Ирон адæмы дунеæмбарынадмæ гæсгæ, цы хæдзарон цæрæгойты фыдызгъæл хордтой, уыдонæй кусæрттæгтæм хаудтой æрмæстдæр стурвос æмæ лыстæгкъахвос (фыс, сæгъ). Хуы æмæ хæдзарон мæргътæ нæ хауынц кусæрттæгтæм. Уый уымæн æмæ кусæрттæгтæм хауынц æрмæстдæр хуыцау æмæ зæдтæн барст чи у, ахæм хæдзарон цæрæгойтæ, иннæты фыдæй сæм кувæн нæй, нæдæр сæ фынгтыл æвæрдтой. Баззад ахæм ирон загъдау, зæгъгæ «фыр æмæ куыр (уæныг) нывондæн сты барст», уый та уымæн, æмæ уыдон иннæтæм абаргæйæ сыгъдæгдæр цæрæгойтæ сты. Уыдонæй ноджы сыгъдæгдæр цæрæгойыл нымад цæуы сæгъ, фæлæ уый адæмы уырнынадмæ гæсгæ хæйрæджыты сфæлдисгæ фосыл кæй цæуы нымад, уымæ гæсгæ йæ стæм хатт нывонд кодтой.

Ирон æвзаджы ис дыууæ æмбарынады: æргæвдын æмæ кусарт кæнын. Сыгъдæг физиологион æгъдауæй ацы дыууæ æмбарынады дæр æвдисынц иу архайд æмæ сты синонимтæ, фæлæ сæм этнографион цæстæнгасæй куы ‘ркæсæм, уæд кусарт кæнын нысан кæны, исты сæрмагонд боны тыххæй аргæвдын, æмæ æргæвдын та  алы боны хардзæн дзидза амал кæнын.

Нывонд кæныны æгъдау ирон адæммæ, æвæццæгæн, фæзынд тынг раджы, уымæн æмæ нывонд кæнын æмæ йæ кусарт кæныны хицæн æгъдæуттæ зындгонд уыдысты скифтæм дæр. «Историйы фыд» Геродот куыд хъусын кæны, афтæмæй, скифтæ куыд сæ хуыцæутты номыл, афтæ æндæр бæрæгбонты цы нывонды кусарттæгтæ кодтой, уыдон кæрæдзийæ абон дæр нæ хицæн кæнынц. Скифты ду-джы нывондаджы бæндæнæй хурх кодтой, стæй-иу йæ уд куы систа, уæд-иу ын йæ сæр ралыг кодтой.

Бæрæг куыд у, афтæмæй скифтæ нывондаджы куы кусарт кодтой, уæд-иу дзуары лæг, кувæг лæг æнæмæнгæй скуывдта Хуыцауы кæнæ та цы зæды номыл уыд, уымæ.

Нæ фыдæлтæ нывонд кодтой зæдтæ æмæ бæрæгбонты номыл, афтæ ма рынчыны тыххæй, стæй ма лæппуйы гуырды, чындзæхсæвы, хъæугуывды æмæ æндæрты фæдыл.

Кусæрттагæн уыд сæрмагонд кусартгæнæн ныллæг фынг (кусартгæнæн тæрхæг).

