Хицауад дарддæр дæр йæ хъус дары, бынæттон дыргъгуыстгæнджытæ кæй æркодтой, уыцы уæййаг фæткъуытæ уæй кæныны хъуыддаг куыд цæуы, уымæ.

Цалынмæ уал Сервисон центры сæрмагонд службæ арæзт цæуа, уæдмæ  республикæйы къухдариуæгад мадзæлттæ исы дыргътæ афойнадыл ауæй кæныны сæраппонд. Уыцы центрæн та йæ куыст уыдзæн уæййæгты тыххæй сертификат райсын æмæ сæ арæны сæрты аласыны тыххæй документтæ аразыны хъуыддаг фæхуымæтæгдæр кæнын.

Ацы бонты информацион фæрæзты райхъуыст ахæм информаци, ома, Хицауады Сæрдары хæдивæг Козаты Димитр ныфс бавæрдта, фермертæн кæй баххуыс кæндзæн сæ фæткъуытæ ауæй кæныны хъуыддаджы, æмæ, зæгъгæ, бахатыд амалиуæггæнджытæм, цæмæй сæ уæййæгтæ иу ранмæ æртымбыл кæной, цæмæй таможнæйы уæлдай зындзинæдтыл æмбæлын мауал бахъæуа æмæ тагъддæр ласт æрцæуой таможнæйы сæрты.

Уый охыл сын бастдзинадæн лæвæрд æрцыдысты, æнæмæнгхъæуæг зонæнтæ райсæн кæй фæрцы уыд, уыцы телефонты номыртæ.

Уый фæстæ цалдæрæй æрбадзырдтой, æмæ ивгъуыд майрæмбоны Уæрæсейы территоримæ аластæуыд 4 тоннæйы фæткъуытæ.

Уыцы рæстæджы Сатихъар, Хелцуа æмæ Наниты хъæуы фермерон æмæхсæнадæй Президент Тыбылты Леониды номыл æрбацыд фыстæг ахæм куырдиатимæ, цæмæй сын баххуыс кæной сæ фæткъуытæ ауæй кæныны хъуыддаджы. Фыстæг резолюциимæ алæвæрдæуыд Козаты Димитрмæ, фæлæ йын фыстæджы цы номыр лæвæрд уыд, уырдæм бахауын нæ бантыст.

Уый ныхæстæм гæсгæ, цæмæй амалиуæггæнджытимæ куыст биноныггонд æрцæуа æмæ ахадгæйæ скъуыддзаг æрцæуа хъæууонхæдзарадон продукци уæй кæныны фарст, уый тыххæй хъæуы бæлвырд зонæнтæ, республикæйы фæткъуыйы тыллæг цас ис, уый фæдыл.

«Фæнды мæ ноджыдæр иу хатт бахатын амалиуæггæнджытæм ахæм куырдиатимæ, цæмæй нæм фæдзурой, цы телефоны номыртæ лæвæрд цæуы, уыдонмæ, æмæ сæххæст кæной нæ куырдиат – баиу кæной сæ уæййæгтæ æмæ сæ саразой стыр партитæ. Уый æнæмæнгхъæуæг у, цæмæй сын ма уа таможнæйон ныхдуртæ. Мæхи ‘рдыгæй æз дзырд дæттын, ме ‘ппæт фæлтæрддзинад æмæ сæрмагонд бастдзинæдтæй дæр кæй спайда кæндзынæн, цæмæй фермертæн фæуа сæ уæййæгтæ Уæрæсейы Федерацийы территорийыл ауæй кæныны фадат», – бæлвырдæй загъта Козайы фырт.  Уый ма йæ ныхасмæ бафтыдта, уæййæгты стыр партийæн сертификат райсын æнцондæр кæй у.

Дæлдæр лæвæрд сты телефоны номыртæ. Уыдон фæрцы бадзурæн уыдзæн Хицауады Сæрдары хæдивæг Козаты Димитрæн йæхимæ.

Хицауады Сæрдары хæдивæг Козаты Димитр Евгены фырт: 8-929-809-33-33;

Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæджы æххуысгæнæг Коцты Уырызмæг Сосланы фырт: 8-929-806-02-09;

Хицауады Сæрдары хæдивæджы æххуысгæнæг Гæбæраты Константин Вадимы фырт: 8-929-810-47-48

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.