Куыд зонæм, афтæмæй æрæджы Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры аивадон къухдариуæггæнæгæй нысан æрцыд не ’мзæххон Дзуццаты Тамерлан. Нæ уацхæссæг фембæлд йемæ, ныхас кодтой театры абоны æмæ сомбоныл. Дæлдæр мыхуыр цæуы сæ ныхас.

— Тамерлан, райдианы мæ фæнды, цæмæй дын раарфæ кæнон дæ ног куысты тыххæй. Уæд дын æнæниздзинад, дæхи æмæ сценæмæкæсджыты зæрдæтæ чи рухс кæна, ахæм æнтыстытæ?

— Дæуæн, стæй редакцийы æппæт кусджытæн дæр стыр бузныг уæ арфæ æмæ æрхъуыдыйы тыххæй. Æз архайдзынæн, æппæт дæр араздзынæн, цæмæй ирон театруарзджытæ райгонд уой мæ куыстæй.

— Зæгъ-ма, æнæнхъæлæджы дын уыд театры аивадон къухдариуæггæнæгæй дæ снысан кæндзысты, уый. Хабар фыццаг кæмæй фехъуыстай?

— Театры аивадон къухдариуæггæнæгæй мæ снысан кæныны фæнд кæнынц, уый мын æнæнхъæлæджы нæ уыд. Цыппар азы размæ Тыбылты Леонидыл нæ адæм се ‘ууæнк куы бафтыдтой, уæд мæм цасдæр фæстæдæр фæдзырдта йæхимæ æмæ мын загъта, цæмæй мæхимæ райсон театры аивадон къухдариуæггæнæджы хæстæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыд мын æхсызгон, кæд фарстмæ цæттæ нæ уыдтæн, уæддæр «нæ» нæ загътон, ракуырдтон дзы ахъуыды кæнынæн рæстæг. Мæ уæды хъуыдыйыл уый дæр сразы. Хуссар Ирыстоны театралон цард цасдæрбæрцæй ногæй кæй гуыры, уый мын æрæджы бамбарын кодта ногæй æмæ кæд зонын, цы стыр æмæ ахсджиаг хæсы балæууыдтæн, уый, уæддæр «нæ» нал загътон.

— Алы ног куысты дæр фæзыны дзæвгар æмæ бирæ алыгъуызон хорз хъуыдытæ. Дæумæ цы тырнындзинæдтæ фæзынд, уыдонæй сæйрагыл цы нымайыс æмæ цæмæн?

— Раст зæгъыс, ног куысты ног хорз хъуыдытæ вæййы дзæвгар. Æмбæхсинаг нæу, æз дæр сæ дæн хъæздыг. Сæйрагыл дзы нымайын уый, æмæ цалынмæ театры ног агъуыст цæттæ кæна, уæдмæ ирон драматургты уацмыстæм гæсгæ хъуамæ бацæттæ кæнæм цалдæр спектаклы. Ног театры агъуысты æппæты фыццаг ирон театрдзаутæ фендзысты Хетæгкаты Къостайы поэмæ «Фатимæ»-мæ гæсгæ арæзт спектакль. Уый фæстæ нæ театруарзджытæ къорд рæстæг зонгæ кæндзысты нæ фыдæлтæ Нартæ, Сæрмæттæ æмæ Аланты цард, архайд æмæ хъуыддæгтыл арæзт спектаклтимæ. Абон ахæм спектаклтæ æвдисын у ахсджиаг. Уымæн æмæ сын сæ кады æгъдæуттæ æмæ хъуыддæгтæй ферох кодтам дзæвгар. Мæ абоны уавæрæй спайда кæндзынæн æмæ уæ газеты фæрцы бахатдзынæн ирон драматургтæм, цæмæй æр-бахæссой сæ спектаклтæ. Кæй æрбахæссой, уыдонæй равзардзыстæм хуыздæрты æмæ сæ пайда кæндзыстæм нæ театрдзауты хæрзиуæгæн.

