Стыр культурон æмæ политикон цау æрцыд Красноярск æмæ Цæгат Ирыстоны æхсæн. Ацы бонты Красноярскы цæуынц нæ республикæйы бонтæ. Бæрæгбоны сæйраг нысан у дыууæ горæты æхсæн базарадон-экономикон, зонадон-техникон æмæ культурон бадзырд бафыссын 2018 – 2020 азтæн. Мадзалы спонсор æмæ организатор у нæ зындгонд æмзæххон, Красноярскы стырдæр куыстуæттæй иу “Новоангарский обогатительный комбинат”-ы генералон директор Гуыриаты Владимир, стæй Губернаторы администраци.

Ирыстонæй бæрæгбонмæ ацыдысты республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, Хицауады Сæрдары хæдивæг Дзанайты Барис, стæй культурæ æмæ аивады зындгонд архайджытæ. Уазджытыл стыр цинимæ сæмбæлдысты Красноярскы крайы губернатор Виктор Толоконский, крайы мэр Эдхам Акбулатов, ирон æхсæнады минæвæрттæ, хуымæтæг адæм…

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы пресс-секретарь куыд хъусын кæны, афтæмæй бæрæгбон райдыдта Битарты Вячеславы фембæлдæй ирон æхсæ-нады минæвæрттимæ. Уый зæрдæбын арфæ ракодта не ‘мзæххонтæн, дард Красноярскы цæргæйæ Ирыстоныл æнувыд кæй сты æмæ йын алывæрсыг æххуыс кæй кæнынц. Уæлдай арфæ ракодта Гуыриаты Владимирæн, æдзух йе ‘ххуысы хай кæй кæны Ирыстонæн, æрæджы дæр та нæ республикæйы историон цыртдзæвæнтæ реставраци скæныны хæс йæхимæ кæй райста, стæй Ирыстоны бонтæ Красноярскы йæ хъæппæрисæй арæзт кæй æрцыдысты, уый тыххæй. Уый фæстæ, майрæмбоны фембæлдысты  дыууæ горæты разамынд. Уыдон иумæ азылдысты бæрæгбоны фæзы. Уазджытыл æгъдаумæ гæсгæ фембæлдысты ирон кафтимæ. Ирыстоны делегаци ма бацæттæ кодтой цымыдисон культурон программæ: музейон равдыстыты комплекс, Годжыцаты Изольдæйы национ дзаумæтты равдыст, ирон куклæтæ æмæ скульптурæтæ, нæ зындгонд нывгæнджыты конд нывтæ, зæронд къамтæ, æрмдæсныты куыстытæ, 19-æм æнусы “хæдзар” рагон дзаумæттимæ, документалон кинонывтæ ирон адæмы цард æмæ зындгонд адæймæгты тыххæй, мастер-класстæ æмæ бирæ æндæр цымыдисон мадзæлттæ.

Фысымтæ се ‘ргом тынгдæр здæхтой мастер-класстæм. Уым кæй фæндыд, уыдоны се ‘ппæты дæр ахуыр кодтой ирон хæринæгтæ кæныныл: цыхт ахсын, чъиритæ кæнын, бæгæны фыцын, мисын цæгъдын, стæй фатæй æхсын, къуымбил пирын, куклæтæ аразын, рагон музыколон инструментты сусæгдзинæдтæ амонын æмæ афтæ дарддæр.

Красноярскы сценæйыл диссаджы арæхстдзинад равдыстой  нæ аивады дæснытæ: зарæггæнджытæ Тайсауты Олег, Илаты Тимур, Дзæхаты Зæлинæ, къорд “Фидæн”,  дирижертæ Муриты Данæ æмæ Сланты Тимур, ансамбль “Маленький джигитт”, доулистты къорд “Сила звука” æмæ бирæ æндæртæ.

Бæрæгбон дарддæр цыд, афтæмæй Битарты Вячеслав æмæ Виктор Толоконский Хицауады хæдзары бафыстой уæлдæр амынд æмгуыстады бадзырд. Толоконский куыд банысан кодта, афтæмæй сæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты Ирыстоны бонтæ, сæ диссаджы национ культурæ. Уый ма стыр аргъ скодта не ‘мзæххонтæй уым чи цæры æмæ фæллой кæны, уыдонæн. “Советон дугæй абоны онг бирæ фæсивæд фæцыд ардæм кусынмæ, уыдо-нимæ ирæттæ дæр. Уыдон стыр бавæрæн бахастой Красноярскы крайы фæрныгадмæ. Стыр бузныг стæм Гуыриаты Владимирæй, дыууæ регионы ‘хсæн бастдзинæдтæ кæй аразы æмæ ацы рæсугъд бæрæгбонæн фадæттæ кæй скодта. Æз абон цы диссаджы аивад æмæ культурæ федтон, уый мæ никуы-уал ферох уыдзæн. Стыр æхцондзинад райстой ацы бæрæгбонæй Красноярскы цæрæг адæм, фадат кæмæн нæ фæцис арбацæуынмæ, уый дæр æй телевизорæй фендзæн”,- йæ раныхасы загъта Толоконский. Уый ма йæ ныхасмæ куыд бафтыдта, афтæмæй ирон æрмдæсныты куыстытæ йæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты æмæ хорз уаиккой историон бæстыхæйттæ, цыртдзæвæнтæ фæлгонц кæнынæн. Уый тыххæй та фæндон бахаста Ирыстоны товартæ кæм уæй кæндзысты, Красноярскы ахæм дукани бакæнын. Крайы губернатор ма ноджыдæр фæндон бахаста советон дуджы кадджын традици сног кæнын æмæ Красноярскы згъæркуыстгæнæг стыр куыстуæттæм нæ республикæйæ рауагъдонты хонын, уыдонæн цæрыны æмæ кусыны æппæт фадæттæ саразын.

Битарты Вячеслав дæр йæ рады арфæ ракодта фысымтæн сæ хъарм ахасты тыххæй. Куыд бафиппайдта, афтæмæй Ирыстон рагæй дæр хионы зæрдæ дары ацы краймæ. Уæдæ красноярскаг лæппу, Советон Цæдисы Хъæбатыр Петр Барбашов стыр сгуыхтдзинад кæй равдыста Ирыстоны зæххыл, нæ зæхх сæрибар кæнгæйæ йæ цард кæй радта, уый дæр бирæ цæуылдæрты дзурæг у. Куыд ма загъта, афтæмæй нæ республикæ активонæй архайдзæн бадзырды фæлгæтты нысантæ æххæст кæныныл.

Фысымтæ æмæ уазджытæ цы уынаффæ рахастой, уымæ гæсгæ фидæн ацафон та Ирыстоны ацæудзысты Красноярскы крайы бонтæ.

Джусойты  Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.