Къостайы цард, йæ егъау æхсæнадон куыстыл, йе сфæлдыстадон дзаджджын къæбицыл бирæ загъд æрцыд. Мæ уацы мæ æрдзурын фæнды, цахæм уыдысты поэтæн йæ фæстаг царды бонтæ, мæйтæ, куыд фæцудыдта æнæмсæр тохты йæ фидар уæраг, фæлæ йæ зонд кæддæриддæр куыд дзырдта Рæстдзинад æмæ Уарзондзинады сæрыл, тыхмийы ныхмæ.

Къостайæн йæ фидар ныхас уыд:

«Тыхджынты ’хсæн нæ агурын тæнзæрдæ,
Тæригъæд дæр ма кæнæнт мæнæн.
Нæ тæрсын æз æрцахсынæй, фæсырдæй,
Фæраздзынæн мæллæгæй дæр зынтæн.

Кæмдæриддæр мæ зарæджы фæзарын,
Къахбайдзинады хурмæ æз хæссын.
Мæ риу æдзух тыхмийы ныхмæ дарын,
Рæстдзинадыл уæндон ныхас кæнын».

(«Æз пехуымпар нæ дæн»).

Къоста æнæсæттон уыд паддзахы закъæтты раз. Æгъатыр уыд Къостайы дуджы къухдариуæгад дæр. Скъæрæнты уыд Къоста, Ирыстоны æрдзы уындæй æнæхай уыд, нæ хæлхæлгæнаг суадæттæй йæ зæрдæйы дзæбæхæн никуы банызта. Нæ федта цардæй рæвдыд, йæ масты дзæкъул йедзаг уыд кæддæриддæр йæ адæмы маст æмæ æфхæрддзинадмæ кæсгæйæ, йæ сæйраг сагъæс уыд: «Цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг!».

Къоста цырагъдар уыд йæ Ирыстон, йæ адæмæн, нæ талынг хæхтæн. Хорз цырагъ та тагъд судзы, фæцудыдта Хетæджы фырты æнæниздзинад, æмбис кары дæр нæма уыд, афтæ фæцудыдта йæ уæнгты тых, баирвæзт æм стджыты туберкулез. Дыууæ хатты æрцыд конд операцитæ Къостайыл. Фыццаг хатт Ставраполы 1867 азы, дыккаг та — Петырбурджы 1896 азы. Ам йæ уæлхъус кæддæриддæр лæууыд сæхи Андухъапар.

Хетæджы фыртæн йæ царды уавæртæ иууыл зындæр, уæззаудæр уыдысты Херсоны. Нæ дзы куыст уардта, нæ хæдзар баххуырсынмæ. Цыбыр дзырдæй, æдзæллаг сахар уыд Херсон Къостайы рæстæджы, фæрынчын дзы ис, фæсад дзы æнæхъæн мæй. Æниу, хицау, æвæгæсæгæй, цы уавæрты уыд, уый тыххæй йæ фыстæджы Цæллыккаты Юлянамæ афтæ фыста: «Æз мæ хъуагдзинæдтæ æрхæццæ кодтон минимуммæ… мæйы дæргъы рынчын кæй уыдтæн, уый мын мæ буар æмæ мæ зæрдæ цы фæриссын кодта, уымæй уæлдай ма тынг фæзынд мæ бюджетыл дæр. Раздæр нымад чи нæ уыди, ахæм хæрдзтæ кæнын мæ бахъуыди дохтыртыл æмæ хостæ æлхæныныл. Æмæ мын æртæ къуыримæ Ефсеев кæнæ Санайы фырт истæмæй куынæ феххуыс кæной, кæнæ исты куыст куынæ ссарон, уæд мæ мæ дæндæгтæ тæрхæгыл сæвæрын бахъæудзæн, кæнæ мæ агурын хъæудзæн къазнайы хардзæй хæрын, ахстытæ цы хæрынц, уый».

Къоста уатон рынчын æрцис Дзæуджыхъæуы. Цас дзы фæсад, цалынмæ йæ йæ хо Уæлгъа Лабæмæ нæ аласта, уæдмæ, уый бæлвырдæй нæ зонын. 1962 азы сентябры мæйы уыдтæн Цæгат Ирыстоны зонад-иртасæн институты. Бадтæн Ардасенты Хадзыбатырмæ, ныхас кодтон мæ диссертацийы темæйы фæдыл. Уыцы рæстæджы хатæнмæ æрбахызт, азтæ кæуыл цыд, фæлæ нырма æвæджиауы хъаруйы хицау чи уыд, ахæм сылгоймаг. Йæхи бацамыдта, æз, дам, дæн Байаты Гаппойы хо. Дзурынмæ арæхстджын уыд, Хадзыбатырæн ахæм хабар радзырдта: «Ме ’фсымæр Гаппо æмæ Къостайы ахастытæ цахæм уыдысты, уый рæстмæ нæ зонут æмæ бынтон æнæхъуаджы æфхæрут ме ’фсымæры. Уыдон уыдысты стыр хæлæрттæ, хъонæгътæ, бирæ уарзтой кæрæдзи æмæ сæ ныр сымах (Иры интеллигенци) знæгтæй æвдисут».

