Кæстæр фæлтæры хæрзæгъдау æмæ æппæтварсон хъомыладмæ ныййарджытæ æмæ адæмон ахуырады ‘рдыгæй здæхт цæуы æмбæлон хъусдард, цæмæй сомбон уой райгуырæн къуым æмæ æхсæнадæн аккаг цардаразджытæ. Ныййарджыты фæстæ нæ чысыл хуртæм цæстуарзон хъусдард ис сывæллæтты рæвдауæндæттæ æмæ иумиагахуырадон скъолаты. Зæрдæйæн æхсызгон у, нæ республикæйы хъæууон бынæтты дæр фæстаг азты сывæллæтты рæвдауæндæттæ кæй фылдæр кæнынц, уый. Къорд азты размæ рæвдауæндоны бæстыхай аразын райдыдтой Цхинвалы районы Къостайыхъæуы дæр, фæлæ, хъыгагæн, Цæдисы ныппырхы фæстиуæгæн, уый нал сæндидзыдта. Уый нæ, фæлæ нæ тугмондаг сыхæгты азарæй раууатмæ æрцыд хъæуы астæуккаг скъолайы агъуыст дæр, æмæ дзы нал уыд уавæртæ ахуырхъомыладон куыстæн. Уæддæр хорз, æмæ ахуыртæ æнæкъуылымпыйæ цыдысты, ардæм цы модультæ æрбаластой, уым.

Стыр Уæрæсейы комкоммæ æххуысы фæрцы хъæуы цалдæр азы размæ сырæзт астæуккаг скъолайы ног бæстыхай, æмæ дзы æппæт фадæттæ дæр фæзынд, ахуыры нырыккон домæнтæ æххæст кæнынæн. Уыимæ иумæ, ныййарджытæ рагæй домдтой, цæмæй сабитæн арæзт æрцыдаид скъолайы агъоммæ уагдон. Уыцы домæн дæр бахынцыдтой æмбæлон органтæ æмæ скъолайы бæстыхайæ рахицæн кодтой цалдæр хатæны сывæллæтты рæвдауæндонæн æмæ кусын райдыдта 17 апрелæй.

Рæвдауæндон цытджын æгъдауæй байгом æрæджы æмæ дзы хайад райстой Ахуырады министр Гасситы Натали, йæ хæдивæг Гаглойты Элисо, Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæг Плиты Алан, адæмон ахуырады хайады сæргълæууæг Лолоты Барис æмæ ныййарджытæ. Цытджын уазджытыл ирон æгъдаумæ гæсгæ, æртæ уæливых æмæ дзаггарзимæ сæмбæлдысты фысымтæ. Арфæтæ ракæныны фæстæ бацыдысты рæвдауæндонмæ, уыд сихор кæныны рæстæг æмæ сабиты раз уыдысты хæрзад хæринæгтæ. Федтой æмæ базонгæ сты, сæ сæрибар рæстæг кæм æрвитынц, кæм улæфынц, уыцы бынæттæ дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, рæвдауæндон нырма алцæмæй æххæст цæттæ нæу, кæм æмæ цæмæй ахъазой, нæй сын ахæм бынæттæ æмæ фæлындзынад. Уыдон та сты æнæмæнгхъæуæг рæвдауæндоны æрвылбонон куысты. Æрæхгæнын бахъæудзæн йæ кæртмæ æрбахизæн, дæр. Нырма уал ам уæвынад кæны иу къорд æмæ сæ нымæц у 15 сывæллоны. Горæты рæвдауæндæттæм сæ чи кæны, уыдон нымæц та у фылдæр, æмæ уыдон дæр фидæнмæ цæудзысты сæхи хъæуы рæвдауæндонмæ.

Адæмон ахуырады минæвæрттæ ма бабæрæг кодтой ирон æвзаг æмæ литературæйы кабинет дæр. Къултыл конд сты ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къоста æмæ нæ литературæйы къласикты портреттæ. Цымыдисон сты, нæ фыдæлтæ цы кусæнгæрзтæ æмæ мигæнæнтæй пайда кодтой се ‘рвылбонон царды, уыдоны нывтæ. Уыимæ иумæ домдтой, дарддæр сын ахуыры процесс фæбæрзонддæр кæнынæн ахъаз чи кæндзæн, ахæм фæлындзынад дæр самал кæнын. Дарддæр уазджытæ сæ фæндаг акодтой, ам цы аивæдты скъола ис, уырдæм. Уæлахизы боны цытæн скъоладзаутæ бацæттæ кодтой рав-дыст æмæ дзы уыд 50 куыстæй фылдæр. Райдайгæ нывгæнджыты цъылинæгтæй рантыст, сæ тематикæ æмæ ахорæнтæ алыгъуызæттæ кæмæн сты, ахæм зæрдæисгæ нывтæ. Уыдонмæ алчи дæр каст æхсызгонæй æмæ сыл ныууагътой хорз тæлмæнтæ. Нывкæнынады аивадмæ ацы кæстæртæ арæхстджын кæй сты, хорз фидæн сæм кæй æнхъæлмæ кæсы, уый ныридæгæн бæрæг у, алыгъуызон конкурсты аккаг бынæттæ кæй бацахсынц, уымæй дæр. Æрæджы дæр та Сочæйы уагъдцæуæг конкурсы райстой хайад æмæ хорзæхджын æрцы-дысты дипломтæй. Уыдон сын цытджын æгъдауæй радтой Ахуырады министр Гасситы Натали æмæ Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæг Плиты Алан.

Хуыбиаты  Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.