Æвæдза, цæй хъæздыг у нæ чысыл Ирыстон курдиатджын, зынгæ адæймæгтæй. Нæ царды сæмбæлæм ахæм адæймæгтыл, кæцытæн æрдз æнæвгъау схæлар кæны царды æнахуыр диссаджы æвæрццаг миниуджытæ. Ахæмтæ сæ уæвынадæй æхцондзинад æмæ стыр пайдатæ фæхæссынц сæ алыварс уæвæг адæмæн, иумиагæй æхсæнадæн.

Мæ абоны уацы хъайтар дæр алыварсонæй æххæст у ацы царддæттæг миниуджытæй. Уымæн йе ‘ддаг бакаст куыд зæрдæмæдзæугæ у, афтæ у уды скондæй дæр. Æрдз ын рæдауæй схæлар кодта хъæздыг миддуне æмæ алывæрсыг курдиат. Йе сныхас уæздан æмæ хиуылхæцгæ. Диссаджы цымыдисон æмныхасгæнæг. Йæ алы фембæлдæй дæр адæймагæн æрхæссы æнахуыр позитивон эмоцитæ, ахæм хорз аурæ дзы цæуы. Йæ ныфсдæттæг æмæ зæрдæхæлар ныхæстæй адæймаджы бауадзы царды ныфс цыфæнды зын уавæрты дæр. Иу ныхасæй, стыр адæймаг кæй фæхонынц, ахæм у мæ абоны уацы хъайтар. Уымæн йæ ном хорз зындгонд у куыд дыууæ Ирыстоны, афтæ Уæрæсейы дæр.

Дзуццаты Тамерлан Ефимы фырт райгуырд горæт Цхинвалы 1965 азы 31-æм марты. Лæппу рæзт тынг зæрдæргъæвд æмæ коммæгæсæй. Фидæны зынгæ æмæ курдиатджын режиссер чысылæй дæр стыр ныфс уыд куыд йæ ныййарджытæн, афтæ хиуæттæ æмæ сыхæгтæн дæр. Тамерлан ахуыр кодта горæт Цхинвалы 5-æм астæуккаг скъолайы, цыран активон хайад иста алыгъуызон мадзæлтты. Уый хæрзчысылæй аскъуыддзаг кодта актер суæвын. Скъолайы ахуыр кæнгæйæ архайдта нæ горæты Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны театралон студийы,  йæ къухдариуæггæнæг уыд Таугазты Аслан.  Ацы студийы архайгæйæ, уæлдай тынгдæр бауарзта актеры дæсныйад æмæ бынтондæр аныгъуылд йæ равзаргæ профессийы.

1980 азы уый хорз нысæнттыл каст фæцис 8 къласы нæ горæты 5-æм астæуккаг скъолайы. Уыцы аз ахуыр кæнынмæ бацыд Цхинвалы музыкалон ахуыргæнæндоны актерон факультетмæ. Каст æй фæцис тынг хорз нысæнттыл 1983 азы. Ахуыргæнæндоны йæ фыццаг роль уыд Шекспиры  «Леди Макбет»-ы леди Макдуфы лæппуйы роль, кæцыйы сæххæст кодта иттæг хорз.  Йæ фыды ролы хъазыд  Къацты Филипп æмæ йæ мады ролы та – Мæхъиты Дарикъо. Уæдмæ æвзонг лæппумæ æрсидтысты Советон æфсады рæнхъытæм. 1984-1986 азты службæ кодта Фæскавказы æфсæддон округы горæт Кутаисы. Йе ‘мбæстагон хæс бафидыны фæстæ 1986 азы йе сфæлдыстадон архайд райдыдта Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны драмон театры актерæй. 1986 азы фыццаг хатт театры сценæмæ рахизгæйæ сæххæст кодта Виктор Розовы спектакль «Хъæддаг хуыйы хъыбыл»-ы сæйраг, Алексейы роль. Æвæрæг режиссер уыд Харебаты Федыр. 1990 азы бацыд горæт Мæскуыйы аивæдты кусджыты квалификаци бæрзонддæргæнæн институты Уæлдæр режиссерон курсытæм (профессор Л.Хейфецы æрмадз (ГИТИС), кæцыйы æнтыстджынæй каст фæцис 1992 азы. 1990-1994 азты актеры дæсныйад амыдта М.Щепкины номыл Уæлдæр театралон ахуыргæнæндоны 2-æм ирон студийæн.

