Дунейæн цæстæвæрæн цы скифаг сызгъæрин артефакттæ фесты, уыдонæн сæ иу хай дæсгай азты æвæрд уыдысты Хъырымы цалдæр музейы. Бæрæг куыд у, афтæмæй ацы сызгъæрин артефакттæ æмбырдгонд цыдысты бирæ азты дæргъы фæлтæрд археологты æнувыд куыстыты руаджы Хъырымы территорийыл. Уыдон сты ацы æрдæгсакъадахы истори æмæ культурæйы æвдисæндартæ, æмæ йæ тынг хорз зонынц ахуыргæндтæ дæр æмæ культурæйы фадыджы минæвæрттæ дæр.

Куыд зонæм, афтæмæй скифаг сызгъæринты коллекци, дыууæ мин артефакты бæрц, Хъырымæй ласт æрцыдысты Амстердаммæ 2014-æм азы февралы мæйы Амстердамы археологион музейы уагъдцæуæг равдыст: «Крым,  золото и секреты Черного моря»-мæ. Уый уыд, Хъырым Уæрæсейы Федерацимæ куынæма æрбаиу ис, уæд. Уæрæсеимæ Хъырымы баиу цы политикон ивындзинæдтæ æрхаста, ууыл нæ дзурдзыстæм, фæлæ, абон скифаг сызгъæрин артефактты сæ историон бынатмæ æрæздæхыны хъуыддаг дзырддаг кæй сси æмæ дунейы æппæт бæстæты культурон æмæхсæнады кæй сдзурын кодтой рæстдзинады сæраппонд, уымæ хъæуы ноджыдæр уæлдай хъусдард аздахын, ууыл хъæуы дзурын дæр.

Кæй зæгъын æй хъæуы, Уæрæсейы Федераци дæр æмæ Украинæ дæр нымайынц, ацы коллекци, ома, кæй у сæхисæрмагонд, æмæ уымæ гæсгæ дыууæ фарс дæр кæнынц быцæу. Хъуыддаг афтæ кæй у, уый тыххæй нал аскъуыддзаг ис артефактты кæмæн раздахой, уыцы фарст. Æмæ уый фæстиуæгæн тæрхон кæнынц абон дæр. Амстердамы тæрхондон стæрхон кодтой æмæ рахастой ахæм вердикт: зынаргъ коллекци æрвыст æрцæуæд Киевмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы æнæраст фæстиуæг бандæвта æмæ æнæразыдзинад сæвзæрын кодта дунейы растхъуыдыгæнæг адæмтæм, æмбæлон уагдæттæм. Банысанчындæуыд, зæгъгæ, уый у дунейы барады нормæтæ халыны хъуыддаг.

Скифаг сызгъæринты ситуаци дардыл кæй анхъæвзта æмæ адæм рæстдзинадыл кæй тох кæнынц, уый тыххæй арæзт цæуынц протесттæ, фыссынц куырдиæттæ, цæмæй растыл ма банымайой, Амстердамы тæрхондон цы тæрхон рахаста, уый. Ахæм хъуыдыйыл хæст сты нæ бæстæйы адæм дæр, æмæ се ‘нæразыдзинад æвдисынц æппæтварсонæй. Ацы ахсджиаг фарсты тыххæй æрдзырдтой 24-æм январы мультимедион пресс-центр «Спутник»-ы цы видеохид арæзт æрцыд Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы республикæйы æхсæн, уым. Видеохиды хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны национ музейы директор Зассеты Мераб æмæ Абхазы республикæйы Культурæйы министры хæдивæг Батал Кобахия. Уыдон æрдзырдтой Хъырымы музейты скифаг сызгъæринты охыл æндыгъд ситуаци, культурон æргъадты реституци, культурон бынтæ æмæ традицитæ бахъахъхъæнын æмæ дыууæ республикæйы музейты æмгуысткæнынады тыххæй. Видеохиды фæлгæтты руаджы дыууæ республикæйы минæвæрттæ кæрæдзийæн загътой саламкæныны ныхæстæ. Уый фæстæ Зассеты Мераб йæхимæ айста ныхас æмæ æрдзырдта Хуссар Ирыстоны национ музейы ныртæккæйы куысты тыххæй, цы æрмæджытæ сæм ис æмæ фидæны цы куыст хъуамæ бакæной, æппæт уыдæттыл. Музейы директор ма банысан кодта Цхинвалы музейæ дæр 90-æм азты давд кæй æрцыд Оконайы триптих, æмæ куыд артефакт, афтæ кæй разынд Европæйы. Уыдон æй Хуссар Ирыстонæн нæ радтой, фæлæ Гуырдзыстонæн. Йæ рады Батал Кобахия дæр загъта, зæгъгæ, культурæ æмæ историон цыртдзæвæнтæ хицæн хъуамæ æрцæуой политикон тенденцитæй æмæ баст æрцæуой, цы бынæтты равзæрдысты æмæ арæзт æрцыдысты, уыдонимæ. «Ис Венециаг харти, кæцы дырысæй дзуры, зæгъгæ, артефакттæн фæхицæнгæнæн нæй историйæ. Скифты сызгъæрины истори та баст у Киев, Белгород æмæ Мæскуыимæ нæ, фæлæ комкоммæ дæр Хъырымы уыцы территориимæ, цы ран сæвзæрд уыцы культурæ», – загъта Батал Кобахия. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, культурон æргъадты реституцийы проблемæ канд Хуссар Ирыстоны нæй, фæлæ ма бирæ æндæр бæстæты дæр. Йæ хъуыдымæ гæсгæ Абхаз æмæ Хуссар Ирыстон активондæрæй хъуамæ дзурой сæ позици, сæ культурон бынтæ æмæ традицитæ бахъахъхъæныны фæдыл, уынаффæ кæной музейты æмархайды фæдыл фарстатыл. Абхазы культурæйы министры хæдивæг уавæрæй пайдагæнгæйæ, фæхуыдта Зассеты Мерабы Абхазы паддзахадон музейыл 100 азы сæххæсты юбилейон бæрæгбонмæ. Зассеты Мераб дæр сразы ацы фæндонимæ æмæ ма банысан кодта гæнæн уæвгæйæ хайад кæй райсдзæнис бæрæгбонон мадзалы æмæ сæ фембæлды рæстæджы лæгæй-лæгмæ хуыздæр кæй аныхас кæндзысты музейты куысты фæдыл, проблемæтыл æмæ æнтыстытыл.

Мах та скифаг сыгъзæрин артефактты дарддæры хъысмæтмæ нæ хъус лæмбынæг дардзыстæм æмæ йæ мыхуыр кæндзыстæм нæ газеты фæрстыл.

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.