РХИ-йы Хъæууон хæдзарады министрад сиды конкурс РХИ-йы Хъæууон хæдзарады министры хæдивæджы вакантон бынатмæ.

РХИ-йы Хъæууон хæдзарады министрады хæдивæджы бынатмæ кандидатæн бæрæг цæуынц ахæм квалификацион домæнтæ:

– уæлдæр профессионалон ахуырад (хуыздæр у хъæууон хæдзарады фадыджы);

Зонындзинæдты æмвæзад æмæ характер:

– министры хæдивæг хъуамæ зона РХИ-йы Конституци, РХИ-йы Президенты Барамындтæ æмæ РХИ-йы Хицауады Уынаффæтæ, æндæр нормативон барадон акттæ æмæ службæйон документтæ, кæцытæ бæстон кæнынц ацы фадыджы архайд конкретон хæстæ æххæст кæнгæйæ, разамынд кæныны бындуртæ æмæ куыст организаци кæнын, хъуыддагон ныхас кæныны нормæтæ, куысты методтæ æмæ хуызтæ, управленийы автоматизацигонд амæлттæй пайда кæнгæйæ;

– зайæгой куысты продукцийы кондады технологи æмæ механизаци;

– кондады паддзахадон бæстонкæнынады экономикон методтæ, хъæууонхæдзарадон продукци ногæй бакусын æмæ реализаци кæнын;

Профессионалон зонындзинæдтæ:

– организаторон миниуджытæ, коллективæн къухдариуæг кæнынмæ арæхсын;

– нормативон-барадон актимæ кусын арæхсын æмæ уыдоны уагæвæрдтæй практикон архайды пайда кæнын;

– уынаффæтæ исын æмæ уыдоны тыххæй бæрндзинад хæссын;

– домаг, хъаруджын, хъæддых уæвын фæллойадон фæстиуджытæм разæнгард кæнын,  дæлбар кусджыты раз хæстæ æвæрын;

– коллективы практикон куыст организаци кæнынмæ æркæсын, кусджыты ‘хсæн куыст адих кæнын, уыдоны куыст координаци æмæ контроль кæнын;

Хъуыддагон миниуджытæ:

– хъуамæ йын уа стыр куыстхъомдзинад;

– архайды ног уавæртыл рæстæгыл æрцахуыр уæвын.

Информацион технологитæй пайда кæныны зонындзинæдтæ:

– операцион системæ Windows-ыл кусынмæ арæхсын;

– зонын хъæуы аппаратон æмæ программон ифтонгад (MS Office, Word, Excel, компьютерон хызæгтæ æмæ Интернет);

– зона информацион æдасдзинады тыххæй иумæйаг æмбарынæдтæ;

– электрон постæй пайда кæнын.

РХИ-йы хъæууон хæдзарады министры хæдивæджы бынатмæ конкурсы хайад райсыны тыххæй бадæттын хъæуы куырдиат æмæ резюме РХИ-йы Хъæууон хæдзарады министрады кадрты хайадмæ. Документтæ ист цæудзысты 2019 азы 21 январæй 11 февралмæ, г. Цхинвал, Мæскуыйы уынг, 5 (типографы бæстыхай, 3-аг уæладзыг).

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.