Цæгат Кавказы адæмтæ бирæ куырыхон таурæгътæ, бирæ рæсугъд зарджытæ æмæ зæрдæхалæн хъарджытæ скодтой сæ уæззау цардыл. Сæрыхъуын арц сбады, зæрдæ ныккæрзы уыдонмæ хъусгæйæ, фæлæ дзы, Хозиты Барисы загъдау, Нарыхъæуы «сау айнæджы рындзæй» цы Хæххон цæргæс стахт, уый хуызæн, Кавказы бæрзонд цъæх арвыл нывæфтаугæ ничи айтыгъта йæ базыртæ.  Æппæт дунейыл хъуыстгонд зарæггæнæг Расул Гамзатов  дæр æй «Кавказаг поэзийы зынгхъахъхъæнæгыл» хуымæтæджы нæ банымадта.

Къоста бæллыдис, æппæт  адæм  дæр социалон æмæ национ ссæстдзинады хъадамантæ кæд аппардзысты, уыцы рæстæгмæ. Уый уырныдта, кæй сыстдзæни сæрибары уадтымыгъ, арвы риуыл тæмæнтæ кæй скалдзæн сæрибары стъалы, æмæ дзырдта:

                   Нымад у рæстæг ныр,

                  Фæдисмæ дзыллæ сиды…

                  Æмбæлынц арцытыл

                  Сæуæхсиды тынтæ.

 Махæн Къоста тынг зынаргъ у, нæ зæрдæтæм хæстæг, куыд  адæмты ‘хсæн хæлардзинады уадфидиуæг,адæмты сæрыл æгъатыр æмæ æвæллайгæ тохгæнæг, мæгуырты сæрхъызой æмæ се ’фхæрджыты цæстысындз.

 Къоста уыди парахат зæрдæйы хицау. Æрмæст ирон адæмы хъысмæты кой нæ кодта. Йæ царды фæндæгтæ йæ акодтой бирæ адæмыхæттытæм, æмæ-иу кæмдæриддæр сæмбæлд мæгуыр æмæ хъæздыг адæмыл, раст æмæ зылыныл æмæ сси стыр поэт- интернационалист. Йæ хъарутæ, йæ зонд æвгъау нæ кодта иннæ адæмтæн дæр. Йе сфæлдыстады  ирдæй зынынц дагестайнаг, цæцæйнаг, мæхъæлон, кæсгон, балхъайраг, асыйаг, хъæрæсейаг, адыгейаг, æмæ æндæр адæмты æнусон бæллицтæ сæрибармæ.

 Стæм разындаид сфæлдыстадон æмæ æхсæнадон архайджыты ‘хсæн, уыцы уæззау æмæ тæссаг рæстæг афтæ чи загътаид:

            Æнæхъæн дуне у мæ аргъуан,

           Уарзондзинад – мæ кувæндон,

           У Дун -дуне Фыдыбæстæ мæнæн!

Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ æндæр куы ницы ныффыстаид йæ интернационалон зондахаст æвдисынæн, уæддæр æй ацы базырджын ныхас ахастаид дунейы сæрты.  Алы адæмты минæвæрттæн цы стыр аргъ кодта, уырыссаг революцион демократтæм куыд уарзон цæстæй кастис, уый зындгонд у. Сæрыстырæй сæ хуыдта йæ ахуыргæнджытæ, йæ фæндагамонджытæ. Къоста йæхæдæг та уыдис æмæ баззайдзæн ирон фысджыты, суинаг фæлтæрты зондджын ахуыргæнæгæй. Уæлдæр дæр ма йæ куы загътон, Расул Гамзатовы загъдау, Къоста ссис æппæт кавказаг поэзийы цырагъдарæг æмæ цырагъхъахъхъæнæг – Хъазыбеджы хох.

 Куыд зонæм, афтæмæй Къоста йæ къорд рæстдзæвин уацмысæй  бауагъта хæдхæцæг паддзахы тæрхоны лæгты стыр тас.  Уый хыгъд, бæрзонддæр кодта Къостайы ном хæххон дзыллæты мидсагъæсты. Æвæццæгæн  æй уымæн бауарзтой сæхи хъæбулау Кавказы адæмтæ дæр. Цæцæйнаг фыссæг Р.Фатуев мæнæ куыд зæгъы уый тыххæй: «…Цæгат Кавказы адæмты зæрдæтæм Къостайæ хæстæгдæр ничи ис, йæ поэзи цæцæйнаг, мæхъæлон, авайраг æппæты фæсвæд хъæутæм дæр фæхæццæ, уыцы адæмтæм сæхи фыссынад куы нæма уыдис, суанг уыцы азты. Ныртæккæ та «Ирон фæндыр» зæлланг кæны уæлдай парахатдæрæй».

