17 ноябры Сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы комитеты фæзуаты  ауагъдæуыд Æхсæнведомствойон къамисы фыццаг рабадт  электроэнерги хардз кæныны фæстиуæгæн технологион хæрдзтæ фæкъаддæр кæнын æмæ фиддонтæ фæфылдæр кæныны фæдыл. Уый тыххæй хъусын кæны РХИ-йы Хицауады официалон сайт.

Къамисы куысты хайад райстой Экономикон рæзты министр Кокойты Геннади, Республикæйы паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс – Хуссар Ирыстон»-ы директор Гæбæраты Алан, Сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы комитеты сæрдар Бекъойты Геннади, æххæстгæнæг æмæ закъондæттæг органты минæвæрттæ. Къамисы сæрдар Бекъойты Геннади байхъуыста къамисы нормативон-барадон базæ фæхуыздæр кæныны фæдыл, электроэнергийы техникон сæфыны цаутæ фæкъаддæр кæныны æмæ фиддонтæ æмбырд кæныны бæрæггæнæнтæ фæфылдæр кæныны фæдыл фæндæттæм.

Уынаффæйы фæстæ нысан æрцыдысты фыццаградон хæслæвæрдтæ: электроэнерги хызæгтæм адæттыны рæстæджы технологион фесафыны цауты сæйраг аххосæгтæ сбæрæг кæнын; бюджетон æмæ коммерцион организацитæй фиддонты иууыл къаддæр процент чи фиды, уыдон сбæрæг кæнын; цæрджытимæ ахадгæ куысты нысанæн республикæйы сæйраг горæты æмæ районты Администрациты сæргълæуджытимæ æнгом æмархайд сифтонг кæнын.

Æмбырды цы фæндæттыл цыд дзырд, уыдон æмбырд æрцыдысты мадзæлтты иууон график-нывæзты, нымад æрцыдысты хорзыл æмæ сæ къамисы сæрдар сфидар кодта.

Райстæрцæуæг мадзæлтты нывæзт сæххæст кæныны тыххæй æмбырды хайадисджытæ акскъуыддзаг кодтой паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс – Хуссар Ирыстон»-ы специалисттæ, къамисы минæвæрттæ æмæ горæт Цхинвалы æмæ районты администрациты сæргълæуджыты нымæцæй кусæгон къордтæ саразын.

Дарддæры архайды координацийы тыххæй-иу къамис æрæмбырд уыдзæн дæс боны иу хатт.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.