Æмæ, дам, зæрондæй арахъы йедтæмæ ницы бæззы… Цы бæззы, уый зæрондæй дæр бæззы æмæ нæуæгæй дæр, цы нæ бæззы, уыдон Ирыстоны цыфыддæр знæгты хъуыры аирвæзæнт нæуæгæй дæр æмæ зæрондæй дæр! Зæронд куы ницæмæй бæззид, уæд нæ фыдæлтæ махæй æдылыдæр уыдысты æмæ Ног азæй зæронд Ног азы фылдæр уымæн уарзтой!?

Уымæй дæр… Зæронд Ног азы тæккæ фыццаг бон дын дæ Ленæ-чындз дæ Мелитон-æфсымæры фондзтомон ног рауагъд дæ разы куы æрæвæра, уæд дæ худ хæрдмæ куыднæ хъуамæ фехсай æмæ дæ зæронд Ног аз ахæм хорздзинадæй кæй райдыдта, уый цинæй дæ уд йæхи арвы милтыл куыднæ хъуамæ асæрфа!

Фыццаг хатт нæ бацин кодтам Хъазиты Мелитоны чингуытыл – куыд иугай, афтæ алыгъуызон æмбырдгæндтыл, цалдæргай томтыл дæр. Йæ курдиатджын уд æмæ куыстхъомдзинады фæрцы бирæ уæзгæ хуынтæ бахаста ирон аив дзырды къæбицмæ, фæлæ уæззау низ æмæ йæ хъысмæты фыдæнæн йæхи кæй нæ ауагъта æмæ йæ уæззау уавæры дæр йæ фыдыбæстæйæн ахæм æвæджиауы хорзы кæй бацыд, уый уæлдай амонд æмæ уæлдай æхсызгон у. Уый йæ фондзтомонæн йæ фæзынды тыххæй. Фæлæ йæ нысаниуæг ноджы стырдæр æмæ ахадæндæр у. Уымæн æмæ Мелитон Къостайы æвзагæй кæй загъта, уыдон дунемæ сдзырдтой Пушкины æвзагыл. Пушкины æвзаг та дарддæр хъуысы, тыхджындæр, хъомысджындæр у.  Мелитоны ныры онг дæр зыдта уырысссаг чиныгкæсæг, куыд хицæн уацмыстæ, афтæ йын чингуытæ дæр рацыд уырысаг æвзагыл, фæлæ фондз томæй – уый æвæджиауы хæрзиуæг у!

Хаттæй хатт нæ ахæм ныхæстæ дæр сирвæзы, цыма уырыссаг æвзаг ирон æвзаджы знаг у… Уырыссаг æвзаг, дам, бакъуындæджытæ кодта ирон æвзаджы авналæнтæ, уырыссаг æвзаг, дам, нын ныцъист кодта нæ мадæлон æвзаджы, йæ бартæ, дам, ын байста… Бынтон гæды ныхас! Уæрæсейы сконды, стæй йæ алфæмблай дæр бирæ чысылнымæц адæмтæ ис, кæцытæн æнæ Уæрæсе æмæ уырыссаг æвзаг цард аразæн нæй, фæлæ сæ уырыссаг æвзаг никæй æвзаг ныцъист кодта. Йе ‘взаджы чи уарзы, йе ‘взаг кæй хъæуы, уымæн йæ дзыхыл цъутта ничи сæвæрдзæн, дзурын æй куынæ уадзой, уæдддæр уæрммæ ныххиздзæн æмæ йæхæдæг йæхиимæ дзурдзæн, цæмæй йе ‘взаг ма фесафа… Стæй нæ рох ма уæд, махæн уырыссаг æвзаг æмæ уырыссаг культурæ куынæ уыдаиккой, уæд зынтæй схызтаиккам Секъайы Хъуды комы саумылазон тарæй.

