ХОДАБУЛ

Хъæуы ивгъуыд цардæй

Æнцонвадат у цæрынæн Знауыры районы Ходабулы хъæу. Йæ сойджын уæлвæз уыгæрдæнтæн æмæ хизæнуæттæн, йæ хуымзæххытæн æмбал нæ уыд. Ацы хъæуы сырæзты истори хорз чи зоны, ахæм адæймæгтимæ мах сæмбæлдыстæм æмæ ныхас кодтам семæ. Шауердаты Леуан нын афтæ радзырдта:

– Раздæры азты ацы хъæуы цæрджытæ уырдæм æрлыгъдысты Малдайы хъæуæй. Уыцы хъæу уæлвонг бынаты кæй уыд, уымæ гæсгæ дзы фаг нæ уыд хуымзæххытæ, дон æмæ æрлыгъдысты, ныртæккæ Ходабулы хъæу кæм уæвы, уырдæм æмæ дзы царды амæлттæ кæнын райдыдтой. Фыццаг уырдæм цæрынмæ æрлыгъдысты Санахъотæ, уый фæстæ та – Дзæгъиатæ, Томайтæ, Джусойтæ, Хъæцмæзтæ, Æлбортæ, Джиотæ, Собатæ, Багатæй дзы уыд иу хæдзар æмæ иу хæдзар та – Хъоцытæй. Æдæппæт дзы æрбынат кодтой 42 цæрæг хæдзары. Кæй зæгъын æй хъæуы, уым бирæ фенцондæр сты сæ царды уавæртæ. Малдайы хъæуы цæргæйæ та хъизæмайраг уыдысты, æййæфтой зæххъуаг, донхъуаг. Хъæд сæм дард уыд æмæ æййæфтой сугхъуаг дæр. Ходабулы хъæуы та уыдæттæй ифтонг уыдысты. Дардтой фос, кодтой зæххы куыст. Алцы дæр дзы задис. Бирæ фос дардта сæ хъæуы колхоз. Уыдис дзы ставд фосы фермæ. Цæрджытæ  сæхæдæг дæр дардтой фос. Уæд трактортæ нæ уыд, куыстой галтæ æмæ къамбецтæй æмæ-иу зæххы гæппæл дæр æгуыстæй нæ фæуагътаиккой. Ацы хæдзары цæрджытæн æппæт фадæттæ дæр уыд. Æрмæст хъуыд змæлын. Алы хæдзары дæр уыд бирæ сывæллæттæ. Иумæйаг хæдзарады алкæй фаг дæр уыд куыст æмæ æххæссыдысты сæ сывæллæттыл дæр. Хъæуы æдæппæт 9 мыггаджы цардис, фæлæ се ‘хсæнæй хъæр, хъæлæба никуы райхъуыст. Цардысты  адджынæй,  кæрæдзимæ  дардтой  се ‘ххуысы къух. Фидар æгъдæуттæ æвæрд уыд хъæуы. Цинаджы, зианы рæстæджы æнæгъдау нозтгæнгæ никæй федтаис. Зыдтой алцæмæй дæр бæрц æмæ ахæм уагыл хъомыл кодтой сæ кæстæрты дæр, уыдысты æгъдауджын, кусаг, лæууыдысты сæ ныййарджыты æнцой. Хъæуы астæу стыр фæз хуыдтой Амбары фæз. Уым колхозæн æвæрд уыдысты, сæ тыллæг-иу кæм бафснайдтой, ахæм цалдæр кауæй быд хордоны, хуыдтой сæ заритæ. Уыцы амбары фæзмæ æмбырд кодтой фæсивæд изæрыгæтты, фæскуыст æмæ-иу хъæлдзæгæй сæ рæстæг æрвыстой.