Кусарт куы фæкæнынц уæд хæдзары æфсин рахæссы тæбæгъы уæлæ æртæ кæрдзын, цæхх æмæ æртæ цырагъы, афтæ ма дурыны арахъхъ сыкъаимæ. Кæстæртæй сæ иу фæхæцы кусæрттаджы рахиз сыкъайыл. Кувæг фæлæууы цины бæрæгбоны рæстæджы кусæрттаджы рахиз фарс худаистæй, йæ ргом хурыскæсæнмæ. Иннæ кæстæр та вæййы уырдыглæууæг. Хистæрæн йæ рахиз къухы сыкъа, галиу къухы та цырæгътæ афтæмæй худистæй райдайы кувын. Фыццаг хуыцауы ном ссары æмæ кувæггаг авæры рахизырдæм кæстæрмæ. Кæстæрмæ та уымæн дæттой кувæггаг, æмæ кæстæр æнæтæригъæд у æмæ йын йæ куывд хуыцау хуыздæр айсы. Кæстæр кувæггаг райсы æмæ хистæры куывдыл сразы вæййы, зæгъгæ дæ куывд дын хуыцау айсæт æмæ йæ аназы. Сыкъа фæстæмæ уырдыглæууæгмæ авæры æмæ йæм æртæ кæрдзынæй уæллагæй кæрдих хистæртæй исчи авæры. Уырдыглæууæг та сыкъа фæстæмæ байдзаг кæны æмæ йæ хистæрмæ ратты. Хистæр дæр йæ ракуывды фæстæ кæрдзыны кæрдихæй ацаходы, авæры дзы кæстæртæм дæр.

Хъыджы боны кусæрттаг хæларгæнгæйæ, ардтой Хуыцауы ном, Уастырджы æмæ зæдтæн нæ куывтой.

Уырдыглæууæг та æркæны дыккаг сыкъа æмæ та йæ ратты хистæрмæ. Уый ракувы æмæ ссары зæдты ном. Йæ сыкъа аназы æмæ йæ кæстæрмæ авæры, йæ къухы цы цырæгътæ ис, уыдон та сдары кусæрттаджы рахиз уæныл. Йæ дзыхыл ма йын цæхх дæр сдары æмæ стæй йæ цырæгътæ авæры кæстæрмæ, уый та сæ искуы къулыл бæрзонд ран бандадзы. Æртыккаг сыкъайæ та хистæр бафæдзæхсы йæ бинонты, хъæубæсты æмæ уазджыты. Кæстæртæ хъæрæй фæдзурынц «Оммен, Хуыцау» зæгъгæ.

Кусарт кæнын, иумийагæй æргæвдын куыд æндæр адæмтæм, афтæ ирон адæммæ дæр уыд цалдæр хуызы, уыцы нымæцы: хурхæй æргæвдын, дыууæ сыкъайы æхсæн кардæй ныццæвын, зæрдæ барæхойын, хурх кæнын.

Цины, бæрæгбоны номыл цы нывондаг вæййы, уымæн туг чи суадзы, уый хуыйны кусартгæнæг æмæ, зæгъгæ, зианы номыл вæййы, уæд та хуыйны æргæвдæг.

Кусæрттаджы æрфæлдахынц йæ галиу фарсыл, йæ æргæвдæн та хъуамæ уа хурыскæсæнырдæм. Кусартгæнæг кусæрттагæн йæ сæрыл, кæннод сыкъайыл фæхæцы галиу къухæй, рахизæй та кардыл æмæ йын йæ хурх лыгкæнынмæ куы бавналы, уæд фæзæгъы, цы зæды номыл у, уый номыл, барст дын фæуæт æмæ йæ сыгъдæгæй айс. Уыцы рæстæджы кæстæртæ фæхæцынц кусæрттагыл. Кусартимæ чи фæархайы, уыдон хуыйнынц кусартгæнджытæ. Исчи сæ куы æрбаййафы кусартимæ архайгæ, уый та сын фæдзуры «нæрдгусарт ут æмæ фарны хъуыддæгты архайут». Сæйраг кусартгæнæг кусæрттаджы сæр куы ралыг кæны, уæд æй ратты кæстæртæм, цæмæй йæ сарауой артыл æмæ йæ ныссыгъдæг кæной бæстон. Ивгъуыд рæстæджыты та иу сæр куы ралыг кодтой, уæд иу æй артыл йæ æргæвдæны æрдыгæй ацарыдтой æмæ-иу æй фæстæмæ авæрдтой кæцæй йæ ралыг кодтой уым, афтæ æртæ хатты æмæ-иу æй æрмæст уый фæстæ радтой арауынмæ кæстæртæм.

