Бонæй бонмæ рæсугъдæй рæсугъддæр кæны нæ горæт. Хæрзарæзт цæуынц йæ сæйрагдæр уынгтæ дæр æмæ адæм сулæфыдысты, исынц сæ уындæй æхцондзинад. Бирæ фенцондæр ис къахæй цæуджытæн æмæ машинæты хицæуттæн дæр. Уынгтæ æрмæст арæзт æмæ рæсугъд фæлыст нæ цæуынц алыгъуызон дидинтæ æмæ цъæхдарæнтæй, фæлæ ма дзы арæзт цæуынц рухсытæ, фæндагон змæлды нысæнттæ, светофортæ. Цы уынгтæ арæзт æрцыдысты, рæхджы та уыдонмæ ноджыдæр бафтдзæнис къорд уынджы. Уы-донæй сæ иу у Хетæгкаты Къостайы уынг. Уый кæд тынг стыр нæу, уæддæр уæлдай уарзондæр у нæ адæмæн. Ацы уынг дæр кæд горæты центры ис, уæддæр æм æмбæлон хъусдард нал уыд. Ныр ацы уынг дæр арæзт цæуы Инвестицион программæйы фæлгæтты æмæ та уый дæр рæхджы йæ хуыз скалдзæн. Ам арæзт цæуы канд рæсугъд плиткæйæ тротуартæ нæ, фæлæ сквертæ дæр, цыран сагъд цæудзысты рæсугъд дидинджытæ, декоративон цъæхдарæнтæ. Хетæгкаты Къостайы уынг куыд хæрзарæзт цæуы, уымæ сæрмагонд хъусдард здахы нæ республикæйы Президент Тыбылты Леонид. Уый арæх бабæрæг кæны куыстытæ ам цахæм темптæй æмæ куыд æххæст цæуынц, уый æмæ дзы кæд исты бафиппаинаг вæййы, уæд рараст æрцæуы. Куыстыты темптыл дзургæйæ Президентæн йæ фæдзæхст вæййы, цы ара-зæм, уый иубонæн арæзт кæй нæ цæуы, стæй дæр æй нæхицæн кæй аразæм, æмæ уымæ гæсгæ хъуамæ уынгтæ арæзт цæуой гъæдджынæй.

Уынг аразыныл кусы бынæттон организаци ООО «Дорэкспострой». Йæ сæргълæууæг Лалыты Мурат стыр хъусдард здахы уынджы арæзтадмæ. Архайы, сæ организацимæ бынæттон кусджыты æрбахоныныл. Хорз æмбары, дæхæдæг дæхицæн куыд бакусай, афтæ дын исчи нæ бакусдзæн. Афтæ кæй у, уый куысты практикæ йæхæдæг фенын кодта.

Хетæгкаты Къостайы уынджы фыццаг хайыл Энгельсы уынджы онг æвæрд æрцыдис асфальты фыццаг фæлтæр. Арæзт дзы цæуы рухсгæнæнтæ. Фæуд кæны тротуарты арæзтад. Уынджы дыккаг хайы суанг Ирæтты уынджы онг та цæуынц асфальтмæ цæттæгæнæн куыстытæ. Объект эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæнис ацы аз августы мæйы.

Банысан кæнын хъæуы уый æмæ Хетæгкаты Къоста, Остъайы фырты æмæ Цхинвалы уынгтæ кæй суыдзысты, 2016 азы цы уынгтæ арæзт цæуынц, уыдонæй фыццæгтæ.

Бестауты В.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.