1994 азы ацы театралон студийы рауагъдонтимæ æрæздæхт Хуссар Ирыстоны театрмæ. Ацы студийы уыдысты абоны зынгæ артисттæ Харебаты Жан-Жак, Пæрæстаты Дима, Багаты Георги, Таугазты Дзерассæ, Дыгъуызты Жаннæ æмæ æндæртæ. 1994 азы Тамерлан ссис театры аивадон къухдариуæггæнæг. Йæ фыццаг спектакль уыд Гаглойты Владимиры пьесæ «Сухтаг фыдсылтæ». Спектаклы хъазыдысты ахæм зынгæ артисттæ куыд Гæбæраты Дауыт, Галуанты Людмилæ, Зæгъойты Ростик, Тадтаты Фатимæ, Быценты Циснари æмæ æндæртæ. Спектакль рауад тынг æнтыстджын. Фæцыд сценæмæкæсджыты зæрдæмæ. 1996 азы декабры нысан æрцыд театры директорæй.

Уыцы иурæстæджы 1997 азæй 2001 азы онг уыд Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты актерон курсы аивадон къухдариуæггæнæг. «Бацыдтæн университеты уæды ректор Джиоты Георгимæ æмæ йын загътон, зæгъгæ, бакæнæм актерон курс, цæмæй нын сомбоны уа  æвзонг артисттæ. Ахуыр дзы кодтой ахæм курдиатджын артисттæ куыд, зæгъæм, Сагирова Миленæ, Хуыгаты Альбинæ, Чохели Натия, Куымæридтаты Батрадз, Цоциты Никъала. Букуылты Сослан æмæ æндæртæ. Уыдон цыппар азы фæстæ систы зынгæ артисттæ. Актерон курсы ахуыр кæнгæйæ сæвæрдтам 7 спектаклы, кæцытæ уый фæстæ хаст æрцыдысты театры репертуармæ æмæ сæ æвдыстой сценæйыл», – банысан кодта Дзудцаты Тамерлан.

1994 азы нысан æрцыд РХИ-йы Президенты цур культурæйы фæдыл советы секретарæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуд æвзæрырдæм бандæвдта Хуссар Ирыстоны æппæт фадгуытыл, уыцы нымæцы культурæйы къабазыл дæр æмæ æвæстиатæй хъуыд мадзæлттæ исын, цæмæй ацы фадыг размæ рацыдаид. Уым се стыр ныфс уыд Тамрелан æмæ 2007 азы нысан æрцыд РХИ-йы Культурæйы министрæй, цыран бакуыста 2009 азы онг. Ацы бынаты кусгæйæ, бирæ бантыст саразын курдиатджын адæймагæн. Уыцы рæстæджы нæ культурæйы фадыг раконд æрцыд уæрæсейаг тыгъдадмæ. Театры артисттæ гастролты цыдысты, куыд Цæгат Кавказы республикæтæм, афтæ Уæрæсемæ дæр, цыран æвдыстой спектаклтæ. Гастролты уыдысты ахæм рæтты, цыран Советон Цæдисы рæстæджы дæр никуы уыдысты. Иу дзырдæй, æнæхъæн Уæрæсейыл æрзылдысты. Фыццаг культурон фæндаг сын уыд Лабæмæ. Уырдæм семæ лæварæн аластой чингуытæ дæр. Тынг хорз сыл сæмбæлдысты лабæйæгтæ, æгæрыстæмæй, фырцинæй кæугæ дæр кодтой. Уый фæстæ та Лабæмæ акодта горæт Цхинвалы администрацийы культурæйы хайады цыдæриддæр ансамблтæ, сфæлдыстадон коллективтæ уыд, уыдоны. Культурон бастдзинæдтæ арæзт æрцыдысты Абхазимæ дæр. Цхинвалы районы  ансамбль «Амонд» гастролты ацыд Алтаймæ. Приднестроваг Молдоваг республикæйы уагъд æрцыдысты Хуссар Ирыстоны культурæйы бонтæ æмæ Хуссар Ирыстоны та – ацы республикæйы культурæйы бонтæ. Иннæ ахæм, Инвестпрограммæмæ хаст æрцыдысты  культурæйы фадыджы объекттæ дæр. Цалцæг æрцыдысты музыкалон æмæ нывгæнæн ахуыргæнæндæттæ. Цхинвалмæ фæхуыдтой уæрæсейаг сфæлдыстадон коллективты. Уæд базыдтой Джиоты Вероникайы ном. Дзуццайы фыртæн бирæ бантыст саразын  ацы бæрнон бынаты кусгæйæ.

