Джыгкайты Бэлæ хауы ахæм адæймæгтæм, кæцытимæ ныхасгæнгæйæ адæймагмæ сæвзæры æвæрццаг эмоцтиæ. УЫй у хæларзæрдæ æмæ оптимистон адæймаг – нырыккон аргъæуттæ фыссæг. Фæстаг рæстæджыты нын арæх балæвар кæны йæ чингуытæ, кæцытæ азæй азмæ кæнынц цымыдисонæй цымыдисондæр.

Йæ профессимæ гæсгæ Беллæ у хими æмæ биологийы ахуыргæнæг. Æртæ азы скъолайы ахуыргæнæгæй бакусыны фæстæ уый бинонты уавæрмæ гæсгæ ныууагъта йæ куыст. Æрæджы ма Беллæ каст фæцис Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ирон æвзаг æмæ литературæйы факультет. 2013 азæй кусы хистæр лаборантæй, нырма уал уырыссаг æвзаджы кафедрæйы, уый фæстæ та политологи æмæ социологийы кафедрæйы.

Джыгкайты Беллæ нын йæхæдæг куыд радзырдта, афтæмæй фыссын райдыдта, скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд. «Æз кæддæриддæр тынг уарзтон литературæ, æвæццæгæн, уымæн æмæ нæ ахуыргæнæг Козаты Лидия Алексейы чызг алцыдæр арæзта, цæмæй йын йæ предмет бауарзтаиккам. Хистæркъласонтæ, уæлдайдæр та фыццаг уарзты ад чи банкъары, уыдон арæх фæфыссынц æмдзæвгæтæ. Уыдон æхсæн уыдтæн æз дæр. 10-æм къласы ахуыр кæнгæйæ уарзондзинады тыххæй æз ныффыстон тынг бирæ æмдзæвгæтæ, фæлæ фæстæдæр, хъыгагæн, мæ альбом ныскъуыдтæ кодтон, никæмæн æй равдыстон, афтæмæй»,- загъта Джыгкайты чызг.

Скъола каст фæуыны фæстæ йын бæргæ уыд фадат Мæскуымæ ацæуынæн æмæ Горькийы номыл Литературон институтмæ ахуыр кæнынмæ бацæуын, фæлæ сæ иунæг чызджы йæ ныййарджытæ нæ ауагътой дард ранмæ. «Æвæццæгæн, мæ амонд афтæ уыд. Уæд æз, кæд мæ тынг нæ фæндыд, уæддæр ахуыр кæнынмæ бацыдтæн Хуссар Ирыстоны педагогон институты биологийы факультетмæ. Мæ алыварс уæвджытæ-иу мæ сабыр кодтой ахæм ныхæстæй, зæгъгæ, Чехов дæр йæ профессимæ гæсгæ дохтыр уыд, фæлæ йæ сфæлдыстадон куыст кæнынæн ницы хъыгдардта. «Растдæр уæд, ома фыццаг курсæй, райдыдтон аргъæуттæ фыссын цæрæгойтыл, æгæрыстæмæй зайæгойтыл дæр.  Æз арæх фæхъуыды кæнын, уый æнæнхъæлæджы кæй нæ уыд, уымæн æмæ цæрæгойты цард, миддунейы тыххæй куынæ зонай, уæд сыл тынг зын фыссæн у. Уæд бафæлвæрдтон аргъау иронау ныффыссыныл æмæ мын æнтысгæ дæр бакодта. Уый уыд тынг зæрдæмæхъаргæ аргъау, цыран къутæр бæлас цæттæ уыд йæхи нывондæн æрхæссынмæ, цæмæй æнæнхъæлæджы йæ фармæ цы чысыл тæрхъус æрбаллæууыд, уый схъарм уыдаит»,- загъта Беллæ.

Йæ сфæлдыстадон фæндагыл Беллæйæн егъау æххуыс бакодтой Фысджыты цæдисы цы алыгъуызон семинартæ уагъд цыдысты, уыдон дæр. «Советон дуджы фыссын æнцондæр уыдис, уымæн æмæ-иу æвзонг фысджыты фарс æрбаллæууыдысты ахæм адæймæгтæ, кæцытæ сын æххуыс кодтой се сфæлдыстады фæндагыл размæ цæуынæн. Уыцы нысанæн-иу уагъд цыдысты алыгъуызон мадзæлттæ, цыран-иу мах кастыстæм не ‘мдзæвгæтæ æмæ-иу сыл уый фæстæ уынаффæ кодтам.  Мыхуыр цыдысты æрыгон авторты æмбырдгæндтæ дæр. Иу ахæм æмбырдгонды мыхуыр æрцыдысты мæ аргъæуттæ дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, æз чысылæй тынг бирæ кастæн куыд сывæллæтты, афтæ æвзæнгты чингуытæ дæр. Мæн фæнды, цæмæй мæ аргъæуттæ макæйы аргъæутты хуызæн уой»,- мидбылхудгæйæ загъта Джыгкайты чызг.

