Иу-дыууиссӕдз азы размӕ фыссӕг Бицъоты Гриш сфӕнд кодта Номдзыд революционер ӕмӕ ӕхсӕнадон архайӕг Гӕджиты Бадилайы тыххӕй чиныг ныффыссын. Уый фӕдыл арӕх цыд Хуссар Ирыстонмӕ. Гӕджиты хӕрӕфырт Багаты Барисимӕ ӕрзылдысты ӕнӕхъӕн Къуыдаргомы кӕмтты Бадилайы тыххӕй ӕрмӕг агурӕг.

Æмӕ сын ӕнтысгӕ дӕр бирӕ бакодта, фӕлӕ Гришӕн, ӕбӕрӕг ахоссӕгтӕм гӕсгӕ йӕ чиныг рухс нӕ федта. Уый хыгъд, Къуыдаргом ӕмӕ Урстуалты цӕрӕг кардзыд адӕмы ныхӕстӕй йӕ фыссӕн чиныгмӕ цы цымыдисаг хабӕрттӕ бахаста, уыдон сӕхӕдӕг сты цалдӕр чиныджы фаг ӕрмӕг. Цӕвиттон, Бадилайӕн ус, чысыл лӕппу ма куы уыд, афтӕмӕй кӕй ӕрхастой, уыцы хабары кой кӕнджытӕй ма базыдтам ӕндӕр хабӕрттӕ дӕр, кӕцытӕ ирдӕй ӕвдисынц, Хуссар Ирыстоны ацы рагон фӕтк ӕмӕ ирӕд исыны ӕгъдау сӕ тыхы кӕй уыдысты ӕрмӕст раджы заманты нӕ, фӕлӕ, историйы дӕргъвӕтъиндзинад хынцгӕйӕ, хӕрз ӕрӕджы дӕр.

Бадилайӕн йӕхицӕн, йæ фынддæсæм азы кары куы бацыди, уæд фидарӕй загътой, ус дын курæм, зæгъгæ. Бадила уæндон лæппу уыди, йæ бартыл сдзурыны ныфсæй дæр фæхайджын æмæ сæ кой дæр нæ уагъта. Уæвгæ та хорз зыдта, уымæй кæстæртæн дæр кæй бахъуыддаг кæнынц. Лæппумæ хатыдысты хиуæттæ сылгоймагæй, нæлгоймагæй, хатыдысты йæм, цæмæй разыйы дзуапп радтаид. Лæппу дзырдта: «Мæхæдæг дæр — гæвзыкк, мæ ус дæр уыдзæн гæвзыкк». Фæлæ йæ уыцы ныхæстæ дæр ницыуал адавтой. Натъа сæм æрцыди æртындæсаздзыдæй. Æртæ мæйы нӕма рацыди сæ чындзæхсæвӕй, афтӕ Бадила Кутаисмæ йæхи айста. Фӕстӕдӕр йæ мысинæгты афтæ загъта: «Æрыгæтты цы уарзт фæбæтты, уымæн æз дæр ницы зыдтон ӕмӕ Натъа дæр. Хæдзары ма иу кусæг фæзына, зæгъгæ, ӕрмӕстдӕр мын уый тыххæй ракурын кодтой ус».

Æмӕ иууылдæр афтӕ дзырдтой: хæдзары ма кусæг фæзына, зæгъгæ-иу сæ чысыл лæппутæн æрхастой, чындзытæй хъазынæй дӕр-иу чи нæма бафсæсти, ахæм саби чызджы. Чызгӕн-иу цыбыркъух ныййарджытæ куы уыд, уӕд-иу цин дӕр бакодтой — ирæд райсыны фадат-иу сын фæци.