Уый фæстæ та уыд театры аивадон къухдариуæггæнæг. 2010 азы ацыд театры аивадон къухдариуæггæнæджы бынатæй. Уыцы аз кусын райдыдта паддзахадон телерадиокомпани «Ир»-ы авторон программæты автор-уадзæгæй. Ам дæр æнтыстджын уыд йæ архайд, йе ‘рмдзæф уайтагъд фæзынд телеуынынады куыстыл. Уагъта «Комкоммæ эфир»-тæ. Сорганизаци кодта ахæм алæвæрдтæ, куыд «Æргомæй», «Фыдыбæстæ», «Добрый вечер Цхинвал» æмæ æндæртæ. Уыд æмæ ныр дæр у РХИ-йы Президенты бынатмæ æмæ Парламенты депутаттæм  кандидатты дебатты уадзæг.

Ацы бынатæй Дзуццайы фырты ацыд мæгуырауæрдæм фæзынд театры куысты гъæдыл æмæ йæ 2016 азы РХИ-йы уæды Президент Тыбылты Леонид æмæ культурæйы уæды министр Остъаты Мадинæ фæстæмæ раздæхтой театры аивадон къухдариуæггæнæджы бынатмæ. Иууылдæр æй бамбæрстой Тамерлан театрæн кæй нæ фаг кæны, уый. 2015 азы курдиатджын режиссер Гаглойты Владимиры «Ныййарæджы кадæг» куы сæвæрдта, уæд ын уыд стыр æнтыст. Уайтагъд фæндаг ссардта сценæмæкæсджыты зæрдæмæ. Егъау у Дзуццайы фырты режиссерон репертуар. Æндæр æмæ æндæр азты сæвæрдта Уанеты Владимиры «Алантæ», «Шахматтæ», Гаглойты Владимиры «Сухты фыдсылтæ», «Ныййарæджы кадæг», Хуыгаты Георы «Æрдхорд æфсымæртæ», «Сæтти æмæ Бæтти», Ж.Ануйы «Медея», Шекспиры «Юлий Цезар», «Гамлет», «Ромео æмæ Джульетта», Айларты А. «Робинзонтæ», Александр Пушкины «Куывд», Т.Уильямсы «Авгын сырддон», М.Задоронвы «Дæ лæджы мын рауæй кæн», А.Толстойы «Буратино», Т.Брантоны «Чарлейы мады хо», Ю.Грушасы «Дзæгъæл зæдтæ», Брытъиаты Елбыздыхъойы «Амыран», Ж.Мольеры «Бынатмæ бырæг», Галуанты Людмилæйы «Дзæнæтмæ фæндаг», Нартыхты Григолы «Æз президент куы уаин», Хетæгкаты Къостайы «Фатимæ» æмæ бирæ æндæртæ.

Дзуццаты Тамерланы спектаклтæ æвдыст æрцыдысты алыгъуызон фестивалты. 2001 азы октябры горæт Магнитогорскы уагъдцæуæг дунеон фестиваль «Театр без границ»-ы А.Пушкины «Куывд» (Пир) нысан æрцыд «Уырыссаг классикæйыл куысты сфæлдыстадон æнтысты»-ы номинацийы. 2002 азы та А.Пушкины «Куывд» ссис горæт Псковы уагъдцæуæг 9-æм æппæтуæрæсейон Пушкинскы фестивалы дипломант. Уыцы аз октябры мæйы Ю.Грушасы пьесæмæ гæсгæ «Дзæгъæл зæдтæ» ссис горæт Ростов-на-Донуйы уагъдцæуæг фестиваль «Манифест-2002»-йы фæсивæдæн хуыздæр спектаклты хайадисæг. 2002 азы ноябры В.Шекспиры трагедимæ гæсгæ спектакль «Юлий Цезарь» ссис горæт Тольятттийы уагъдцæуæг 3-аг дунеон фестиваль «Наш Шекспир»-ы лауреат æмæ нысан æрцыд «Актерон ансамблы тыххæй» номинацийы.

2002 азы декабры Брытъиаты Елбыздыхъойы трагедимæ гæсгæ спектакль «Амыран» ссис Дзæуджыхъæуы уагъдцæуæг Цæгат Кавказы национ театрты 2-аг фестиваль «Сценæ æнæ арæнтæй»-йы лауреат æмæ нысан æрцыд «Хуыздæр режиссер»-ы номинацийы. Уый, нæхи Дзуццаты Таме ссис Цæгат Кавказы хуыздæр режиссер. Цы ма уа, уымæй стырдæр æнтыст ирон лæгæн.

