РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Козаты Димитр хайад райста Хъалонтæ æмæ фиддонты фæдыл комитеты æмбырды, цыран хатдзæгтæ сарæзтой 2016 азы фыццаг æмбисæн.

Æмбырды куысты ма хайад райстой РХИ-йы Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг, Нымайæн палатæйы сæрдары хæдивæг Хуыбылты Вадим, РХИ-йы Паддзахадон таможнæйон комитеты сæрдары хæдивæг Гуыцмæзты Алан æмæ æндæр официалон адæймæгтæ.

Козаты Димитр, куыд ацы здæхты куратор, афтæ бацамыдта боны фæткы фарстытыл уынаффæйы фæткы тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, йæ фыццаг рады цымыдис кæны фæстаг азты динамикæ, хъалонты æфтиæгты сæйраг статьятæ, республикæйы хъалонты фадыджы рæзты трендтæ.

РХИ-йы Хъалонты æмæ фиддонты комитеты сæрдар Къацты Владимир куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ 2013 азæй фæстæмæ банысанчындæуыд хъалонты æмбырдты рæзты фидар тенденци, сæйраджыдæр, административон мадзæлтты, хъалонтæ æвæрыны базæ фæфылдæр кæныны, хъалонты закъондæттынад хъахъхъæныны руаджы.

Абоны бонмæ комитеты регистраци сты 4524 хъалонфидæджы, куыд физикон, афтæ юридикон цæсгæмттæ дæр. Паддзахадон бюджеты æфтиагджын хайы баххæст кæныны сæйраг гуырæнтæ раздæрау сты физикон цæсгæмтты æфтиæгтыл хъалонтæ, уæлæмхас æргъты хъалонтæ, банымад æфтиаджы иугонд хъалон æмæ автомобилон фæндæгтæй пайдагæнджыты хъалон.

2016 азы фыццаг æмбисы хатдзæгтæм гæсгæ хъалонтæй æфтиæгтæ бацыдтытæ сты 324 милуан сомы, 2015 азы аналогон рæстæджы та уыцы суммæ уыд 293 милуан 977 мин сомы. Контролон мадзæлтты фæстиуæгæн, кæцытæ сæххæст кодтой хъалонисæг инспектортæ, æфтиæгтæ сты 653 мин сомы, ивартæ — 360 мин сомы.

Хъалонтæ æмæ фиддонты комитеты сæрдары хæдивæг Тыбылты Анзоры ныхæстæм гæсгæ, республикæйы хъалонты органты иууыл риссагдæр темæтæй сæ иу у паддзахадон куыстуæтты хæстæ, кæцытæ æрæмбырд сты ивгъуыд æнусы 1990 азты æмбисæй фæстæмæ. Ныртæккæ паддзахадон унитарон куыстуæтты хæс у 422 милуан сомы пениимæ иумæ. Ацы проблемæйы фæдыл рахаст æрцыд коллегиалон уынаффæ компромиссон уавæртыл: 2016 азы райдианæй куыстæуттæ æнæмæнгæйдæр фидынц хъалонты фиддонтæ æмæ хæсты тыххæй та арæзт æрцыд реструктуризацийы фæдыл сразыдзинад.

Хъалонты комитеты кусджыты проблемон фарстытæ ма сты, æдзæсгом амалиуæггæнджытæ хъалонты хæстæ кæй нæ фидынц, уый дæр, кæцытæ æппæт амæлттæй дæр тырнынц се ‘фтиæгтæ бамбæхсынмæ, афтæ ма раст арæзт нæ цæуынц сæ хыгъдтæ дæр.

Хъалонты системæйы рæзты дарддæры плæнттыл уынаффæ кæнгæйæ, Козаты Димитр банысан кодта, зæгъгæ, рабадты банысангонд куыд æрцыд, уымæ гæсгæ комитетæн ис потенциал, цы проблемæтæ сын ис, уыдоны аскъуыддзаг кæныны тыххæй.

«Иумиагæй, æз райгондæй баззадтæн уыцы æвæрццаг ивындзинæдтæй, кæцытæ æрцыдысты хъалонты фадыджы фæстаг рæстæджы. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый у комитеты коллективы æмæ сæ къухдариуæггæнæджы хæрзиуæгон архайды руаджы. Æз уынын потенциал æппæт нæ разы æрæвæргæ хæстæ аскъуыддзаг кæнынæн. Мæхи ’рдыгæй, æз цæттæ дæн æмгуыстадмæ æмæ уын æппæт уæ рационалон идеятæ æмæ фæндæттæ та республикæйы къухдариуæгадмæ фæхæццæ кæнынмæ», — банысан кодта Хицауады Сæрдары хæдивæг.

Хъалонты системæйы рæзты перспективæтыл уынаффæ кæнгæйæ, уый хъусдард аздæхта кадрты ротацийы гæнæнтæй спайда кæнынмæ, куыд персоналæн фæтк дæттыны эффективон амæлттæй сæ иу, афтæ.

«Йæ куысты бæрæг æнтыстытæ йæ къухты кæмæн бафтыд, уыцы кусджытæ гæнæн ис раконд æрцæуой, фæстейæ чи баззад, куысты уыцы фадгуытæм. Ахæм амал раст уаид», — загъта Козаты Димитр.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, фылдæр хъусдард здахын хъæуы системæйы инфраструктурæйы рæзтмæ, ног технологитæй спайда кæнынмæ, кæцытæ фадат радтиккой куысты гъæд фæхуыздæр кæнынæн.

РХИ-йы Хицауады официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.