Къостайы фæстаг царды бонтæй та афтæ загъта: «Къоста куы фæцудыдта, низ æй сынтæгмæ куы æрбаста, уæд махмæ уыд, æз æм зылдтæн. Уæд Гаппо мæнæн мæ куыст ныууадзын кодта, дыууæахæмы, дам, дын æз фиддзынæн, æрмæст мын кæс Къостамæ. Æз ме ’фсымæры хъыджы нæ бацыдтæн, зылдтæн Къостамæ цалдæр мæйы, стæй йæ аластой Лабæмæ, йæ фыды хæдзармæ».

Къоста æмæ Лабæ. Уый ахсджиаг фарст у Къостайы царды фæндæгтыл дзургæйæ. Къоста Лабæмæ арæх цыд, уæлдайдæр та, цалынмæ Леуан гас уыд, уæдмæ. Йæ фыды амæлæты фæстæ дæр цыдис, фæлæ йæ зæрдæ никуы барухс нæдæр Хъызмыдæйæ, нæдæр Аслæмырзæ æмæ Уæлгъайы цардæй. Æгæрыстæмæй Аслæмырзæйы хуыдта «не сиахсгонд. Кавказы газеты æрмæджытæ куыд амонынц, афтæмæй Къоста Лабæмæ ласт æрцыд 1904 азы йæ хо Уæлгъайы фæндонæй.

Къоста Лабæйы ис, уый айхъуыст æгас Ирыл, Къостайы хъару фæцудыдта, низ æй сынтæгмæ ныббаста, уый канд Иры интеллигенци нæ базыдта, фехъуыст Цæгат Кавказы интеллигенцимæ дæр æмæ рыстис сæ зæрдæ тохгæнæг поэтыл, къуылых цæргæсыл. Куырыхон Къостайы чи зыдта, йæ фыстытимæ зонгæ чи уыд, уыдон агуырдтой бастдзинæдтæ Къостаимæ, фыстой фыстæджытæ Лабæмæ. Сæ фыстæджыты домындзинад уыд ахæм: куыд у Къостайы æнæниздзинад, цахæм ма у йе сфæлдыстадон тых, цæуыл кусы йæ рынчын сахæтты? Æппæт уыдæттæн дзуапп лæвæрдта Уæлгъа.

Уæлгъайы фыстæджыты æргомæй зынд, Къоста цы уавæры ис, цытæ æмæ цæуылты кусы, йæ цардыуаг цахæм у. Уæлгъа нæ сусæг кодта уый дæр, Къоста хъуагдзинæдты кæй ис, хойы бон рынчын Къостайы фæразын кæй нæ у, куырдта, домдта Ир æмæ Кавказы интеллигенцийæ æххуыс низæфхæрд Къоста йæн.

Къоста Ирыстонæй адард, фæхицæн йæ уарзон æмгæрттæй, баззад рохуаты. Ныр куы бамбæрстой Къостайы уавæр, ныр сæм куы бахъардта, Ирыстоны арвыл фæхуыссы се ’рттиваг стъалы, уæд кæрæдзимæ фæдисы хъæр кæнын райдыдтой кæм фыстæджыты руаджы, кæм та Цæгат Кавказы газетты руаджы.

Уæд æрлæууыд йæ зæрдыл Дзассохты Гигойæн Къостайы æмдзæвгæ «Зонын». Уым та Къоста фыста:

«Зонын, æфсæрмæй кæудзыстут,
Бавæрдзыстут мын мæ мард,
„Рухсаг у, рухсаг“, — зæгъдзыстут, —
Ницæмæн уал уыд дæ цард!»

Гиго газет «Казбек»-ы 1904 азы сиды Иры интеллигенцимæ Къостайы уавæры тыххæй. Йæ уацы схуыдта «Рохуаты худинагдзинад». Дзуры Иры интеллигенцимæ, Къоста нырма удæгас у, фæлæ уæззау низ йæ кæнон бакодта, махæй та рохуаты баззад æмæ лæзæры æгуыдзæг хъæу Георгиевскы. Дзуры ууыл дæр йæ хо Уæлгъа, тæригъæддаг уавæры кæй ис, цы æнæбары капеччыты хицау у, уыдон ницы фаг сты хæдзарæн дæр æмæ рынчын Къостайæн дæр. Гиго курæг у, цæмæй алы ирон лæг дæр, стæй Иры интеллигенцийæ алчи дæр баххуыс кæна Къостайæн, Ирыстоны уарзондæр лæгæн.

Гигойы фæстæ фæдисы дзæнгæрæг ныццагъта Байаты Гаппо. Газет «Терские ведомости»-йы фæрстыл 1904 азы мыхуыр æрцыд йе статья «Къостайы пайдайæн æххуысы фæрæзтæ».

Йæ уацы Гаппо нырма фæдзырдта Къостайы тыххæй. Къоста кæй у зынгæ æхсæнадон архайæг, поэт æмæ публицист. Йæ кой кæй у хъуыстгонд горæттæ Ставраполы, Екатеринодары, Пятигорскы, Владикавказы. Зæгъы: Къоста у ирон адæмы фæтæг, йæ «Ирон фæндыр» алы ирон лæгæн дæр зынаргъ у, куыд Украинæйы Шевченкойы «Кобзарь», афтæ.

