Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы бахæсмæ гæсгæ Хицауады кусын райдыдтой Хетæгкаты Къостайы азмæ юбилейон мадзæлтты планыл. РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик Культурæйы министр Зассеты Жаннæимæ уынаффæ кодтой организацон фарстатыл – куысты иумæйаг здæхтытæ, финансон фарст, кусæгон къамисы сконд æмæ æндæр ахæмтыл.

«2019 азы мах нысан кæнæм национ гени – Хетæгкаты Къоста Леуаны фырты 160 аз, кæцыйы алыварсон сфæлдыстадон бынтæ сты ныры ирон культурæйы бындур. Мах хъуамæ æппæт дæр саразæм, цæмæй Къостайы аз уагъд æрцæуа æмбæлон æмвæзадыл æмæ йæ адæм бахъуыды кæной ирд цаутæй, уæлдайдæр – кæстæр фæлтæр», – загъта Пухаты Эрик.

Культурæйы министр йæ хъуыдытæ радзырдта Хицауады сæргълæууæгæн Хетæгкаты Къостайы аз ауадзыны тыххæй.

«Мæ хъуыды афтæ у, цæмæй ацы аз ацæуа ахæм девизимæ куыд «Къостайы дыууадæс стъалыйы», азы мæйты нымæцмæ гæсгæ. Культурæйы министрадæй дарддæр ма мадзæлттæ ауадзыныл кусдзысты æндæр организацитæ дæр: Ахуырады министрад, зонадон институт, университет. Уыдон куыд уагъд цæудзысты, ууыл дзырдтам фарон дæр. Æнхъæлмæ кæсæм конкретон фæндæттæм, кæцытæй хъуамæ рауайа мидисджын программæ.

Уымæй уæлдай ма мах фæнд кæнæм мадзæлттæ ауадзыны куыстмæ æрхонын цæгаткавказаг республикæтæй нæ коллегæты. Уымæн æмæ Расул Гамзатов æмæ Кайсын Кулиевау Къостайы рухс æрмæст Ирыстоны сæрмæ нæ судзы, фæлæ æнæхъæн Кавказы. Хорз æй зонынц æмæ йын кад кæнынц Кæсæг-Балхъары, Цæцæны, Дагъыстаны, Хъæрæсе-Черкесы æмæ æндæр республикæты.

Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, мах æнгом куыст кæндзыстæм Цæгат Ирыстонимæ, кæцы план кæны Къостайы райгуырды 160 азы цытæн ахсджиаг юбилейон мадзæлттæ ауадзын», – загъта Зассеты Жаннæ.

 

 

 

АХУЫРАДОН УАГДÆТТÆ ЦÆТТÆ СТЫ АХУЫРЫ АЗЫ ДЫККАГ ÆМБИСМÆ

Ахуыры азы дыккаг æмбисмæ ахуырадон уагдæтты цæттæдзинад ссис кусæгон æмбырды сæйраг темæ, кæцы уагъд æрцыд РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикы къухдариуæгадæй. Хайад дзы райстой Хицауады Сæрдары хæдивæг Бекъойты Геннади, РХИ-йы ахуырады æмæ зонады министр Гасситы Натали æмæ æндæр ведомствоты сæргълæуджытæ.

«Зымæджы ахуырадон уагдæтты æнæкъуылымы архайды тыххæй бæрндзинад фылдæр кæны, æнæмæнгхъæуæг у скъолаты хъæрмад æмæ хæлцæй  ифтонг кæнынмæ хъус дарын», – банысан кодта Пухаты Эрик.

Гасситы Натали радзырдта республикæйы столицæйы æмæ районты скъолаты уавæртыл.

Уыдон цæттæ сты ахуыры азы дыккаг æмбисмæ.  Ахуырадон уагдæтты цæттæ кæныны рæстæджы уæлдай хъусдард здæхт цыдис ахуырдзаутæн æдас, æм-бæлон уавæртæ саразынмæ.

Фембæлды рæстæджы ма ны-хас кодтой ахуырадон уагдæтты æртаг-сæрдæн æрмæджытæй сифтонг кæныныл.

Дизелон æртагæй, цы скъолаты хъарм кæнынц, уыдон нырма ницы зындзинæдтæ  æвзарынц. Дарддæр та архайдзыстæм уавæртæм гæсгæ», – банысан кодта Бекъойты Геннади.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.