Республикæ Хуссар Ирыстоны скъолатæй æвддæс ахуыргæнинаджы 22-æм декабры æрвыст  æрцæудзысты  Кремлы  назбæласмæ.

Нæ республикæйы ахуырдзау фæсивæдæй ныридæгæн æвзæрст æрцыдысты æвддæс ахуыргæнинаджы, кæцытæ 22 декабры æмбисы абалц кæндзысты Уæрæсейы Федерацийы сæйраг ногазон назбæласмæ – Кремлмæ.

Ног азы æрбалæуд не ‘взонг фæсивæдмæ кæддæриддæр сæвзæрын кæны уæлдай стырдæр цины æнкъарæнтæ. Уыдонæн Ногазон назбæлас æрхæссы хъæлдзæгдзинад, æнæферохкæнинаг тæлмæнтæ. Уымæ гæсгæ Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад æмгуыстады руаджы бацархайынц, цæмæй нæ ахуырдзау фæсивæдæй дæр Кремлы назбæласы егъау мадзæлтты хайад райсой. Уый тыххæй нын фехъусын кодтой РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министрады.

Нæ республикæйы Ахуырад æмæ зонады министрады хъомылады æмæ уæлæмхас ахуырады хайады гæс Джиоты Эльзæ нын куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ Кремылы Ногазон мадзæлтты Хуссар Ирыстонæй хайад райсдзысты 17 сывæллоны. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсейы столицæйы сæйраг назбæласмæ чи ацæудзæнис, уыцы сывæллæтты къорд æрæмбырд кодтой горæты æмæ районты ахуыры хайæдты куырдиæттæм гæсгæ. «Æрвылаз дæр мах Мæскуыйæ райсæм хонæн гæххæттытæ Кремлы назбæласмæ ацæуыны тыххæй. Æндæр азты-иу нын Кремлы назбæласмæ лæвæрдтой 13 сывæллонæн хонæн гæххæттытæ, дыууæ та-иу, семæ чи уыдаид, уыцы хъусдарджытæн. Ацы аз уыдонæн сæ нымæц фæфылдæр æмæ нын уыдис тынг æхсызгон. Сывæллæттæ ардыгæй хъуамæ афæндараст уой 22-æм декабры æмæ дзы фæуыдзысты цалдæр боны. Ацы æвддæс сывæллонимæ ма æнæмæнгæй семæ ацæудзысты дыууæ ахуыргæнæджы æмæ дохтыр, цæмæй сæм хъусдард здæхт цæуа. Кæй зæгъын æй хъæуы, бынæттæ цъус сты æмæ уымæ гæсгæ министрад горæты скъолаты æхсæн афтæ сарæзта, цæмæй иу аз ацæуой цалдæр скъолайæ æмæ иннæ аз та – æндæртæй. Кæй æрвитæм, уыцы скъоладзауты сконды сты сидзæртæ, бирæсывæл-лонджын бинонты сывæллæттæ æмæ ахуыры иттæг хорз æнтыстытæ кæмæн ис, скъолайон царды активон хайад чи исы, ахæм скъоладзаутæ. Ацы балцы нысан иннæ сывæллæттæн дæр у куыд стимул æмæ сæм фылдæр тырнындзинад фæзындзæн сæ ахуырмæ. Ногазон назбæласы мадзæлттæ сывæл-лæттæн æрхæсдзысты циндзинад, уымæн æмæ сын ис тынг хорз цымыдисон æмæ хъæлдзæг программæ. 24-æм декабры уагъд цæудзæнис ногазон спектаклы премьерæ «Фыстæг Митын Дадамæ», зæгъгæ», – загъта Джиоты Эльзæ.

Ахуырады министрады кусæг ма банысан кодта, зæгъгæ, сывæллæттæн сæ балц Мæскуымæ финанс кæны нæ хицауад æмæ цæмæй рæстæгыл æмæ дзæбæхæй ныххæццæ уой, уый тыххæй дæр сын æппæт уавæртæ дæр сараздзысты. Ацы бæрæгбоны организатортæ та сты Уæрæсейы Федерацийы президенты хъуыддæгты фæдыл управлени, Мæс-куыйы хицауад, Мæскуыйы профцæдисты федераци.

Джиоты чызг ма нын куыд загъта, афтæмæй хус-сарирыстойнаг сывæллæттæм Кремлы назбæласы æнхъæлмæ кæсы цымыдисон хиирхæфсæн прог-раммæ. Уымæй дарддæр ма сын бацæттæ кодтой культурон программæ экскурситимæ. Сывæллæттæ ныридæгæн стыр цины æнкъарæнтимæ, бонтæ нымайгæйæ, æнхъæлмæ кæсынц сæ диссаджы ногазон балцмæ.

Ахуырады министрады ма нын куыд загътой, уымæ гæсгæ ногазон лæвæрттæ нæ республикæйы æдæппæт райсдзысты 9500 сывæллоны, кæцыты байуардзысты бæрæгбонон мадзæлтты рæстæджы. «Ногазон лæвæрттæ байуардзысты республикæйы æппæт скъолаты 1-5-æм кълæсты ахуырдзаутæн æмæ скъолайы агъоммæйы кары сабитæн. Уыцы ногазон лæвæрттæй 100 бæрц уæрст æрцæудзысты Президентон назбæласы мадзалы рæстæджы, кæцы традицимæ гæсгæ уагъд фæцæуы нæ горæты Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны», – банысан кодтой министрады.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.