Кусартгæнæг сæр куы фæлыг кæны, уæд æй нырма æнæхъæнæй нæ ракæны, йæ хурхы онг æй куы балыг кæны, уæд хъуамæ нырма йæ туг рацæуа иу-уылдæр, йæ æргæвдæны размæ та йын фæдарынц туггарз  кæхц кæнæ та къус. Туггарз чи фæдары, уый та хуыйны туггарздарæг. Цалынмæ иу туггарз бадардтой, уæдмæ та хъуамæ кусæрттаджы тугæй зæхмæ акæла, кæннод æй тæригъæд хуыдтой æмæ æппæтуромæг та зæхх хуыдтой. Æндæр хъуыдымæ гæсгæ, та дам, цы зæды номыл у кусартгонд, уымæн бæсты нæ цæуы. Уый фæстæ йæ акалы искуы фæсвæд æмæ йыл сы-джыт æркалы, цæмæй йæ куыйтæ æмæ гæдытæ ма басдæрой, кæннод зæд фæхъыг уыдзæн. Бæлдæ-рæны бæрæгбоны та кусæрттаджы туг хъуамæ зæхмæ акалдаит, уыцы тугæй дам иу зæхх йæ мондæгтæ суагъта æмæ йæ царддæттæг хъомыс уый руаджы фæтыхджындæр.

Туг цыд куы фæвæййы, кусартгæнæг уый фæстæ магъз фæцагайы, кусæрттаг ма иу схъиуд фæкæны, стæй йæ уд сисы. Бирæ кусартгæнæгæн кусарттаг нæ фæмæлы æмæ уымæ гæсгæ арæх æргæвдыныл дæр нæ фæразы кæны. Тагъд кæмæн нæ мæлы, уымæй фæдзурынц «хорз къух» ын ис, зæгъгæ. Цæмæй тагъд амæла, уый тыххæй йæ раззаг къахы зæнджы хъулы онг мидæгæй фæлыг кæнынц. Кусæрттаг ма куы змæла, афтæмæй йæм къæртт кæнынмæ куы бавнвлынц, уæд уый тæригъæддзинадыл цæуы нымад æмæ йæм уый тыххæй не ‘вналынц. Кусæрттагæн йæ æргæвдæны бын æвæрдтой – суджы къуыдыр, цæмæй æргæвдæн зæххыл ма счъизи уыдаит.

Дарддæр кусартгæнæг фыццаг ралыг кæны къæхтæ æмæ уыдон дæр раттынц сæр аразæгмæ. Уый фæстæ царм стигъынмæ бавналы кусартгæнæг. Царм стъыгътой дыууæ хуызы: фыццаг – дзæкъулстъыгъд, хонынц ма йæ къупристыгъд, мæхæлстъыгъд, лалымстъыгъд, дыккаг та гуырæй стъигъын. Лалымæстыгъд кодтой лыстæг фосы.

Цины кусæрттагæн фыццаг æвналынц къæрткæнынмæ йæ рахиз фарсæй, ома сгуы æмæ агъдмæ, зианы фæдыл куы вæййы, уæд та йæ галиу фарсмæ, стæй йæ дарддæр стъигъынц. Галты, уæнгуыты кар-дæй стыгъдтой, фæлæ род æмæ æмæ лыстæгкъах фосы та та къухæй. Кусæрттаг стыгъд куы фæвæййы, уæд ма фæстагмæ баззайы къæдзил, фырæн та фæхсын. Фыры фæхсыныл дæр иу ран кард рауадзынц цармыл, æмæ йæ стæй къухы хистæр æнгуылдзы ныхæй арæхстгай астигъынц. Стигъгæ-стигъын царм ма хъуа-мæ алыгтæ уа, ма дæр ыл сырдон фыдæй баззайа, кæннод кусæртгæнæгыл худгæ фæкæнынц, зæгъгæ, нæ рæхсы кусарт кæнынмæ.