Ирæд исыны рæстæг-иу лæппуйы бинонтӕ хъуамæ сæ фосы æддæмæ рауагътаиккой, цæмæй сын ирæдисджытæ сæ хуыздæртæ равзæрстаиккой. Фæлæ-иу бирӕтӕ рагацау сæ дзæбæх фос бамбæхстой. Дзабиты Хъырым дзырдта: «Ме ’рвад ирӕдӕн æрдомдта фондз æмæ ссæдз стуры, æдсаргъ бæх, цæджджинаг æмæ ма ноджыдæр цыдæртæ. Лæппуйы бинонты бон уый бæрц раттын нæ уыд, æмæ хъуыддаг фæсыкк.

Хистӕрты ныхӕстӕм гӕсгӕ Урстуалтæ чызг æрæгмæдæр лæвæрдтой. Дыууæ мыггагæй-иу дыууæ лæджы кæрæдзийæн куы фæадджын сты, уӕд-иу сӕ бафæндыд бахæстæг кæнын. Кæд нæ иуæн лæппу райгуыра, иннæмæн — чызг, уæд бахæстæг кæндзыстæм, зæгъгæ-иу гуыбынмæ дæр бафидыдтой. Урстуалты ирæд истой сæдæ фысы онг, авд стуры, цӕджджинаг, хорз ӕхсаргард ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Чындзæхсæвтæ кодтой æрмæстдæр Джиуӕргуыбайы рæстæг. Фыццаг Джиуӕргуыбайы уал чызджы хæдзарæн хъуамӕ дыууæ галы æмæ дуцгæ хъуг радтаиккой фидауæггаг. Иннæ Джиуӕргуыбайы-иу ирæд æнæхъæнæй райстой.

Чызджы бинонтæ-иу æгæр уæззау ирæд куы домдтой, уæд-иу минæвæртты хистæр ирæд фæрогдæр кодта. Ныхас-иу æгæр куы скарз, уæд-иу лæппуйы хæдзары ’рдыгæй дзуапдæттæг къонайы рæхысыл йæ къухтæ æруагъта, йæ цæсгомыл-иу æрсæрфта йæ сæгæйдзаг æрмттæ. Ома, нал уæм зынын, мацыуал нæ бацагурут. Æмæ-иу бафидыдтой.

Цыбыркъух лæгæн ма-иу цыдæр бахатыр кодтой, æмгъуыд ын-иу скодтой, уæд æмæ уæд йæ ирæд баххæст кæндзæн, зæгъгæ. Мæ дзырд нæ фæсайдзынæн, зæгъгæ-иу лӕппуйы минӕвар йæ рихитæй æрду ратыдта æмæ-иу æй гæххæтты фыст ныхæсты бæсты лæвæрдтой.

Адæм сæ сæрæн куы нал уыдысты уæззау ирæд фидынæй, уӕд архайдтой кæрæдзи бамбарыныл. Ирæды аргъ скодтой иу гал æмæ иу хъуг. Ныр та се ’ргом тынгдæр аздæхтой уæлæйы дарæсмæ. Лæппуйы бинонтӕ-иу чызгæн хъуамæ радтаиккой æддаг æмæ мидæггаг дарæстæ, фæйнæ дыууæ фæлысты. Чызджытæ-иу сцыбæл сты, дыууæ фæлысты чысыл сты, зæгъгæ.

Фыдӕлтӕй фӕстӕмӕ цы гъдӕуттӕ ныффидар сты, уыдоны уӕлдай ма бирӕтӕ кодтой фыддӕр ӕнӕгъдаудзинады митӕ дӕр. Стырмӕсыгаг Гӕджиты Далости радзырдта: «Иу нæм уыди, Чикъала. Минæвæрттæ йын арвыстой. Хæдзары — дыууæ хойы. Сæ иу — дзæбæх чызг, иннæ — цыдæр сахъат. Дзæбæхдæрмæ бацамыдтой. Æмæ бафидыдтой. Æрвитгæ та йын сахъат чызджы ракодтой. Сайды кӕй фæци, уый бӕргӕ базыдта Чикъала, фӕлӕ ницы дзуры. Бæрæгбон ралæууыд. Лæг усæн афтæ: „Дзуармæ цӕуӕм“. Акодта йæ ӕмӕ йæ йӕ цæгатмæ баскъæрдта».

