Уый дæр хуымæтæджы зæххон адæймаг уыд…

Афтæ хъуыды кодта æмæ нымадта алчи дæр, чи йæ зыдта, уыдонæй… Фæлæ йæ чи зыдта, уыдонæй кæйдæрты нæ фæндыд ууыл æууæндын, уымæн æмæ æндæрты уæлдай кæмæдæрты йæ зæххон удæй хъуыст, зæххон адæм ахуыр кæуыл нæ уыдысты, ахæм диссаджы æнахуыр ирон зарæг. Минмырон зарæг, æрдхæрæны зарæг. Цыма уыцы зарæг Ирыстоны   хæхтæ сæхæдæг систой бæрзонд, афтæ бæрзонд – æмæ сын уæларвон зæдтæ та хъырнгæ бакодтой…

Æмæ се хсæн бацайдагъ сусæг-æргом тох. Уый дæр хуымæтæджы зæххон адæймагыл чи нымадта, уыдон æмæ йын йæ уды арфæй æнæзæххон зарæг фехъусын кæй бон баци, уыдоны хсæн. Афтæ та хъуамæ ма уыдаид, уымæн æмæ афтæ чи загъта, «Ирыстон, цæф арсау цъитийыл цæрин, æрмæст мын уæд дæ ном уæлахиз», уыцы поэт Хаджейы фырт уыдонæн сæ иутæн дæр æмæ иннæтæн дæр æцæгæлон нæ уыд, сæ туг се стæджы æнусон æрхъистæй уыд. Йæ хистæр æфсымæр, Ирыстоны кад æмæ намысы лæг Нафи йæ сæрыстыр, хивæнд æмæ схъæл схуыдта. О, сæрыстыр уыд. Хивæнд дæр уыд, йæхи загъдау – фырхивæнд, фæлæ йæхи фæнд йæхи хæрзæбонæн никуы тардта, стæй… Йæ фæнд, йæ хъуыдыйы рæстдзинадыл фидарæй не ууæнды, зæгъгæ, уæд-иу æй йæхæдæг ныссус кодта йæ уды мидхъуырдухæнты. Схъæл нæ уыд – æнæрцæф уыд. Æнæрцæф æмæ æнæбарон! Æнæхъуаджы æфхæрд Хуыцауæн дæр нæ барста… Нафийæн йæхи загъдау – йæ армы цирхъы ныхмæ хъæл куы уыдаид, уæддæр хъазуат тохы бацыдаид.

Рагæй зонгæ уыдтæн Таймуразимæ. Йæ иууыл æввахсдæр æрдхорд æфсымæр, йæхиау æнахуыр курдиатджын лæппу Гуыцмæзты Алеш мæ фыды æмхæрæфырт Кокойты Эльзæимæ йæ цард куы баиу кодта æмæ не сиахс куы баци, уæдæй фæстæмæ. Сæ дыууæ дæр мæнæй дзæвгар хистæр уыдысты, фæлæ мыл уый тыххæй сæхицæй æддæмæ никуы ахæцыдысты… Ныр æз сæ дыууæйæ дæр хистæр дæн æмæ, цыма, мæхи зылынджынæй хатын сæ разы…  Æнæ кæрæдзи сын цард ад нæ кодта, зæгъгæ, кæмæй фæзæгъынц, ахæм æрдхорд æмбæлттæ уыдысты. Цæуыл дис кодтон, уый – куыд хорз фидыдтой иумæ, раст цыма фаззон æфсымæртæ уыдысты! Афтæмæй та кæрæдзийæ тынг хицæн кодтой сæ удысконд, сæ характерон миниуджытæй. Алеш – ног сиахсау фырнымд æмæ фыруæздан, сабыртæконд, Таймураз та ивылд дон уыд, йæхи загъдау артуд, æлвæст æхсаргардау дзæнгæлтæ кодта. Фыццаг хатт нæм дзуары бонмæ куы бахаудысты, уæд ыл æнæхъæн хъæубæстæ сæрра сты, йæ аив зард, йæ куывдтытæ, йæ парахат уды хæлбурцъгæнаг цæлхъытæй бæстæ сызмæлын кодта.