Кусæрттаг стыгъд куы фæвæййы æгасæй дæр, уæд æм бавналынц къæрт кæнынмæ. Риуы гуыдыры кæрон цы æргъиугонд ис, уый хуыйны риуыгънæг, «сиахсы хай» дæр ма йæ фæхонынц, æмæ уый рæбыныл кардæй слыг кæнынц, стæй йæ искуы цæджындзыл, къулыл ныццæвынц, фылдæр хатт та къæсæры сæр-мæ, цæмæй андæдза, æмæ кæд фæстæмæ нæ фесхъиуы, нæ рахауы, уæд фæзæгъынц нæ сиахс хъару-джын у. Кæд цинаджы кусарт у, уæд ма фæзæгъынц, зæгъгæ, дзы ноджыдæр уыдзæн цинаджы кусæрт-тæгтæ.

Риуы гуыдыр куы балыг кæнынц, уæд фыццаг сисынц фарсылæвзаг æмæ фиутæ. Фиутæ сты дыууæ хуызы, уæцъæфы алыварс фиутæ (фæрстыл фиутæ) æмæ тъæнгты фиутæ. Фиуты фæстæ исын фæхъæуы фæстаг хуылфыдзаума.

Уырдыгæй фæстæмæ хъæуы сисын раззаг хуылфыдзаума, хурхыл ныххæцгæйæ сыл иумæ рахæцынц фæстæр-дæм. Раззаг æмæ фæстаг хуылфыдзаумайы æхсæн цы тæнæг цъар ис, уый æндæгъд вæййы фæрсджытыл æмæ уый дæр фæхъæуы кардæй фæлыг кæнын, уый фæстæ сæ æнцонтæй сисынц. Лыг æрцæуынц зæрдæйы хъустæ, зæр-дæйæн дæр йæхи дыууæ кæнæ фылдæр дихтæ акæнынц, цæмæй йæ туг ралæдæрса. Дарддæр сустæ дæр цалдæргай лыгтæ фæкæнынц, уыдонæй дæр туг ралæдæрсы. Игæры уæлæ æндæгъд вæййы маст æмæ уый дæр арæхстгай фæхицæн кæнынц, цæмæй хуылфыдзаумайыл ма ныккæла. Стуры æмæ фысы маст адæмон медицинæйы ахъаззаг хосыл цæуы нымад, уæлдайдæр та ахсæны низтæн.

Фæрсджыты фæстаг хайы цур рагъыстæгыл сты сучъитæ, уыдон дæр хицæнтæй слыг кæнынц. Уый фæстæ кусæрттаг фыццаг уæнгтæ цæуы фондз хайыл, хицæнæй сисынц рагъыстæг кæрæй-кæронмæ. Хицæнтæй ралыг кæнынц онгыл фæстаг цæуæнтæ (æгъдтæ). Раззаг цæуæнтимæ иумæ исынц фæрсджыты дæр. Рагъыстæгæй фыццаг лыг цæуы «бирæгъы хай» (мæкъуыр стæг), уый ирон адæм нæ хæрынц. Адæмон уырнынадмæ гæсгæ, уый чи бахæры, уымæ Тутыр фыдæх кæны æмæ йын йæ фосыл та бирæгъты бафтауы. Дыккаг хай у æфцæг (нагъы хай), æртыккаг – та бæрзæй. Бæрзæй куы фæисынц, уæд ранымайын фæхъæуы авд уырынгы. Уырдыгæй дæлæмæ хуыйны рагъыстæг, стæй та чъылдым стæг лыг цæуы æртыгай уырынгтæ. Кæройнаг у дымæг (къæдзил). Фысæн та – фæхсын, лыг цæуынц хицæнтæй. Раззаг цæуæнтæ дæр хицæнгонд фæцæуынц фæрсджытæй, стæй уæд фыццаджы онгыл лыг цæуынц онтæ(уæнтæ) æмæ сгуытæ. Онмæ кард хъуамæ ма баххæсса, æрмæстдæр базыгы хъул кæм иу кæны, уымæй дарддæр. Уымæн æмæ оныл кард куы аныдзæва, уæд оны кæсджытæн раст нал æвдисдзысты æрцæуинаг хъуыддæг-тæ. Фæрсджытæ цины гъдауы дих цæуынц æртыгай, зианы фæдыл та – дыгæйттыл. Зæды номыл кусарт куы вæййы, уæд раззаг рахизфарс æртæ фæрсчы вæййынц сæйраг физонæгыл конд уæхстыл разырдыгæй. Раззаг цæуæнтæ фæрсджытимæ хуыйнынц  æвдысæрмттæ.

