр уый ныхасы бар радта ХИЗИИ-йы зонадон нымæрдар Битарты Зояйæн. Уый, фыццаджыдæр, бузныг загъта, конференцимæ чи æрбацыдис, æппæт уыдонæн æмæ йæ ныхас адарддæр кодта стыр ахуыргонды тыххæй. «Мах цалдæр боны дæргъы дзурæм Абайты Васойы цард æмæ сфæлдыстадыл. Ацы мадзæлттæ æнæмæнгæй хъæуынц фæсивæды, уымæн æмæ фæсивæды къухты ис нæ сомбоны размæцыды хъуыддаг. Абон мах хъæуы стыр куыст бакæнын фæсивæдимæ, цæмæй зоной ахæм стыр гоймæгты. Цæмæй банкъарой ирон æвзаджы ад, ирон истори æмæ гуманитари. Стыр бузныг ахуыргæнджытæн, ацы дыууæ азы нæ фарсмæ кæй æрбалæууыдысты æмæ хорз кæй бакуыстой, уый тыххæй.

Васо йæхæдæг ацы залы, æвæццæгæн, раныхас кодтаид дыууын хаттæй фылдæр. Мæн фæнды уый зæгъын æмæ Ирыстоны æрмæст хотыхтæй нæ хъæуы хъахъ-хъæнын, фæлæ ма зонындзинæдтæй дæр. Уыдонæн та нын цæвиттонтæ сты Къоста æмæ Васо. Васойæн йæ фæдзæхст кæстæртæн уыдис, зæгъгæ, бахъахъхъæнæм не ‘взаг. Уымæн æмæ æвзаг куы нæ уа, уæд адæмæн уæвæн нæй. Васо стыр лæггад бакодта æнæхъæн гуманитарийæн. Стæй æрмæст ирон æвзаджы, ирон истори, ирон этимологийы æмæ æндæр иннæ гуманитарийы фадгуыты нæ, фæлæ ма æнæхъæн дунейы æвзагзонынады теоретикон æвзагзонынады дæр стыр лæггæдтæ бакодта. Мах хæсджын стæм, цæмæй сахуыр кæнæм рагон ирайнаг æмæ ма, ирон æвзаджы æрвадæлтæ чи сты, уыдон дæр. Уымæн æмæ мах хъуамæ саразæм бирæ абарстытæ æмæ сæ чи сараза, уыдон та сты фæсивæд æмæ æз мæ ных фæсивæдмæ дæр уымæн сарæзтон. Бакæсут-ма, интернеты мæхъæл цы дзурынц æмæ цы аразынц. Уый тыххæй нæ хъæуы кадртæ», – загъта Битарты Зоя. Уый ма æрæмысыд, студенткæйæ Васойы лекцион æрмæг куыд ныффыста магнитофоныл æмæ сæ кæй рауагъта чиныг «Авеста», зæгъгæ, ахæм номимæ. Чиныг уагъд æрцыдис ирон æвзаджы къамисы æхцайы фæрæзты руаджы. Йæ сæргъ та лæууы нæ республикæйы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти.

Зонадон конференцийы ма Васойы куыстыты тыххæй æрдзырдта Дзиццойты Юри дæр. «Æз куыд бамбæрстон, афтæмæй абон мах нысан кæнæм дыууæ мадзалы. Иу у зонадон конференци Абайты Васойы номыл, иннæ та – чиныг «Авеста» – йы презентаци. Цыбыртæй мæ фæнды зæгъын «Авеста»-йы тыххæй. Васо лекцитæ каст канд авестæйæ нæ, фæлæ рагон персаг æвзагæй дæр. Васо нымад уыдис ацы дыууæ æвзаджы æппæты егъаудæр дæсныйыл æнæхъæн дунейы. Уымæн бирæ цæвиттонтæ ис…

Ацы чиныг куы рацыдис, уæд æй æз дæр цингæнгæйæ райстон мæ къухмæ. Абайты Васойæн йæ лекцитæ ахæм хуызы среконструкци кæнынæн бахъуыдаид цалдæр адæймаджы, фæлæ Битаронæн йæ рæстæджы ахæм хъуыды йæ сæрмæ æрцыдис æмæ Васойы размæ лекциты рæстæджы æрæвæрдта стыр магнитофон æмæ сæ иууылдæр ныффыста. Уый тыххæй Битаронæн хъæуы стыр бузныг зæгъын æппæт ирон адæмы номæй нæ, фæлæ чидæриддæр авеста ахуыр кæны æмæ йæ æмбары, уыдоны номæй дæр. Авеста иуæрдыгæй у æвзаг æмæ иннæр-дыгæй та –  мифологи æмæ фольклор. Уый у, чырыстон адæммæ библи куыд у, афтæ. Æрмæст ирайнаг адæммæ уыдис æмæ у диссаджы чиныг.

