РЦИ-Аланийы 2022-2023 азты плангонд у арæзтцæуæг курорт «Мамысон»-ы æртæ фæндагон объекты саразын. Ацы нысæнттæн рахицæн æрцæудзæн 1,5 миллиард сомы, – хъусын кæны регионы сæргълæууæджы æмæ хицауады пресс-службæ.

«УФ-йы хицауады резервон фондæй 2022 азы рахицæн æрцæудзæн 865 милуан сомæй фылдæр. УФ-йы транспорты министрады æмæ «Росавтодор»-ы уынаффæ цæуы 2023 азы федералон бюджетæй 721 милуан сомы рахицæн кæныныл», – радзырдта РЦИ-Аланийы фæндагон хæдзарады æмæ транспортон инфраструктурæйы комитеты сæрдар Солиты Тариэль æппæтсезонон туристон-рекреацион комплекс «Мамысон»-ы инвестпроекты реализацийы фарстыты фæдыл ведомствоты бæрнон минæвæрттимæ æмбырды. Республикæйы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, æртаг æмæ энергетикæйы министр Тамайты Майран куыд банысан кодта, афтæмæй инженерон инфраструктурæ саразыны тыххæй ныртæккæ «Мамысон»-мæ лæвæрд æрцыд электроэнерги рæстæгмæйон электроадæттæн хаххыл донæмбырдгæнæны онг. Газифтонгад ис проектгæнæн стадийыл 16-километрон хызæджы.

2020 азы апрелы Уæрæсейы Главгосэкспертиза радта æвæрццаг хатдзæг проектон документацийæн æмæ Цæгат Ирыстоны æппæтсезонон туристон-рекреацион комплекс «Мамысон»-ы фыццаг этапы объекттæ саразыны тыххæй инженерон иртасæнты фæстиуджытæ.

«Интерфакс» фыста, зæгъгæ, фæстаг  бæрæггæнæнтæм гæсгæ, курорт «Мамысон»-ы арæзтад у 19 миллиард сомы аргъ. Иумиаг суммæйæ 10 миллиард сомы уыдзысты сæрмагонд инвестицитæн. ЯКОРНЫЙ инвесторæй ралæууыд Цæгат Ирыстонæй рацæугæ бизнесмен Гуыриаты Владимир.

2023-2024 азты зымæгон сезонмæ «Кавказ.РФ» хъавы Мамысоны комы хæххонлыжæты курортæн бындурон инфраструктурæ саразын. Йæ байгом кæныны бонмæ уым кусдзысты 20 километры хæххонлыжæты трассæтæ æмæ сноупарк. 2,9 мин метры бæрзæндмæ уазджыты  ласдзысты дыууæ канатон фæндаджы. Афтæ ма проекты хынцыд у барæй аразгæ миты системæйы арæзтад, сервис-центр, автолæууæнтæ 500 бынатæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.