Уæды онг ирон дзырдаивады уацмыстæй цыдæриддæр рухсмæ фæзынд, уыдон мын (хорзæй-æвзæрæй) иууылдæр кастгонд уыдысты. Цæмæдæр гæсгæ мæ прозæ тынгдæр æлвæста йæхимæ – Нафийы романтæ «Фыдæлты туг» æмæ «Дыууадæс цæфы – иу цæфы хуызæн», æвæццæгæн, иу-фæйнæ ссæдз хатты бакастæн, Алешы радзырд (æви таурæгъ) «Уæлзæххон саудзыдзыда» æнæкæсгæйæ зыдтон… Поэзимæ куыддæр уазалдæр зæрдæ дардтон, фæлæ алы хатт дæр æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кастæн Таймуразы ног æмдзæвгæтæм. Дур фест, æмæ дæ уды арфы ма тæхуды кæн, Ирыстоны тызмæг хæхты карз уайдзæфтæ æмæ куырыхон зондамындтæ кæмæй райсай, йæ суадæтты сæр-сæр дæм йæ чындздзон чызджыты кæл-кæл худтимæ кæмæй хъуыса, йæ æрдзы рæсугъд хуызтæ йын фыццаг уарзон чызджы мидбылхудтимæ дæ цæстытæй кæм ныхъуырай, ахæм ног æмдзæвгæтæ бакæсынмæ!..

Оу, мæнæ диссаг, Хуыцауы диссаг! Ахæм поэт цы адæмæн ис, уыдон бузныг куыднæ хъуамæ уой, афтæ рæдау сæм чи у, уыцы Хуыцауæй?.. Йæ фыдæлты зæхх, къуыдары хæхтыл афтæ æнувыд чи уыд æмæ сыл йæ уды уарзт хъарм къæвдайы лыстæг æртæхтау чи луæрста, уыцы поэтæй нæ сæр бæрзæндты куыднæ æмæ цæмæннæ хъуамæ хæссæм стырæй-чысылæй… Цыма Таймураз-поэты бæсты къуыдары тызмæг хæхтæ сæхæдæг кæнынц хъæрæй сæ сусæг-æргом ныхас:

Уым саджы цæстытау æнæбын у арв,

Уым хæхтæ æрсытау – уæлгоммæ.

Æхсæрдзæн та рындзыл фæуадзы йæ хæрв,

Йæхæдæг ныййарц вæййы коммæ.

Кæнæ:

Хауынц рындзæй комы кæхцмæ дуртæ,

Уый дæр сæм йæ риуыгуыдыр дары.

Хох – чъынды лæг, саст къæйдуры муртæ

Арæхстгай йæ фæтджитæм æвзары.

Цас курдиатджын хъуамæ уа хуымæтæджы зæххон адæймаг, цас хъуамæ уарза æмæ зона йæ мадæлон æвзаг, цæмæй йæ коммæ афтæ тынг кæса, цæмæй йæ зæххон удæй рантысой ахæм хуымæтæг, фæлæ алæмæты дзырдтæ:

Горæт аныгъуылд мигъы,

Тар æууилы йæ рæстæджы хай.

Мах, хъæдласæджы дзоныгъау, уигъы

Афтид трамвай…

Бæрцæй цыппар цыбыр рæнхъы, хуымæтæджы зæххон æвзагæй рантыстæ дзырдтæ, фæлæ сæ цавæрдæр табуйаг бынæтты кæрæдзи фæдыл ахæм æнахуыр æвæрдæй равæрдта, чындздзон чызджы сæрыхъуытау сæ ахæм рæсугъд дзыккубыд акодта æмæ сæ адæймаг аныгъуылы æнæбын денджызы ленк кæнæгау. Ленк кæныс се хсæнты, сæ аив хуызтæй дыл ныдзæвынц, узæлынц дыл, рæвдауынц дæ…

Таймуразы «Фараст барæджы» йæхæдæг иу национ поэзийы аргъ у! Йæ æрдзы тызмæг-рæвдауæг хуызты, йæ аив æмæ куыдрæсугъддæр ирон дзырдты цæлхъытæй бæстæ сызмæлы… Йæ къух сылыстæджы бæрджытыл раджы чи ауыгъта, ахæм зæронд ус дæр, исчи ма йæ къæсæрыл усгуры номыл куы балæууид, уымæ бæлгæйæ ставд цæссыгæй ныккæудзæн, фæстинон зæронд лæг йæ уатæй растдзæн æмæ чызгскъæфынæн къуымты уæйлаг нымæт æрцагурдзæн…

Талынг тæссæрттыл, хуыснæгау,

Адгуытæм хъуызы.