Дзуры уый дæр, Къоста уæззау рынчынæй йæ фæстаг бонтæ тоны хъæу Георгиевско-Осетинскоейы, кæсы йæм йæ иунæг хо Уæлгъа. Гаппо бузныгæй баззад Æрыдоны ирон фæсивæдæй, дохтыр Хъуылайы фыртæй, гимназы чызджытæй, Алагиры адæмæй, Ольгинскæйы цæрджытæй, æхцайы фæрæзтæй се ххуысы къух Къостамæ чи фæдаргъ кодта, æппæт уыцы адæмтæй.

Газет «Казбек»-ы руаджы 1904-1905 азты Уæлгъа зæрдиаг арфæтæ фæкодта, Къостайы уæззау уавæрмæ йе ‘ргом чи раздæхта, æппæт уыцы адæмæн.

Къоста æгæр рохуаты кæй баззад Иры интеллигенцийæн, уый банысан кодта газет «Северный Кавказ» дæр 1904 азы. Уæд газеты мыхуыр æрцыд уац «Къоста æмæ Иры интеллигенци».

Уацы автор фарстыты хуызы райдыдта дзурын, ныхас кæнын Иры интеллигенциимæ. Уыцы фарстытæ та сты мæнæ ахæмтæ: Ирыстоны чи нæ зоны Къостайы, Ирыстоны гъеныр чи нæ ахуыр кæны кæсын æмæ фыссыныл Къостайы грам-матикæйæ, Иры интеллигенцийæ чи нæ зоны «Нарон»-ы, Ирыстоны интеллигенцийæ чи нæ зоны Къостайы «Петербургс-кие ведомости» кæсгæйæ, чи нæ зоны Къостайы публицис-тикæ? Фарстытæ ахсджиаг сты, сæ дзуаппытæ дæр сты сæхи мидæг, ома алчи дæр сæ дзурæг у бæлвырд хабарыл.

Ставраполаг публицист дзуры Къостайы тохы фæндæгтыл, Кахановы дугыл, Къоста йæ Ирыстонæй куыд фæхауæггаг, куыд куыста газет «Северный Кавказ»-ы. Йæ ныхасы сæйраг у, Къоста уæззау уæвæры кæй ис, айрох Иры интеллигенцийæ. Фæдисы хъæргæнæгау зæгъы: «Кæм стут сымах, Иры интеллигенци, бирæ куы уарзтат уæ кæстæр æфсымæры, ферох кодтат ахæмы, уæ сæрыл хъазуат тох чи кодта, йæ адæмы рæсугъд сомбоныл йæ уд чи лæвæрдта. Мах, уырыссаг публицисттæ, цæмæн хъуамæ дзурæм сымахæн Къостайы уæззау уавæрыл, материалон æххуыс ын кæй хъæуы, ууыл».

Амард Къоста 19 марты 1906 азы Лабæйы. Къостайы мæлæты хабар айхъуыст æнæхъæн Кавказыл, ахæццæ Уæрæсемæ дæр. Уæды газеттæ, æнæрвитгæ телтæ се ’ппæт дæр дзырдтой иу стыр хъуыддагыл: Ирыстоны арвыл ахуыссыд се ‘рттиваг стъалы, амард, рæстдзинад, уарзондзинад æмæ хæлардзинадыл чи зарыд, уыцы поэт æмæ прозаик, публицист æмæ нывгæнæг. Уæззау зиан æрцыд Ирыстоныл, нал ис сæ ныфсы мæсыг, йæ адæмы æнæкæрон уарзтæй чи уарзта, уыцы Къоста. Се ’ппæты зæрдыл дæр лæууыдысты Къостайы фидар æмæ нуарджын ныхæстæ:

«Нæ федтон амонд æз, фæлæ мæ уды бартæ, —
Кæд мын зынаргъ ысты, раст амондау, уæддæр, —
Мæ мæгуыр адæмæн рæсугъд сæрибар цардмæ
Æз иу къахдзæфыл дæр дæн раттынмæ цæттæ».

Хетæгкаты Къоста йæ рæстæджы активон хайад иста мæнæ ахæм рауагъдадон органты: «Северный Кавказ» (Ставраполь), «Казбек» (Владикавказ), «Санкт-Петербургские ведо-мости», «Сын Отечества» (Петербург), «Кавказский вестник» (Тифлис). Уыдонæй Къостайы фæхъуыдыл, йе стыр лæггæдтыл фæдзырдтой газеттæ «Казбек», «Терские ведомости», «Северный Кавказ», «Терек».

Цы загьтой уæддæр Кавказы газеттæ, Къостайы мæлæт куы фехъуыстой, уæд? Бирæ зæрдæмæхъаргæ ныхæстæ.

Газет «Терские ведомости» фыста: «19 марты фæхъуыд хъуыстгонд ирон æмæ зынгæ уырыссаг поэт Хетæгкаты Къоста». Хъусын кодта уый дæр, зæгъгæ, Къостайы марды Иры хъæумæ сласыны хъуыддаджы тыххæй адæм хæрдзтæ айстой сæхимæ. Банысан кодта, зæгъгæ, Къостайы чырыныл æвæрд æрцыд бирæ веноктæ, уыдысты 20 бæрц.