Цæгат Кавказы сылгоймæгтæн цы иунæг скъола уыд, уый æхгæнын кæй нæ бауагъта Къоста, уый тыххæй æрвыст æрцыдис Ирыстонæй Хъæрæсемæ. Ам дæр поэт нæ ныууагъта йæ тох, хæцыдис бынæттон адæмты сæрыл æмæ бартыл. Къоста хорз зыдта Хъæрæсейæн канд йæ культурæ нæ, фæлæ бынæттон æвзаг дæр. Уымæ гæсгæ йын уæлдай стыр аргъ кодтой амы адæм. Иуахæмы Къоста хуынд æрцыд хъæ-рæсейаг чындзæхсæвмæ. Йæ размæ рацыд иу рæсугъд чызг, фæндырæй цæгъдгæйæ. Уый та хъæрæсейаг æгъдаумæ гæсгæ амоны уый, æмæ æрмæстдæр кадджын уазæджы размæ  рацæуы  чызг-фæндырдзæгъдæг.

 Хъæрæсейаг поэтты хъуыдымæ гæсгæ, Кавказы сæрибарадон хæсты фæстæ Къостайы сфæлдыстад ныууагъта æппæты стырдæр фæд Цæгат Кавказы адæмты поэзийы. Хетæджы фыртæн йе ‘нæнцой зæрдæ  йæ кусынæй куы банцад, уæд та фыстой: «Уыцы адæймаджы удыхъæдыл  ахуыр кæнæм мах, хъæрæсейаг хæххон-поэтикон фæсивæд… Ард хæрæм, йæ фæдзæхстытыл ын иузæрдион кæй уыдзыстæм, уый тыххæй».

Историк Адиль Гирей фыста: «Къостайы уацмыстæ суанг революцийы агъоммæ систы интернационалон фæзынд». Интеллигенцийы раззагдæр минæвæрттæ  базонгæ сты поэты сфæлдыстадимæ æнудæсæм æнусы фæстаг цыппæрæм хайы. 1898 азы Дзæуджыхъæумæ хæстæг Къостайæн йæ хæлæрттимæ цы фембæлд уыдис, уым архайдта Башир Далгат дæр. Дагестайнаг ахуыргонд  æмæ фольклорист уым цы ныхас ракодта, уый балхынцъ кодта Наронæн йæхи ныхæстæй: «Куы фезмæлæм иумæ – ныннæрдзæни хох».

Петербурджы цыд газет «Дагестаны сæуæхсид», редактор ын уыд С. Габиев. Уый газеты ныффыста уац, кæцы ран фыста: «Хетæджы-фырт куыд Цæгат Кавказы фыццаг профессион фыссæг, афтæ стыр ахъаз у Дагестанæн. Уый ссис ахæм адæймаг, æмæ йæ хъуамæ зоной нæ адæмтæ се ‘ппæт дæр». Нырыккон дагестайнаг поэзийы дæр Къостайы фæлгонц æвдыст æрцыд ирдæй.

Стыр бынат æрцахста Къостайы фæлгонц  Кæсæг-Балхъары поэзийы дæр. Сæ фысджытæ ахуыр кодтой нæ поэты сфæлдыстадыл. Хачим Теунов-Кæсæджы зæронддæр фысджытæй иу   фыста  Къостайы тыххæй: «Хетæгкаты Къоста кæд Ирыстоны  хæдбындур национ поэт у, уæддæр, куыд цытджын нывгæнæг, афтæ уый йæ уацмысты, уæлдайдæр та йæ публицистикæйы, хæцыди  æппæт Кавказы  адæмты фарс. Хурмæ хаста Цæгат Кавказы хохæгтыл даутæ æмæ тугтæ чи мысыди, æнæвгъауæй сæ чи стыгъта, уыцы паддзахы администрацийы æмæ йæ фæсдзæуинты митæ».

 Мæнæ куыд зæгъы Алим Кешоков та йæ иу æмдзæвгæйы Къостайы тыххæй: «Къоста бирæ нæ фæцард, фæлæ йæ цард уыд егъау. Йæ фæстаг туджы æртахы онг æй радта йæ уарзон хохæгты сæрибармæ фæндаг кæнгæйæ», кæй зæгъын æй хъæуы, Кешоков уыд раст.

 «Æппæты тынгдæр бæллыди адæмты ‘хсæн иузæрдиондзинадмæ, сæрибардзинадмæ», – ахæм хъуыдыйыл хæст уыди  иннæ кæсгон фыссæг Адам Шогенцуков.