— Цы спектаклтæ бацæттæ кæнат æмæ театрдзауты размæ кæй рахæссат, уыдонæн, сæйраджыдæр, сæ мидис цæуыл бындуриуæг кæндзæн?

— Уæлдæр куыд банысан кодтам, афтæмæй Ирыстоны театралон царды гуыры ног этап. Мах, не ’ппæт дæр бацархайдзыстæм ууыл, цæмæй цы спектаклтæ саразæм, уыдоны, сæйраджыдæр, ирдæй æвдыст цæуа ирон æфсымæрондзинад. Æмбæхсинаг нæу, раздæр цасдæрбæрцæй нæ уæндыдыстæм æмæ уæлдай хатт ракæнæм нæхи, нæ адæмы кой. Уыцы рæстæджытæ фесты, ныр нын фадат ис æмæ æргомæй дзурæм, нæ фыдæлтæ æмæ нæхæдæг дæр чи стæм, ууыл.

Бирæ фæндтæ нæм ис нæ чысыл сценæмæкæсджыты зæрдæтæ барухс кæныны тыххæй дæр. Уырны мæ, ацы фадыджы дæр бакусдзыстæм хорз æмæ барухс кæндзыстæм нæ чысыл театрдзауты зæрдæтæ дæр.

— Зонæм нæ фæлтæрддæр артистты, се ’хсæн ис æрыгæттæ дæр. Фылдæр ныфсæвæрæн сæ кæмæй ис?

— Искæмæй уæлдай æппæлд ракæнон, уый мæм раст нæ кæсы — коллективы æнтыстæн нæу ахъаз. Кæй зæгъын æй хъæуы, артистты арæхстдзинад нæу иу æмвæзадыл, уымæ гæсгæ сæ арæхстдзинад фæхуыздæркæнинаг кæмæн у, уыдонимæ кусдзыстæм уæлæмхас рæстæг дæр.

— Цахæм нысаниуæг радтис коллективы абоны цæттæдзинадæн?

— Ирон театрдзаутæй бирæтæй фехъусæн ис, нæ артистты архайд æмæ куыстæй сæрыстыр æмæ райгонд кæй сты, уый. Сæ арæхстдзинад æмæ æнтыстыты тыххæй уацтæ вæййы нæ газеты, ис сын паддзахад æмæ хицауадон хорзæхтæ. Æз сæм куыд бакастæн, уымæ гæсгæ, нæ бон у æмæ сæвæрæм цахæмфæнды уæззау æмæ зын спектакль дæр.

— Æмбæлы, цæмæй алы фæлгондзæн дæр уа йæхи кары артист. Цахæм æмвæзадыл уæм у ацы хъуыддаг та?

— Ныртæккæ коллективы ис ахæм цухдзинад. Нæй нæм хæрз æвзæнгтæ æмæ бынтон ацæргæтæ. О, фæлæ уыцы фарст нæу, куыд зыны, афтæ зын скъуыддзагкæнинаг. Куы бахъæуа, уæд нæ артисттæм ис фаг фæлтæрддзинад æмæ сарæхсдзысты цахæмфæнды ролты архайын дæр.

— Ацы аз фæивдзыстут уæ кусæн бынат. Ног бынат цалынмæ хорз базонат, уæдмæ уын, мæ хъуыдымæ гæсгæ, уыдзæнис зын. Цас раст дæн æмæ сæ аиуварс кæнын, ма сæ рахатыны тыххæй цахæм барæнтæ исдзыстут?

— Ноджы ма йæ зæгъон, нæ артисттæм ис фаг фæлтæрддзинад æмæ нæ фæтыхсдзысты. Ног бынаты, уымæй дæр ахæм фадæтты, се ’взыгъддзинæдтæ æвдисдзысты ирддæ-рæй, æнцондæрæй.

ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.