Къостайы æвзагæй – Пушкины æвзагыл

Хуыцау йæ быны цы адæмы сфæлдыста, уыдонæй кæмæйдæрты  Мелитоны цæмæйты  фæхъулон кодта, уыцы миниуджытæ бирæ сты, фæлæ дзы сæйраг сты æртæ хæрзиуæджы: Мелитон хайджын у аив дзырды цыкурайы фæрдыджы рухс æмæ хъармдзинад бауадзынмæ арæхстдзинадæй, ирон царды сконд йæ национ æууæлтимæ уды рæбынтæм æнкъарын æмæ ирондзинадæн сæрнывонддзинадæй, йæ цардæй фылдæр цы Ирыстоны уарзы, уыцы Ирыстонæн къаппа-къуппатæй цæрæн кæй нæй, Ирыстоны дыууæ хайы нæ æнусон æмцæдисон Уæрæсейы сконды куынæ баиу уой, уæд нæ фидæнæй æнæфидæн кæй стæм, уыцы позицийыл фæстаг сулæфты онг æнувыд кæй у, уымæй… Уымæн æй бафæндыд, йæ раттæг адæм, йæ фыдыбæстæйы цардæй цы аивтæ, цы цинтæ æмæ хъыгтæ равдыста, уыдонимæ уырыссаг дунейы дæр базонгæ кæнын, æппæтхъом æмæ хъомысджын уырыссаг æвзаджы фæрцы сын уæрæх фæндæгтæ байгом кæнын.

Æниу ацы тæлмацы хъуыддаг дæр диссаг у, фæлæ йæ Мелитон не рымысыд, уартæ антикон дуджы райгуырд. Диссаг уымæй у, æмæ фыссæг йæ уды зæгъинæгтæ цы æвзагыл ранывæнды, коммæгæс æрмæстдæр уыцы æвзагæн вæййынц, цыфæнды курдиатджын тæлмацгæнæджы коммæ дæр нæ бакæсдзысты, се сфæлдисæджы коммæ куыд кæсынц, афтæ. Фæлæ цы бакæнæм, тæлмац куынæ фæзындаид, уæд та адæмтæ кæрæдзийы хъæр нæ фехъуыстаиккой. Мах нæ зыдтаиккам Шекспиры, Байроны, Гетейы… Æниу Хуыцау бахизæд афтæ ахъуыды кæнынæй æмæ Мелитоны фондзтомоны цы уацмыстæ ис, уыдоны тæлмацгæнджытæ Николай Горохов, Джусойты Нафи, Наталья Куличенко, Булкъаты Игорь, Михаил Попов, Хуыгаты Ирлан, Содтиты Риммæ, Лариса Шебзухова, Безаты Фаризæ, Гелий Ковалевич æмæ æндæртæм исты табиц хæссæм. Хуыцау бахизæд! Иуæй-иу лыстæг згъуыдты  рæгъмæ куынæ рахæссæм, уæд сын зæрдиаг бузныг зæгъын хъæуы сæ хъиамæты тыххæй.

Сæйраг уый у, æмæ Мелитоны фæрцы фæфылдæр уыдзысты, Ирыстон æмæ ирон адæмы хуыздæр чи базона, уыцы æддагон чиныгкæсджытæ. Не сфæлдисæг Хуыцауы цæст нын Мелитоны хуызæн курдиатджын гуырдтæ кæй бауарзта, нæ Ирыстоны фидауцтæ Мелитоны хуызæтты фæрцы кæй разынынц æмæ фехъуысынц æддагон дунемæ, ууыл та мах хъуамæ цин кæнæм не ‘ппæт дæр, уымæн æмæ фыссæг, æцæг фыссæг йæхи удæн нæ фыдæбон кæны, йæ адæмы, йæ нацийы хæрзæбонæн фæлæггад кæны.

Ацы рауагъды фыццаг томмæ бацыдысты, Мелитон хицæн æмæ хицæн рæстæджыты кæй ныффыста, уыцы поэтикон уацмыстæ æмæ йæ драмон уацмыстæй дыууæ: «Фатимæ» æмæ «Гæдыла паддзах». Дыккаг томы уырыссаг чиныгкæсæг зонгæ кæны йæ гуырахстджын уацмыс «Æууæндын адæймагыл», «Хохаг радзырдтæ» æмæ хицæн рæстæджыты фыст æндæр радзырдтимæ. Æртыккаг том хъæздыг у Мелитоны рæсугъд æвзагæй нывæст новеллæтæ æмæ арф мидисджын уацаутæй. Цыппæрæм томы дæр аивадон уацмыстæ кæсæм: йæ зындгонд уацаутæ – «Алмас», «Фыдæмбæлæг Сано», «Сыгъзæрин уадындз» æмæ «Хъысмæт» (йæхи тæлмацгондæй).