2013 азы декабры спектакль «Ромео и Джульетта» ссис Дзæуджыхъæуы уагъдцæуæг Цæгат Кавказы национ театрты 6-æм фестиваль «Сценæ æнæ арæнтæй»-йы лауреат æмæ нысан æрцыд «Хуыздæр спектаклы»»-ы номинацийы (Дзуццаты Тамерлан). 2019 азы апрелы Майкопы уагъдцæуæг адыгейаг-абхазаг театрты дунеон фестиваль «Кавказский меловой круг»-ы спектакль «Антигона» хорзæхджын æрцыд дипломæй «Хуыздæр режиссурайы» номинацийы (Дзуццаты Тамерлан). 2019 азы ма спектакль «Антигона» ссис горæт Ульяновскы уагъдцæуæг дунеон фестиваль «Вместе»-йы лауреат æмæ хорзæхджын æрцыд дипломæй.

2019 азы спектакль «Фатимæ» ссис «Театр æнæ арæнтæй»-йы 8-æм дунеон фестивалы лауреат, жюри йын саккаг кодта «Национ традицитæ бахъахъхъæныны тыххæй» сæрмагонд приз (режиссер Дзуццаты Тамерлан).

Уый æз скодтон Тамерланы æвæрд спектаклтæй алыгъуызон фестивалты алыгъуызон хорзæхтæ чи райста, уыдонæй цалдæры кой, фæлæ сæ нымæц у бирæ фылдæр. Хатт адæймаг хъуыдыты ацæуы, иу адæймагæн уыйбæрц сфæлдисын  куыд бантыст, уый стыр æмæ æвæллайгæ куысты фæстиуæг у. Цас хъуамæ уарзай дæ куыст æмæ дзы бынтондæр фæллайын ма зонай. Æгæрыстæмæй, йæм æфсымæрон Абхазы Республикæйæ дæр бахатыдысты, цæмæй сын сæвæра спектакль геноциды тыххæй.

Йæ æвæллайгæ куысты тыххæй алы æмæ алы азты Дзуццаты Тамерлан хорзæхджын æрцыд алыгъуызон хорзæхтæй. 1996 азы хорзæхджын æрцыд РХИ-йы Уæлдæр Советы Президиумы Кады грамотæйæ. 1999 азы йын лæвæрд æрцыд «РХИ-йы аивæдты сгуыхт архайæг»-ы кадджын ном. 2000 азы та хорзæхджын æрцыд  – РХИ-йы Президенты Кады грамотæйæ. 2001 азы – Дунеон Аланты конгрессы Кады грамотæйæ театралон аивадмæ йе стыр хайбавæрды тыххæй. 2008 азы йын УФ-йы Президент В.Путины Барамындæй лæвæрд æрцыд Пушкины майдан спектакль «Пир во время чумы»-йы тыххæй. 2009 азы хорзæхджын æрцыд Приднестроваг Молдаваг республикæйы Кады орденæй, ацы республикæ æмæ Хуссар Ирыстоны культурæйы бонтæ уагъд кæй æрцыдысты, уый тыххæй.

2019 азы РХИ-йы Президенты Барамындæй хорзæхджын æрцыд Хæлардзинады орденæй. 2019 азы йын РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы Барамындæй лæвæрд æрцыд «РЦИ-Аланийы аивæдты сгуыхт архайæг»-ы кадджын ном. Афтæ ма хорзæхджын у Цæцæны Республикæйы Президенты Кады грамотæйæ æмæ бирæ æндæр хорзæхтæй.

Мæнæ дзы цы дзурынц театры зынгæ артисттæ. Тадтаты Фатимæ, РХИ-йы адæмон артист: «Фæ-зæгъынц, зæгъгæ, баивæн кæмæн нæй, ахæм адæймаг нæй. Фæлæ уый бынтон раст нæу, уымæн æмæ ныртæккæ нæ театры аивадон къухдариуæггæнæг Дзуццайы фыртæн баивæн никæмæй ис. Мах бафæлвæрдтам æндæрты дæр, фæлæ Тамерлан ацы бынаты иууыл хуыздæр рæхсы, йæ ныхыфыст у. Ацы професси йæ ныхыфыст у. Стыр нысаниуæг ис къухдариуæггæнæг йæхи куыд дара, уымæн.  Абон йæ бынаты ис ацы лæппу. Æз æй рагæй зонын. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ Тамерлан Цхинвалы музыкалон ахуыргæнæндоны актерон факультемæ куы цыд, уæд исæн къамисы уæнг уыдтæн æз дæр. Уæд уый уыд бынтон æвзонг, 8-æм къласæй æрбацыд. Фæлæ уалынмæ ссис курсы раздзог. Æмæ фæцис алкæйы разæй дæр куыд асæй, афтæ алы хъуыддаджы дæр. Цæмæ фæнды йæм ма баулæф, уайтагъд дын дæ къух сараздзæн, тынг хорз адæймаг у».

