Апрелы мæйы кæрон журналисттимæ пресс-конференцийы рæстæджы Фæсивæдон политикæ æмæ спорты комитеты сæрдары хæдивæг Гатыгкоты Валентинæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй комитет ныртæккæ кусы физикон культурæйы рæзты программæйыл. Уый куыд загъта, афтæмæй спорты рæзты хъуыддагмæ ивындзинæдтæ бахæссыны хъуыддаг у рæстæджы домæн. Уымæй дарддæр ма, зæгъгæ, бакусын хъæуы фæсивæдон политикæйы уагæвæрдтæ цардмæ ахадгæ хуызы рауадзыны проектыл дæр. Нæ республикæйы спорты фадыджы цы фæсивæд архайынц, уыдон нымæц бирæ фылдæр кæны æмæ сыл æхцайы фæрæзтæ дæр фылдæр хардз цæуы. Хорз æнтыстытæ сын кæй вæййы спорты бирæ хуызты, уый тыххæй сæ арæхдæр хонын райдыдтой. Æхсæнадæмон æмæ дунеон ерыстæм. Ныртæккæ цы закъонмæ гæсгæ архайы спорты комитет, уыдонмæ гæсгæ афæдз сæ бон у цалдæр хатты райсын хайад ерысты, фæлæ спортсменты тренертæ куыд амонынц, афтæмæй æрмæст ерысты хайад райсын фаг нæу. Цæмæй спортсмен ерысты йæхи хорз равдиса, уый тыххæй хъæуы развæлгъау сæрмагонд цæттæдзинад райсын.

Спорты комитет æппæт уыцы ногдзинæдтыл куы бакуса æмæ Парламентмæ куы бавдиса закъон, кæцы ист куы æрцæуа, уæд ахъаз уыдзæнис физикон культурæ æмæ спорты райрæзтæн, стæй фæсивдон политикæйы уагæвæрдтæ бæстондæр æххæст кæнынæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.