Ацы томмæ бахауд йæ роман «Фæлдзæуæн рæстæг» дæр, кæцы, рухсмæ куы фæзынд, уæдæй абонмæ нымад цæуы фæсивæды цард, æвзонгады кæркæ-мæркæ хуызтæ æмæ сусæг-æргом мидхъуырдухæнтæ уæлдай ирддæрæй кæм разындысты, ахæм гуырахстджын уацмысыл. Уый та уæлдай æхсызгон у, уымæн æмæ ныры дуджы фæсивæды уаг æмæ æгъдауыл цардмæ раздахын нæ сæйраг хæсыл хъуамæ нымайæм. Æмæ мæ фидарæй уырны, Мелитоны удвæллойæн æмбæлон аргъ кæй скæндзæн æвзонг чиныгкæсæг, кæд чиныг кæсын цасдæрбæрцæй модæйæ раджы ахауд, уæддæр. Хъыгагæн, уый афтæ у. Æрмæст махмæ нæ – алкуыдæр. Аив дзырд æмæ арф хъуыды æвдисæг аивадмæ уарзондзинад фæцис аслам æмæ примитивон интернеты къæхты бын, фарн æмæ уæздандзинады бынат бацахстой æдзæсгомдзинад æмæ къахбайдзинад, кæддæр-иу чиныг уæйгæнæн дуканиты кæрæдзийæн знæгтæ цы классикты уацмысты тыххæй систæм, уыцы классикты чингуытæ ныр хъуынайы бын фесты…

Фæлæ уæддæр цæрын хъæуы. Нæ къухтæ ауадзæм æмæ дуджы фыдæвзарæнты раз нæ гæрзтæ æрæвæрæм, уый бар нын нæй. Уый бар нын кæй нæй, куыдфæндыйæ дæр кусын, фæлдисын æмæ тох кæнын кæй хъæуы, ууыл та нæ ногæй æууæндын кæны Мелитон йæ радон сфæлдыстадон уæлахизæй, йæ бæркадджын хуынæй.

Кæддæр ма йæ загътон, фæстаг азты монографийы жанры Хъазиты Мелитонæн иунæгæй кæй бантыст, æнæхъæн зонадон институтæн цас нæ бантыстаид, ахæм куыст бакæнын. Уыцы монографитæ, кæй зæгъын æй хъæуы, не сты ацы фондзтомоны. Фæлæ фæндзæм том барджын бынат ахсы йæ аивадон уацмысты æхсæн, уымæн æмæ дзы цы публицистон уацтæ æмæ алыгъуызон тематикæйыл интервьютæ ис, уыдон дзурæг сты ирон литературæйы ивгъуыд æмæ абоны риссагдæр æмæ ахсджиагдæр фарстатыл, нæ дзырдаивад æмæ æмткæй сисгæйæ ирон аивады стырдæр дæсныты цард æмæ сфæлдыстадыл.

Ацы томы бирæварсон æмæ мидисджын æрмæджыты æхсæн ис, раздæр уырыссаг æмæ ирон æвзагыл хицæн чиныгæй чи рацыд, уыцы зындгонд уац «Цы фæцис, Ирыстон, дæ Хурыскæсæн?». Ам дзырд цæуы Ирыстоны дзадджындæр æмæ бæркадджындæр комбæстæ Тырсыгом знаджы зæхх куыд æмæ цы хуызы бацис, нæ фыдæлты уæлмæрдтæ дзæгъæл цæмæн баззадысты, Ирыстоныл хур йæ хурскæсæнæй цæмæннæуал кæсы, уыцы риссаг риссæгтыл.

Арф æмæ хъæздыг у зынгæ ирон фыссæг, литерату-рæиртасæг, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, профессор Хъазиты Мелитоны сфæлдыстадон дуне. Уыцы дунейæн æмбæлон аргъ скæнын æмæ   равдисынæн цалдæр йæхи хуызæн монографифыссæджы хъæуы. Абон уал дзырд цæуы йæ тæлмацты фондзтомон рауагъдыл. Йæ ахсджиагдзинад цæй мидæг ис, уый банысан кодтам: Къостайы æвзагæй – Пушкины æвзагыл! Фæлæ уый нæ нысан кæны, фондз бæркадджын томæн сæхи тыххæй дзуринаг ницыуал ис. Бирæ, сæрмагонд ныхасы аккаг сты, зонадон цæстæнгасæй дæр сæм хъæуы æркæсын, фæлæ уал уыдæттæ бакæнæм рæстæг æмæ чиныгкæсæджы бар. Мелитонæн та зæрдиагæй зæгъæм бузныг, цæстуарзонæй йын раарфæ кæнæм, цæмæй йын ноджы фылдæр бантыса Къостайы æвзагæй дæр æмæ Пушкины æвзагыл дæр!

ГÆБÆРАТЫ Юри

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.