Ирон адæмы пехуымпар Къостайы райгуырдыл 160 азы сæххæсты сæраппонд дарддæр дæр нæ республикæйы ахуырадон уагдæтты уагъд цæуынц цытджын мадзæлттæ. Иу ахæм мадзал «Къоста – нывгæнæг», зæгъгæ, уагъд æрцыд нæ горæты Колыты Аксойы номыл аивæдты паддзахадон лицейы. Бацæттæ йæ кодта ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг, РХИ-йы сгуыхт ахуыргæнæг, Гæбæраты Фатимæ 4, 5, 10 æмæ 11-æм кълæсты ахуыргæнинæгтимæ.

Къостайы кадæн бæрæгбонмæ æрбацыдысты Ахуырад æмæ зонады министрады, горæт Цхинвалы администрацийы ахуырады хайады, ХИПУ-йы минæвæрттæ, нæ горæты скъолаты ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ, библиотекæты кусджытæ, лицейы коллектив Кæсойты Лавренты сæргълæудæй. Актон залы къултыл конд уыдысты Къостайы тыххæй скъоладзауты конд нывтæ. Залы хъуыст Къостайы зарæг «Æнæ хай»-йы музыкæ.

Мадзал бацæуæн ныхасæй байгом кодта йæ организатор Гæбæраты Фатимæ. Уый зæрдæбын арфæтæ ракодта йе рхонгæ уазджытæн сæ мадзалмæ сын кæй æрбацыдысты, уый тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, мæнæ къултыл цы нывтæ уынут, уыдоны нæ ахуыргæнинæгтæ равдыстой сæ мидхъуыдытæ Къостайы тыххæй. Уый фæстæ 4-æм къласы ахуырдзаутæ тынг хорз ба-кастысты Къостайыл фыст æмдзæвгæтæ. Сывæллæттæ сæххæст кодтой зарæг «Гино».

Мадзал амыдтой 11-æм къласы ахуыр-гæнинæгтæ  Бибылты Дзамболат, Къусраты Николай, Куыдзеты Родион æмæ Плиты Олег. «Къостайы райгуырдыл кæд 160 азы сæххæст, уæддæр йæ ном стъалыйау æрт-тивы Ирыстоны адæмы зæрдæты. Цалынмæ зæххыл ирон дзыхæй дзурæг уа, уæдмæ ирон адæм кад кæндзысты Къостайæн, ахуыр æй кæнынц æмæ йæ кæндзысты. Уый æгæрон уарзтæй уарзта йæ Фыдыбæстæ. Йæ мæт, йæ сагъæстæ æдзухдæр уыдысты Ирыстоныл. Поэт рæстдзинадыл кæй дзырдта, уымæй бал-хæдта дзыллæты зæрдæтæ», – дзырдтой мадзаламонджытæ.

Аивæдты лицейы хор сæххæст кодта Къостайы «Хъуыбады»  æмæ «Азар». За-рæг «Катай» та азарыд 11-æм къласы    ахуырдзау Плиты Олег. «Къоста ирон поэзийæн бындур куыд æрæвæрдта, афтæ нывкæнынадæн дæр. Йæ уидаг Къостайæ цæуы. Йæ уацмыстæ куыд зæрдæмæхъаргæ сты, афтæ зæрдæ агайынц йæ нывтæ дæр. Къостайæн йæ фыццаг ныв уыд «Дурсæттæг сабитæ», – дзырдта амонæг. Ацы нывæн анализ сарæзта 11-æм къласы ахуырдзау Кокойты Лерæ. «Нывмæ куы æркæсæм, уæд у тынг арф хъуыдыджын æмæ у реалистон.  Дыууæ хæххон лæппуйы Арвыкомы фæндагыл. Сæ иу уæззау дзæбугæй пырх кæны дуртæ. Иннæ – нымæтхуды, гомгуыбын æмæ йе стыр сау цæстытæй кæсы комкоммæ адæймагмæ. Сæ цæстæнгас у æнкъард, сæ цард цахæм у, уый зыны сæ цæсгæмттыл. Æнтæфбон кæй у, уый та зыны уымæй æмæ дурсæттæг лæппуты цæсгæмттыл æрттивынц хиды æртæхтæ. Лæппутæн сæ фарсмæ хуыссы сæ цуанон дæр. Дурты ‘хсæнæй зыны дидинæг. Къоста уымæй йæ нывы равдыста сывæллæттæм кæй æн-хъæлмæ кæсы хорз фидæн. Дидинæг у хорз царды символ», – загъта уый.  Йæ иннæ ныв та у «Кæуæг зæд». Ацы нывæн та анализ сарæзта 11-æм къласы ахуырдзау Галуанты Алинæ. Уый банысан кодта, зæгъгæ, тынг цымыдисон ныв у. Галиуæрдыгæй нывы кæрон стыр хъæдыл дзуар, йæ цъуппыл зæгæлæй пергамент фидаргонд у, йæ алыварс какон сындзæй цæг. Йæ галиу къух дзуарыл афтæ æвæрд у, цæмæй йæ цæсгом уа дзуарырдæм. Зæд цыма ауыгъд у, афтæ зыны. Тынг аив нывгонд сты йæ дзыккутæ дæр. Ацы ныв чи фены, уый фыццаджыдæр зæгъдзæн, уый у æрмæстдæр дзуары ныв, фæлæ уый афтæ нæу. Къоста ацы нывы куы ныв кодта, уæд тынг уарзта Попова Аннайы æмæ чызджы сурæт стыр бынат æрцахста нывы. Дæс азы дæргъы ацы дыууæ уарзæгой зæрдæйы бирæ маст бавзæрстой сæ уарзондзинады сæраппонд. Къоста Поповайæ куы ахицæн, уæддæр ма йæ зæрдæмæ чидæртæ цыд, фæлæ ус нал ракуырдта. Чызг дæр йæхицæн ард бахордта, кæй не смой кæндзæн, уый тыххæй æмæ йæ ардба-хæрд сæххæст кодта. Амард 80-аздзыдæй зыбыты иунæгæй. Ацы нывы аргъуанæн уымæн ничи балхæдта, æмæ дзы иууылдæр уыдтой Аннæйы сурæт. «Дондзау сылгоймаг»-ы та Къоста равдыста хæххон сылгоймаджы, кæцыйæн йе ккой ис уæззау донхæссæн æмæ уæззаугай хизы хæххон къахвæндагыл. Йæ мады фæдджийыл фидар хæцы чысыл гомкъах лæппу, кæцыйæн ис стыр сау цæстытæ æмæ сæ комкоммæ кæсы. Хæххон сылгоймаг æмæ йæ чысыл лæппуйы хуызы нывгæнæг равдыста æппæт хæххон адæмы уæззау æмæ хъизæмайраг цард. Ахуыргæнинæгтæ анализтæ сарæзтой Къостайы конд нывтæ «Æрдзон хид» æмæ «Зикъарайы ‘фцæг»-æн дæр. Нывтæ иууылдæр æвдыст цыдысты экраныл.