Газет нысан кæны венокты алыхуызон фыстыты. Фыццаг венок уыд ирон адæмы номæй ахæм фыстимæ: «Зынаргъ Къостайæн хæларзæрдæ ирæттæй». Дыккаг венок уыд хуссар Ирæй. Веноктæ сæвæрдтой сомих, гуырдзы, газетты редакцитæ, Алагиры адæм, студенттæ, гимназы чызджытæ, Нары хъæу, Ольгинское, Æрыдон. Венокты фыстытæ дзурæг сты, Къоста чи уыд, цæмæн æй уарзтой, цы цæстæй йæм кастысты. «Комбæсты фидауц» — фыстой Алагир. «Адæмы сæрибардзинады бартыл тохгæнæг»-фыстой студенттæ. Дзассохты Гигойæ рох никуы уыд Къоста. Тынг тыхст рынчын Къостайыл, кæд ын Лабæмæ ныццæуыны фадæттæ нæ уыд, уæддæр. Арæх фыста фыстæджытæ Уæлгъамæ, фæрсы йæ Къостайы уавæрæй, йæ низæй, куыдтæ æмæ цæмæйты цæрынц, уыдæттæй. 1905 азы декабры мæйы Уæлгъа ахæм дзуапп ныффыста Гигомæ: «Фæрсут мæ Къостайы æнæниз-дзинадæй. Къостайы тыххæй зæгъæн ис кæй амард. Уæззау низ æй фæкæны ингæнмæ… Мæгуыр Къоста, æнамонд Къоста, афтæ раджы чи амард. Йæ къæхтæ йæ коммæ нал кæсынц, рынчынфæрсджытæн ма бафæразы зæгъын: «Мæ æфсымæртæ, кæрæдзи уарзгæйæ цæрут!».

Къостайы тыххæй йæм цы фæндтæ уыд, уыдæтты дæр хъусын кæны Гигойæн. Нырма йæ фæндыд Дзæуджыхъæумæ сласын, фæлæ йын хуызисæг Дзанайы фырт бамбарын кодта, ам цард зынаргъдæр кæй у. Бафæндыд æй, цæмæй Къостайы рынчындоны схуыссын кодтаид, фæлæ йын дохтыртæ ууыл не сразы сты.
Æхцайы хъуыддагæй куыд рæвдз сты, уый тыххæй дæр Уæлгъа хъусын кæны Гигойæн, зæгъгæ, баззад нæм бынтон цъус. Хъуагдзинæдтæ баххæст кæнынæн Уæлгъа ссардта ахæм фæрæзтæ: хæдзарæн ауæй гæнæн ис 1200-1500 сомыл, Къостайы бынтæ æхцайыл баивын, «Ирон фæндыр» рауадзын. Къостайы уавæрмæ кæсгæйæ, Уæлгъа Гигомæ афтæ фыссы, зæгъгæ, йæ фыстыты ахсджиагдæртæ сты равзаринаг, иннæтæ — басудзинаг. Ахъуыды хъæуы йæ дзаумæттыл. Уыдон та уыдысты йæ нывтæ, альбомтæ, хъама æд рон, хæцæнгарз, æхсаргард.

Æвæццæгæн Дзассохты Гигойы хуызæн æввахс ничи æрбалæууыд Уæлгъайы фарсмæ Къостайы царды фæстаг аз, фæстаг мæй, фæстаг къуыри, фæстаг бон.

Йе стыр дудгæбæтты кой та ракодта Гигойæн: Къоста цы уавæрмæ æрцыд, йæ уд исын куыд нæ фæрæзта, куыд ма тæлфыд йæ рыст зæрдæ, йæ ихсыд буар.

Фыссы Гигомæ Къостайы фæстаг царды бонты тыххæй: «Æз уæм раздæр дæр фыстон, Къостайы æнæниздзинад цуды бонæй-бонмæ. Фæстаг дыууæ къуырийы тынг фæивта Къоста, æрлæмæгъ, бахус, йæ бон бандоныл бадын нал уыд, хуыссæн æй йæхимæ ласта, æрхæндæгдзинад æй сбырста, йæ бинаг æфсæр æрхауд. Амæлдзæн, ууыл æз хъуыды дæр никуы акодтон. Афтæ ахаста 16 мартмæ. 16 мартæй фæстæмæ йæ бынтондæр нал фæндыд хуыссæнæй сыстын, фæлæ-иу æй æз бандоныл сбадын кодтон рудзынджы цур.

17-æм марты æхсæвы хуыссæджы хъæстæ нæ фæцис, йæ хъæрзынæй нæ банцад, бонырдæм иуцъус афынæй. 18-æм марты нæм уыд тыхджын къæвда. Уыцы æхсæв дæр æз арвыстон Къостайы уæлхъус бадгæйæ, йæ улæфтмæ хъусгæйæ. Уалынмæ райхъуыст йæ хуыр-хуыр, тыхæй ма улæфыд, ныффæлурс, уыдис марды хуызæн. Йæ тыхулæфтмæ змæлыд йæ сынтæг дæр, йæ дæндæгтæ кæрæдзийыл сæхи хостой. Дзырдта цыдæртæ, æз сæ кæй не ’мбæрстон, ууыл тыхст. Бирæ хатт-иу стæвд, хатт-иу ныууазал, кодта уазал хид. Æхсæвы 4 сахатыл йæ улæфт фæсабырдæр, йæ тæвд æрхауд, йæ къæхтæ уазал кæнын райдыдтой. 5 сахатыл йæ улæфт бынтондæр фæкъаддæр, цалдæр хатты йæ цæстытæ байгом кодта, скаст-иу мæм, стæй уыйадыл ахицæн йæ цардæй».

