Нæ хъæууон цæрджыты цардуагон уавæртæ нырма зæрдæйы фæндиаг не сты, æмбæлынц бæрæг зындзинæдтыл. Уыдон зындгонд сты районты æмбæлон службæтæн, хынцынц сæ æмæ архайынц, цæмæй скъуыддзаг цæуой рæстæгыл æмæ гъæдджынæй. Ацы ахсджиаг æмæ æнæмæнгхъæуæг куыстытæ сæххæст кæныныл зæрдиагæй архайы Цхинвалы районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад дæр æмæ йын куысты ис æнтыстытæ. Хæдзарады директоры хæстæ æххæстгæнæг Уазæгты Мевлуд куыд банысан кодта, афтæмæй куыстуат аразы æппæт дæр, цæмæй æнæкъуылымпыйæ æххæст кæной, хъæууон æмбæстæгты раз цы зындзинæдтæ сæвзæры, уыдон. Раст у, фæстаг цалдæр мæйы бæрæг аххосæгтæм гæсгæ сæ куыст чысыл фæкъуылымпы, фæлæ уæддæр коллектив æнкъары бæрндзинад æмбæстæгты раз æмæ афоныл ахицæн кæндзысты, афæдзы кæронмæ сæм цы куыстытæ сæххæст кæнын æмбæлы, уыдон.

   Районы иуæй-иу хъæутæм фæндæгтæ сты бынтон мæгуырау уавæры. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ ацы бонты куыстæуы Уанат-Сацхен, Ортъеу, Хъуырийы фæндæгтæ схæрзарæзт кæныныл. Райдианы уал сæ кæнынц лæгъз, уый фæстæ та сыл хъуамæ æркалой хуырдур. Ацы хъæуты арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæ бакæндзысты 12 километры дæрддзæгæн. Æнæуый та зæгъын æмбæлы, куыстуатæн уал амæйразмæ кæй бантыст Мамысантæ, Гудзабар æмæ Присы иу сыхы фæндæгтæ æмбæлон уагмæ æркæнын æмæ уымæй фæрогдæр сты ацы хъæуты цæрджыты уавæртæ. Уымæй дарддæр ма Сатихъары хъæуы сыхы фæндаг дæр уыд аразинаг æмæ уым дæр 300 метры  æрцыд цалцæггонд.

Дменисы клубы арæзтадæн дæр йæ сметæ у цæттæ æмæ аразджытæ бацархайдзысты уый æххæстæй саразыныл.

  Донхæры доны къанау æххæст кæны районы цæрджыты домæнтæ, фæлæ уый дæр сезоны райдианмæ фæхъæуы куыд цалцæг кæнын, афтæ ма сыгъдæг кæнын дæр. Ацы ран банысан кæнын æмбæлы æмæ йæ иуæй-иу адæймæгтæ кæй æркæнынц антисанитарон уавæрмæ. Районы ацы хæдзарад, уавæр бахынцгæйæ, рæстæгыл бацархайдта æмæ къанаутæ  сыгъдæг æрцыдысты Дменис, Къостайыхъæу, Ногхъæу, Наниаур æмæ Сатихъары. Донхæры доны хъуагдзинадæй тынг тыхсынц Ногхъæуы хицæн сыхы цæрджытæ æмæ сын сæ фарст æрбæстон кæныныл дæр куыстæуы. Ам куыстыты фылдæр хай фесты.

 Тынг ахсджиаг фарст у цæрджыты нуазыны донæй сифтонг кæнын. Ныртæккæ куыстæуы Арцеуы хъæумæ дон æруадзыныл. Цæрджытæ сæхи хъæппæрисæй хъæуы сæрмæ ссардтой доны гуырæн æмæ ныр коммуналон хæдзарад фыццаграды бацархайдзæн доны резервуар саразыныл. Уый фæстæ та йæ æруадздзысты хъæуы хицæн сыхтæм 550 метры дæрддзæгæй. Доны проблемæтæ ис Уæллаг Дменис, Залда, Свер æмæ Андисы хъæуты дæр æмæ сыл ацы азы кæронмæ бакусдзæн коллектив. Нуазыны доны фарст хуыздæр уавæры нæй Къостайыхъæуы дæр. Раст у, къорд азты размæ гъæдджын дон æруагътой Рустауы хъæуæй æмæ цæрджыты цинæн кæрон дæр нæ уыд. Фæлæ, хъыгагæн, уыцы цин бирæ нæ ахаста, уымæн æмæ йæ Зар æмæ уымæ æввахс хъæуты цæрджытæ хиварс-тæй бауагътой сæхимæ. Районы уæды сæргълæууæгæн цæрджыты домæн сæххæст кæныны бæсты йæ дзуапп уыд, уыдон дæр нæ адæм сты, зæгъгæ. Фæстæдæр хъæуы цæрджытæ цалдæр азы дæргъы пайда кодтой, æмбæлон службæ бынæтты цы доны гуырæнтæ ссардта, уыдонæй. Фæлæ та уыдонæй дæр нал пайда кæнынц фагбæрцæй, уымæн æмæ дон æххæст хъомысадæй нал цæуы. Уавæр æрбæстон кæныны тыххæй администрацийы хистæр Мамытаты Вахтъанг бахатыд æмбæлон органтæм, цæмæй Къостайыхъæумæ нуазыны дон бауадзой, горæтмæ ныртæккæ цы доны хахх цæуы Тулдзы къохыл, уырдыгæй. Фæлæ уый уыдзæн, Цхинвалы горæтмæ Уанаты доны хахх куы æрхæццæ уа, æрмæстдæр уый фæстæ. Доны цухдзинад æнкъардæуы Монастъер, Дампъалеты хъæуты дæр æмæ уыдоны домæнтæ дæр æххæст æрцæудзысты.

Уымæй дарддæр ма районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад  бацархайдзæн Ногхъæуы канализацион хæххытæ саразыныл. Куыддæр уым фæуой сæ куыст, афтæ ахæм ахсджиаг æмæ æнæмæнгхъæуæг  куыстытæ бакæндзысты Гудзабары хъæуы дæр. Куыстытæ сæххæст кæныны тыххæй сын рахицæн кодтой æхцайы фæрæзтæ дæр. Иудзырдæй, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады директор Уазæгты М. ныхæстæм гæсгæ сæ разы ис дзæвгар проблемæтæ аскъуыддзаг кæнын æмæ коллектив уыдон рæстæгыл ахицæн кæныныл кæны хъаруджын куыст.

                                ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.