Бæрæг куыд у, афтæмæй Хуссар Ирыстонмæ æрцыд сæрдыгон культурон-ахуырадон этнолагерь «Алайнаг фæд», йе сконды сты ирон диаспорæты минæвæрттæ Туркæй, Венгрийæ, Францæй, Казахстанæй, Таджикистанæй, Латвийæ, Донецкы Адæмон Республикæйæ. Уыдон фæуазæг сты «Спутник – Хуссар Ирыстонмæ» æмæ сæм сæ балцы рæстæджы цы тæлмæнтæ равзæрд, уыдоны тыххæй радзырдтой дзыллон информацион минæвæрттæн.

Туркаг ирæтты диаспорæйы минæвар Мамсыраты Мурат куыд радзырдта, афтæмæй Туркæй делегацийы сконды ис 13 адæймаджы, уыдонæй 11 адæймаджы фыццаг хатт сты Ирыстоны, дыууæйæ та, уыцы нымæцы Мурат йæхæдæг дæр, размæдæр азты дæр уыдысты Ирыстоны. Делегацийы уæнгтæ уыдысты Национ музейы, азылдысты горæтыл дæр, дидинджытæ сæвæрдтой гуырдзиаг-ирон хæсты фæмардуæвджыты цыртытыл дæр. Уыдон фæхуыдтой Дзауы районы куывдмæ дæр. Æппæт уыцы мадзæлттæй делегацийы уæнгтæм сæвзæрд хъæздыг тæлмæнттæ.

«Проект «Алайнаг фæд» нын фадат дæтты нæ фыдæлты истори базонынæн, нырыккон Ирыстонимæ базонгæ уæвынæн», – банысан кодта Мамсыраты Мурат.

Уый ма куыд радзырдта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны адæм, раздæры балцтимæ абаргæйæ, ныр сты хъæлдзæгдæр.

Дарддæр йæ тæлмæнтæ радзырдта Таджикистаны ирон диаспорæйы минæвар Камолты Коба. Уый раарфæ кодта Паддзахад Аланийы адæмæн, загъ-та сын иууыл хуыздæр фæн-диæгтæ.

Коба куыд загъта, афтæмæй кусы Таджикистаны уæрæсейаг æфсæддон базæйы æфсæддон корреспондентæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый 27 азы нæ уыд Ирыстоны æмæ уый фæстæ фыццаг хатт æрцыд Хуссар Ирыстонмæ ӕмæ йын тынг æхсызгон у, хæсты фæстиуæгæн ныппырхгонд Цхинвал кæй æндидзы, кæй рæзы, уый. Уый бузныджы ныхæстæ загъта, куыд Хуссар Ирыстоны къухдариуæгадæн, афтæ Цæгат Ирыстоны къухдариуæгадæн дæр, æхсæнадæмон проект «Алайнаг фæд»-ы хайад райсыны фадат æй кæй фæцис, уый тыххæй.

«Мæнæн тынг æхсызгон у, мæ адæмимæ уæвын, ирон кæфтытæ базонын, мæ адæмы традицитæ, культурæ хуыздæр базонын», – банысан кодта Камолты Коба æмæ амонд, æнæ-низдзинад æмæ дидинæфтыды фæндиæгтæ загъта Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны адæ-мæн.

Проект «Алайнаг фæд»-ы хайадисджытæ радзырдтой фæсарæнты ирæттæ куыд цæ-рынц, цы архайынц, æппæт уыдæтты тыххæй дæр.

Мамсыраты Мурат куыд радзырдта, афтæмæй ныртæккæ Турчы дæр уавæр нæу зæрдæ-йы фæндиаг, куыд туркаг, афтæ ирон фæсивæдæн дæр сæ сомбон бæрæг нæу, нæ йæ зонынц,  сом цы уыдзæн, уый.

«Туркаг ирæттæй бирæтæ ныууагътой, компактонæй цы хъæуты цардысты, уыдон æмæ æрцардысты стыр горæтты, баззадысты ма æрмæстдæр 1-2 хъæуы. Кæрæдзиимæ бастдзинад æмæ æмбæлын сын кæд зын у, уæддæр диаспоратæ аразынц организацитæ Анкарайы дæр æмæ Стамбулы дæр. Уыцы организацитæ архайынц, цæмæй æрбаввахс кæной Турчы цæрæг ирæтты, цæмæй сæ ма рох кæна сæ культурæ, æвзаг, традицитæ, цæмæй сын бастдзинад уа сæ историон райгуырæн бæстæимæ», – радзырдта Мамсыраты Мурат.

