Нæ паддзахады æнтыстджын размæцыды фæрæзтæй сæ иу у экономикæйы райрæзт. Кæд ацы фарстыл дзырд бирæ цæуы, уæддæр зæрдæйы фæндиаг æнтыст нæма ис. Арæх фехъусæн вæййы амалиуæггæнджытæй, зæгъгæ нын хицауад финансон фæрæзтæй не ‘ххуыс кæны æмæ нæ бон нæу исты бакусын. Кæй зæгъын æй хъæуы, Хицауад дæр хъуамæ фæдаргъ кæна йе ‘ххуысы къух ахæм æмбæстæгтæм, фæлæ адæймаджы кусын куы фæнда, уæд æппæт амæлттæ дæр ссардзæн.  Уымæн æвдисæн, нæ горæты Хъайтарты уынджы кæрон Хуыбецты æфсымæртæ цы фермерон хæдзарад райтынг кодтой сæхи хъæппæристæй, уый дæр.

Ныр æртæ мæйы дæргъы Хуыбецты Сослан æмæ Руслан нæ горæты цæрджыты ифтонг кæнынц сæхи æркæнгæ, экологион æгъдауæй сыгъдæг чи у, ахæм халсæрттæй. Æрыгон куыстуарзаг лæппутæ самал кодтой æппæт дæр, цæмæй саразой хъармуаттæ æмæ райтынг кæной сæхи сæрмагонд хæдзарад. «Хъармуат саразыны фæнд нæм куы фæзынд, уæдæй йе срæвдзы кæныны онг, кæй зæгъын æй хъæуы, уыд бирæ проблемæтæ. Нæ нын уыд нæдæр фаг æхцайы фæрæзтæ æмæ нæдæр зæххы фадыг, фæлæ æппæт уыдæттæм нæ кæсгæйæ, махæн бантыст нæ фæнд сæххæст кæнын», – загътой æфсымæртæ.

Хуыбецты лæппутæ ацы зæххы фадыг райстой арендæйы. Сæ фатер та радтой цъынды (залогы) æмæ самал кодтой æхцайы фæрæзтæ. Республикæйæн æддейæ æрластой хъæуæг æрмæджытæ æмæ йæ афтæмæй сæхи тыхтæй сарæзтой. Хъæрмуатæн йæ дæргъ у 60 метры æмæ йæ уæрх та 20 метры.  Сифтонг æй кодтой æнæмæнгхъæугæ æрмæджытæй æмæ бауагътой дон.  Сахуыр кодтой, куыд зилын хъæуы халсæрттæм, цахæм хъацæнтæ сæм хъæуы хæссын æмæ æрæвнæлдтой сæ хъуыддагмæ. Æфсымæртæ куыд зæгъынц, афтæмæй, уыдон равзæрстой уардихуыз памидоры сорт, уый  фæразондæр æмæ æнæуый дæр гъæдджындæр  кæй у, уымæ гæсгæ. Æрластой 3 000 бæрц садзæнтæ æмæ сæ ныссагътой. Ныртæккæ сæ тыллæгæрзадæй сæхæдæг дæр сты райгонд.

«Ацы хъæрмуаты арæзтадыл нын бахардз ис 5 милуан сомы бæрц. Уымæй дарддæр, æппæт арæзтадон куыстытæ  дæр бакодтам нæхæдæг.  Зæххы фадыг бирæ азты дæргъы уыд æнæкуыст  æмæ уыд тынг зын кусæн. Ууыл дæр нæ бахъуыд уæлдай тыхтæ бахардз кæнын. Æнæ донæй тыллæгæрзадмæ дæр нæй æнхъæлмæ кæсæн. Уæлдайдæр та хъæрмуаты. Уый тыххæй сæвæрдтам, 10 тоннæйы кæм цæуы, ахæм бак, ауагътам хæтæлтæ,  алы рæнхъы фæрсты дæр. Афтæмæй сæ донхæр кæнæм æрвылбон дæр. Нырма уал цы тыллæг райстам, уымæй барухс ис нæ зæрдæ. Дарддæр дæр фæнд кæнæм нæ продукцийы хуызтæ фæфылдæр кæнын», – радзырдтой фермертæ.

Хуыбецты лæппутæм ма йе ‘ххуысы къух фæдаргъ кода се ‘ввахс хион Цхуырбаты Сослан дæр. Уый куыд загъта, афтæмæй уыдон арæх нæ пайда кæнынц химикаттæй. «Цæмæй зæхх хъæздыгдæр уа, уый тыххæй спайда кæнæм органикон хъацæнтæй. Хатт  зайæгойтæ фæрынчын вæййынц æмæ уæд та бахъæуы гъæдджын лæмæгъ химикаттæй спайда кæнын дæр.  Уый кæцыфæнды уавæрты дæр  у æнæмæнгхъæугæ».

Æрыгон халсаргуыстгæнджытæ уал сæ продукци реализаци кæнынц, хъæрмуаты хæдразмæ цы чысыл вагон сæвæрдтой, уым. Уырдæм сæм æрбацæуынц, куыд горæтæй, афтæ республикæйы хъæутæй дæр. Æргътæ дæр сæм сты базарады æргътæм гæсгæ, ома 30 сомæй 60-70 сомы онг.

Æрыгон лæппутæн кæд нырма æдæрсгæ нæ айтынг ис сæ куыст, уæддæр кæнынц хæрзау-дæн лæггæдтæ дæр. «Æрвыл къуыри дæр нæ горæты  Зæрæдты хæдзармæ мах барвитæм бынæттон гъæдджын памидортæ. Фæнд ма кæнæм æндæр уагдæттæн дæр балæггад кæнын, фæлæ уал уый фæстæдæр», – загъта Цхуырбайы фырт.

Ныртæккæ уыдон кæнынц, хъæрмуаты зымæгон уавæртæм цæттæгæнæн куыстытæ. Ауагътой уал хъармгæнæн хæххыты иу хай, æввахс рæстæджы бакæндзысты иннæ куыстытæ дæр æмæ зымæджы дæр не ‘мбæстæгты ифтонг кæндзысты бынæттон продукцийæ.

Хуыгаты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.