Кæцыфæнды нацийæн дæр æнæ культурæ уæвæн нæй, ууыл æнцой кæны паддзахады размæцыд æмæ адæмы удыхъæд. Абон нæ республикæйы культурон цард цы æмвæзадыл ис, æвæстиатæй цæуыл хъæуы бакусын æмæ дарддæр йæ фидæн куыд арæзт цæудзæн, уый тыххæй ныхас кодтам Республикæ Хуссар Ирыстоны Культурæйы ног министр, æмæ республикæйы сгуыхт журналист Зæгъойты Радæимæ.

– Националон идеологи æхсæнадæн, паддзахады рæзтæн у æнæмæнгхъæуæг. Дæ хъуыдымæ гæсгæ, абон нæ республикæйы ис æви нæй националон идеологи æмæ культурæйы министрадæн йæ хъуыды куыд у ацы фарст æрбиноныг кæныны тыххæй?

– Кæд мах дзурæм националон идеологийыл, ома, нацийы æнæмæнгхъæуæг монон райрæзтыл, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, культурæйы системæйыл æнцойад кæны стыр бæрндзинад, цæмæйдæриддæр уыцы егъау æмæ нысаниуæгджын æмбарынад райса цавæрдæр бæрæг контуртæ. Мах кæд рационалон идеологийыл дзурæм, уæд нæ, фыццаджыдæр, нæ рæзгæ фæлтæрыл хъæуы ахъуыды кæнын. Уыдон сты нæ фидæн. Фæлæ, хъыгагæн, нæ фæсивæдæй чидæртæ бæрæг аххосæгтæм гæсгæ фесæфтой сомбоны ориентиртæ, фæиппæрд сты культурон цардмæ конд фæндæгтæй. Нæ культурæйы бирæ фæдыздæхтыты ис карджын фæлтæр, æмæ сæ сомбон чи раива, уый зынгомау фарст у.

Националон идеологи у нацийы монон райрæзт. Махæн нæ рагфыдæлтæ хъæздыг культурæ ныууагътой – æнæ культурæйæ та нацийæн уæвæн нæй. Нæй гæнæн, культурæйыл дзургæйæ, æрмæст концерттæ дæ хъуыдыйы дарай. Кæддæр нæ адæмæн уыдис националон идея – нæ адæм æмхуызонæй хæдбардзинад райсыны сæрыл куы архайдтой æмæ йæм куы бæллыдысты, уæд. Ныртæккæ бынтон æндæр цард ралæууыд, фæлæ, хъыгагæн, адæмы иудзинад раздæрау нал у, кæцырдæм цæуæм, уый дæр нал æмбарæм.

Уымæ гæсгæ мах культурæйы уылты хъæуы афтæ бакусын, цæмæй куыд адæм, куыд æтнос афтæ размæ цæуæм æмæ рæзæм. Мах хъæуы не ‘ргом аздахын фæсивæдмæ – уыдонæй аразгæ у иннæ фæлтæрты фидæн. Ацы фарст хъуамæ уа приоритетон æмæ уа нæ адæмы националон идея. Куыд уынæм, афтæмæй бæрæг аххосæгтæм гæсгæ фесæфтам ахæм фæлтæрты, кæцытæ егъау хайбавæрд бахастой нæ нацийы райрæзты фарны хъуыддагмæ. Æнусон цард нæй, хъыгагæн уыдонæй бирæтæ æцæг дунейы хай баисты, æмæ нæм абон, зæгъæм, литературæйы фадыджы нæй æрыгон фысджытæ æмæ поэттæ. Катай кæнæм æрыгон драматургтæ нæм кæй нæй, ууыл дæр. Хорз кадртæ схъомыл кæнынæн, хъæуы рæстæг. Сфæлдыстадон элитæ схъомыл кæнын дæр хъуамæ уа нæ националон идеологийы иу хай. Махæн нæ сæйраг хæс у, рохуаты чи аззадысты, кæддæры уыцы позицитæ раздахын. Ног мидисæй, ног фæлтæры сæ баххæст кæнын æмæ сыл хъомыл кæнын. Иуныхасæй, фæсивæдыл нæ хъæуы акцент сæвæрын.

