Ацы бонты Оренбургы уагъд æрцыд дунеон фæсивæдон форум «Евразия Global», зæгъгæ. Форумы хайад райстой  уæрæсейаг æмæ фæсарæйнаг фæсивæдон 500 лидеры бæрц дунейы 63 бæстæйæ æмæ Уæрæсейы 73 регионæй. Авд азмæ форум ссис хъæуæг фæзуат æппæт дунейы фæсивæдон лидерты коммуникацитæн. Хъæздыг хъуыддагон программæ форумы хайадисджытæн фадат радта нырыккон боны фæткы актуалон фарстытыл паддзахадон хицауиуæгад æмæ бизнесы, зонад æмæ культурæйы къабæзты эксперттимæ æруынаффæ кæнынæн, профессионалон æмæ хисæрмагонд рæзтæн ног гæнæнтæ райсынæн. Уæрæсейы фæсивæды гранты конкурсмæ бадæттой 133 бавдысты. Уыдонæй 69 презентаци скодтой эксперттæ дунеон фæсивæдон форум«Евразия Global»-ы.

Форумы хайад райстой Хуссар Ирыстоны фæсивæды минæвæрттæ РХИ-йы Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты сæрдар Зассеты Сергейы сæргълуæдæй. Форум йæ куыст фæцис 14-æм июны. Мадзалы хайадисджыты ныхæстæм гæсгæ, уыдон райстой иууыл æвæрццагдæр эмоцитæ æмæ бирæ пайдайы информаци. Уыдон куыд банысан кодтой, афтæмæй мадзалы хайадисджытæй бирæтæ ни-цы зыдтой Хуссар Ирыстоны тыххæй. Пакистан, Инди, Вьетнам, Аргентинæ æмæ æндæр бæстæты хайадисджытæ ацаходыдтой ирон уæливыхтæй æмæ сæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты. Радзырдтой сын Ирыстоны традицитæ, культурæ æмæ историйы тыххæй.  Форумы сæйраг темæ: дзыллон дипломати, гуманитарон æндæвдад, фæлмæн тых. Мадзалы хъуыддагон программæ дих уыд цыппар сæйраг трекыл: «Хорздзинад», «Карьерæ», «Медиа», афтæ ма сæрмагонд трек «Æмфыдыбæстæйонтæ»-йыл.

Форумы фæлгæтты къухтæ фыст æрцыдысты меморандумыл Хуссар Ирыстоны Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитет æмæ Уæрæсейы фæсивæды хъуыддæгты фæдыл федералон агентады ‘хсæн.

«Меморандумыл къухтæ æрфыссыны процедурæтæ бацæттæ кодта ресурсон фæсивæдон центры командæ Александр Любцовы сæргълæудæй, кæцытимæ кусæм бирæ азты дæргъы. Меморандумы фæрцы мах хайад исæм нырыккон программæты. Уый  фадат дæтты нæ фæсивæдæн ахæм форумты, æндæр мадзæлтты хайад райсынæн, афтæ ма хайад исдзыстæм Уæрæсейы Федерацийы уагъдцæуæг æппæт мадзæлтты дæр.

Тынг бирæ перспективæтæ ис, куыд зæгъæм, фæсивæдон политикæйы къабазы паддзахадон программæтæ реализаци кæныны, кæрæдзийæн информаци дæттыны хъуыддаджы. Мах Хуссар Ирыстонмæ хондзыстæм æрмæст Уæрæсейы фæсивæды нæ, фæлæ паддзахадон службæгæнджыты дæр нæ кæрæдзийæн нæ фæлтæрддзинад амоныны тыххæй. Уый нын фадат ратдзæн æнтыстджынæй иумæ ахсджиаг фарстытыл кусынæн. Ресурсон фæсивæдон центры куысты фæлгæтты ма мах куыстам Луганск æмæ Донецкы Адæмон Республикæтимæ. Ацы форумы фæлгæтты махæн фадат ис семæ æмгуыстад кæнынæн», – радзырдта РХИ-йы Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты сæргълæууæг Зассеты Сергей.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ РХИ-йы Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитет Федералон агентадимæ бастдзинæдтæ кæй сфидар кодта 2013 азы. Уæдæй фæстæмæ дыууæ бæстæйы минæвæрттæ кæд  æмгуыст кодтой, уæддæр сæ фадæттæ уыдысты къуындæг. Меморандумыл къухтæ фыст хъуамæ æрцыдаиккой цалдæр азы размæ, фæлæ сын бæрæг аххосæгтæм гæсгæ нæ бантыст. Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитет ма фæнд кæны спорты къабазы дæр бадзырдтæ саразын.

Нæ уацх.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.