Хаситы Вильгельм, РХИ-йы адæмон артист: «Тамерланы чысылæй фæстæмæ зонын. Тынг зæрдæргъæвд уыд чысылæй дæр.  Уый абон стыр лæггад кæны театралон аивадæн. Тамерлан куынæ уыдаид, уæд гæнæн ис, абон нал уыдаид ныртæккæ нын цахæм театры труппæ ис, ахæм. Фæцудын нæ бауагъта театры куыст йæ иууыл уæззаудæр рæстæджы. Уый йын цыма йæ удыл ныххæцыд, афтæ йæ размæ ракодта. Тынг адджынæй цæрæм. Коллективы ‘хсæн ын ис кад.  Алкæйы дæр  йемæ кусын кæй фæнды, уый бирæ цæуылдæрты дзурæг у, уыцы нымæцы йæ адæймагдзинадыл дæр».

Тъехты Васили, РХИ-йы адæмон артист: «Тамерланимæ Цхинвалы музыкалон ахуыргæнæндоны актерон факультеты иумæ ахуыр кодтам æмæ йæ уæдæй фæстæмæ зонын. Æз уыдтæн курсы иууыл хистæр æмæ Тамерлан та – иууыл кæстæр. Уыцы азты дæр бæрæг уыд сомбоны зынгæ режиссер кæй суыдзæн, уый. Тырныдта ахуырмæ, куыд актер, афтæ дæр йæхи хорз равдыста. Ныртæккæ æз Тамерланæй хуыздæр аивадон къухдариуæггæнæг нæ уынын Хуссар Ирыстоны. Куыд æмбал, афтæ дæр у тынг æнувыд. У зæрдæхæлар адæймаг. Дæ тыхст рæстæджы йæм æрдæгæхсæв куы фæдзурай, уæддæр уайтагъд дæ фарсмæ æрбалæудзæн æмæ дын дæ къух фæрог кæндзæн. Æнæ Тамерланæй нæ театры сомбон нæ уынын».

Остъаты Алан РХИ-йы Фысджыты цæдисы уæнг: «Æз, куыд райдайгæ драматург, афтæ райгонд дæн Дзуццаты Тамерланæй. Драматургийы жанры фыццаг къахдзæфтæ кæнгæйæ, æз агуырдтон ацы жанр  хорз чи зоны, ахæм адæймаджы. Фæлæ, хъыгагæн, нæ фысджытæ-драматургтæй уыцы куыст чи кодта, уыдонæй сæрæгас ничиуал у. Хорз зонгæ уыдтæн Уанеты Владимиримæ, фæлæ уый дæр уæззау низ не ‘хсæнæй  атыдта. Фыссæг гæнæн ис радзырд фысса æмæ йын ахиза уацаумæ, кæнæ романмæ дæр. Прозæйæн йæ авналæнтæ, йæ фæлгæттæ уæрæхдæр сты. Фæлæ драмон уацмыс-пьесæйæн та ис йæхи фæлгæттæ. Сценæйы хъуыддаг афтæ у, æмæ дзы уæлдай мацы хъуамæ уа æмæ цухæй дæр мацæмæй хъуамæ баззайа, куыд архайдæй, афтæ ныхасæй дæр. Гъе, æмæ мын драматургийы сусæгдзинæдтæ, фездæхæнтæ цæстуарзонæй амыдта Тамерлан. Æз æй нымадтон, нымайын æмæ нымайдзынæн стыр режиссерыл. 1920 азы Гуырдзыстоны ‘рдыгæй ирон адæмæн цы геноцид арæзт æрцыд, уый тыххæй ныффыстон трагеди «Фæстаг æвдисæн», кæцы æвæрд цæуы нæ драмон театры сценæйыл. Æвæрæг режиссер ын у Дзуццаты Тамерлан æмæ мын уый у тынг æхсызгон.

Иу зæрдæйæн цас йæ бон у уынын, быхсын, уарзын, æмбарын, маст кæнын, цин кæнын…

ДЖИОТЫ Екатеринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.