Цхинвалы районы Ереды хъæуы территорийыл къухтæ æрфыстæуыд минæтæй ссыгъдæггонд хъæуы территори радтыны тыххæй актыл.

Актыл къухтæ æрфыстой Цхинвалы районы  сæргълæууæджы хæдивæг Бибылты Валери æмæ минæтæй сыгъдæг кæныны къорды камандæгæнæг, «Лидер»-ы хистæры хæдивæг  Анатоли Савин.

Мадзалы уыдысты Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министр Санахъоты Сергей, Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон уавæрты министрады уæлдай тасдзинады ирвæзынгæнæг операцитæ уадзыны фæдыл центр «Лидер»-ы сæргълæууæг Игорь Кутровский, афтæ ма  Центры специа-листтæ.

Санахъоты Сергей банысан кодта, зæгъгæ, уæрæсейаг сæ-пертæ сæ мисси республикæйы сæххæст кодтой  цæсгомджынæй.

«Уæлдай тасдзинады ирвæзынгæнæг операцитæ уадзыны фæдыл центр «Лидер» рæму-дзæн æрмæджытæй асыгъдæг кодта  50 гектарæй фылдæр фæзуат», – загъта Санахъоты Сергей.

Уый куыд бамбарын кодта, афтæмæй минæтæ сыгъдæг æрцыдысты Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы Президентты бадзырдтæм гæсгæ.

«Абон фидарæй зæгъæн ис, ацы территорийыл ныфсджынæй бакæнæн ис цыфæнды хъæууонхæдзарадон, арæзтадон куыстытæ дæр», – банысан кодта Санахъойы фырт

Уæлвæткон уавæрты министрады сæргълæууæг  бузныджы ныхæстæ загъта Уæрæсейы Федерацийы, Уæрæсейы Уæлвæткон уавæрты министрады  къухдариуæгадæн æмæ специалисттæн, кæцытæ хайад райстой территори минæтæй ссыгъдæг кæныны се ‘ххуысы тыххæй.

«Хуыцау зæгъæд, æмæ куыд абон, афтæ фидæны дæр, кæмфæнды ма уат уæ куысты фæдыл, уырдыгæй здæхат хъæлдзæг æмæ æнæнизæй. Сымахæн тынг серьезон æмæ тæссаг професси ис, кæцыйы рæдийын нæй гæнæн. Уадз, кæддæриддæр ут æнтыстджын æмæ хызт ут фыдбылызæй», – сапертæн загъта Санахъоты Сергей.

«Хуыцау зæгъæд, æмæ куыд абон, афтæ фидæны дæр, кæмфæнды ма уат уæ куысты фæ-дыл, уырдыгæй здæхат хъæлдзæг æмæ æнæнизæй. Сымахæн тынг серьезон æмæ тæссаг професси ис, кæцыйы рæдийын нæй гæнæн. Уадз, кæддæриддæр ут æнтыстджын æмæ хызт ут фыдбылызæй», – сапертæн загъта Санахъоты Сергей.

 

Йæ рады Игорь Кутровский  банысан кодта, зæгъгæ, 80 боны размæ Хуссар Ирыстонмæ æрвыст æрцыд Уæрæсейы Уæлвæткон уавæрты министрадæй иууыл цæттæдæр адæймæгтæ, специалисттæ, кæцытæ ахæм куыстытæ кодтой Тверы дæр, Ног Мæскуыйы, Сербийы, Цæцæны Республикæйы æмæ бæстæйы бирæ æндæр регионты æмæ фæсарæнты.

«Цы хъуамæ сарæзтаиккам, ууыл мах бацархайдтам æмæ йæ сарæзтам, нæ хæс уыд хъизæмайраг зæхх адæмæн раздахын, цæмæй сулæфа, скуса æмæ æрхæсса пайда, – загъта Кутровский. – Уый у иууыл цъусдæр хай, аразинаг ма цас ис, уымæн, фæлæ уын мах ныфс дæттæм, куы бахъæуа, уæд нæ куыст кæй адарддæр кæндзыстæм, уымæй».

Кутровский бамбарын кодта, зæгъгæ, сæ куысты спайда кодтой иууыл нырыккондæр фæ-рæзтæй, уыцы нымæцы робототехникон комплексæй, кæцы максималонæй сæдас кодта саперты цард æмæ æнæниздзинад.

«Нæ къухты цы фæстиуæг бафтыд, уымæ стыр хайбавæрд бахастой нæ хуссарирыстойнаг коллегæтæ дæр. Уыдон активон хайад истой территори минæ-тæй асыгъдæг кæныны, – загъта Кутровский. – Хуссарирыстойнаг фарс  ацы операцийы сорганизаци кодта алыварсонæй дæр иууыл бæрзонддæр æмвæзадыл».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.