Къуайсайы ногазон лæвæрттæ  РХИ-йы Спортивон тохы федерацийы уыдоны сæргълæууæг Тедеты Дзамболатæй райстой 150 сывæллонæй фылдæр, кæцы ‘хсæн уыдысты скъолаты ахуыргæнинæгтæ, сывæллæтты цæхæрадæтты хъомылгæнинæгтæ æмæ æрыгон спортсментæ.

Лæвæрттæ рæзгæ фæлтæрæн радтыны тыххæй ардæм æрбацыд федерацийы минæвæртты командæ.

Иа «Рес»-æн горæт Къуайсайы администрацийы сæргълæууæг Гæззаты Роберт куыд радзырдта, афтæмæй сывæллæттæ æмæ ныййарджытæ райгондæй баззадысты ногазон лæвæрттæй.

«Цæрджыты æмæ мæхи номæй бузныг зæгъын Спортивон тохы федерацийæн, сæрмагондæй Тедеты Дзамболатæн, къуыдаргомы сывæллæттæн цы циндзинад æрхастой, уый тыххæй», – банысан кодта горæт Къуайсайы мэр.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй æппæт комы сывæллæттæ, афтæ ма уæрæсейаг службæгæнджыты сывæллæттæ дæр æрæмбырд сты спортивон залмæ, цæмæй сын радтаиккой лæвæрттæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.