Битарон ын канд йæ авестæйы лекцитæ нæ, фæлæ ма йын йæ рагон персаг лекцитæ дæр ныффыста магнитофоны пленкæйыл æмæ уыдон дæр æнхъæлмæ кæсынц сæ рауадзæгмæ. Ныфс мæ ис æмæ уыцы хъуыддаг дæр Битарон йæхæдæг бакæна. Уымæн æмæ, сæйраджыдæр, сты къухы æмæ сæ рухсмæ рахæссын та зын нал у.

Æз хъуыды кæнын уый, æмæ-иу Васомæ лекцитæм кæй цыдысты дæсгай азты. Уыдон-иу «къæрцц» кодтой авестайы æмæ персаг æвзаджы тексттæ дæр. Се ‘хсæн уыдис Татьяна Пахалина, филологон зонæдты доктор. Уый-иу йæ зæронд фыстытæ æрбахаста æмæ-иу сæ рæстытæ кодта Васойы лекцитæм гæсгæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, йæ рæстæджы Уæрæсейы нæ, фæлæ æнæхъæн дунейы Васойы фарсмæ кæй æрæвæрдтаиккам авестæйæ дæр æмæ рагон персагæй дæр, ахæм дæсны нæ уыдис. Абайты Васо уыдис фыццаг адæймаг æмæ йæ историон-этимологион дзырдуат куы райдыдта аразын, уæд уый дæр райдыдта аразын уымæн, æмæ рагон ирайнаг контекст чи уыдис, уый йæ разы уыдис, иттæг хорз æй зыдта.

Абайты Васо сарæзта иуæрдыгæй, абаргæ грамматикæ, иннæрдыгæй – абар-гæ лексикологи. Уый æнæмæнгæй хъуыдис саразын, уымæн æмæ ирон æвзагæн йæ истори æндæр хуызæн бамбарæн нæ уыдис. Уый сарæзта, нæ разы ис, фæлæ ма йæ фæндыдис саразын ноджы ахæм абаргæ мифологон æмæ абаргæ фольклорон куыст дæр. Æмæ йæ лекциты дæр бирæ рæтты ис ахæмтæ, кæцытæ нæ хауынц æвзагмæ, фæлæ – этнографимæ, фольклормæ, мифологимæ. Уыдон сты хорз бындур мæнæ уыцы реконструкцийæн. Авеста æмæ Нарты кадджыты ‘хсæн цы параллелтæ ис, уыдон диссаг сты. Ирон авестайаг параллелтæ мифологи æмæ фольклоры фадыджы кæронмæ ахуыр не сты. Уымæн бирæ рæстæг бахъæудзæн. Цыбыртæй: арты кой скодтам. Æмæ арт æмæ зынг авестæйы цы бынат ахсынц, ирон адæмы этнографийы æмæ фольклоры дæр ахсынц раст ахæм бынат. Уый хицæн темæ у æмæ йыл хицæнæй кусын хъæуы. Зæгъгæ ацы куыст мах бакодтам, уæд дзуапп радтиккам, Нарты кадджытæ кæцæй рацыдысты, кæмæ сæвзæрдысты, куыд сæвзæрдысты, уыцы фарстытæн», – загъта Дзиццойты Юри.

Цымыдисон доклад ма конференцийы сарæзта Коцты Къоста дæр æмæ уый дæр сæрмагондæй банысан кодта Абайты Васойы егъау куыстытæ, зонадон бынтæ лингвистикæйы æмткæй. Уыдонæн дунейы æвзагзонынады цы стыр нысаниуæг ис æмæ æппæт ахуыргæндтæн дæр йæ куыстытæ ахъаз кæй фесты æмæ сты, æппæт уыдæттæ. Коцты Къоста дæр ахсджиаг æмæ æнæмæнг хъуыддагыл банымадта, Васойы лекцитæ мыхуыры кæй рацыдысты чиныгæй æмæ стыр бузныг загъта се ‘мбырдгæнæг Битарты Зояйæн.

Кæронбæттæны ма Битарты Зоя радзырдта, кæддæр ын Васо къанфеттæ «белочкатæ» кæй радта æмæ традицион хуызы æрæмбырдуæвджытæн ногазон арфæтимæ байуæрста уыцы адджинæгтæй.

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.