Беллæйы ныхæстæм гæсгæ-иу уый чысылæй æхсæвыгæтты йе йе ‘мцахъхъæнтæн дзырдта аргъæуттæ. «Æз сын-иу Нарты кæнæ уырыссаг адæмон аргъæутты хъауджыдæр арæхдæр дзырдтон, мæхи хъуыдыйы цы алыгъуызон аргъæуттæ æвзæрдысты цæрæгойты тыххæй, уыдон. Арæх-иу мæхи афарстон, зæгъгæ, «цы мын нæ фаг кæны, цæмæннæ фыссын?». Афтæ мæм каст, цæр æмæ дæ бинонтæ, дæ сывæллæтты хорздзинæдтæм кæс, æндæр цардæн ницы хъæуы. Фæлæ мæ аргъау «Хæххон цæугæдон»-ы донæн æрлæууын йæ бон куыд нæ уыд, афтæ абон мæнæн дæр мæ бон нæу æрлæууын. Æз тырнын, цæмæй мæ хъайтартæ уой хъæлдзæг, фидар, зондджын æмæ худæг. Мæн фæнды, цæмæй мæ аргъæуттæ сабитæн хæссой циндзинад æмæ сын ахъаз кæной сæ дарддæры царды. Цæмæй сывæллæттæ аргъæуттæ кæсгæйæ сæ зæрдæмæ исой уацмысы хъайтарты рис æмæ сæхи æнкъарой уыдоны бынаты. Мæ хъайтарты фæлгæндзтыл кусгæйæ æз фæхъуыды кæнын, уыдон куыд цæуынц, куыд мæм æрбакастысты, сæ сæртæ куыд азылдтой, уыдæттыл. Уымæ гæсгæ мæм сæвзæрд мультипликацион киноныв саразыны хъуыды дæр. Куыд хорз у, дæ аргъæутты хъайтартæ телеэкрнæй куы кæсой æмæ уыдонмæ кæсгæйæ сабитæ куы цин кæной. Аргъæуттæ алкæцы саби нæ бакæсдзæн, мультфилммæ та бакæсдзæн алчи дæр, æгæрыстæмæй хистæр кары адæм дæр».

2013 азы уагъд æрцыд презентаци Джыгкайты Беллайы  чиныг-аргъау «Сыгъзæрин хъуырау»-æн. Растдæр уæд нæ республикæйы цæрджытæ базыдтой курдиатджын аргъæуттæ фыссæджы. «Уæлдай зæрдæрайгæ æмæ æнтыстджынæй фыссын райдыдтон фæстаг цалдæр азы. Мæнæн бантыст 30 аргъауæй фылдæр ныффыссын. Уыдон æхсæн сты «Сыгъзæрин хъуырау», «Эйлины калм», «Бирæгъы бæллицц», «Рухсанæйы быдыр», «Хæххон цæугæдон», «Хетæджы мæсыг», «Фондзкъуымон стъалы» æмæ бирæ æндæртæ. Уыдонæй иутæ мыхуыр æрцыдысты журнал «Фидиуæг»-ы æмæ газет «Хурзæрин»-ы. Тынг бирæ аргъæуттæ мын фыст ис уырыссаг æвзагыл. Уыдонæй дæр мыхуыр æрцыд журнал «Русское слово в Южной Осети»-йы. Аргъау «Сыгъзæрин хъуырау» та мыхуыры рацыд хицæн чиныгæй (ирон æвзагыл). Хицæн æмбырдгæндтæй ма мыхуыры рацыдысты аргъау «Хетæгы мæсыг» (ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл) æмæ «Приключения Эйлины» (уырыссаг æвзагыл). Ахуырады министрады æххуысæй мыхуыры рацыд мæ аргъæутты æмбырдгонд»,- банысан кодта уый.

Фыссын у егъау бæрндзинад, уый у тынг стыр фыдæбон, рæстæг æмæ быхсындзинад. «Æз мæхи фыссæгыл нæма нымайын, æгæрыстæмæй Фысджыты цæдисы уæнг дæр нæма дæн. Бирæтæ мын фæдзурынц, зæгъгæ, дын чингуытæ рацыд мыхуыры æмæ, зæгъ, дын афон куырдиат ныффысынæн дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, мæн тынг фæнды фыссæг суæвын, фæлæ æз бирæ рæстæджы сфæлдыстадон куыст нæ кодтон».

Ацы аз Джыгкайты Беллæ ссис Джуссойты Нафийы номыл национ литературон премийы лауреат дæр. Нæ зæрдæ йын зæгъы стыр æнтыстытæ йæ дарддæры сфæлдыстадон фæндагыл.

Кокайты Заринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.