Алы адæймаг дæр æрымысы йæ царды ивгъуыд хабæрттæ, фæхъуыды кæны йæ дарддæры цардыл. Царды ивгъуыд фæндæгтæ нæ тынгдæр ахъуыды кæнын кæнынц не стыр гоймæгты хъуыддæгтыл, сæ радтæг адæм сын сæ уæлион царды фæстæ куыд стыр кад æмæ цыт фæкæнынц, æппæт уыдæттыл. Ахæм стыр гоймагæй  басгуыхт нæ  адæмы сæрхъызой,  генеалон поэт Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста. Уымæн йæ райгуырæн бон фæнысан кæнæм æрвылаз дæр æмæ йын æрдзурæм йæ диссаджы сфæлдыстады тыххæй, йæ адæмы бартыл куыд уæндонæй дзырдта, æппæт уыдæттыл.

Гениалон поэты удуæлдай тохæн стыр аргъ кæнынц йæ радтæг адæм, кæнынц ыл зарджытæ, æххæст ын кæнынц йæ фæдзæхстытæ. Къостайы кадæн ивгъуыд æнусы 80-æм азты райдианы Цхинвалы районы администрацийы Культурæйы хайады хистæр Тадтаты Юзæйы хъæппæрисæй районы нысан кæнын райдыдтой «Къостайы бонтæ». Уый йæ хъару нæ æвгъау кодта поэты райгуырæн бон уæрæхæй банысан кæныны сæраппонд. Кæй зæгъын æй хъæуы, æнцон нæ уыд ацы хæрзиуæгон архайд райдиан, фæлæ азæй азмæ уæрæхдæр кодта.  Къостайы хъæуы фæзынд хæдзар-музей, йæ фарсмæ та мыггагон мæсыг къæдзæхдурæй. Зæгъын хъæуы, къæдзæхдур дардæй кæй ластой уый, фæлæ йæ ластой цæгатварсæй æмæ уыцы уæззау куыстыты культурæйы æмæ йæ саразыны активон хайад кæй истой Къостайыхъæуы фæсивæд.

Фæнды мæ, «Къостайы бонтæ» куыд цыдысты Къостайыхъæуы, уыцы зæрдылдаринаг мадзæлттæй цалдæримæ базонгæ кæнон газеткæсджыты. Къостайы бæрæгбон фыццаг хатт банысан кодтой 1982 азы 9 октябры. Дзæвгар адæм æрæмбырд уæд бæрæгбонмæ уæды областы бирæ хъæутæй, фылдæр та уыдысты Цхинвалы районæй. Мадзалы æрæмбырдуæвджыты раз раныхас кодта райкомы фыццаг секретарь Джиоты Феликс. Уый фæстæ поэты цард æмæ сфæлдыстады тохы тыххæй дзырдта поэт, филологон зонæдты кандидат Дзуццаты Хадзы-Мурат, раныхас ма кодтой Хуссар Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдар Мæргъиты Къоста, поэттæ Дзугаты Георги æмæ Асаты Реуаз.

Бæрæгбон дарддæр кодтой æмæ сæ аивад адæмæн æвдыстой хæдархайгæ къордтæ, уыд дзы бæхты дугъ, сæ тыхтæ фæлвæрдтой хъæбысæйхæцджытæ. Ирон хæдзары та аккаг фысымтæ уыдысты, чи сæм цыд, уыцы уазджытæн. Бæрæгбонон мадзалы ма уыдысты партийы Хуссар Ирыстоны обкомы фыццаг секретарь Санахъоты Феликс, обкомы пропагандæ æмæ агитацийы хайады сæргълæууæг Гугкаты Зауыр æмæ æндæр бæрнон кусджытæ.

«Къостайы бонтæ» 1984 азы 13 октябры дæр дзæвгар адæм æрæмбырд. Къостайæн йæхи загъдау: «Уый бæрц æрцæугæ нæма федтон иу ранмæ – хохæй, быдырæй». Боны фыццаг сахатыл стыр поэты цырты раз байгом бæрæгбонон юбилеон митинг. Уым хайад райстой партийы обкомы секретарь Тъехты Ю., Облсовпрофы сæрдар Санахъоты У., партийы обкомы пропагандæ æмæ агитацийы хайады сæргълæууæг Гугкаты З., Цхинвалы райкомы фыццаг секретарь Джиоты Ф., райæххæсткомы сæрдар Цоциты Р. æмæ æндæр партион æмæ советон кусджытæ. Митинг байгом кодта Цхинвалы райкомы фыццаг секретарь Джиоты Ф. Уый фæстæ æрхæцыд цыртыл æмбæрзт урс хъуымацыл æмæ байгом стыр поэты цырт-обелиск. Къостайы баральефы бынмæ фыст. Йæ быны та фыст «Къоста 1859-1906». Раныхас кодтой æмæ поэты тыххæй номарæн æмдзæвгæтæ бакастысты Æлборты Хаджи Умар, Дзугаты Георги, Асаты Реуаз. Адæмы раз ма ралæууыд киноныв «Фатимæ»-йы чысыл Дзамбулаты роль æххæстгæнæг, фæстæдæр та зындгонд кинорежиссер Давид Со-хадзе.

Бæрæгбоны хайад райстой скъоладзаутæ дæр æмæ кастысты Къостайы æмæ ууыл фыст æмдзæвгæтæ. Бæрæгбон фидауы ирон фынгæй дæр æмæ нæртон фысым уыдысты алкæмæн дæр. Ирон каубыд хæдзæрттæм кæсынæй адæймаг не фсæст, цæстытыл ауадысты нæ рагон хæдзæрттæ. Уыдон та уыдысты Арцеу, Еред æмæ Уанаты хæдзарадты æмæ бæрæгбонмæ æрбацæуджытæн кад кодтой цæхх æмæ кæрдзынæй.

Номдзыд поэты бæрæгбонтæ ма уæрæхæй банысан кодтой уый фæстæ азты дæр.

 ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.