Венгрийы яссты диаспорæйы минæвар Андраш Гуляш радзырдта Венгрийы цæрæг яссты тыххæй. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй уыдоныл дæр æндавы глобализаци. Сæ фæсивæдæй бирæтæ цæуынц ахуырмæ æндæр рæттæм æмæ ахуырад куы райсынц, уæд цæр-гæйæ баззайынц уым. Уыимæ ма радзырдта, зæгъгæ, венгриаг ясстæн сæ уавæр хуыздæр у, уымæн æмæ уыдонæн ис сæхи район – Яшаг, цыран цæрынц æрмæстдæр ясстæ.

«Яшагы районы ис 19 горæт æмæ хъæуы. Уым 23-æм хатт алы æмæ алы цæрæн пунктты уагъд фæцæуы яссты фембæлд. Уырдæм фæсарæнтæй æрцæуынц ясстæ. Фидæн фембæлды тыххæй хонæнтæ æрхастам Ирыстонмæ дæр, цæмæй уыдон дæр хайад райсой уыцы фембæлды. Мах уæм тынг æнхъæлмæ кæсдзыстæм», – загъта уый.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ сæ горæты мэр æппæт дæр аразы, цæмæй ясстæ ма рох кæной чи сты ӕмӕ кæцæй сты сæ уидæгтæ.

«Махæн ацы проект тынг ахсджиаг у, уымæн æмæ мах æрцыдыстæм, 700 азы размæ нæ фыдæлтæ цы зæххыл цардысты, уырдæм», – бахахх кодта Андраш Гуляш

Йæ рады Камолты Коба дæр радзырдта Таджикистаны цæрæг ирæтты тыххæй.

Уый куыд банысан кодта, «афтæмæй советон дуджы Таджикастаны бирæ ирæттæ цард, се ‘хсæн уыд бирæ дохтыртæ, ахуыргæнджытæ, аразджытæ. Уыдон тынг бирæ сарæзтой уыцы республикæйæн, фæлæ Советон Цæдисы ныппырхæй, ирæттæ здæхын райдыдтой сæ историон райгуырæн бæстæм. Ныртæккæ Таджикистаны столицæ Душанбейы æмæ æвахс районты цæры 300 иро-нæй фылдæр. Уыцы районтæй дарддæр цы ирӕттӕ цæрынц, уыдон нæ зонæм. Нæ диаспорæ уæвынад кæны 11 азæй фылдæр. Мах нысан кæнæм нæ фыдæлты бæрæгбонтæ – Джеоргуыба, Хетæджы дзуар дæр.  Таджикистан уæззау экономикон уавæры кæй ис, уый фæстиуæгæн зын у цæрын, фæлæ диаспорæйы уæнгтæ æххуыс кæнæм кæрæдзийæн, æххуыс нын кæны Таджикистаны къухдариуæгад дæр æмæ «Россотрудничество» дæр, – загъта уый.

Уый ма банысан кодта кæй тырнынц, цæмæй ма фесафой сæ идентикондзинад, цæмæй баззайой аланты фæдонтæй.

Коба куыд загъта, афтæмæй сæ хъус дарынц Хуссар Ирыстон æмæ Цæгат Ирыстоны æрцæугæ цаутæм, хорздзинæдтыл райынц æмæ æвзæр хабæрттыл та зæрдæрисимæ сæм-бæлынц.

Йæ тæлмæнтæ радзырдта Донецкы Адæмон Республикæ-йы ирон диаспорæйы минæвар дæр. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй тынг йæ зæрдæмæ фæцыд Ирыстон æмæ йæ фæн-ды ам цæрын.

Таджикистанæй делегацийы минæвар Гусалты Зариффæ куыд радзырдта, афтæмæй у æхсæнадон организаци «Ирыстон»-ы сæрдар. Уый куыд радзырдта, афтæмæй Таджикистаны цæрæг ирон фæсивæд ахуыр кæнынц престижон уæлдæр ахуыргæнæндæтты. Уыдонæй сæ фылдæр ахуыр фæвæййынц тынг хорз нысæнттимæ, райсынц сырх дипломтæ, фæлæ паддзахадон æвзаг таджикаг кæй у, уый тыххæй сын куыст ссарын зын у æмæ куыстагур ацæуынц æндæр рæттæм.

Сæ тæлмæнтæ радзырдтой делегациты иннæ минæвæрттæ дæр.

Осиаты И.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.