Уæлгъа фыссы Гигомæ, Лабæ цы уавæры уыд Къостайы мæлæн бон, Къостайы ныгæныны рæстæджы.
«19 март уыдис хуыцаубон. 22 марты, æртыццæджы, Къостайы баныгæдтой йæ фыды фарсмæ аргъуаны кæрты. 27-æм марты Къостайы систой æмæ йæ аластой Владикавказмæ, уым ныгæд æрцыд 29-æм марты».
Йæ чырынæй нæ хицæн кодта йæ иунæг саударæг хо Уæлгъа. Лабæйы йæ фарсмæ уыдысты сæ хиуæттæ, сæ хæстæджытæ. Бирæ зæрдæхалæн хъарджытæ уыд Лабæйы Къостайыл. Уыдонæй иууыл зæрдæмæхъаргæдæр — сæ сидзæр хæрæфырт-сылгоймаг Къостайыл йæ хъарæджы цытæ фæдзырдта, уый. Хъарæджы ныхæстæ фæфыста Къостайы æрвадæлтæй иу сылгоймаг Хетæгкаты Н. Хъарæджы ном хуыйны: «Хъарæг Къостайыл».

Ныхас ахæм баззад: Кавказы адæмты фольклор иууыл хъæздыгдæр у хъарджытæй. Уый уымæн зæгъынц, æмæ иннæ уацмыстимæ абаргæйæ, хъарджыты æвзаг у иууыл хъæздыгдæр.

Къостайыл цы сылгоймаг хъарæг кодта, йæ хъарæджы цытæ фæдзырдта Къостайæ, уыдон махæн дзурæг сты, кæуылты лæг уыд Къоста йæ Ирыстонæн, йæ мыггагæн, йæ хæстæджытæн. Бирæ æрмæджытæ ис ацы хъарæджы, Къостайы царды хабæрттимæ баст чи у.

Нырма дзуры, Леуаны иунæг æнæрæстæджы, æвæндонæй кæй цæуы сау ингæнмæ. Йæ саразинаг хъуыддæгтæ алы рæтты хæрдмæ хъилтæй кæй баззадысты, Дзæуджыхъæуы йæ хæдзæрттæ æрдæгкæндтытæ æмæ арæзтытæй баззадысты, Къостайыл канд Ир нæ марой кæнынц, кæуынц, дзыназынц иннæ нациты минæвæрттæ дæр. Кæуылты сты йæ ныхæстæ: «Мæнæ æцæгæлон адæмтæ куынæ уромынц,

Уæд хиуонтæ цы кæной,
Кæд æмæ сыл сæ арвы хай æрхауди.
Сæ зæхх сæ быны ныттыдта,
Хуры цæст тар кæны сæ тæригъæдæй.
Хур та мигътæм фæдзырдта фæйнæрдæм:
Фæдис! Мæ рухс цæсгом мын абон
Куыд амбæхстат афтæ».

Хъарæггæнæг ракодта йæхи кой дæр. Бæрæг у хъарæгæй, кæй уыд Хетæгкатæн, Къостайæн æввахс хæрæфырт. Баззадысты сидзæрæй, Къоста сын нæ хæлæг кодта йæ фæстаг мурты дæр, кæд-иу йæхæдæг æххормаг уыд, уæддæр.

Усы хъарæджы зыны, Къоста йæхи Нармæ кæй ласын кодта, кæй домдта, мæ иунæг уды кой-иу ракæнут уæ хъарджыты, зæгъы уый дæр, зæгъгæ, Къоста дæ фæдыл фæстаг нæ баззади, Леуаны хæдзар æхгæд æрцыди.

Уæлгъа Гигомæ дисгæнгæйæ фыста, зæгъгæ, Къостайы ныгæдтой, Къостайы скъахтой, ластой йæ Владикавказмæ, фæлæ йæ цæсгомы хуыз нæ ивта, раст цыма фынæй кодта, афтæ рæсугъд уыд йæ хуыз. Къоста (Дзæуджыхъæуы кæнгæ ингæн кæй хонынц) цахæм ингæны æвæрд æрцыд, уый дæр зыны саударæг хойы фыстæджы, кæй æрцыд ныгæд байбын агуири дурæй амад ингæны.

Къостайы Дзæуджыхъæумæ куыд ластой, фæндæгтыл куыд æмбæлдысты зианыл, уыдæттыл дзуры Уæлгъа. Зæгъы: Беслæны ныл сæмбæлдысты де ‘рвадæлтæ (Гигойæн). Горæтмæ схæццæ сты 11 сахатыл (поездыл), вокзалы адæмæй къухбакæнæн нал уыд, кæд ын мардласæн уæрдон æрцæттæ кодтой, уæддæр æй адæм хастой сæ къухтыл. «Хастой йæ студенттæ, офицертæ, хуымæтæг адæм, мохеуæгтæ, бынтон мæгуыртæ, алчи дæр сæ тырныдта, Къостайы чырыныл къух авæрынмæ».