– Хæрзæрæджы дæ сæвæрдтой Культурæйы министрæй æмæ дæ цыбыррæстæгон куыстæн ис фæстиуджытæ. Фыццаджыдæр бабæрæг кодтай Хуссар Ирыстоны кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль «Симд»-ы. Ансамбль дзæвгар рæстæг,  сценæ-мæ нал рахызтис. Ныр цæттæ у республикæйы концерттæ арæхдæр æвдисынмæ. Хореографион скъола-студийы фарстыл дæр куыст цæуы, цæмæй раздæха йæ кæддæры арфæйаг куыстмæ.

Нæй гæнæн æмæ адæймагæн тыххæй хъарай культурон цард. Махмæ та афтæ рауайы æмæ мæнæ тыхмийæ адæмы кæнæм театрмæ кæнæ цавæрдæр культурон мадзæлттæм. Разы дæн, мах адæмы размæ цы хæссæм, уый алыхатт ныры дуджы æхсæнады домæнтæн нæ фæдзуапп кæны. Иннæмæй та зæгъдзынæн афтæ, æмæ адæм дæр сæхæдæг афтæ систы æмæ театрмæ билет балхæной, уый никæй фæнды. Билеттæ дæр нæ вæййынц зынаргъ, нæ театрмæ билеты аргъ лæууы 200 сомы. Уыцы ‘хцайæ ничи фæмæгуыр уыдзæнис, æгæрыстæмæй ма дзы аивадæн æмæ дæхицæн дæр æрхæсдзынæ пайда.

Театры паддзахад финанс кæны. Бакæнæм ын йæ дуæрттæ æмæ йæ æнæаргъæй дæр саразæм, фæлæ уымæй дæр нæ фæфылдæр кæндзыстæм театрдзауты. Кæй зæгъын æй хъæуы, хæст дæр ныл тынг бандæвта. Культурон рæзты æмвæзадыл куы дзурæм, уæд нæ рох хъуамæ ма уа, 15 азы бæрц нæ театр цы уавæры уыдис, уый. Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театр мæгуырау уавæрты профцæдисы агъуысты куы куыста, уыцы рæстæджы фесæфта йæ табугæнджыты. Ныр та нын ис диссаджы театр, кæцыйы æппæт уавæртæ дæр ис нæ артисттæн. Уый хауы «Симд»-мæ дæр.

Уæрæсейы Федерацийы финансон æххуысы руаджы ансамблæн дæр сæ куыстæн ис æмбæлон уавæртæ. Фæлæ ма нæм ис ахæм сфæлдыстадон коллективтæ, кæцытæ сты фæсдуæртты, уынджы. Зæгъæм, адæмон инструментты паддзахадон оркестр «Айзæлд»-ы коллективæн нæй йæхи бæстыхай, цæмæй æмбæлонæй сæ куыст цæуа. Ахæм уавæры ис РХИ-йы президенты цур лæппуты хор дæр æмæ  бар-æнæбары посты агъуысты къуындæг хатæнты архайынц. Ирон аивад, ирон кæфтыты гуырæн цы хореографион скъола-студи уыдис, уый дæр нæм уыдис 10 азы рохуаты, гæххæттыл. Æмæ куы дзурæм культурон хъомыладыл, уæд, сæйраджыдæр, уыдæттæй хъæуы райдайын. Абон культурæйы фадыджы стыр мыздтæ нæй æмæ йæ финанскæнынад дæр цъус у.

Куыд ис гæнæн æмæ культурæйы райрæзты паддзахадон программæйы бюджет æртæ милуан æмæ æрдæджы бæрц уа? Уыдонæй та милуан æмæ дыууæсæдæ мин сомы хардз цæуынц нæ республикæйы фысджыты, нывгæнджыты æмæ журналистты цæдистыл.

Культурæйы райрæзт та домы, цæмæй куыд бынаты, афтæ фæсарæнты дæр организацигонд цæуой нывгæнджыты равдыстытæ, æппæт сфæлдыстадон коллективты гастролтæ æмæ æнд. Лæмбынæг æркæсын хъæуы нæ драматургимæ.

