Адæймагæн йæ хъуыдытæ, йæ фæндтæ, йе ‘рвылбонон царды архайдимæ куы иу кæной, уæд, зæгъæн ис, Хуыцауæй арфæгонд кæй фæцис. Æндæргъуызон зæгъæн нæй Республикæ Хуссар Ирыстоны культурæйы сгуыхт архайæг Лалыты Зинаидæ Александры чызгæй. Уымæн, сæууон стъалыйау, ссыгъдис йæ курдиат ирон кафты аивады арвыл, æмæ цæхæркалгæйæ рарттывта ирон сценæйæ.

Ацы бонты Лалыты Зинаидæйыл сæххæст 80 азы. Фæлæ йын уыцы азтæ йæ удмæ ницы бар дарынц, уый нырма у чындздзон чызгау уæнгрог, фердæхтджын, йæ уæздан мидбылхудт йæ цæсгомыл куы фæхъазы, уæд ын ноджы уый аивдæр хуыз фæдæтты. Æрæджы дæр ма, уый йæ аив кафтæй йæхимæ здæхта Цæгат Ирыстоны сценæмæкæсджыты.

Зинæ, йæ удыйас уарзы ирон кæфтытæ, ирон музыкæ. Æмæ сæ канд уарзгæ нæ, фæлæ сын снывонд кодта йе ‘ппæт цард. Зинаидæ ма хæрзкъаннæг куы уыд, уæд фæбæрæг ис, æрдз æй кафæджы арфæйаг курдиатæй кæй фæхайджын кодта, уый. Уайтагъд фæбæрæг сты кафты аивадмæ йе ‘взыгъддзинæдтæ.

Лалыты Зинаидæ гуыргæ нæ горæты ра-кодта, фæлæ йыл иу афæдз куы сæххæст, уæд райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст æмæ йын йæ фыды акодтой тугкалæн хæстмæ. Баззадысты чысыл Зинаидæ æмæ йæ æртæ æфсымæры сæ ныййарæг мад Чехойты Маргаритæйы æвджид. Зын уыд, тынг зын цыппар æнахъом сывæллонимæ, акодта сæ сæ хъæу Куасаталмæ æмæ рæзтысты уым æнæмæ-тæй.

Рæзтис Зинаидæ дæр æмæ, зæгъæн ис, йæ чысылæй фæстæмæ ссис кафт йе ‘мбæлццон. Уымæн æмæ-иу фæсивæд фæскуыст хос-гæрсты хуымтæй куы æрыздæхтысты, уæд-иу сарæзтой хъазт. Уыдонмæ кæсгæйæ Зинаидæйæн кафт агайдта йæ цардуарзаг зæрдæйы, æнæ кафт ын цард ад нал кодта æмæ йæ тыхтæ фæлвæрдта семæ кафынæй. Кæд æвзонг уыд æмæ йæ сæрмагондæй кафыныл ничи цайдагъ кодта, уæддæр-иу цæстæвæрæн фæцис хъæубæстæн. Кафт æй иста йæ базыртыл æмæ кафыдис канд хъазтизæрты нæ, фæлæ-иу сæ хъæуы чындзæхсæв, кæнæ исты цинаджы бæрæгбонты дæр.

Зинаидæйæн йе скъоламæ цæуын афон куы æрцыд, уæд æй ахуыр кæнынмæ барвыстой нæ горæты 2-аг астæуккаг скъоламæ. Уым ахуыр кæнгæйæ, уый фехъуыста, нæ горæты Культурæйы хæдзары кæй ис кафджыты къорд. Хореографæй та дзы куыста зындгонд кафæг Тедеты Сослан.

Бирæ нæ рахъуыды-бахъуыды кодта Лалыты чызг. Уайтагъд балæууыд Сосланы раз æмæ нымдгæнгæ сдзырдта: «Мæн дæр фæн-ды кафын æмæ мæ уæ къордмæ райсут», – загъта чызг æмæ йæ сæр йæ риуыл æркъул кодта. Уæд ыл бæрцæй цыдис 13 азы. Фæлæ чызг рæз схаста æмæ йын йæ гуырвидыц уæнгтæм, йæ рæсугъд цæсгоммæ Сослан кæсгæйæ баззад. Йæ бæзджын сæрыхилтæ дыууæ ставд быдæй синты сæрмæ сæхи зæу-зæугæнгæ æруагътой.