Арвы къуырф у стæрд, ыстæгау, –

Нал зоны хъызын.

Гъæйтт кæны зымæджы ирдгæ

Комы нарæджы –

Уайынц хорхаст бæхтыл сиргæ

Фараст барæджы.

 Дымгæ фæскъуыбыртæй фесты,

Цæсгæмттыл тæфсы. –

Кæд сæ даргъ куывдтытыл фесты, –

Нозты тæф хæссы…

Хохы салд зыхъхъырты зæлы

Бæхты знæт мыр-мыр;

Алчи хъамайы онг згъæры,

Алвæста йæ гуыр;

Ифтонг у нымæткъуы ехсæй,

Сæрыл – пака худ.

Мæнæ хъарм нымæты се хсæн –

Иу бæстырæсугъд.

Сусæг цин æмбæхсы хинæй

Урс дзæнхъа хызы;

Цадæг йе схъæл риутæм, зинау,

Мæйы рухс хъуызы.

Кæд цæры нырма йæ фынты

Райгуырæн къæсы.

Чидæр æм йæ худы бынты

Худгæйæ кæсы.

Гъайда-гъа, фæкъæртти зарæг,

 Дæнг! Гæрах! Гæрах!..

Арвыл фестъæлфыди барæй

Фиуыйас цырагъ…

Хъуысы бæхтæн дæр сæ цæнгæт

Къахæмдзæгъд хъæрæй;

Рухс хурау, дызæрдыг фæндтæ

Уарзæг удтæм нæй.

Уæлæ хохы рæбын тары

Фарны хъæу – æмбæхст;

Иу хæдзарæй чидæр дары

Фæндагмæ йæ цæст.

Æтт, æфсин! Фæкæс дæ артмæ!

Комы нарæджы

Уайынц хорхаст бæхтыл кафгæ

Фараст барæджы.

Йæ поэтикон цæстныдзæвæн цы уынинæгтæ федта æмæ хуры хæрдгæ тынты фæлыстæй кæй ранывæста, уыдон Ирыстон æмæ ирон адæмы риссагдæр æмæ цинагдæр зæгъинæгтæ сты. Бæстондæр сæм куы ныккæсæм, уæд фендзыстæм, Таймураз-поэты йæ фыдæлты зæххыл паддзахы гауызвæлыст галуанæй мæгуыр хæххон къæсы сыджытдзар тынгдæр кæй рæвдыдта…

Æндæр æй ницы хъуыд æмæ ницы æндæвта. Йæхицæн бибитæ, хæрзиуджытæ нæ домдта, нæ дæр ын сæ радтаиккой. Хуыдтой йæ сæрбæрзонд, æгæр бирæ домаг, афтæмæй фысы комæй хал нæ райстаид. Домгæ кодта, фæлæ йæхицæн нæ – йæ фыдæлты зæххæн, йæ мады æхсыримæ цы мадæлон æвзаг бададта, уый хæрзиуæгæн. Историимæ дæр «фæтох» кодта, фæлæ уым дæр Джусойтæн, сæ хæдзарвæндаг Хаджетæн ницы агуырдта – Ирыстон уыд йæ рыст æмæ йæ цины сæр – Къуыдары хæхтæй Мæздæджы быдыртæм:

Кæддæр æз буц уыдтæн, бæргæ,

Мæ дард фыдæл, дæ ном, дæ кадæй,

Фæлæ цы ныууагътай уæвгæ,

Мæнæн дæ цирхъ æмæ дæ фатæй?!

Йæ судзгæ-уыраугæ цард æрмæстæдæр Ирыстонæн нывонд уыд, уæддæр ын бузныджы бæсты йæ цæстмæ дардтой, цыма æгæр хиуарзон у, æгæр февæрсыд йæхиуыл. Уый та, йæхи загъдау:

