Знон, 27-æм декабры РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикы разамынадæй уагъд æрцыд Хицауады радон рабадт. Йæ куысты хайад райстой министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæ, горæты æмæ районты администрациты сæргълæуджытæ.

Хицауады Сæрдар æрæмбырдуæвджытæн фехъусын кодта, зæгъгæ, ацы рабадт Президенты сæрдариуæгадæй хъуамæ ауагъд æрцыдаид, фæлæ Уæрæсейы Уæлвæткон уавæрты министрад электроадæттæн хаххыл аваритæ аиуварс кæныны тыххæй, знон цы вертолет рарвыста, ууыл абон атахт, цæмæй æрзила республикæйы территорийыл æмæ ситуациимæ лæмбынæгдæр базонгæ уа.

Рабадты дзырд цыдис, æрæджы мæгуырау боныгъæдты аххосæй республикæйы цы уæлвæткон уавæр сæвзæрыд, уый фæдыл. Банысан æрцыд, зæгъгæ, профилон службæтæ хъуамæ цæттæ уой ахæм æнæнхъæлæджы цаутæм, куыд зымæджы, афтæ афæдзы кæцыфæнды рæстæджы дæр æмæ сын уа къаддæр мæгуырау фæстиуджытæ.

Рабадты Хицауады Сæрдар раппæлыд, «Энергоресурс»-ы, Уæлвæткон уавæрты, «Водоканал»-ы æмæ Хъахъхъæнынады министрады доны хæдзарады, «Дорэкспострой»-ы кусджытæй республикæмæ цæуæг электроадæттæн хаххыл аваритæ аиуварс кæныныл чи куыстой, уыдоны оперативон архайдæй æмæ фæндон бахаста, кæй сæ хъæуы схорзæхджын кæнын, ахæм удуæлдай архайды тыххæй. Уыимæ ма банысан кодта, ахæм рæстæджы уыдонæн кæй хъæуы сæрмагонд уæлæдарæс, уый. Уый фæстæ фехъусын кодта, зæгъгæ, йæм Президент телефонæй радзырдта æмæ бахатыд, цæмæй йæ номæй ракæнон ногазон арфæтæ. Йæ цæст сымахæн æмæ нæ республикæйы æппæт адæмæн дæр бауарзта æнæниздзинад, бинонты амонд, æнтыстытæ.

«Ног азы размæ, æвæццæгæн, сымахæй алчи дæр æрæмбырд кæны йæ куыстуаты коллективы æмæ сын ракæны ногазон арфæтæ. Æмæ уæ курæг дæн, цæмæй уæ алчи дæр Президенты æмæ мæ номæй дæр фæхæццæ кæна нæ зæрдæбын арфæтæ уæ коллективтæм», – загъта Хицауады Сæрдар.

Дарддæр Пухаты Эрик æрдзырдта, 2017 азы бирæ æхцон цаутæ кæй æрцыд куыд экономикæйы къабазы, афтæ нæ республикæйы политикон царды дæр. Æхсызгонæй банысан кодта, Инвестпрограммæ æнтыстджынæй æххæст кæй æрцыд, уый. 2015-17 азты арæзт æрцыдысты æндæр æмæ æндæр нысаниуæджы объекттæ, цалцæг æрцыдысты бирæ скъолатæ, рæвдауæндæттæ, арæзт цыдысты горæты уынгтæ. Бирæ объекттæ арæзт æрцыдысты æнæниздзинад хъахъхъæныны хаххыл дæр, кæронмæ бахæццæ университеты комплексы арæзтад дæр. Банысан кæнын хъæуы, политикæйы фадыджы дæр 2017 аз кæй уыдзæн зæрдылдаринаг. Уæд æвзæрст æрцыд ног Президент Бибылты Анатоли, кæцы снысан кодта масштабон хæстæ республикæйы рæзты фæдыл.Хицауады Сæрдар дарддæр æрдзырдта, 2017 азы 13-æм декабры Æхсæнхицауадон къамисы рабадты радон 2017-2018 азтæн цы Инвестицион программæ райст æрцыд, уый фæдыл. Уымæ хаст æрцыдысты иууыл приоритетон-дæр мадзæлттæ, кæцытæ здæхт сты нæ адæмы царды уавæртæ фæхуыздæр кæнынмæ. Уыдон сты цæрæн хæдзæрттæ дарддæр дæр аразын, фæндæгты арæзтад, арæзт æрцæудзæн ног гуырæн хæдзар, Уанат-Цхинвалы донуадзæн. Банысан кодта, зæгъгæ, Инвестпрограммæмæ цы объекттæ хаст æрцыдысты, уыдон хъуамæ æнтыстджынæй æххæст æрцæуой.

Пухаты Эрик ма æрæмбырдуæвджыты зæрдыл æрлæууын кодта, цы объекттæ арæзт æрцы-дысты 2016-2017 азтæн Инвестпрограммæйы фæлгæтты, уыдоны гъæдæй райгондæй кæй баззад УФ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Александр Хлопонин æмæ сын кæй скодта æвæрццаг аргъ. Кæй зæгъын æй хъæуы, арæзтадон куыстыты ис згъуыдтæ дæр, фæлæ РХИ-йы Арæзтады министрад æппæт дæр хъуамæ сараза, уыцы цухдзинæдтæ аиуварс кæныны тыххæй. «Фæнды мæ, цæмæй нын Ног аз суа æнтыстджын æмæ уый тыххæй та архайдзыстæм æппæт тыхтæй дæр», – загъта Хицауады Сæрдар.

Хицауады Сæрдар министрад-ты, ведомствоты æмæ организа-циты сæргълæуджытæй æрдом-дта, цæмæй сæ бакæнгæ куыстæн саразой хыгъдтæ æмæ Хицауа-дæн дæр йæ бон суа йæ куыстæн хыгъд саразын.

Рабадты сæйраг фарстытæй сæ иу уыд, РХИ-йы Хицауады бахæсмæ гæсгæ Контролон-нымайæн палатæ цы цухдзинæдтæ сбæрæг кодтой, уыдон цæмæй аиуварс æрцæуой. Дзырд цыд, зæххы фадгуытæ арендæйы чи райста æмæ сæ цалдæргай азты чи нæ кусы, ахæм арендатортыл. Рабадты ма дзырд цыд, фæндæгтæм æввахс æнæзакъонæй цы объекттæ арæзт æрцыдысты, уыдоны тыххæй æмæ бирæ æндæр ахсджиаг фарстытыл дæр.

Бестауты валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.