Хъалмыхъ дæр сæхи хъæбулау бауарзтой Къостайы. Уый тыххæй Бося Сангаджиева афтæ фыста: «Хетæгкаты Къоста – уæ уарзон хъæбул –  ссис æппæт дунейы адæмты амондыл тохгæнæг поэт. Йæхи мæгуыр адæмы сæрыл тохгæнгæйæ, уый хæцыд æппæт адæмты сæрибардзинадыл дæр. Хъалмыхъхъæгтæ, уырыссаг классикты æмрæнхъ, сæхи æвзагмæ тæлмац кæнынц цытджын Къостайы уацмыстæ дæр. Уæлдай бузныг стæм нæ адæмон поэт  Давид Кугультиновæй. Уый хæрзаив тæлмацы фæрцы Къостайы нæ адæм бауарзтой сæхи хъæбулау».

Къостайы тыххæй  зæрдæбын ныхæстæ цы кавказаг фысджытæ загътой, уыдоны тыххæй  Хозиты Барис тынг хорз загъта: «Къостайы тыххæй цы зындгонд адæймæгты ныхæстæ æрхастам, уыдон загъд æрцыдысты алы азты. Фæлæ абон дæр цардæгас сты. Адæймагмæ афтæ кæсы, цыма хæххон поэты хуыздæртæ иу ранмæ æрæмбырд сты Нароны тыххæй, семæ æрхастой, цыдæриддæр хорзæй уыд сæ адæмтæм сыхагæн, уый æмæ сæ ныр арфæйы хуызы дзурынц, «Кавказаг поэзийы зынгхъахъхъæнæджы» чи схъомыл кодта, уыцы фæрнджын адæмæн».

Къоста Кавказы алыхуызон адæмты хъахъхъæдта дзыллон информацийы фæрæзты æфхæрдæй дæр. Хъахъхъæдта æрмæст Ирыстоны нæ, фæлæ Гуырдзыстоны, Кæсæг, Цæцæны æмæ æндæр регионты мæгуыр зæхкусджыты интерестæ. Уыдис ын арф бастдзи-нæдтæ гуырдзиаг адæмы минæвæрттимæ. Тынг хæларæй царди гуырдзиаг æхсæнадон  архайæг Хъипиани Михаилимæ. Сæ хæлардзинадæн сын бындур æрæвæрдтой иумæйаг интерестæ. Хъипианийы фæрцы уæды рæстæджы  гуырдзиаг дзыллæ  базонгæ Къостайы сфæлдыстадимæ.  Къоста æмæ Хъипианиимæ хæлар уыдис гуырдзиаг дохтыр Топуриа Климентий. Йæ мысинæгты уый фыссы: «Хетæгкаты Къоста цардис  нæ фарсмæ сыхаг хатæны.   Æз йемæ тагъд схæлар дæн, æмæ канд æз нæ, фæлæ ме скъолайы æмгæрттæ  Моселиани, Кочинашвили æмæ ирæттæ Байаты æфсымæртæ дæр. Мах Къостаимæ ахæм хæларæй цардыстæм æмæ не ‘хсæн æппындæр хæрамдзинад нæ уыдис.  Уыцы азты ма Дзæуджыхъæуы  цардис Хъипиани Михаил. Бынæттон цæрджытæ йын кодтой стыр кад, бирæ йæ уарзтой. Мах Къостаимæ æрвылхатт цыдыстæм уымæ  цай цымынмæ.  Къоста æмæ Хъипиани уæддæр уыдысты æмæ цæ-рæнбонтæм баззадысты стыр хæлæрттæй». Фæстæдæр Хъипиани ацыдис Цæгат Ирыстонмæ, горæт Дзæуджыхъæумæ. Уый æххуысæй Ирыстоны бындур æвæрд æрцыдис сывæллæтты литературæ æмæ рауагъдадæн.  Хъипиани ма уыдис, Дзæуджыхъæуы библиотекæ байгом кæныныл зæрдиагæй чи архайдта, уыдонæй иу.

Гъе, уымæн равзæрын кодта, æвæццæгæн, ахæм стыр маст æмæ фыдохы  æнкъарæнтæ Хъипианийы амæлæт Кавказаг  мæгуыр фæллойгæнæг адæмы зæрдæты. Къоста сфæлдыста диссаджы æмдзæвгæтæ уырыссаг æмæ ирон æвзагыл. Уым хæрзбон загъта йе ‘нувыд хæларæн æмдзæвгæ «Марды уæлхъус» -ы:

 Фæндараст! – фервæзтæ нæ мæтæй,

 Зæххыл нæ мацæуыл уал дом.