– «Æмæ кафын зоныс, исты ирон кафт нын акæндзынæ?» – афарста йæ Сослан. Чызг йæ мидбыл бахудт æмæ ныр уæндондæрæй сдзырдта: «Цы кафт мын зæгъат, уый акæндзынæн!» Æмæ, æцæгæйдæр, фæндыр «Симд»-ы цагъд куы æркодта æмæ Зинаидæ денджызы хъазау куы асимдта, уæд сæ дисæн кæрон нæ уыд.

– «Чи дæ сахуыр кодта, афтæ аив кафын», – афарста чызджы. Уæд сын Зинаидæ бамбарын кодта, зæгъгæ хъæуы иу изæрыгæтты куы кафыдысты фæсивæд, уæд сæм кастис, йæхæдæг дæр-иу кафыд семæ æмæ афтæ-мæй фæцайдагъ кафыныл.

Уæлдай фыдæбон нæ бахъуыд Сосланы Зинаидæйы кафын сахуыр кæныныл. Дисы йæ æфтыдта йæ фердæхт, йæ рæсугъд уæнгты змæлд. Горæты культурæйы хæдзар сарæзта концертон программæ æмæ сæ арæхстдзинад æвдыстой канд нæхи горæты нæ, фæлæ фæр-саг хъæуты дæр. Æмæ кæцыфæнды хъæуы ма æвдыстаиккой сæ арæхстдзинад, алы ран дæр сыл æмбæлдысты тыхджын къухæм-дзæгъдимæ.

Фæстæдæр Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ансамбль «Симд»-мæ агуырдтой æрыгон кафджыты. Сосланы уынаффæмæ гæсгæ Лалыты Зинаидæйы бакодтой уырдæм. Уæд дзы къухдариуæггæнæгæй куыста Тедеты Георги. Чызджы цинæн кæрон нæ уыдис. Алцы дæр æм фынфенæгау кастис. Ныр сæххæст йæ бæллиц. Ансамблы кафгæйæ-иу йæ зæрдæ цины æнкъарæнтæй байдзаг. Бамбæрста, йæ зæрдæйы алы цавд дæр, кафты аивадæн ны-вонд кæй у. «Ныр мыл 80 азы сæххæст, фæлæ ма, зæгъгæ, ногæй райгуырдтæн æмæ цы фæндагыл æрлæууон, уый æвзарын, уæддæр мæ равзæрст фæндагæй нæ фæкæсын æндæрæрдæм», – зæгъы Зинаидæ. Æмæ раст зæгъы Лалион, йемæ ныхас кæнгæйæ æнæ рахатгæ нæ фæуыдзынæ, йæ алы зæрдæйы цæф дæр сценæйæн, ирон кафтæн лæвæрд кæй у, уый. Уый тынгдæр фæбæрæг сæ концертон программæимæ Мæскуымæ, Украинæмæ, æмæ æндæр рæттæм дæр куы ацыдысты, уæд. Цæстæвæрæн-иу фесты сценæ-мæкæсджытæн. Ахæм рæстæджыты-иу йæхи стыр амондджын æнхъæлдта чызг. Бакуыста дзы цыппар азы бæрц. Бирæ рæсугъд бæл-лицтæ йæм уыд бæргæ, фæлæ хатт, адæй-магæн йæ фæндтæ йæ хъуыры фæбадын дæр зонынц. Бæрæг аххосæгтæм гæсгæ йæ бахъуыд «Симд»-æй ацæуын. Ацыд Уæрæсемæ – Иркутскы горæтмæ æмæ уым магазины уæй-гæнæгæй кусын райдыдта. Фæлæ дзы бирæ нæ бафæрæзта, йæ зæрдæ æхсайдта фæс-тæмæ йæ райгуырæн Ирыстонмæ, йæ уарзон ансамблмæ. Æхсæв йæ фыны дæр уыдон уыдта æмæ ныууагъта йæ куыст, æрыздæхт фæс-тæмæ. Хуыдтой йæ ногæй «Симд»-мæ, фæлæ нал баздæхт. Ам дæр базарады фæдыл бацыд куыстмæ. Йæ цæсгомджын архайдмæ йын куы бакастысты, уæд æй ракодтой скъолаты хæлцадæй ифтонггæнæн комбинатмæ хистæ-рæй. Йæ куыст æвзæр нæ цыд. Уарзтой йæ æмæ дзы аргъуц кодтой йе ‘мбæлттæ. Фæлæ, уæддæр Зинæйæн йæ зæрдæ æхсайдта кафынмæ æмæ æнкъард кодта.