Æниу мæн ницы хъуыд, бæгуы, –

Зæрдæйы рухс æмæ сæрибар

Уыдысты хохагæн, мæгуыр,

Йæ уды цин æмæ йæ риссаг…

Ацы мæнг дунейыл, цалынмæ хорзæй хорз зæгъын кæй хъæуы, æвзæрæй – æвзæр уыцы принцип сæйраг суа, уæдмæ дзы рæстдзинад агурæн нæй. Æцæг поэттæй поэтгæндтæ фылдæр рæвдыд цы царды æййафынц, хæрзæбоныл хæрам кæм уæлахиз кæны, уым Таймуразæн зын цæрæн уыд. Бафæллад сæ йе нæрцæф уд æмæ-иу хатт йæ масты фæдыл дæр ацыд, хатт-иу æй скодтой уый онг дæр, æмæ-иу кæмæндæрты гуымирæй сæ цæстмæ бадардта, сæ цуры поэт кæй уыд, уый.  Стæй-иу фæфæсмон кодта йæхæдæг дæр… Куыд æндæр курдиатджын фысджытæм, афтæ хæлæггæнджытæ уыдис Таймуразмæ дæр æмæ йын йæ цард цæмæй сæнад кодтаиккой, ууыл уыдысты…

 Чи уыдысты уыдон, фæрсут? Бестауты Гиуæргимæ рынчынфæрсæг чи бацыд æмæ афтæ кæмæн загъта, «Цæмæн мæм æрбацыдыстут, цæмæй уæ бауырна, мæлгæ кæй кæнын, уый?..», уыдон…

Адæмæн, йæ табугæнджытæн æй цæмæй сæнад кодтаиккой, ахæмæй йæм ницы ардтой æмæ ныззезелæг сты иу примитивон азымыл: иууыл, дам, йæхицæй æппæлы, тынг схъæлбæрзæй, дам, у, иннæ поэтты, дам, ницæмæ дары. Йæ амондæн политикон цæстæнгасимæ æмдзæвгæтæ нæ фыста, æндæра йæ Сыбыры хай бакодтаиккой.

Афтæ сæ æнæтуг æргæфст кодта Алешы курдиат дæр. Уымæ дæр агуырдтой къухбакæнæнтæ, фæлæ цы хъуамæ ссардтаиккой мысайнаг цырагъæй сыгъдæгдæр æмæ æнæхиндæр лæппумæ?!. Æмæ уæд æрынцадысты иу æнæбындур æмæ примитивон азымыл: йæ усæн, дам, æмдзæвгæтæ йæхæдæг фыссы… Уый дын гъе! Ирон хæлæг кæй удтæм баирвæзы, уыдонæн сæ хъуыды кæнæ хуыскъ бавæййы, кæнæ та сын æй иблистæ ахæрынц! Æндæра… Алешы нæ цыфыддæр знæгтæ амардтой 1992 азы майы мæйы 25 бон. Уæдæй фæстæмæ Кокойты Эльзæ цалдæр поэтикон чиныгы рауагъта мыхуыры, уыцы нымæцы, Алешæн йæхи сау мæлæтыл кæй ныффыста, уыцы судзаггаджы хъарджытæ дæр. Уыдон та йын чи ныффыста æмæ фыссы?!.

Нафийæн хуыздæр уыд йæ уавæр, æнхъæлут?.. Нæ уыд, фæлæ уый дардмæуынагдæр разынд, йæ курдиаты хъомыс æмæ куырыхон зонды фæрцы раджы акаст сæ сæрты æмæ йæм уый бæрцтæ нал хастой сæ ныфс. Уæддæр… Иу хатт æй арвыстой Гуырдзыстоны Фысджыты цæдисмæ… Цæдисмæ, дам, дæ райстой æмæ, дам, дæ бæлвырдгæнæн рахæс. Уый дæр ныццыд. Фысджыты цæдисы кадрты хицау сылгоймаг «бæстæ ракалдта», фæлæ – ницы. Куыд рабæрæг, афтæмæй йын йæ документтæ æрвитгæ дæр нæма акодтой, цæмæй йæ Фысджыты цæдисмæ айстаиккой, уый тыххæй…

Кæдмæ нæ хъуамæ хæра æмæ æргæвда ацы æнæхайыры ирон хæлæг?.. Дæс азы размæ Таймуразæн йæ 65 азы юбилей куы нысан кодтам, уæд Цхуырбаты Мира ныхасы рацыд æмæ афтæ зæгъы: «Æз Таймуразы поэзи Къостайы поэзийæ фылдæр уарзын». Фæлæ йын нырма дæр йæ ныхæстæ, зыгъуыммæ фæлдæхтæй, алы æмвæзадтыл æмбырдты фæлхатт кæнынц. Чи фæдзуры –  афтæ, дам, загъта, æз, дам, Таймуразы цур Къостайы уынгæ дæр нæ кæнын, чи та – Къоста, дам, цæй поэт у Таймуразы цур, æмæ афтæ дарддæр. Тынг хорз æй фехъуыстой, куыд загъта, уый, фæлæ сæ цæст йæ фехъусын нæ бауарзта… Æз Пушкины æппæт поэтты бардуагыл, дунеон поэзийы Хуыцауыл нымайын, фæлæ Тютчев æмæ Есенины фылдæр уарзын, мæ удæн æхсызгондæр æмæ æхцондæр сты… Афтæ загъта Цхуырбиан дæр. Æндæр ницы…