Абон дæр мæ нæ рох кæны, Стыр Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, уæд мæныл цыдис 10 азы бæрц æмæ хорз бахъуыды кодтон, хæстхъом фæсивæд куыд раст кодтой хæсты быдырмæ. Уæд æппæт куыстытæ дæр æрæнцадысты зæрæдты, сылгоймæгты æмæ æрыгæтты уæхсчытыл. Фæлæ уæддæр иумæйаг хæдзарад фæцудын нæ бауагътой. Æхсæвыгæтты сылгоймæгтæ æмбырд кодтой иумæ æмæ быдтой цъындатæ, æрмкъухтæ, хъарм уæлæдарæс æмæ сæ æрвыстой фронтмæ. Фæлæ рæстæг куыд цæуы, афтæ ивындзинæдтæ хæссы йемæ. Раздæр адæмæн афтæ зынаргъ чи уыдысты, уыцы уæзгуытæ абоны бон сæ цæрджытæй ихсийынц. Кæмæн куыд йæ амал уыд, афтæ уагъта йæ хъæу æмæ æрлыгъдысты горæтмæ. Мæныл 89 азы цæуы, стæй мæ ме ‘нæниздзинад дæр нал амоны, фæлæ уæддæр батæхуды кæнын, йæ райгуырæн зæххыл бакусын, йæ фыдæлты ердойæ фæздæг суадзын йæ бон кæмæн у, уыдонмæ. Æмæ мын хъыг у, абон Ходабулы хъæу кæй афтид кæны йæ бирæ цæрджытæй, уый.

Хъæуыл нæ ивынц сæ зæрдæ

Шауердаты Виктор:

– Дзæнæты бæстæ кæй у Ходабулы хъæу, уый уæхæдæг дæр федтат. Фæлæ дзы фæсивæдæн, адæмæн куыст нал уыд. Фæсхæст алцы дæр раууатмæ æрцыд æмæ алы рæттæм фæлыгъдысты куыстагур. Уыдон фæстæмæ куы æрбаздæхиккой, уæд та цард йæ гаччы сбадит. Саразæн та алцæмæн дæр ис. Æз мæхæдæг дæр ацы хъæуы райгуырдтæн æмæ схъомыл дæн, фæлæ ныр чысыл фалдæр Бехъмармæ балыгъдыстæм мах дæр цæрынмæ. Фæлæ Ходабул уæддæр нæ рох кæнын, арæх æм æрбацæуын, мæ хъус дарын хъæуы цæрджыты архайдмæ, уымæн æмæ мын тынг æхсызгон у, хъæу бынтон кæй нæ банымæг, уый. Чи ма дзы баззад, уыдон ма сты 15 цæрæг хæдзары æмæ дарддæр кæнынц сæ царды кой. Чидæртæ сфæнд кодтой фæстæмæ сæ хъæумæ баздæхын, аразынц сæ хæдзæрттæ æмæ ма цы уа уымæй æхсызгондæр цау. Куы фылдæр кæной, уæд амы хъæздыгдзинæдтæй, хуымзæххытæй, уыгæрдæнтæй пайда цæудзæн, æмæ æдзæрæггъуыз нал уыдзысты хъæуы уæзгуытæ. Кæннод хъæутæ бынтон æдзæрæг куы кæной, уæд адæмæй сæ нæмттæ дæр ферох уыдзысты. Бæргæ хорз уаид, фос бирæ чи дардзæн, ахæмтæ дзы куы æрцæриккой, уæд. Æрмæст дзы уый тыххæй аразын хъæуы цæрынæн æмбæлон уавæртæ. Ацы хъæуы цæрджыты та тыхсын кæны, донæй хъуагдзинад кæй æййафынц, уый.

Хъæуыл йæ абоны цæрджытæ сæ зæрдæ кæй нæ ивынц, уымæн æвдисæн у, Мадымайрæмы кувæндон кæй аразын кæнынц, уый дæр. Арæзтцæуæг Мадымайрæмы аргъуаны бынаты раздæр уыдис стыр тулдзбæлас, йæ цуры уыдис дзуары дур æмæ уырдæм куывтой хъæубæстæ. Фæлæ-иу судзгæ цырæгътæ тулдзбæласыл кæй бандæгътой, уый аххосæй сабыргай сыгъдис, кæлæццаг кодта æмæ йæ иубон тыхдымгæ рафæлдæхта. Ныр хъæубæстæ æрдомдтой йæ бынаты йын ног аргъуан саразын. Райдыдтой йæ аразын. Фæлæ хъæубæстæ разы не сты аргъуаны арæзтадæй. Йе ‘вæрд у хорз, скæсæнæй – ныгуылæны ‘рдæм. Фæлæ ирон дины æгъдæуттæм гæсгæ дзуæртты алы ран дæр фенæн ис, хуссары ‘рдыгæй фарс къул хъуамæ адих кæнай йе ‘рдæгыл æмæ йæ галиу хайы фарсæрдыгæй хъуамæ уа дуар. Æмæ йын кæд дыккаг дуар вæййы, уæд уый та вæййы ныгуылæны ‘рдæм, йæ сæрмæ та хъуамæ уа дзæнгæрæг. Уымæн æмæ дæ кувинæгтæй куы ракувай, уæд дзæнгæрæг ныццагъдай,  стæй ахизай æмæ дзуары алыварс æртæ зылды æркæнай. Афтæ у йе ‘гъдау æмæ куыд сты, афтæмæй сæ хъуамæ æххæст кæнæм.