Зæгъæм, театры спектакльтæ сæвæрыны тыххæй афæдзон бюджет у авдсæдæ мин сомы бæрц. Ахæм æхцайы фæрæзтæ та гонорары хуызы райсынц зындгонд режиссертæ. Æрæджы хицауады сæрдар Джусойты Константинимæ бабæрæг кодтам театры. Бæстыхай егъау у æмæ домы æмбæлон æмвæзадыл лæггад. Уыдонæн иууылдæр фæрæзтæ хъæуы, фæлæ уый сæйраг нæу. Сæйраг у сфæлдыстадон куыст æмæ йын хъæуы æмбæлон уавæртæ аразын. Æвæццæгæн нæ хъæуы Ирыстоны хуссар æмæ цæгат хæйтты цавæрдæр кон-курстæ расидын, зæгъæм, хуыздæр комеди, хуыздæр уацмысы фæдыл æмæ æндæр ахæмтæ. Уæлахиздзауы пьесæйыл та сæвæрдзыстæм спектакль.

– Цæгат Ирыстон-Алани æмæ Уæрæ-сейы Федерациимæ культурон баст-дзинæдтæ æнгомдæр æмæ арфдæр кæныны нысанæн цавæр мадзæлттæ ист цæуы министрады ‘рдыгæй?

– Йæ рæстæджы РХИ-йы культурæйы министр Остъаты Мадинæ йæ уæрæсейаг коллегæтимæ цалдæр хатты йæ къух бафыста ведомствойон сразыдзинæдтыл. Нæ театры аивадон къухдариуæггæнæг Дзуццаты Тамерлан дæр Цæгат Ирыстоны театримæ бафыста сразыдзинæдтæ æмæ уæдæй фæстæмæ театртæ кæрæдзимæ цæуынц гастролон балцыты.

Уæрæсейы Федерацийæ мах стæм стыр бузныг, се ‘ххуысы къух нæм сæрбахъуыды рæстæджы кæй фæдаргъ кæнынц, уый тыххæй. Айдагъ нын уыйбæрц объекттæ кæй сарæзтой, уый кæуылты хъуыддаг у. Ныртæккæ хъуыды кæндзыстæм ууыл, цавæр хъуыдытæ æмæ мадзæлттимæ сæмбæлæм нæ уырыссаг партнертыл, цæмæй бæлвырдæй зонæм нæ мадзæлтты нывæзт  æмæ дарддæры къахдзæфтæ. Æппæтуæрæсейаг культурон проектмæ хаст у Цæгат Ирыстон-Аланийы культурæ, куыд Уæрæсейы хай, афтæ. Мах дæр фæнды, цæмæй Уæрæсейы Федерацийы культурон проектмæ Хуссар Ирыстон хаст æрцæуа.

– Кадртæй та куыд æххæст у æмткæй культурæйы фадыг?

– Арæх мын фæдзурынц, зæгъгæ, уæртæ уыцы адæймаг фæндырдзæгъдæгæй кусы æртæ бынаты. Махæн нæ бон у æмæ йын зæгъæм, цæмæй дзы дыууæ бынат суæгъд кæна. Æмæ уæд фæрсын, зæгъгæ, уыцы дыууæ бынатмæ чи ʻрбацæуа, ахæм кусджытæ нæм ис? Дзуапп вæййы ахæм: «Нæй, фæлæ нæм æгуыст адæм бирæ ис». Æгуыст адæм бирæ, фæлæ уыдон фæндырыл афтæ нæ цæгъддзысты, уый йыл куыд цæгъды.

Зæгъæм, Къуайсайы ис ахæм æрыгон специалист, кæцы профилон ахуырад райста Уæрæсейы æмæ йын куыст нæй. Æз бахæс кодтон, цæмæй Къуайсайы къухдариуæгад æрыгон специалистæн куысты бынат ссара, чизоны, дзы пенсиисджытæ ис, кæнæ цалдæр бынаты чи ку-сы, ахæмтæ. Æрыгон специалист уынджы уа æмæ чидæр та цалдæр бынат ахса, уый гæнæн нæй. Фæлæ, кæд специалисты чи раива, ахæм нæ разына, уæд йæ ныхмæ куыд дзурæм? Къуайсайы культурæйы хæдзары штатон нымæц куы федтон, уæд тынг фæдис дæн. 18 адæймагæй æрмæст 12 сты бæстыхаймæ чи зилынц, уыдон æмæ сфæлдыстадон кусджытæ та – 6. Æмæ уæд сфæлдыстад кæм ис? Кæцыран хъуамæ разына? Тынг стыр къуыхцыдзинæдтæ нæм ис библиотекæты дæр. Бирæтыл дзы азылдтæн æмæ нæ кусынц. Басæттæм ыл, кæй нæ кусæм куыд æмбæлы, афтæ. Цæмæй размæ цæуæм æмæ рæзæм, уый тыххæй нæ бирæ кусын хъæуы.