Раззаг фæрсджытæ кæм иу кæнынц, уыцы хай та хуыйны «каразимаг» уырыссагау «грудинка». Ис ма йын хицæн кæмтты æндæр нæмттæ дæр: «риуыгуыдыр», «риуыгæрдæн», «мæргъыстæг».

Фæстаг цæуæнтæ дæр дих сты ахæм уæнгтыл: мæкъуыстæг, синыстæг æмæ сгуы.

Геродот куыд хъусын кæны, афтæмæй-иу скифтæ кусæрттаг куы акодтой, уæд-иу ын йæ иу хай фыдызгъæлæй æмæ раззаг хуылфыдзаумайæ зæдæн ныххæлар кодтой æмæ-иу сæ, æнæфыхæй ныууагътой зæххыл. Ацы скифаг æгъдау кусæрттаджы кæрдихтæ зæхмæ æппарын, мæнмæ гæсгæ, абон дæр æххæст цæуы – кусæрттаджы бирæгъы хай æмæ зæрдæйы хъустæ кæй аппарынц зæхмæ, афтæ ма-иу хурхы сæртæ та артмæ кæй æппæрстой, уый та амоны, ома, сæ хæлар кæнынц сæ зæдæн, уымæ гæсгæ сæ хæргæ дæр нæ кæнынц.

Иумийагæй, кусæрттаджы хæйттæ сты:

сæры хæйттæ – тæрных, сæрыкъуыдыр, æфсæры-къæдз-дзуака, дыууæ хъусы, дыууæ цæсты, æвзаг æмæ магъз. Нагъы æмæ астæустæджы хæйттæ – бирæгъы (мæкъуыры) хай, æфцæг (нагъ), бæрзæй, рагъыстæг, чъылдымстæг, къæдзил, дымæг- фæхсын фысæн, кæдзилы алгъ. Æвдæсармы хæйттæ – фæрсджытæ, базгуытæ, уæнтæ (он-тæ). Каразимаг (риуыгуыдыр), риуыгънæг æмæ фæлымтæ. Фæрсджытæй фæстаг кæройнаг фæрск та хуыйны сидзæр фæрск. Фæстаг цæуæнтæ (æгъдтæ) – сины хæйттæ, мæкъуысджытæ æмæ æсгуытæ.

Раззаг хуылфыдзаумæттæ – хъахъæлæг, ласæггаг, хурхыуадындзтæ, зæрдæ, зæрдæйы хъустæ, игæр, сустæ (рæуджытæ), масты дзæкъул, саунæгъ-хæлур. Фæстаг хуылфыдзаумæттæ – уæцъæф, зынæхсæн, ахсæн, лыстæг тъæнгтæ, æрмæчъытæ, фарсылæвзаг, уыргтæ, лыстæг тъæнгтæ, гуыбыны – тъæнгты фиуыцъар, фарсыл фиутæ æ.а.д. Афтæ ма раззаг æмæ фæстаг къæхтæ.