Фыдæлты уæзæг ын адджын у

Куыст цардæн фæрæз кæй у, уый раджы бамбæрста Ходабулы хъæуы цæрæг Дзæгъиаты Зауыр æмæ йæ йæ хъару цас амоны, уымæй архайы йæ бæркæдтæм бæркад æфтауыныл. Сфæнд кодта йæхи хæдзарад саразын æмæ балхæдта лыстæгкъах фос йæхи фæрæзтæй –  сæгътæ æмæ фыстæ. Æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта. Ныртæккæ йын сты 70 сæры бæрц æмæ йын бæргæ фылдæр кæниккой, фæлæ йæ бирæгътæ дæр æвыдæй нæ уадзынц, ныццæгъдынц ын сæ цалдæргæйттæй. Уыцы фос та адæмæн дæр сæ къух аразынц, кæй фæнды балхæнын, уыдон æм ссæуынц æмæ йæ балхæнынц.

«Абон бирæтæ катай кæнынц, куыст сын кæй нал ис, уый тыххæй, фæлæ мæнмæ гæсгæ уыдæттæ æфсæнттæ сты, кусын куы уарзай, уæд дын æнæмæнг разындзæнис. Цæмæй цæрын фæразай, уый тыххæй дæ цардæн хъуа-мæ аразай фадæттæ. Æмæ уыцы фадæттæй та æххæстæй пайда куы цæуа, уæд дын алцы дæр уыдзæнис дæ фагæй фылдæр. Нæ хъæуы та ис фос дарæн æмæ дæ куы бафæнда, уæд дзы кусыны фадæттæ сараздзынæ. Дар, цас дæ фæнды, уыйас фос, æз дын зæгъон, раздæрау сын хуымзæххытæм баирвæзынæй тæрсдзынæ. Фосæн фаг сцæттæгæнæн ис холлаг дæр. Зæххытæ къутæр кæнынц æмæ зæрдæйæн зын у уыдæттæм кæсгæйæ», – зæгъы Зауыр. 

Раст зæгъы Зауыр, адæймаг змæлын, кусын куы уарза, уæд æфсæнттæ нæ агурдзæнис, фæлæ араздзæн йæхицæн фадæттæ. Иугæр дын горæты куыст нæй, уæд баздæх дæ фыдæлты уæзæгмæ æмæ кæд бирæ нæу дæ бон, уæддæр дæхи фаг æркæндзынæ халсæрттæ, дыргътæ æмæ ма уымæй хуыздæр цы хъуамæ уа. Хæлц, бæркад хъæутæй цæуы æмæ афтæ æнцонæй нæй уадзæн фыдæлты уæзгуытæн. «Адæймаг фердæхынæн куы уа, уæд нæдæр хойрагцух баййафдзæн, нæдæр урсагцух фæуыдзæн. Уый нæ, фæлæ ма дзы уæйæн дæр рантысы. Иннæ ахæм хъæды æнæарагъ лæвæрттæй дæр спайдагæнæн ис, бирæ ис хъæды гагадыргъ. Ходабулæй æнæхъуаджы фæлыгъдысты йæ цæрджытæ, ам алкæмæн дæр фадат ис фос скæнын æмæ йæхицæн нартхор, картоф байтауынæн», – загъта Зауыр.

Уæдæ, æцæгæйдæр, хорз уаид, цы фадæттæ нын ис, уыдонæй спайда кæнын. Нæ горæты цæрджытæй, æвæццæгæн, стæм разындзæнис хъæуы фыдыуæзæг кæмæн нæй æмæ сæ ма хъуамæ уадзæм рохуаты, улæфтбонты уæддæр бацу æмæ дзы бакус зымæгваг хъæууон культурæтæ.

