Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрикæн фембæлд уыд Уæрæсейы зонæдты академийы Дзæуджыхъæуы зонады центры директор Къусраты Анатолиимæ. Уый нæ республикæмæ æрцыд Президент Тыбылты Леониды фæхуындмæ гæсгæ.

Фембæлды рæстæджы уынаффæ цыд дыууæ ведомствойы ‘хсæн æмгуыстадимæ баст фарстытыл, афтæ ма Ирыстоны зонады иумæйаг рæзтыл.

Фембæлды ма хайад райстой РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали, ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим, Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты директор Гаглойты Роберт, Дзæуджыхъæуы зонады центры кусæг, зонæдты кандидат Цыбырты Алексей, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы администрацийы минæвар Бигъуылаты Людмилæ æмæ профессор Плиты Гацыр.

ХИПУ-йы ректор, зæрдæрайæ уазджытæн раарфæ кæнгæйæ, банысан кодта Дзæуджыхъæуы зонадон центр æмæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ‘хсæн эффективон æмгуыстады тыххæй æмæ загъта, зæгъгæ йæ ныфс ис фидæны максималонæй æнгом æмæ эффективон æмархайдæй.

«Дзæуджыхъæуы зонадон центр æмæ Хуссар Ирыстоны университеты ‘хсæн къухтæ фыст æрцыдысты æмгуыстады тыххæй сразыдзинадыл, кæцыйы фæлгæтты кæрæдзийæн амонынц сæ фæлтæрддзинад. Нæ университеты кусджытæй бирæтæ æнтыстджынæй архайныц зонады, уыцы нымæцы Дзæуджыхъæуы зонадон центры дæр», – банысан кодта Тедеты Вадим.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, абон мыхуыр цæуынц Ирыстоны цæгат æмæ хуссары ахуыргæндты публикацитæ, кæцыты сæйраг хæс у ирон зонады рæзты æмвæзад фæбæрзонддæр кæ-нын.

Йæ рады Къусраты Анатоли дæр загъта арфæйы ныхæстæ, кæй сæ фæхуыдтой, уый тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ йын æхсызгон у, ногæй республикæмæ кæй æрцыд, уый, цыран æрцыд бæрæг позитивон ивындзинæдтæ.

Ирыстоны зонады фидæны тыххæй дзургæйæ, уый банысан кодта уыцы бындур, кæцымæ гæсгæ уый хъуамæ рæза йæ хъуыдымæ гæсгæ.

«Æргомæй дзургæйæ, мæн алы хатт дæр уырныдта, РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министрæй куы куыстон, уæддæр, зæгъгæ, ХИПУ æмæ Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институт сты дыууæ бындуры, кæцытыл Хуссар Ирыстон гæнæн ис æмæ схиза бæрзонд æмвæзадмæ. Республикæйæн ис æппæт разæууæлтæ дæр инновацион рæзты тыххæй. Мах фæлварæм уыцы рæстæг æрбаввахс кæнынмæ, ацы зонадон-ахуырадон уагдæтты алыварс инновацион кластертæ арæзт куы цæуиккой, кæцытæ амондзысты республикæйы социалон-экономикон рæзты здæхт», – загъта Къусраты Анатоли.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, кæй зæгъын æй хъæуы, ис проблемæтæ, фæлæ фæстаг рæстæджы уыдон куыд  скъуыддзаг цæуынц, уымæ гæсгæ оптимизмимæ зæгъæн ис, раст фæндагыл лæуд кæй стæм, уый.

Зонады эффективон рæзты æмæ зонадон æхсæнад æрбакæныны нысæнттæн, фембæлды рæстæджы æруынаффæ кодтой æхсæнадæмон центр саразыны фарстыл, цыран уынаффæ кæндзысты зонадон дунейы фарстытæ æмæ проблемæтыл æмæ сæ ас-къуыддзаг кæныныл.

Пухаты Эрик стыр цымыдисимæ байхъуыста центр саразыны фæдыл фæндоны тых-хæй æмæ загъта, зæгъгæ, ацы къахдзæф æвзонг ахуыргæндтæн ратдзæн фылдæр фадæттæ зонадон-иртасæн архайды æмæ сæ куыстытæ ныммыхуыр кæныны тыххæй.

«Центры куыд схондзыстæм, уымæ нæ кæсгæйæ, уый у æнæмæнгхъæуæг, æмæ æз хъуыды кæнын, ацы хорз идеяйы æвварс рахæцын кæй хъæуы», – банысан кодта уый.

РХИ-йы Хицауады

официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.