Мардæн куыд кад кодтой, уыдæтты Уæлгъа уыдта йæхи цæстæй: гуырдзиаг Шошин байтыгъта чырыныл зынаргъ хъуымац, аргъуыды зарджытæ кодтой ирæттæ, гуырдзиæгтæ, сомихæгтæ — алчи дæр йæхи æвзагыл. Бирæ ныхæстæ уыд ингæны уæлхъус, кæд хур аныгуылд, уæддæр адæм нæ тагъд кодтой Къостайы бавæрыныл. Къоста ныгæд æрцыд Иры хъæуы аргъуаны кæрты.

Къоста нал ис. Уый канд Ирыстоныл нæ айхъуыст, фехъуыст Петербургмæ дæр. Уым уыд Коцойты Арсен æмæ йæ мысинæгты афтæ фыста: «1906 азы уалдзæджы нæм ныхъхъуысти Петербургмæ хабар — Къоста амарди. Гъеуæд нæ зæрдыл æрлæууыдысты, Къоста кæй царди, кæй куыста, мæгуыр адæмы сæрыл цырагъау кæй сыгъди, уый. Цыдыстæм кæрæдзимæ Петербурджы ирон адæм, тæфæрфæс кодтам кæрæдзийæн, мысыдыстæм Къостайы цард, йæ хъуыддæгтæ, йæ фыстытæ».

Ныгæнæн бон йæ сау табæты уæлхъус Иры интеллигенцийæ уыдысты Æлборты Барысби, Гæдиаты Секъа, Цæголты Георги.

Æрхæндæг раныхæсты фæстæ иронау се ’мдзæвгæтæ бакастысты Æлборты Барысби æмæ Гæдиаты Секъа. «Къостайы ингæны уæлхъус», ахæм æмдзæвгæ уырыссагау бакаст Цæголты Георги.

Къостайы фæхъуыды фæдыл тæфæрфæстæ мыхуыр æрцыд канд Ирыстоны цæуæг газеты нæ, фæлæ ма газеттæ «С.- Петербургские ведомости», «Тифлисский листок», «Северный Кавказ» æмæ «Дагестан»-ы фæрстыл.

Рыстис Къостайыл канд Ирыстоны зæрдæ нæ, лæгдзинад, уарзондзинад, хæлардзинад, сæрибардзинад зынаргъ кæмæн уыд, уыцы æндæр нациты минæвæртты зæрдæ дæр.

Ф. Шонин Къостайы фæхъуыдыл зæрдæрисгæйæ фыста, зæгъгæ, амард ирон адæмы интеллигенцийæ сæ хуыздæр ми-нæвар, куыд адæмон поэт, уый снывæста фыццаг хатт йæ мадæлон æвзагыл зарджытæ. Йæ рæстæг ын не саргъ кодта æмæ йæ царды бонтæ арвыста тæригъæддагæй. Йæ ингæны уæлхъус зæгъы: «Дæуæн уыдис бирæ хæлæрттæ, табу-гæнджытæ де стыр курдиатæн, фæлæ уыдон дæр дæуау уыдысты мæгуыр, дæуæн дæ зын сахатты сæ бон баххуыс кæнын ницы бацис. Ды мæлгæ нæ акодтай, ды ацыдтæ махæй, дæ хъуыдытæ цæрынц немæ. Фынæй кæн, нæ зынаргъ æмбал. Ды ссардтай удæнцойдзинад, рыстзæрдæйæ кæй агуырдтай».

Къоста рæстдзинад, сæрибардзинад, удæнцойдзинад куыд уарзта æмæ йæ куыд агуырдта, уый æргомæй загъта йæ хо Уæлгъайæн, Дзæуджыхъæуы госпиталы куы хуыссыд, уæд:

«Ды уарзтай рæсугъд цард, уæгъдибарад домдтай,
Мæнæн та уыд карз тох мæ мæт».

Къостайы уæззау низ сынтæгмæ куы ныббаста, йæ низæфхæрд организм фæкæсынхъуаг куы уыд, уæддæр Къостайæн баххуысы тыххæй фæдисы хъæр кодта зынгæ гуырдзиаг журналист Д. Боцвадзе. Ныр, йæ ингæны уæлхъус лæугæйæ, ныхас кæны Къостайыл, зæгъы: «Æнустæм бамыр сæрибары фидиуæг, æмбарындзинад æмæ сæрибардзинадыл тохгæнæг».

Йæ фæстаг ныхæстæ уыдысты: «Дæ кад æмæ дæ ном никуы амæлдзысты канд дæ радтæг адæмы зæрдæты нæ, фæлæ дын цы хорз зонгæтæ æмæ æмгæрттæ уыд, уыдоны зæрдæты дæр».

Кавказы газеты ныхас уыд: «Нæ разындзæн Ирыстоны ахæм къуым, Къостайы ном уарзгæйæ кæм нæ дзурынц. Æмæ уый та дзурæг у, Къоста æнæхъуаджы нæ радта йæ цард йе сфæлдисæг адæмæн».

Кæнæ: «Къостайы амæлæтæй ирæттæ фесæфтой, раздахæн кæмæн нал ис, ахæм бархимæсидæг фидиуæджы».
Къоста мæлæтæй нæ тарст, хъуыды дæр ыл никуы акодта, æгæрыстæмæй, йæ царды фæстаг бонты дæр. Уæддæр йæ ныхас уыд:

«Нæ дæ тæрсын, мæлæт!.. Дæ сау ингæны уазал йæ тар уынгæг къуыммæ ныр рагæй хоны мæн, фæлæ цæрын уæддæр, раст цалынмæ ма хъаза тыхы мур ме уæнгты мæ райгуырæн бæстæн».