Уæдæ хъæуты цард куы æндидза, куы уа фосдарæн, хъæууон культурæтæ бакусыны фадат, уæд пайда у зæхкусæгæн æмæ горæты цæрæгæн дæр.

Тыхсынц бирæгътæй

Ацы хъæддаг æмæ тæссаг сырд фæстаг азты тынг сарæх нæ республикæйы хъæдты. Æвæццæгæн, сбирæ сты, фаг хæринаг нæ амал кæнынц æмæ лæбурынц хъæутæм, афтæмæй тасдзинад æвзæрын кæнынц канд цæрджыты фосæн нæ, фæлæ ма адæмæн сæхицæн дæр. Вæййы ахæм цаутæ, æмæ бамидæг вæййынц цæрджытæн сæ кæртыты æмæ сæхи ныццæвынц фосыл. Фæлæ цæрджытæн сæхицæн дæр, изæрыгæтты, кæртмæ рахизгæйæ, сæ уонджы мигъ бацæуы, æнæнхъæлæджы йæм, мыййаг, куы фæлæбура, уымæй тæрсгæйæ. Раст ахæм уавæры сты Ходабулы хъæуы цæрджытæ. Куы æризæр вæййы, уæд хъæугæронæй сæ ниуын афтæ фæхъуысы, æмæ стæрсынц цæрджытæ. Ходабулæгтæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм уавæры никуы бахаудтой. «Раздæр-иу кæддæр тынг стæм хатт фехъусæн уыд бирæгъ сæрвæты фосмæ фæлæбурдта, зæгъгæ, ныр нæм комкоммæ лæбуры кæртытæм æмæ, æгæрыстæмæй, куыйтæй дæр нæ тæрсынц. Уый нæ, фæлæ сæ ниуынæй уыдон дæр стæрсынц, ныхъхъус вæййынц.

Хъæууон лæг хъæуы фос куынæ дара, уæд дзы цæмæн цæры? Мах та сæ бирæгъты тасæй сæрвæтмæ дæр нал аздахæм æнæ фыййауæй. Фарон мын сæрвæты аргæвста 50 фысы æмæ тынг фæмаст кодтон. Ацы аз дæр сæм фæлæбурдта, фæлæ цыдæр амондæн мæхæдæг дæр уым фæдæн æмæ йын дзы иу фыс аргæвдын йеддæмæ нæ бантыст», – зæгъы Ходабулы хъæуы цæрæг Дзæгъиаты Зауыр.

Цæрджытæ куыд загътой, афтæмæй бирæгътæ разиан кодтой   ацы хъæуы цæрæг Томайты Гидийы фосæн дæр. Уымæ хæдзармæ «фæуазæг» сты дыууæ бирæгъы. Басæррæтт кодтой кæртмæ æмæ фæлæбурдтой, æнцад-æнцойæ  чи хуыссыдис, уыцы хуымæ. Фæхæцыдысты йыл, аивæзтытæ йæ кодтой фæйнæрдæм, фæлæ сын йæ бахæрын нæ бантыст. Уайтагъд хуыйы хъыллистмæ Гиди дæр æд æхсæнгарз рагæпп кодта, фехста сæ æмæ дзы иу фæцæф, иннæ алыгъдис. Уый размæ йын аргæвстой йæ хъуг æмæ ма ноджыдæр иу хуыгист. 

Сырдтæ хъæуы æнæнхъæлæджы кæй смидæг вæййынц, уый катайы æппары Ходабулы хъæуы цæрджыты, се скуынæг кæнын сæ бон нæу.

Хъæууон цæрæгæн нырæй хуыздæр фадат никуы ис фос дарынæн, зæххы куыст кæнынæн, фæлæ сæ сывæллонау фæхъомыл кæн æмæ дын сæ стæй бирæгъ æрбаргæвдæт, уымæй мæстаг дæр ма цы уа», – зæгъынц Ходабулы хъæуы цæрджытæ.

Уæдæ, адæм кæд раздæр хæстæй, уæззау уавæрæй лидзинаг фесты, уæд ныр та бирæгътæй фæлидзой?

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.