Лæг нал ис, Хуыцау нын рæдауæй цы диссаджы поэт радта, уый нын æгъатырæй байста. Фæлæ йын хæлæг кодтой æмæ кæнынц йæ мардмæ дæр. Адæм æй кæй уарзынц, æндæртæй йæ кæй хицæн кæнынц, уый тыххæй. Нæ интеллигенцийы хуыздæр минæвæрттæй сæ иу Саулохты Тамарæйы иронау кæсгæ нæ, фæлæ дзургæ дæр кæд чи федта – фылдæр, кæнæ та бынтондæр уырыссаг æвзагæй пайда кæны. Фæлæ… Кæддæр æм цыдæр хъуыддаджы тыххæй хæдзармæ куы бахаудтæн æмæ мын уыцы уæлмонц æнкъарæнтимæ Хаджейы фырты поэзийы кой кæнын куы райдыдта, уæд джихæй баззадтæн. Зæгъын… уырыссагау ын бакастæ йе мдзæвгæтæ?.. Уымæн йæ мæллæг, фæлæ цардуарзæг цæсгомыл æхцон мидбылхудт ныззæй кодта æмæ райдыдта Таймуразы æмдзæвгæтæ кæрæдзийы фæдыл дзурын. Цахæм рæсугъд æвзагыл фыст ын сты, ахæм рæсугъд ирон æвзагыл. Кæддæр, дам, ын æнæнхъæлæджы иу куплет бакастæн æмæ, дам, мæ йæ уацары бакодта…

Уый та алы поэты бон нæу. Уымæй дæр, куы уа ахæм ирон «поэттæ» йæ иу рæнхъ бакæсгæйæ дæр дын ирон æвзаг дæ удхæссæг чи фестын кæна…

О-х-х, тæхуды!..

Тæхуды, иу хатт карз сомы ракæн, дæхи бауром æмæ нæ кад, нæ намысы лæгты кой кæнгæйæ бездартæ æмæ хæрам удты кой ма скæн!.. Фæлæ сæ дудгæ рыст æгæр судзаг у, бафæллад сæ ацы хæстарыд æмæ цардæфхæрд зæхх, сæ кæлмхæрд удты фыдæх дæм зæххы скъуыдæй дæр сзындзæн…

…Таймуразы сау хабар фехъусгæйæ арвы цæфау куыднæ хъуамæ фæуыдаиккам… Чъребайы систа йæ уд, йæ хойы хæдзары… Куы фæтыхст, уæд ма йæ хæрæфырт Дзерассæ йæхи уынгмæ аппæрста исты хос ын æрбахæссынмæ, фæлæ йæ удмидæг нал æрбаййæфта…

Иу-цалдæрæй фæцæуæг стæм мæрддзыгой… Уыцы бонæй цыппар аз раздæр Алешмæ куыд фæцæйцыдыстæм, афтæ, зæрдæрыст æмæ сусæг-æргом цæстысыг ныхъуыргæйæ… Уалынмæ…

О-х-х, тæхуды иу хатт дæхи бауром!.. Фæлæ куыд?!.

Пионерты парчы комкоммæ куы ныхæццæ стæм, уæд, немæ мæрддзыгой чи цыд, уыдонæй иу æрлæууыд. Цыма ахæм дудгæ хабары фæдыл нæ цыдыстæм, цыма, Ирыстоны хæдбардзинад банымадтой æмæ уый фехъуыста, уыйау йæ цæстытæ цавæрдæр аслам æмæ примитивон цинæнгасæй сæрттывтой. Цыдæр хъуамæ зæгъа, фæлæ та йын кæм «план» кæны?.. Йæ ахуыр куыд уыд, афтæ уал иу цасдæр йе взагæй йæ былтæ фесдæрдта, стæй æппынфæстаг сæппæрста йæ зæгъинаг:

– Ед у, Юра, ног хабар нæ фехъуыстай? Дзуццаты Хадзы-Мурат Дзæуджыхъæуы базармæ бацыд. Иу ус карк уæй кодта æмæ йын йæ карчы (уæ фарн бирæ) с…мæ фæлæбурдта, бумбулитæ дзы стыдта æмæ сæ йæ боцъоты батъыста, афтæмæй Галазовмæ бацыд æмæ йын афтæ зæгъы: «Мæгуыр дæн æмæ мын иу чысыл æхца авæр, мæхицæн сæрвасæн уæддæр балхæнон…»

Бæргæ йын хъуыд, уыцы взагæй уынгæджы бон кæуыл уыд, уыцы былтæн «иу февæрын», фæлæ иуæй мæ фыды карæн уыд, иннæмæй та… Таймуразы йæ хойы хæдзары фæндзæм уæладзыгæй бынмæ кæртмæ куы рхастам, уым æй, Цæгат Ирыстонмæ йæ аласыны размæ, чысыл куы «æрулæфын» кодтам, уæд уæддæр мæхи нæ баурæдтон, хæстæг æм бацыдтæн æмæ йæ бафарстон:

– Цæуыл тынгдæр цин кодтай æрдæбон – хæлæгæй кæмæ мæлыс, уыцы поэттæй иу кæмдæр мæгуыры бонтæ кæй æрвиты, ууыл æви иннæ поэтмæ мæрддзыгой кæй цыдтæ, ууыл?..

Æмæ, Хуыцау мын æй æдылыйы хатыр ныккæнæд, фæлæ кæд нæ батæхуды кодтон Таймуразмæ, йæ мæгуыр, йæ курдиатджын уд ахæм лыскъзæрдæты сымæрæй кæй фервæзт, уый тыххæй…

Ногиры уæлмæрды, йæ ингæны уæлхъус йæ хистæр æфсымæр Нафийæ ахæм рæнхъытæ рантыст:

Йæ уæлингæн йæ цырт – нымæр,

Кæсы йæ цæхæр цæст æрхуымæй…

Тыхстæн йæ сонт митæй кæддæр,

Ныр та? Кæй сæ нал кæны, уымæй!..

Йæ мæгуыр уд фервæзт йæ уæлион царды хъыгтæй, ирон хæлæгы удæвдæрзæг, æнæзæрдæхцон хъуырдухæнтæй… Йæ тæккæ фæлдисыны кары йæ бахъуыд, йæ курдиатджын удæй кæмæн лæггад кодта, уыцы поэзийыл къух сисын. Ахицæн, йæ цардæй фылдæр кæй уарзта, уыцы хохаг дуне, уыцы Къуыдары уæзгуыты уарзт æмæ цинтæй. Фæцыд, фæстæмæ æрцæуæн кæцæй нал вæййы, уыцы æнæхайыры бæстæм. Фæлæ йæ туг, йе стæг адæмæн ныууагъта минмырон зарæг, йæхи бæсты дæр къуыдары тызмæг хæхтæ æнустæм бæрзонд кæй исдзысты æмæ уæларвон зæдтæ кæмæн хъырндзысты, ахæм æрдхæрæны зарæг. Кæд уыцы зарæгæн, куыд æмбæлы, афтæ хъырной йæ фæстагæттæ, уæд уый Таймуразы амонд нæ уыдзæн, уый Ирыстон æмæ ирон адæмы амонд уыдзæн!..

Фæлæ… О, дунесфæлдисæг иунæг кадджын Хуыцау! Сомбон нын нæ фæстагæттæ нæ дзырдаивады истори куы иртасой, чи цы уыд æмæ цы хъом уыд, уыдæттæм лæмбынæг куы æркæсой æмæ дзы, поэзиимæ куыд хæргæ æмæ нуазгæ сты, уый бæрæг кæмæй нæ уа, ахæмты дæр Костайы номыл премийы лауреаттæй куы феной, уæд цы зæгъдзысты махæн, ирон адæмы абоны фæлтæрæн?!.

Уый абон иууыл судзаггагдæр æмæ риссагдæр фарст хъуамæ уаид махæн, фæлæ дзы Таймуразы æнæрцæф æмæ курдиатджын удмæ ницы азым хауы…

Гæбæраты Юри

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.