– Цавæр сæйраг проблемæтыл сæмбæлдтæ дæ куысты, фыццаг рады дзы кæцы фарстытæ хъæуы аскъуыддзаг кæнын?

– Уыййас скъуыддзагкæнинаг фарстытæ ис æмæ дзы сæйрагдæрыл кæцы банымайон, уый нæ зонын. Абон уал  сæйраг у «Симд» кæй фæцудыдта, уыцы риссаг фарст. Раздæр цы уыдис, уый уыдис. Ныфс мæ ис коллектив сæ куыстмæ кæй æркæсдзысты. Ансамблы ныры аивадон къухдариуæггæнæг у нæхи бынæттон специалист, кæцымæ ис профессионалон хореографион ахуырад. Тынг мæ фæнды йæ фарсмæ балæууын æмæ йыл баууæндын. Йæ куыст куыд равдиса, йæ фидæны контуртæ рабæрæг уыдзысты уæд. Рæхджы «Симд» концерттæ ратдзæн 26-æм августы æмæ уый фæстæ та 17-æм сентябры Крас-ноярскы Годенкойы номыл ансамбылимæ иумæ. «Симд» ма республикæйы районты дæр хъуамæ равдиса концерттæ, – зæгъæм, Къуайса æмæ Ленингоры.

Фыццаг хæрзаудæн концерттæ «Симд» куы радта, уæд æртымбыл кодтам Хуссар Ирыстоны хореографты æмæ зындгонддæр кафджыты. Уыдон банысан кодтой, ансамбль хуыздæрхъуаг кæй у. Мах фæнд кæнæм «Симд»-ы цур аивадон совет саразын, кæцыйы сконды уыдзысты национ хореографийы минæвæрттæ æмæ зындгонд кафджытæ.

Скъуыддзаг кæнын ма хъæуы киноконцертон зал «Чермен»-ы фарст дæр. Кинонывтæ æвдисын дзы нæ бон нæу. Куыд мын бамбарын кодтой, афтæмæй сын раздæр уыдис ахæм практикæ æмæ-иу прокатæй балхæдтой фильм, фæлæ-иу йæ хæрдзтæ нæ бамбæрзта. Махæн ныртæккæ нæ бон у, цæмæй дзы æвдисæм æрмæстдæр зæронд кинотæ. Фæлæ дарддæр хъуыды кæндзыстæм ацы фарстыл.

Æз ма æркастæн культурæйы райрæзты программæмæ дæр æмæ йæ фæивтон. Программæмæ бахастон скъоладзау фæсивæдæн зарды конкурс ауадзыны мадзал. Конкурс хуыйны «Зарæг» æмæ рæхджы нæ министрады бахæсмæ гæсгæ ПТРК æмæ киностуди «Аллонфильм»-ы руаджы уагъд æрцæудзæн.

Проблемæтæ ма нын уыдис хореографион скъола-студийæн бынæттæ ссарыны хъуыддаджы. Уымæн йæ иу хай ныр кусдзæнис «Чермен»-ы, иннæ хай та – библиотекæйы бæстыхайы. Æндæр гæнæн нæй, цæмæй нæ хореографион скъола ма фесафæм. Хореографион скъола-студи æмæ ма 2-æм музыкалон скъолайæн бæстыхæйттæ саразыны тыххæй мах бахатыдыстæм нæ хицауадмæ, цæмæй сæ дыууæйы дæр бахæссой 2023-2025 азтæн инвестпрограммæмæ.

– Цæмæй хъуамæ баххæст кæнæм нæ ирон театры репертуар?