Хæхбæсты ирон адæм кусæрттаг конд куы фæвæййынц, уæд цуайнаг бауæларт кæнынц, æмæ дзы фыдызгъæл ныккалынц, стæй дзы дон ныккæнынц, дзидзаты кæрдихтæй уæлдæр куыд лæууа, цæмæй куы снæрсой, уæд донæй уæлдæр ма уой. Цуайнагмæ йæ хъус чи дары, уый хуыйны – аггæс, артмæ та чи кæсы, ома, æндзары, уый та – артгæнæг (артгæс).

Кусæрттаг уа, æргæвдинаг, цалынмæ сфыца, цины    хъуыддаджы дзы цалынмæ Стыр Хуыцауы, йе сконд зæдты æмæ дауджыты ном ссарой, зианы дзы мардæн цалынмæ ныххæлар кæной, уæдмæ дзы хæрын нæ фæтчы, хъуамæ дзы мачи æмæ мацы фæхъæстæ уа.

Зæды номимæ баст куы вæййы бæрæгбон, уæд æнæ-мæнгæй фæкæнынц зæды номыл уæхстыл физонæг дæр. Ацы физонæгыл вæййы конд: фыццаг рахиз сусы карст, уы-мæн æмæ уый тагъддæр фыцы, дарддæр та куыд зындæр фыцæн вæййынц, афтæ, игæр, уырг, зæрдæ æмæ раззаг рахис æртæ фæрсчы. Цæхх сыл байзæрынц æмæ сæ стæй хуылфыдзаумайы фиуты стухынц. Афтæмæй иуæй физо-нæг судзгæ нæ кæны, аннæмæй та хæрзаддæр вæййы. Физонæг хицæн кæмтты кæнынц æндæр æмæ æндæргъуызон. Уæхстытæ дæр вæййынц дыууæ хуызы: æфсæйнагæй арæзт æмæ уисæй конд. Æфсæйнагæй уæхстытæ сæхæдæг дæр уыдысты цалдæр хуызы: хуымæтæджы уæхст, саджил уæхст æмæ хæдзилгæ уæхст. Хæдзилгæ уæхстæн уыдис дыууæ, кæнæ цыппар цыргъ сиуы. Къухы дарынæн æд дзидза уæззау кæй уыдис, уымæ гæсгæ йын арæзтой æртæ къахы, цæхæрмæ-иу æй бавæрдтой æмæ йæ зылдтой йæхи мидæг, хæдзилгæ уæхст дæр уымæн хуыйны. Уисæй конд уæхст зæды номыл кадджындæр уыд бæрз, æхсæр æмæ кæрзбæлæсты æвзонг къалиутæй.

Стыр нысаниуæг ма уыд, физонæг цы сугтыл æрцæуа арæзт, уымæн дæр. Баззад ахæм дзырд, зæгъгæ, бæрз æмæ æхсæрæй уæхстытыл арæзт физонджыты тæф Хуыцаумæ куы скæлы, уæд барст вæййынц. Æнæуый дæр бæрзбæлас, Ирыстоны цы бæлæстæ ис, уыдонæй хуыздæр зынг дæтты, кæцыйыл физонæг судзгæ нæ кæны, фæлæ дзидзалæг кæны сындæггай, уыцы нымæцы æхсæр æмæ фугæйы зынджытыл дæр. Иннæ бæлæсты зынг та, зæгъæм, тæрс, тæгæр, тулдз, фатхъæд æмæ æндæртæ, æгæр æндавынц, æмæ сыл кæны судзгæ. Нæзы, хæрис, гæды, фæрв æмæ æндæртæ та зынг нæ дæттынц. Уымæ гæсгæ бæрз æмæ æндæр ахæм бæлæсты зынгæн ис стыр кад.

