29 июлы политикон парти «Дзыллæйы иудзинад» ауагъта съезд. Съезды рæстæджы уынаффæ рахастæуыд уыцы партийы уæнг, РХИ-йы Парламенты депутат, Социалон политикæ æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны фæдыл парламентон комитеты сæрдар Къозонты Аланы  партийы скондæй рацух кæныны тыххæй.

Къозонты Алан йæхæдæг куыд загъта, афтæмæй партийы лидер Чилæхсаты Владимир æртæ азы дæргъы дзуры, йæ партийæ йæ кæй рацух кæндзæн, иу кæнæ иннæ фарсты Къозоны фыртимæ æнгæс цæстæнгас кæй нæй, уый аххосæй. Йæ ныхæстæ уый бафидар кодта ахæм цæвиттонæй, зæгъгæ, «æз кæддæриддæр уыдтæн профессионалон Парламент æмæ тæрхондонон реформæйы фарсхæцæг. Уымæн æмæ нæ закъондæттынад мах хъуамæ аразæм Уæрæсейы Федерацийы закъондæттынадмæ гæсгæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм цæвиттонтæ бирæ ис. Алы адæймаг дæр индивидуалон у, алкæмæн дæр йæхи цæстæнгас хъуамæ уа, уæлдайдæр – депутатæн. Сесситыл дæр  исты фарст скъуыддзаг кæныны рæстæджы, мæнмæ растдæр куыд каст, хъæлæс лæвæрдтон афтæ. Уый та  алкæйы зæрдæмæ нæ цыд æмæ аскъуыддзаг кодтой мæн партийæ рацух кæнын. Уыцы хъуыддаг мæнæн æнæнхъæлæджы нæ уыд, уымæн æмæ ууыл дзырд цыд, депутатæй мæ куы равзæрстой, уæдæй нырмæ». Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый фæстаг съездыл дæр нæ уыд, цæмæй конфликтон уавæр ма скарз уа, уый тыххæй.

Къозоны фырт куыд загъта, афтæмæй Чилæхсаты Владимир фæнд кæны сентябры мæйы сессимæ йын йæ фарст рахæссын, цæмæй йæ депутатæй дæр ссæрибар кæной, уый тыххæй.

«Сессийыл депутаттæ куыд схъæлæс кæной, афтæ аскъуыддзаг уыдзæн уыцы фарст дæр», – загъта Къозонты Алан æмæ ма йæ ныхасы кæрон банысан кодта, зæгъгæ, рæстæг фенын кæндзæн, кæй цæстæнгас уыд растдæр.

Ацы хъуыддаг парти «Дзыллæйы иудзинад»-ы лидер Чилæхсаты Владимир куыд бамбарын кодта, афтæмæй партийы уæнгтæ иууылдæр исты хæслæвæрдтæ æмæ плантæ скъуыддзаг кæныны рæстæджы хъуамæ уой иу  хъуыдыйыл хæст, хъуамæ тырной иудзинадмæ, фæлæ Къозонты Алан æндæр цæстæнгасыл хæст уыд.

«Парламентмæ бахауыны тыххæй уый спайда кодта нæ партийæ. Мах депутаттæй уымæн цыдыстæм, цæмæй бахъахъхъæнæм партийы интерестæ æмæ Парламенты размæ рахæссæм нæ адæмы проблемæтæ», – банысан кодта партийы лидер. Уый куыд загъта, афтæмæй, депутат суæвгæйæ, Къозоны фырт парти «Дзыллæйы иудзинад»-мæ йæ ахаст фæивта.

«Райдианы аскъуыддзаг кодтам, цæмæй кусæм, нæ парти æвзарджытæн цæмæйты баныфс æвæрдта, уыдон æххæст кæныныл. Уыцы хæстæ æххæст кæнынæн хъуыд партийы уæнгты иудзинад, уыдон хъуамæ уыдаиккой иууон хъуыды æмæ цæстæнгасыл хæст. Сессийы рабадтыты размæ-иу мах æрæмбырд стæм штабы æмæ-иу баныхас кодтам, иу кæнæ иннæ фарсты тыххæй хъæлæс куыд дæтдзыстæм, ууыл. Уымæ нæ кæсгæйæ, Къозонты Аланæн уыд æндæр цæстæнгас. Уый кæддæриддæр хæцыд парти «Иугонд Ирыстон»-ы  хъуыдыйы фарс. Æгæрыстæмæй, бадгæ дæр кодта уыдонимæ.