Æмдзæвгæтæ, зарджытæ, инсценировкæтæ кæрæдзи ивтой. Ахуыргæ-нинæгтæ сæххæст кодтой «Ирон кафт». Гуымсæгыл ацагътой 5-æм къласы ахуырдзау лæппутæ. Пæрæстаты Анна-Мария тынг хорз азарыд «Судзынц мæ цæстытæ, судзынц». Лицейы адæмон инструментты ансамбль дæр хорз сæххæст кодтой сæ номыр. Фæндырыл ацагъта Гæбæраты Ирбег.

«Къоста йæ рæстæджы уынгæг зæрдæйæ дзырдта: Чи мæ фехъуса, уый мæ кæд бамбарид, чи мæ бамбара, уый мæ кæд нæ ферох кæнид. Абон 160 азы фæстæ зæгъын хъæуы Къостайæн: фехъуыстой дæ ирон адæм, нæ дæ рох кæнынц, æмбаргæ дæр дæ бакодтой æмæ архайынц дæ фæдзæхстытæ дын сæххæст кæныныл. Къоста у Ирыстоны ном æмæ кад, йæ зонд æмæ йæ уд, йе хсар æмæ йæ уæздан. Йæ удæгасæй Къоста катай кодта, зæгъгæ, ничиуал зондзæн мæ цырт, фæлæ уый йæхæдæг йæ уацмыстæй йæхицæн скодта æнæмæлгæ цырт. Цæудзысты азтæ, цæудзысты æнустæ, фæлæ ирон адæмы уарзон хъæбулы ном никуы ахуысдзæн. Йæ ном нæрыд æмæ нæрдзæн, æрттывта æмæ æрттивдзæн Ирыстоны митсæр хæхтау», – дзырдтой мадзаламонджытæ. Банысан кæнын хъæуы уый дæр æмæ кæд ахуырдзаутæ сæрмагондæй Къостайы юбилейы сæраппонд цы нывтæ скодтой, уыдон иууылдæр цымыдисон уыдысты, уæддæр дзы уæлдай раппæлинагдæр у 6-æм къласы ахуырдзау Багаты Аланæйы конд ныв «Къоста» (уынут æй нывы). Ирдæй зыны, чызг йæхиуыл дарддæр куы куса, уæд æм кæй æнхъæлмæ кæсы хорз фидæн.

Къостайы зарæджы зæлтæм ахуыр-гæнинæгтæ акафыдысты «Хонгæ кафт». Мадзалы хайадисджытæ иууылдæр рахызтысты сценæмæ æмæ иумæ сæххæст кодтой «Балцы зарæг».

Бæрæгбоны организатор Гæбæраты Фатимæйæн арфæйы ныхæстæ загътой Плиты Риммæ, Æлборты Эммæ, ныййарæг Букуылты Чермен.  Гуыззыдтаты Этери, кæцыйæн ацы ахуырадон уагдоны ахуыр кæнынц йæ хъæбулы хъæбултæ цыппарæй, банысан кодта, зæгъгæ, мадзал рауад тынг хорз. Куыд æрвылхатт, афтæ та ныр дæр  Гæбæраты чызг уæхскуæзæй бакуыста йæ хъомылгæнинæгтимæ. Бузныджы ныхæстæ ма загъта лицейы директор Кæсойты Лаврентæн. Мадзалы организаторæн баххуыс кодтой лицейы организатор Дзигойты Каринæ, нывкæныны ахуыргæнæг Дзæгъиаты Альбинæ, кафджыты хайады гæс Тедеты Валя, музыкæйы ахуыргæнджытæ Цхуырбаты Жаннæ æмæ Джыгкайты Аленæ æмæ хоры къухдариуæггæнæг Мæхъиты Маринæ.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.