Ис ма «фарс физонæг» дæр, хонынц ма йæ Уастырджыйы физонæг. Аразгæ дæр æй кодтой Уастырджыйы номыл. Куы-иу сцæттæ, уæд æй лæвæрдтой фынджы хистæрмæ. Уый-иу скуывта æмæ физонæгæй иу карст – арты хай – аппæрста цæхæрмæ, иннæты-иу байуæрста куыд хистæрæй. Кусæрттаг-иу бæстонгонд куы æрцыд, фыдызгъæл та – уæларт, уæд та-иу царм бабæстон кодтой. Кæд-иу кусæрттаг кувæндоны æрцыд æргæвст, уæд ын йæ царм ауыгътой бæласы цонгыл. Хъæуы мидæг куы цыд æргæвст, уæд та-иу ыл цæхх байзæрстой æмæ-иу æй афтæмæй хус кодтой уæлхæдзæртты. Уый фыццаг уымæн бæстон кодтой æмæ уæд цармæй кодтой къахы дзаума, уæлæдарæс æ.а.д. Ирон адæмы рагфыдæлтæ ивгъуыд рæстæджыты галы цармыл хордтой ард, уæлдайдæр та-иу кувæндоны цур цы кусæрттаг кодтой, уымæй. Галдзармыл та уымæн хордтой ард, æмæ гал нымад цыд Хуыцауы кувинагыл. Æгæрыстæмæй, кодтой сомы дæр, «зæгъгæ ма дын кæд галдзармыл бахæрон ард, æндæр дын мæ бон ницыуал у». Уымæй дарддæр ма баззад ахæм загъдаутæ галдзармы фæдыл – «нæ хъонагъдзинад баст у галдзармыл», «дæ галдзармыл дын ныллæууыд мый-йаг», стæй ма-иу дзырдтой, зæгъгæ, «галдзармæй æрчъитæ хуыйын æвгъау у, зæгъгæ». Уыцы дзырды нысан уыд, зæгъгæ, галдзарм сомы кæнæн у æмæ дзы ды та къахы дарæс куыд хуыйыс. Галдзармы уæлæ ардхæрыны гъдау ма уыд суанг скифты дуджы дæр.

Куыд кæсæм, афтæмæй кусарт кæныны æгъдæуттæ ирон адæммæ æнæхъæн зонад уыдысты æмæ уыдон та цы нæлгоймаг нæ зыдта æмæ нæ арæхст, уый та æхсæнады æгуыдзæгыл цыд нымад. Уымæ гæсгæ-иу сывæллонæй фæстæмæ лæппуты ахуыр æмæ цайдагъ кодтой кусарт кæныныл. Уыцы гъдæуттæ махмæ æрхæццæ сты рæстæ-джы фæлм цы дугтыл ныббадт, уырдыгæй æмæ сæ мах, ирон адæм, куы нæ зонæм æмæ ахуыр кæнæм, уæд нæм цы сомбон æнхъæлмæ кæсы, уый зын зæгъæн у. Уæлдайдæр сыл кæстæр фæлтæры куы нæ цайдагъ кæнæм æмæ сæ куы нæ æххæст кæной, уæд, фæстæдæр æрмæст сырдау кусæрттаг æргæвддзысты. Адæм та сырдтæй, цæрæгойтæй уымæй хицæн кæнынц æмæ сын ис культурæ, æнæ кæцыйæ æхсæнадæн уæвæн нæй.

Кæронбæттæны ма мæ фæнды зæгъын уый æмæ нæ фыдæлты алæмæттаг гъдæуттæ рохгонд цæуынц, нæ хистæртæй дæр. Фынгыл чи ракува, уыдон дæр тынг скадавар сты. Уымæ гæсгæ абон кæстæртæ дæр цæвиттон кæмæй райсой, гъдæуттæ кæмæй базоной, уый сын нал вæййы.

МÆРГЪИТЫ И.,

Уанеты З. номыл ХИЗИИ-йы  Истори æмæ этнологийы

хайады зонадон кусæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.