Цхинвалы администрацийы хæрзарæзтады комбинаты кусджытæ горæты уынгты, горæтгæрæтты сыгъдæг кæнынц амброзийæ, – фехъусын кодтой ИА «Рес»-æн мэрийы пресс-службæйы. Ам куыд зæгъынц, афтæмæй æрвылаз дæр бакæнынц ахæм куыст.

Ацы аз ныридæгæн сыгъдæг æрцыд Цæрæн массивы микрорайон, ныртæккæ ма кусынц Гафез æмæ Нæузæххонты уынгтæ ссыгъдæг кæныныл.

Аллерги чи зынын кæны, уыцы кæрдæджы тагъддæр æркæрдын горæты мэрийæн бахæс кодта Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик Хицауады рабадты, афтæ банысан кæнгæйæ, зæгъгæ, тротуартыл хæмпæлгæрдæгæй шофыртæ не суынынц, уынгæн иу фарсæй иннæмæ чи хизынц, уыцы сывæллæтты.

Банысангонд бынæтты цæрджытæн æхсызгон у, ацы зианхæссæг кæрдæг куынæг кæй цæуы, уый.

Гафезы уынджы цæрæг Гасситы Мальвинæ æхсызгонæй радзырдта, йæ уынг ацы кæрдæгæй сыгъдæг кæй цæуы, уый тыххæй. «Амбрози ам зайы æрвылаз дæр, схæмпæл вæййы, фæлæ йæ хæрзарæзтады комбинаты кусджытæ æркæрдынц æмæ сын уый тыххæй зæгъæм бузныг. Уынг фæрайдзаст, стæй кæрдæджы зианы тасдзинад дæр нал ис», – загъта уый.

Комбинаты кусджытæ кусынц тагъд темптæй, уыдон цæттæ сты цæрджытæн хæдзæрттæм æввахс территоритæ дæр ссыгъдæг кæныны баххуыс кæнынмæ.

«Мæнмæ аллерги æмхиц у, мæ бон нæу ацы кæрдæгимæ архайын, скуынæг æй кæнын, афтæмæй та мæ кæрты арæх у æмæ комбинаты кусджытæм бахатдзынæн, цæмæй йæ ссыгъдæг кæной», – зæгъы Пухаты чызг.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ амброзиимæ кæй у зынтохгæнæн, уый парахат кæны тагъд, у фæразон æмæ йæ кæрдын дæр стыр эффект нæ дæтты. Ам хæрзарæзтады комбинаты кусджыты фарсмæ хъуамæ æрбалæууой цæрджытæ сæхæдæг дæр, хъæуы йæ, цалынмæ не сфидар, уæдмæ æд уидæгтæ стонын æмæ афтæмæй куынæг кæнын. Амбрози дидинæг æфтауы сæрды кæрон  фæззæджы райдианы. Йæ рыг бирæтæн фæзынын кæны аллерги.

ИА «Рес»

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.