Къоста ныфсджын уыд кæддæриддæр, зындзинæдтæн сæттын нæ куымдта, фæлæ йын иу стыр хъуыддаг йæ нуæрттæ змæлын кодта: куыдфæстагмæ йыл тынгдæр тæфсын райдыдта, иунæг кæй у, уыцы хъуыддаг.
Ставраполы йæ зонгæтæй иу уыд Шумаф Тутаюк. Амард 1897азы, Къоста йыл тынг фæмаст кодта, ныффыста йыл æмдзæвгæ «Шумаф Тутаюкы мардыл», зæгъгæ. Къоста зæгъы: «Ме ’мгæрттæй бирæты марды уæлхъус лæууыдтæн æмæ мæ цæссыг никуы æрхауд, кæд-иу куыдтон, уæддæр абоны хуызæн никуы». Фæрсы йæхи Къоста: цæмæн ыл риссы мæ зæрдæ, цæмæн ыл кæуын афтæ зæрдæрисгæйæ, нæ уыд мæ хæлар, нæ бæстæн зынаргъ адæймаг дæр нæ уыд. Йæ хъынцъымы сæр цæуыл уыд Къостайæн, уый зæгъгæ дæр кодта:

«Æз дæр дæн уыйау? Мæ царды дæр — иунæг,
Мæ мæлæт дæр, уый мардау, рохуат куы уа?».

Ирæй Къоста рохуаты никуы уыд, æцæг ын сæ бон баххуыс кæнын дæр ницæмæй уыд, уымæн йæ хæххон адæм мæгуыр, цыбыркъух уыдысты. Къоста сæ домгæ ницы кодта, уымæн æмæ хорз зыдта, йæ адæмы царды уаг цахæм уыд, уый.

Иры интеллигенцийæн бантыст Къостайы мард йæ фыды зæххыл сæмбæлын кæнын, кæд уыцы хъуыддагыл Терчы зылды хицауад разы нæ уыдысты, уæддæр.

Иры хъæуы аргъуаны кæрт. Къостайы бынаты тыххæй газет «Терек» фыста: «Къоста ныгæд æрцыд Владикавказы, ирон аргъуаны кæрты. Йæ ингæн æхгæд у æфсæйнаг тæлытæй. Хъæдын дзуарæвæрд фæйнæгыл, рæстмæ йæ фыстытæ зынгæ дæр кæмæн нал кæнынц, уым кæсæм: «Ам æнцой кæны нывгæнæг æмæ поэт Хетæгкаты Къоста».

Цыд рæстæг, Къостайы ном кæд адæмæй рох нæ уыд, уæддæр рохуаты аззад йæ ингæн, Нар, Леуаны хæдзар. Æвæццæгæн, Леуаны хæдзарæн йæ ныв дæр нал баззадаид, къæвда æмæ мит уæлхæдзар, сыджытсæр агъуысты раууатмæ æркодтой. Дзæнæты бадæд Гаглойты Рутен: бæхтыл æм фæхаста æмбæрзæн æрмæджытæ æмæ бахъахъхъæдта Леуаны хæдзар, Къостайы райгуырæн къуым.

Советон дуджы егъау хъусдард аздæхтой Къостайы хъуыддæгтæм. 1939 азы Нары Леуаны зæронд хæдзары къултæ бацалцæг æрцыдысты æмæ йæ сæрыл арæзт æрцыд дыккаг уæладзыг. Уым уыд стыр зал Къостайы нывтæ æмæ чингуытимæ. Уæд банысан кодтой Къостайы райгуырды 80 азы бон, цыран хайад иста А. Фадеев дæр.

Фæстæдæр, Къостайы райгуырдыл 100 азы бонмæ — 1959 азы, Нары, Къостайы хæдзары бынаты арæзт æрцыд галуан-музей. Стыр митинг уыд Поты фæзы. Адæм тынг фæцин кодтой уыцы галуаныл, фæлæ-иу сæ сæртæ банкъуыстой хъуыр-хъуыргæнгæ: «Къоста галуантыл ахуыр нæ уыд, галуантæ чи арæзта, уыдонмæ хæрамы цæстæй каст, йæ мæгуыр хæдзар ын халын, пырх кæнын нæ хъуыд». Цыбыр дзырдæй, адæмы хъуыды уыд ахæм: цы ’рцыд арæзт Къостайы номыл, уый хорз у, фæлæ цы фæцис Леуаны хæдзар, æцæг музей уыд, цæмæн фæкодта æбæрæг сæфт. Цахæм уыдис Леуаны хæдзар, Къостайы гуырæн бынат, уый ныр адæмæй айрох.

