Къуылыхты Таймураз Хуссар Ирыстоны экологон, технологон æмæ арæзтадон цæстдарды комитеты сæргълæууæг уæвгæйæ, йæ сæрибар рæстæг снывонд кæны йæ мыггаджы равзæрд сахуыр кæнынæн. Цалдæр азы дæргъы цы æрмæджытæ æмбырд кодта, уыдон фаг сты Къуылыхты мыггаджы равзæрд базонынæн.

Мыггаджы равзæрды таурæгъ

Рагон таурæгътæй иумæ гæсгæ Къуылыхты мыггаг цард Дзауы районы Начърепайы хъæуы цæрæг Нанийæн йе ‘мкъай Хетæгкаты чызгимæ уыд зæнæг – 6 лæппуйы. Лæгæн йæ ус куы фæзиан ис, уæд æрхаста дыккаг ус Джиотæй æмæ та йын райгуырд фырт. Нани карджын лæг уыд æмæ бирæ нал ацард, йæ ус идæдзæй баззад. Иу ахæмы чызджы фыд ныццыд Начърепамæ æмæ сæм бахатыд, цæмæй йын йæ чызджы рауадзой фæстæмæ йæ цæгатмæ. Зæнæджы нæ фæндыд сæ фыды мæлæты фæстæ йын йæ усыл æддæмæ ахæцыдаиккой, фæлæ, лæджы куырдиат хынцгæйæ, сразы сты. Иу рæстæджы сæм æрыхъуыст, лæппуйы, дам, Джиоты мыггагыл ныффыстой. Æфсымæртæм уый æгад æркаст æмæ алæбурдтой – се ‘хсæн рацыд загъд æмæ хъамайы цæфтæм дæр æрцыдысты. Ацы цауы фæстæ Джиоты Уасил йæ зæххыты иу хай радта лæппуйæн, ном та йыл æрфидар Къуылых.

Таймуразæн йæ цымыдисдзинад уыйбæрц уыд, æмæ йæ мыггаджы тых-хæй ахуыргæндтæ цы иртасæн куыст бакодтой, уый йæм фаг нæ фæ-каст. Къуылыхты мыггаджы тых-хæй æппæт зонæнтæ дæр цадæг-гай фыста йæхимæ: «Начърепайæ нæ фыдæл ралыгъд Дзауы районы Къуылыхты хъæумæ, уый фæстæ та – Знауыры районы Иончайы æмæ Уæллаг Бехъмары хъæутæм. Цæры дзы нæ горæты дæр цалдæр хæдзары. Нæ мыгга-гæй ис Эстони, Греци, Украинæйы дæр. Мæ иртасæнтæм гæсгæ абон дунейы цæры дыууæсæдæ, Къуылыхты мыггаг чи хæссы, ахæмтæ».

Къуылыхты мыггаджы фæлтæртæ

Къуылыхты Таймураз йæ мыггаджы истори иртасыны рæстæ-джы бирæ цымыдисон факттæ сбæрæг кодта. «Къуылыхы фыд уыд Нани, уый фыд та – Попо, уымæн та йæ фыд – Кошой, уый размæ фыдæл та – Гуылæр æмæ афтæ дарддæр. Æз – мæ фыд, йæ фыд – Елиоз – Никъо – Бадилла – Симон – Рамин. Иууыл иумæ ма мæ рагфыдæлтæй зонын 14-ы ном. Мæ мыггаджы истори-иу дзырдта мæ фыд, æрмæджытæ æрæмбырд кæнынæн мын баххуыс кодта нæ мыггаджы хæрæфырты чызг Джиоты Люся дæр. Уый зонæнтæм гæсгæ нæ фыдæл Ра-минæн уыд æфсымæртæ Сехо æмæ Къабули, сæ фыд та хуынд Мирман. Ныр-тæккæ дæр Къуылыхты хъæуы ис Мирманы къуылдымтæ. Дзиццойты Юрийы чиныг «Топонимия Южной Осетии» дæр мын бирæ баххуыс. Уым дæр ссардтон иу чысыл элементтæ мæ мыггаджы историйы тыххæй», – зæгъы Таймураз.

Уый ма нын куыд загъта, афтæмæй æрæджы йæ мыггаджы минæвæрттæ æрæмбырд сты сæ фыдæлтæй иу – Си-моны ингæны цур, кæцыйы райгуырдыл ацы аз сæххæст ис 200 азы. Ингæн ссардæуыд Дзауы районы Къуылыхты хъæ-уы. «Симонæн æз йæ ингæн ссардтон Къуылыхты хъæуы æмæ йыл фыст ис гуырдзиаг дамгъæтæй. Цæмæй йыл цы фыст ис, уый бамбæрстаин, уый тыххæй сахуыр кодтон гуырдзиаг дамгъуат», – зæгъы Таймураз.

Ингæны дурыл фыст гуырдзиаг дамгъæтæй ис ахæм дзырдтæ:

«Ингæны ацы дуры бын улæфы Хуыцауы цагъар Симон Романозы фырт Къулухашвили. Фæзиан дæн 1897 азы январы цыппурсæй 23 бон 79-аздзыдæй. Ныууагътон мæ цæуæт, æртæ фырты æд би-нонтæ æмæ сывæллæттæ. Чи бакæса, уый-иу мын рухс зæгъæт».

Къуылыхты Таймураз дарддæр дæр архайы йæ мыггаджы тыххæй æрмæ-джытæ æмбырд кæныныл. Æрмæджытæ æмбырд кæны Знауыр, Дзау, Дзæуджыхъæу, Дыгуры. Зæгъы, зæгъгæ, Дыгуры, Сындзыхъæуæй Къуылыхтæй Фыдыбæстæйон хæстмæ ацыдысты æмæ фæстæмæ нал æрыздæхтысты 17 адæймаджы.

Мыггаджы æрвадæлтæ

Къуылыхтæн ис цыппар æрвад мыггаджы.Таймуразы ныхæстæм гæсгæ ацы мыггаджы иумæйаг фыдæл Кошойы номæй сæ иуты фæхонынц Кошойтæ. Иннæ æрвадæлтæ сты Бæззатæ, Нартыхтæ, Диакъонтæ æмæ Нанитæ.

***

Таймураз сбæрæг кодта, йæ мыггаджы минæвæрттæ уæлдай тынг рæвдз кæй уыдысты физикон тыхæй. «Къуылыхты мыггаджы уыд бирæ бæрзонд æмæ стыр тыхы хицау, уæйыг лæгтæ. Къуылыхтæй Бехъмары чи æрбынат кодта, уыдонæй иу – Вася, архайдта мæскуыйаг цирчы æмæ, дам, йæ кæстæр æнгуылдзæй иста 32 кг. Ахæм цау дæр хъуыды кæнынц бирæтæ: хъæуы лæгтæ, дам, цалдæрæй архайдтой, сæ нартхор кæм æфснайдтой, уый фезмæлын кæныныл æмæ сын не ‘нтыст. Уæд, дам æй Вася иунæгæй систа æмæ æмбисондæн баззад уыцы цау. Тыхджын æмæ хъаруджынæй дарддæр ма йæ мыггаджы минæвæрттæ рæвдз уыдысты зæххы куысмæ дæр. Ис ма мæм ахæм зонæнтæ, Дзауы районмæ-иу исчи сæнагурæг куы бацыд, уæд-иу æй æрвыстой Къуылыхты хъæумæ».

Къуылыхты Таймураз куыд загъта, афтæмæй фæнд кæны чиныг рауадзын йæ мыггаджы историйы тыххæй, цæмæй кæстæртæ зоной сæ мыггаджы тыххæй бæстон.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.