Зинаидæйæн та иу бон йæ бæллиц сæххæст æнæнхъæлæджы. Дзадтиаты Уакка йын фехъусын кодта, фольклорон ансамбль кæй аразы æмæ йæ тынг зæрдиагæй кæй хоны уырдæм. Сырæзт фольклорон ансамбль «Фарн». Коллектив канд хъæрмуд нæ уыдысты, фæлæ цæстæвæрæн фесты сценæмæкæсджытæн сæ аив кафт æмæ зардæй. Уы-дон гастролты уыдысты Цæгат Ирыстоны сæйраг горæт æмæ бирæ хъæуты. Уый фæстæ сæ фæхуыдтой Мæскуыйы уагъдцæуæг фестивалмæ. Жюрийы уæнгтæ сын уæд стыр аргъ скодтой. Сæ зæрдæмæ афтæ тынг фæцыдысты æмæ ма сæ уый фæстæ дæр цалдæр хатты фæхуыдтой Мæскуымæ. Фæлæ уæд уыд рацарæзты дуг. Рæстæгыл нал истой мыздтæ. Бæстæ схæццæ. Ансамблы гастролты арвитынæн хъуыд æхцайы фæрæзтæ æмæ уыдон ссарын та тынг фæзынис. Уыцы хæрдзтæ йæхимæ райста Зинæ. Йæ арм ын арæзта йе ‘мкъай Саулохты Валери. Уый уыдис хъæд-дæсны, арæзта хъæдæй алыгъуызон хæдзарон мигæнæнтæ, уæй сæ кодта æмæ-иу цы æхцайы фæрæзтæ самал кодта, уыдон не ‘вгъау кодта ансамблæн. Ансамбль ма Зинæйы иузæрдион æххуысы руаджы уыд Одессæйы, Индийы. Фæхуыдтой сæ Испанимæ. Уым уагъд цыдис музыкалон, фольклорон-интернационалон фестиваль. Уыцы фестивалы уый бацахста фыццаг бынат. Рахуыдтой сæ Жемчужинæ æмæ артисттæй алкæмæн дæр балæвар кодтой жемчугæй фæрдгуытæ.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ фольклорон ансамбль концерттæ кæй равдыста 100 бæстæйæ фылдæры.

Фæлæ æрбалæууыдысты 90-æм азтæ. Сызмæст, схæццæ ис бæстæ. Нæ гуырдзиаг сыхæгтæ нæм æргомæй лæбурын райдыдтой. Нал куыстой куыстуæттæ. Нал истам мыздтæ дæр. Уыцы рæстæджы та сæм Мæскуыйæ æр-дзырдтой, цæмæй та ансамбль «Фарн» æр-цæуа йе сноггонд программæимæ. Зинæ та «Фарн»-ы хыгъдмæ ахыгъдта йе ‘хцайы фæрæзтæ. Куыд бузныг дзы уыдысты йæ коллектив. Дзадтиаты Уакка Зинаидæйы рахуыдта йæ рахис цонг.

Араст ис ансамбль йæ дæргъвæтин фæндагыл Мæскуымæ. Æрурæдтой сæ Чъехы. Фæмæстæй сæ мардтой, стæй сæ ауагътой. Тынг сыл фæцин кодтой Мæскуыйы. Ацы хатт дæр ансамблæн уыд стыр æнтыст, фæлæ фæстаг. Хæст цыренæй-цырендæр кодта. Никæйуал æндæвта артисттæй æнæ дон, æнæ рухс, æнæ газ горæты кафын, зарын. Уыйадыл ныппырх, банымæг ансамблы куыст.

Уый фæстæ ма Зинæ сарæзта æвзонг кафджыты къорд. Бахуыйын сын кодта кафæн костюмтæ дæр. Ацыдысты гастролон балцы Италимæ дæр. Зинæйы фæндыд Ирыстоны культурæ æмæ аивад хæрдмæ, арвы тыгъдадмæ сисын. Фæлæ хæст карзæй-карздæр кодта æмæ ансамблæн уый уыдис йæ фыццаг æмæ фæстаг балц гастролты. Æппæт уыдæттæ домдтой хæрдзтæ, фæлæ сæ Зинæ рæдауæй лæ-вæрдта Ирыстоны кафты аивадмæ йæ хайбавæрд бахæссыны тыххæй.

Зинаидæйы уый фæстæ фæхуыдтой Цæгат Ирыстоны фольклорон ансамбль «Хъуыбады»-мæ кусынмæ. Уый уыдис 2004-æм азы æмæ дзы бакуыста æрæджыйы онг.

Зинæ, ды дæ архайдæй равдыстай стыр патриотизм, дæ райгуырæн бæстæмæ æнувыддзинад æмæ дыл дæ алы гуырæн бонтæ дæр æнæнизæй цæуæд!

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.