Инвестпрограммæйы фæлгæтты нæ горæты цы уынгтæ арæзт æрцыдысты æмæ абон цæстæнгас сæхимæ чи здахынц сæ аив арæзтæй, уыцы уынгтæм та ацы аз ноджыдæр бафтдзæнис аст. Уый у æхсызгон цау.

Уыдонæй ныртæккæ куыст цæуы Джиоты Аланы проспекты фæзилæныл. Куыд иннæ арæзтцæуæг уынгты, афтæ ам дæр куыстытæ райдыдта Водоканал. Раивтой коммуникацион хæххытæ. Уыдон дзуапп нал лæвæрдтой сæ домæнтæн. Ныр сæм æрывнæлдтой аразынмæ, раивтой доны хæтæлтæ. Уыцы куыстытæ сты 1 608,24 мин сомы аргъ æмæ дзы бакодтой 1 404, 777 мин сомы аргъ. Канализацион хæххытæ ивыны фæдыл куыстытæ бакæндзысты 898,9 мин сомы аргъ, уыдонæй баконд æрцыдысты 499,170 мин сомы аргъ. Газуадзæн куыстытæ бакæныны тыххæй та рахицæн æрцыд 1564,07 мин сомы æмæ дзы баконд æрцыд 1136,462 мин сомы аргъ. Зæгъæн ис æмæ газуадзæн куыстытæ кæронмæ бахæццæ сты.

Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæуатон-коммуналон хæдзарады министры хæдивæг Гаглойты Сергей куыд зæгъы, афтæмæй дон æмæ канализацион хæххытæ дæр баиу кодтой хæдзæрттæм, дон сæм рауагътой æмæ цæрджытæ не ‘ййафынц донхъуагдзинад. Ацы фæзилæны ма баззадис 9 канализацион люкы сæр сæвæрын. Фæлæ уал цалынмæ канализацион хæххыты сæртæ бæстон æвæрд не ‘рцæуой, уæдмæ уал кусджытæ ам калынц лыстæг хуыр, лæгъз æй кæнынц тракторæй, ныннæмынц æй æмæ йыл уый фæстæ сæвæрдзысты асфальты фыццаг уæлцъар.

Уынджы арæзтадыл æдæппæт кусы 6 адæй-маджы. Ифтонг сты арæзтадон æрмæджытæй, кусынц дзы техникæйы 3 иуæджы. Уыцы куыстытæ та æххæст кæны «Дорэкспострой».

***

Ацы аз сæххæст уыдзæнис Гафезы уынджы цæрджыты бæллиц. Тынг тыхстысты ацы районы цæрджытæ дæр, рæстмæ фæндаг сæм кæй нæ уыдис, уымæй. Къæвда рæстæджы-иу азмæлæнтæ нал уыд цæрæн хæдзæртты рæзты. Ныр ам дæр уынджы арæзтады фæдыл куыстытæ сты сæ тæмæны æмæ цæрджыты цинæн кæрон дæр нæй.

Гафезы уынг дæр арæзт цæуы Инвестпрограммæйы фæлгæтты. Йæ дæргъ у 930,93 метры. Йæ арæзтадæн рахицæн æрцыд 35578,34 мин сомы. Уыдонæй донуадзæн куыстытæн рахицæн æрцыд 5 807,7 мин сомы æмæ дзы 1305,604 мин сомы аргъ æххæст æрцыдысты. Канализацион хæххытæн рахицæн кодтой 9821,18 мин сомы, уыдонæй æххæст æрцыд 2876,516 мин сомы аргъ куыстытæ æмæ газуадзæн куыстытæн та рахицæн кодтой 4941,81 мин сомы. Уыдонæй та æххæст æрцыд 4184,777 мин сомы аргъ куыстытæ. Газуадзæн куыстытæ ацы уынджы дæр æххæст æрцыдысты, сæвæрын ма хъæуы табличкæтæ. Ныртæккæ ам куыст цæуы канализацион æмæ донуадзæн куыстытыл. Уыдон уагъд æмæ иу цæуынц бирæфатерон хæдзæрттæм. Уыцы куыстытæ æххæст кæнынц Водоканалы кусджытæ. Кусынц ыл 7 адæймаджы, сты бынæттон цæрджытæ æмæ архайынц æппæт куыстытæ дæр цæсгомджынæй бакæныныл. Ифтонг сты арæзтадон æрмæджытæй. Кусы дзы техникæйы 5 иуæджы.