– Ацы фарстыл мæнæн æнцон у дзурын, уымæн æмæ нæ театры репертуар иууылдæр зонын. Мæнмæ гæсгæ, кæд нæ театр национ у, уæд нæм фылдæр хъуамæ æвæрд цæуой национ драматургийы уацмыстæ. Хъæуы агурын ног драматургты, ног уацмысты. Махæн драматургийы фадыджы ис проблемæтæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, алы рæстæгæн дæр актуалон сты Уанеты Владимиры уацмыстæ. Йæ «Хилачы фидар» у национ драматургийы фидауц. Йæ пьесæтæм гæсгæ æвæрд спектаклтæ хуыздæртыл нымад уыдысты. Фæлæ нæ дуджы домæнтæм гæсгæ агурын хъæуы ног, нырыккон комедитæ, хъæуы нæ политикон сатирæ, абоны социалон уавæрыл дзурæг драмæтæ æмæ æндæр ахæмтæ. Театры репертуары хъуамæ уой фæсарæйнаг æмæ уырыссаг классикæ дæр.

– Хорз цæттæ артисттæ театрмæ æрбахоныны тыххæй та цы хъавут саразын?

– Уæлдæр мæ бафарстат, зæгъгæ, Уæрæсейы Федерациимæ нын цавæр æмгуыстад уыдзæнис. Мах нæ уырыссаг коллегæтимæ кусдзыстæм ацы фарстыл, бахатдзыстæм сæм, цæмæй та нын Щепкин æмæ Щукины номыл театралон ахуыргæнæндæтты бакæной ирон курсытæ. Нæхи университеты дæр баконд æрцыдис актерон факультет, уыдон сты цыппæрæм курсы. Се ‘хсæн ис курдиатджын фæсивæд æмæ хъуыды кæндзыстæм куысты бынæттæй сæ сифтонг кæныныл. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдонæн зонындзинæдтæ дæттынц нæ специалисттæ, фæлæ ноджыдæр æмæ ноджыдæр  фæсивæды хъæуы цæттæ кæнын. Нæ театрæн сомбон кæй ис, ууыл дызæрдыг кæнын нæ хъæуы.

– Адæймаг культурон хъомыладыл сывæллонæй цайдагъ кæны. Цæмæй æрыгон фæсивæды аивад æмæ культурæйыл цайдагъ кæнæм, уый фæдыл та цавæр куыст цæуы министрады?

– Цæмæй сывæллон культурон æгъдауæй рæза, уый тыххæй мах Республикæ Хуссар Ирыстоны Ахуырад æмæ зонады министрадимæ хъуамæ  æмгуыстад кæнæм. Рæзгæ фæлтæры хъомыл кæнын хъæуы театры спектакльтæ, нывгæнджыты равдыстыты, хореографион аивады, алыгъуызон культурон мадзæлтты руаджы. Махæн нæ хæс у нæ сывæллæттæн хорз æмæ гъæдджын продукци дæттын. Ныртæккæ æз ивындзинæдтæ бахастон рæзгæ фæлтæры монон-хæрзæгъдауон райрæзты программæмæ. Хъуамæ театры сæвæрæм мюзикл мадæлон æвзагыл, музыкæ йын фыссы композитор Плиты Мурат. Афтæ ма нæ фæнды ис сывæллæтты хореографион шоу нарты кадджытæм гæсгæ сæвæрын дæр. Кусдзысты йыл Чилæхсаты Георги æмæ Хуыгаты Дианæ. Ног азмæ фæнд кæнæм ирон æвзагмæ тæлмацæй цалдæр мультфильмы бацæттæ кæнын дæр, кæцыты æвдисдзыстæм «Чермен»-ы. Ныфс мæ ис, ацы программæимæ кæй сразы уыдзысты хицауад дæр æмæ фæззæджы кæй бавналдзыстæм сæ среализаци кæныны хъуыддагмæ.

Зæгъойты Рада ма немæ æрныхас кодта æндæр ахсджиаг фарстытыл, куыд, зæгъæм, историон æмæ архитектурон цыртдзæвæнтыл,  кæцыты æвæстиатæй хъæуы среставраци кæнын. Реставраци кæнын хъæуы астæуккаг æнусты аргъуанты æмæ Ленингоры музей дæр. Фæлæ Культурæйы министрадмæ уыцы финансон фæрæзтæ нæй. Ацы ахсджиаг фарсты фæдыл министрад фыстæг барвыста хицауадмæ, цыран бæстонæй фыст æрцыдысты реставрацикæнинаг объектты уавæр.

ЦХУЫРБАТЫ Лариса

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.