 Мæрдты дын хай уыдзæн дзæнæтæй.

 Уæлæуыл баззайдзæн дæ ном.

Раст цыма йæ уарзон адæмы номæй зæгъынмæ хъавыд, уый хуызæн фæкæсынц адæймагмæ Раиса Ахматовайы ныхæстæ: «Мах Къостайы арфхъуыдыджын цæстытæм куы фæкæсæм, уæд нæ разы сæвзæры ахæм фарст: кæцæй уыд ахæм егъау хъару хохагмæ? Кæцæй равзæрд  ахæм тых йæ фæлтæртæм, маст æмæ мæгуырдзинадæн бабыхсгæйæ, Къостайы æхсидгæ рæнхъытæ чи бахъахъхъæдта. Æппынфæстаг, «Ирон фæндыр»-ы  хæххон адæймаг федта йæхи хъæлæс,баууæндыд йæхиуыл».

 «Леуаны фырт Къоста у гениалон поэт, – фыста Къониаты Юрий. Гениалон поэттæ  дзæвгар сты.  Къоста се ‘хсæн лæууы къæдзæхау, æнæфæцудгæ.  Æмбал ын нæй. Цæмæй бæрæг у  мæ ацы æнахуыр хъуыды? Ранымайæм ма бæлвырдгæнæнтæ.  Иудадзыг дзурын – Къоста у гениалон поэт. Уымæй уæлдай прозаик, драматург, публицист, фыццаг ирон нывгæнæг, театры архайæг, мыхуыры хайадисæг, чингуыты рауагъдады архайæг, адæмон ахуырадыл кусæг, рухсады архайæг, нывæфтыды аивады ахуыргæнæг, фæллойгæнæг адæмы сæрхъуызой, сæрылхæцæг, æхсæнадон архайæг.

Уæхæдæг зæгъут: Къостайæн æмбал уынут гениалон поэтты ‘хсæн? Æз нæ уынын. Æмсæр æмбал ын нæй».

Мариэттæ Шагинян та афтæ фыста Къостайы тыххæй: «Йæ адæмы æгæрон уарзтæй кæй уарзта, уый тыххæй Къоста у национ æмæ æппæтадæмон культурæйы сæраппонд æцæг тохгæнæг, стæй у, абон мах, æфсымæрон адæмтæ, хæларæй кæм цæрæм, уыцы æхсæнады барджын уæнг».

Хъыгагæн, хъысмæт Къостайæн бирæ  азтæ нæ радта цæрынæн. Цыппор авдаздзыдæй ахицæн йæ цардæй. Къоста йе знæгты фæндиаг фæци. Æгъатыр низ ын банцайын кодта йæ зæрдæйы куыст, йæ булæмæргъы хъæлæс – йæ фыд Леуаны хæдзары Лабæйы. Ныгæд æрцыд йæ фыды ингæны фарсмæ. Фæстæдæр ын йæ мард сластой Ирыстонмæ уæды раззагдæр интеллигенцийы руаджы æмæ йæ стыр кадимæ бавæрдтой Ирыхъæуы аргъуаны кæрты.

Ирыстоны намысджын фырт æмæ уарзон поэты амæлæтыл тынг фæхъыг кодтой æгас Кавказы фæллойгæнджытæ дæр. Къостайы марды уæлхъус загъд æрцыдис бирæ хорз ныхæстæ гуырдзиаг, уырыссаг, сомихаг æмæ æндæр адæмты æвзæгтыл. Къоста йæ иу æмдзæвгæйы куыд загъта, уыйау:

 Уый бæрц æрцæугæ нæма федтон

                                   Иу ранмæ,

   Уый бæрц æркæсгæ нæма федтон иу

                                       Зианмæ

       Хохæй, быдырæй…

Дзапарты Хасанбеджы загъдау, йæ уд чи суæлдай кодта мæгуыр адæмы сæрибардзинадæн, уыдонæн, дам, нæй мæлæт, зæгъгæ, фæзæгъынц. Уыдонæн æрмæстдæр вæййы райгуырæн бон.

 Абон нæ бирæнацион райгуырæн бæстæ ирон адæмимæ иумæ стыр кад кæнынц, Кавказы æвæджиау хъæбул, генион ирон поэт Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайæн, йæ æппæт цард, йæ диссаджы курдиат  æфхæрд фæллойгæнæг адæмты рухс фидæнæн чи снывонд кодта , уымæн.

Мыхуырмӕ йӕ бацӕттӕ

 кодта Дриаты Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.