Уыдис рæстæг, Къостайы гуырæн бон алы аз дæр нысан цыдис дыууæ Ирæн Поты фæзы. Уый стыр бæрæгбоныл нымад уыд нæ адæмæн, фæлæ та уый дæр фæивта йæ хуыз змæст дуджы. Фæивта æмæ цы æрхаста хорзæй. Нары тигъыл Къостайы номыл арæзт цы ‘рцыд, уыдон рохуаты аззадысты, къæвдайы дон æхсы галуаны къултæ, тæдзынц алы хатæнæн дæр йæ цæрттæ, бынысæфт фæцис Поты фæз, хæдтулгæтæн ссис тезгъойы бынат, сырæзт дзы алыгъуызон фæндæгтæ. Зæгъæм æй æргом: кæддæры рæсугъд Поты фæз раууатмæ æрцыд.

Æз цы хабæртты кой ракодтон, уыдон æрыгондæр дугмæ ха-уынц. Фæнды ма мæ банысан кæнын, Къостайы амæлæты фæстæ Ир Къостайы куыд мысыдысты, йæ ном сæнусон кæныныл цахæм архайд цыдис.

Къоста йæ радтæг адæмæй рох никуы уыд, иронау кæсын куы нæма зыдтой, уæддæр «Ирон фæндыр» æнæкæсгæйæ зыдтой. Къостайæн ном скæнын, йæ номыл истытæ саразын кæмæ хауд, уыдон уæлдæр хицæуттæ уыдысты æмæ уыдон Къостайы мæт кæм уыд. Кæд Иры интеллигенцийæ рох нæ уыд, уæддæр рæстæгыл нæ бафæрæзтой, нæдæр Къостайы ингæнмæ базилын, нæдæр Къостайы цырт саразын.
Къостайы ингæны кой кодтой алы марты дæр, фæлæ йын йæ банывыл кæныныл дзыхæй цы дзырдтой, æндæр æвналгæ ницæмæ кодтой.

1915 азы иу Цъæхилтæй Георги фыста газет «Терек»-ы, зæгъгæ, уыдтæн абон Къостайы ингæны уæлхъус æмæ, дам, мæ зæрдыл æрлæууыдысты поэтæн йæхи ныхæстæ:

«Иу бон æгъгъæд у мысынæн,
Иу бон кæндзыстут мæ дзырд,
Уый фæстæ ферох уыдзынæн, —
Ничиуал зондзæн мæ цырт».

Фыссы Цъæхилы фырт: «Зæрдæ фæрыст Къостайы ингæнмæ кæсгæйæ. Къостайы ингæны алыварс хæрдмæ фæцыдысты мраморæй конд цыртытæ, уый уæлмæрдыл абон дæр ницы æвæрд æрцыд йæ кад æмæ йæ номы тыххæй».

Сиды Цъæхилы фырт Иры интеллигенцимæ: «Ахъуыды нæ хъæуы, æгæр дæр байрæджы, нæ уарзон поэтæн цырт аразын хъæуы».

Кæд 1916 азмæ иугай скойтæ уыдис Къостайы ингæн æмæ цырты тыххæй, уæд Къостайы амæлæты 10 азы бон Иры интеллигенци карзæй æвæрдта фарст, цæмæй Къостайы цырт арæзт æмæ æвæрд æрцæуа кæнæ сахар Дзæуджыхъæуы кæнæ та йæ ингæны уæлхъус.

1916 азы газет «Терские ведомости» фыста: «Иры хъæуы аргъуаны кæртмæ æртымбыл бирæ адæм, сæ фылдæр — ирæттæ, æрцыдысты Къостайы ингæнмæ, йæ амæлæтыл 10 азы кæй сæххæст, уый сæраппонд». Ам дæр та цырты кой нæй, адæм дидинджытæ æвæрдтой Къостайы сурæтыл. Газет хъусын кæны: Къубалты Алыксандр æрдзырдта Къостайы царды хабæрттыл, йе сфæлдыстады ахадындзинадыл.
Æнусмæ фæцæрдзæни дæ ном, — «Додой» кæй зардзыстæм, уый зон!«.

Ам бакаст ногæй йе ’мдзæвгæ Цæголты Георги дæр «Хетæгкаты Къостайы ингæны уæлхъус». Кастысты се ’мдзæвгæтæ Туаты Лазо, прапорщик Сисойты Н. Цыбыр, фæлæ зæрдæйы арф æнкъарæнтимæ йæ хъуыдытæ загъта Абайты Лади, Къостайы ном ссардта æмдзæвгæ, «Къостайы мысгæйæ»-йæ Малиты Георги, Къостайы æмдзæвгæ «Ахуыр» бакаст Тотиты Аврам, уым уыдис Тотраты Бесæ дæр. Мысæн боны хайад райстой ирон аргъуаны скъолайы сывæллæттæ, кастысты Къостайы «А-лло-лай» æмæ «Æнæ хай», зарыдысты «Æрра фиййау» æмæ «Фæндараст», мадзалы нывтæ фæиста Дзанайты-Хетæгкаты Садуллæ.

Бæрæг у иу хъуыддаг: Къостайы ингæнмæ цыдысты, дидинджытæ йыл æвæрдтой, фæлæ Къостайæн цырт саразын сæ къухты нæ бафтыд. Уыцы хъуыддаг сырæзт советон дуджы.

Иры хъæуы аргъуаны кæрт ссис кадджын уæлмæрд, Къостайы алыварс бирæтæ æрцыдысты ныгæд, уым ныгæд æрцыд, стыр зонды хицау чи уыд, уыцы Абайты Уасо дæр.

ПЛИТЫ Гацыр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.