Æппæт куыстытæ дæр баконд куы æрцæуой, уæд уынджы арæзтады куыстытæм æрывналдзæн «Дорэкспострой».

***

Арæзтадон куыстытæ æххæст цæуынц Харебаты Исахъы уынджы кæрон Сталины уынгæй Гаглойты Хазбийы уынгмæ. Уымæн йæ дæргъ у 206,11 метры. Куыд иннæ уынгты, афтæ ам дæр куыстытæ райдыдта Водоканал. Зæгъын хъæуы уый æмæ ам дæр коммуникацион хæххытæ æрцыдысты æдзæллаг уавæрмæ æмæ тыхстысты цæрджытæ. Ныридæгæн уыцы куыстытæ иууылдæр баконд æрцыдысты. Æппæт куыстытæн рахицæн æрцыд 6345,03 мин сомы. Уыдонæй донуадзæн куыстытæн рахицæн æрцыд 3346,73 мин сомы, канализацион хæххытæн – 2422,92 мин сомы æмæ газуа-дзынæн та  – 2427,26 мин сомы. Газуадзæн куыстытæ æххæст æрцыдысты.

Газуадзæн куыстытæ сæххæст кодта «Энергоресурс» æмæ коммуникацион куыстытæ та бакодта «Водоканал». Ныртæккæ ам кæнынц фæндаг асфальтмæ цæттæгæнæн куыстытæ. Ласынц æм лыстæг хуыр æмæ йæ лæгъз кæнынц. Æдæппæт дзы кусынц 6 адæймаджы æмæ техникæйы 3 иуæджы. Ифтонг сты арæзтадон æрмæджытæй. Ацы куыстытæ æххæст кæны «Дорэкспострой».

***

Уалдзæджы æрбалæудимæ æрывнæлдтой нæ горæты Лермонтовы уынджы арæзтадмæ дæр. РХИ-йы Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæдивæг Гаглойты Сергей куыд зæгъы, афтæмæй ам куыст цæуы инженерон хызæгтæ баивыныл. Уынгæн йæ дæргъ у 600 метры. Æдæппæт рахицæн кодтой 18 473, 75 мин сомы. Донуадзæн куыстытæн – 7 748,36 мин сомы,  сæххæст дзы кодтой 2 339,515 мин сомы аргъ куыстытæ. Канализацион хæххытæн – 3 911,43 мин сомы, сæххæст дзы кодтой 840,681 мин сомы аргъ. Газуадзæн куыстытæн радих æрцыд 3055,10 мин сомы æмæ дзы сæххæст кодтой 2245,303 мин сомы аргъ. Газуадзæн куыстытæ æххæст æрцыдысты, ныртæккæ куыст цæуы канализацион æмæ доны хызæгтæ уадзыныл.  Ам та куыстытæ æххæст кæнынц 8 адæймаджы æмæ техникæйы 4 иуæджы. Уыдон архайынц канализацион æмæ доны хæтæлтæ абоненттæм баиу кæныныл.

Кусджытæ иууылдæр сты бынæттон цæрджытæ. Архайынц сæ куыст нысангонд æмгъуыдмæ бакæныныл. Кусынц улæфт бонты дæр. Райсомæй раджы æрлæууынц сæ куысты уæлхъус æмæ цалынмæ нæ баизæр вæййы, уæдмæ не ‘рнымæг вæййы сæ кусæнгæрзты хъæлæба, техникæйы уынæр.

Гаглойты Сергей ма куыд банысан кодта, афтæмæй иннæ уынгты дæр куыст цæудзæнис планмæ гæсгæ. Йæ хъуыдымæ гæсгæ арæзтцæуæг аст уынджы хъуамæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцæуой рæстæгыл.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.