Куы-иу æй бафарстам, афтæ цæмæн кæны, уæд-иу йæ дзуапп уыд: «Мæн афтæ фæнды æмæ афтæ кæндзынæн». Уый-иу ницæмæ дардта партийы æмбырдтæ æмæ сæм цæугæ дæр нæ кодта. Æгæрыстæмæй, 29 июлы дæр нæ уыд партийы съезды, кæд æм арвыстам, уæддæр. Мах ын быхстам, фæлæ стæй аскъуыддзаг кодтам нæ партийæ йæ ацух кæнын. Ахæм уæнг нæ партийы нæ хъæуы!» – загъта Чилæхсаты Владимир.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, парламентон улæфтыты фæстæ парти «Дзыллæйы иудзинад» Парламенты раз æрæвæрдзæн фарст Къозонты Аланы парламентон комитеты сæргълæууæгæй ссæрибар кæныны тыххæй. Уый цæвиттонæн æрхаста Парламенты Сæрдары хæдивæг Тасойты Димитры вице-спикеры бынатæй ссæрибар кæныны тыххæй парти «Иугонд  Ирыстон»-ы æрæджыйы уынаффæ. Партийы лидер куыд загъта, афтæмæй  Къозонты Алан сæрибар куынæ æрцæуа депутатæй, уæддæр никæцы партийы уæнг уыдзæн. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, дыууæ азы фæстæ, радон парламентон æвзæрстыты рæстæджы, æвзæрстытæ пропорцианалон-мажоритарон системæмæ гæсгæ уагъд куы цæуой, уæд куыд депутат, афтæ фæбæрæг уыдзæн Къозоны фырты рейтинг.

О, фæлæ ацы хъуыддаджы тыххæй Парламенты Сæрдар Гасситы Петр æндæр хъуыдыйыл хæст у. Уый куыд зæгъы, афтæмæй парти цы аскъуыддзаг кодта, уымæ нæ кæсгæйæ, Парламенты спикер райгонд у закъондæттæг органы Къозонты Аланы куыстæй.

«Парти цы аскъуыддзаг кодта, уый партийы уæнгты хъуыддаг у, фæлæ Къозонты Аланы депутаты хæстæй ссæрибар кæныныл дзырд нæ цæуы. Уый депутатæй  сæрибар æрцæудзæн,  сессийы рæстæджы депутатты фылдæр хай йæ ныхмæ куы схъæлæс кæной, æрмæстдæр, уæд. Æз, куыд Парламенты Сæрдар, афтæ тынг райгонд дæн йæ архайдæй. Æниу æрмæст æз нæ, фæлæ депутаттæй бирæтæ сты райгонд Къозоны фырты депутатон куыстæй. Уый фæстиуæгæн дзырд дæр нæ цæуы Парламентæй йæ рацух кæныныл. Къозонты Алан æнæ хъусдард никуы ныууадзы медицинон кæнæ социалон фарстаты фæдыл иунæг æмбæстаджы куырдиат дæр. Уыимæ иумæ ма зæгъдзынæн уый дæр, æмæ Къозоны фырт йæхæдæг нæ уыд парти «Дзыллæйы иудзинад»-æй Парламенты депутатты номхыгъдмæ бахауыны инициатор. Æз æй куыд зонын, афтæмæй уымæн стыр фарсхæцынад уыд цæрджыты æрдыгæй. Къозонты Аланы фæрцы парти «Дзыллæйы иудзинад» бирæ хъæлæстæ райста парламентон æвзæрстыты рæстæджы. Афтæ кæй уыдаид, уый æмбæрстой партийы уæнгтæ æмæ йæ æвзæрстыты размæ номхыгъды скондмæ дæр уымæн бахастой», – банысан кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты спикер Гасситы Петр.

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.