Куыд æгас чырыстон дуне, афтæ Хуссар Ирыстоны дæр уæрæхæй банысан кодтой Рухс Чырыстийы Райгасы бон – Куадзæн.Стыр мархойы фæстæ сабатæй хуыцаубонмæ æхсæвы нæ горæты Сыгъдæг Æртиууоны Аргъуаны фæзуатмæ æрæмбырд сты сæдæгай адæймæгтæ, цæмæй хайад райстаиккой стыр бæрæгбонон бакуывды æмæ суагътаиккой сæ ком. Уыцы æхсæв Иерусалимæй Сыгъдæг Æртиууон Хуыцауы Аргъуанмæ дæр æрхæццæ ис Хæрзиуæгон арт æмæ йыл адæм æмбæлдысты стыр цины æнкъарæнтимæ. Уый фæстæ йæ апарахат кодтой республикæйы æндæр аргъуантыл дæр. Куыд ивгъуыд аз, афтæ та ныр дæр Хуссар Ирыстонмæ Хæрзиуæгон арт Беслæны аэропортæй рахаста нæ республикæйы Хъахъхъæныны паддзахадон службæйы хистæр Бибылты Ацæмæз. Куадзæны мадзæлтты райдианы уал  уырнон адæм акодтой Дзуардзыд, уый фæстæ уыцы ран ауагъдæуыд бæрæгбонон литурги. Рухс бæрæгбоны сæраппонд арфæйаг «Чырысти райгас!» – «Æцæгæйдæр райгас!» – хъуыстис горæты аргъуантæй. Бæрæгбонон  бакуывд  сæххæст кодта фыд Серги.

Чырыстийы Райгасы æхсæв Аргъуанмæ æрбацыдысты РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли йæ бинонтимæ, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Парламенты Сæрдар Гасситы Петр, министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæ. Уыдон чырыстон диныл хæст адæмимæ сæмбæлдысты Куадзæны бæрæгбоныл.

Аргъуаны иууыл хуыздæр фæндиæгтæ бæрæгбоны сæраппонд загъта нæ бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли. Уый, фыццаджыдæр, банысан кодта бæрæгбоны стыр нысаниуæг æмæ йæ ахадындзинад чырыстон дины. «Чырыстон дины Куадзæн у иууыл сыгъдæгдæр æмæ хъæлдзæгдæр бæрæгбонтæй сæ иу æмæ ацы хæрзиуæгон бон мæн фæнды раарфæ кæнын Хуссар Ирыстоны æппæт цæрджытæн æмæ уазджытæн дæр. Æппæтæн дæр мæ цæст уарзы, цæмæй Хуыцауы стыр тыхæй, æгæрон уарзондзинадæй æмæ кæрæдзиæмбарынадæй хайджын уой нæ бæстæйы адæм. Куадзæн хъал кæны адæймаджы мидæг хорз миниуджытæ, хæрзиуæг хæс-сын æмæ хорздзинад тауын æмæ уæ йæ хор-зæх алкæйдæр уæд», – загъта Президент Би-былты Анатоли.

Фыд Серги ацы рухс бæрæгбоны сæраппонд адæмæн загъта фарны фæндиæгтæ æмæ банысан кодта, Куадзæн кæй у ног царды нысан, уымæ гæсгæ хъæуы цин кæнын æмæ кувын, цæмæй, зæгъгæ, нæ зæххыл хæрзиуæг æмæ арфæдзинад уа. Уый фæстæ сауджын адарддæр кодта бæрæгбонон бакуывд, кæцы аххæссыд райсомы цыппар сахатмæ. Цытджын литургийы фæстæ фыд Серги æгъдаумæ гæсгæ саргъуыдта куадзæны гуылтæ æмæ æйчытыл. Чырыстон диныл хæст адæмæй та мархо чи дардта, уыдонæн æвæрд æрцыдис бæрæгбонон фынг ком суадзыны тыххæй. Ам марходарджытæ  фыццаг  хатт  бахордтой  фыдызгъæл, урсагæй хæринæгтæ, адджинаг æмæ Куадзæны сæйраг æвдисæн – айк. Адæм хъæлдзæгæй сæмбæлдысты Чырыстийы Райгасыл æмæ райсомæй раджы фарнимæ цыдысты сæ хæдзæрттæм.

Чырыстийы Райгасы бæрæгбон ма банысангонд æрцыдис Уаз Мадымайрæмы аргъуаны дæр.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.