Сӕйраг уыд уаг ӕмӕ ӕфсарм, хиуылхӕцындзинад. Зæгъойты Резо æмæ йæ куырд чызгыл сауджын саргъуыдта аргъуаны. Фæлæ зæронд лæг, фырӕфсӕрмӕй, йе взонгады хабӕрттӕ афтæ фæсномыгæй дзырдта, æмæ æнцон æрцахсæн нæ уыди йæ ныхæсты мидис. Цыма-иу сӕхи нӕ, æндæр кæйдæрты кой кодта, йæ ныхас-иу афтæ арæзта: «Аргъуанмæ бацыдыстæм. Чызг æмæ лæппу. Къухтæ æрхæцыдысты… Сауджын къухтæ æрбатыхта, фæдджийæ сæ æрбатыхта. Лæппу æмæ чызджы йæ фæдыл кæны. Æртæ хатты-иу æрзылд стъолы хуызæн альтары алыварс къухтæ суагътой. Арфæ сын ракодта сауджын æмæ-иу сæ рауагъта. Дæ чындзаг дзуарæфтыд куынæ уыдаид, уæд фидиссаг уыди. Сауджын саргъуыдта, уæд чызгæн йæ хæдзармæ здæхæн нæ уыди. Лæппу йæ къайæн аргъ кодта».

Гæджиты Уасил дæр йæхи кой фæсномыгæй райдыдта: «Хъазыдыстæм-иу» — цардæмбалӕн ын кæй æрхастой, уыцы чызджы кой кодта. Дарддæр йæ ныхас фæбæлвырддæр: «Кæд ыл цыдаид дæс азы». Æмæ та-иу уый дӕр фефсӕрмы, ӕмӕ ныхас афтӕ арӕзта, цыма æндæр кæйдæрты кой кодта: «Лæппу æмæ-иу чызг фæхъазыдысты æмæ-иу къонайы цур афынæй сты æмæ-иу сæ сæ хуыссæнмæ ахастой…»

Къуыдаргоймаг Тадиозӕй та афтӕ радзырдтой: бинонтӕ йын куы рхастой, уӕд ахӕм къаннӕг уыд, ӕмӕ-иу изӕры бадгӕйӕ куы бафынӕй, уӕд-иу ӕй йӕ ус йӕ хъӕбысы ахаста хуыссӕнуатмӕ.

Кӕмӕдӕрты, хæрз æвзонгæй кæй лæвæрдтой чызджы, уый хуыздæр касти — кæйдæр чызг, дам, йæ ног бинонты зондыл тагъддæр сахуыр уыдзӕн.

Хъæцмæзты Симон райгуырд 1907 азы. Уый та афтӕ дзырдта йӕхи ӕмӕ йӕ бинойнаджы тыххӕй: «Æртæ мæйы иу сынтæджы фынæй кодтам. Лæг æмæ усы цардæн ницы æмбæрстам. Иу-ахæмы мæм нæ хæрæфырт ныууырдыг: „Куыдтæ цæрыс?“ Æз: „Хорз“. Хæрæфырт мæ къахы: „Дæ усæн исты бахъомыс дæ?“ Ницы йын æмбæрстон йӕ ныхӕстӕй — цы базонын ӕй фӕндыд, цӕмӕй мӕ фарста… Фӕсномыг ныхӕстӕй мын цыдӕртӕ дзырдта, ныр, дам, лæг дæ æмæ, дам, ма фæхудинаг у».

Тотраты лæппуйæн ракуырдтой Саулохты чызджы. Чызг хистæр уыди. Чызджы хæссынмæ ныццыдысты Саулохтæм. Сиахс — чысыл лæппу дæр семæ. Æгъдаумæ гæсгæ сиахсæн нуазæн хъуамӕ радтаиккой æмæ йæ иу-ахæмы ӕрцагуырдтой. Кæм, дам, ис? Уæртæ, дам, хуртуаны цур бады. Сабийы хуртуангæс барæй скодтой, цӕмӕй нуазæнæй фервæза…

Сӕйраг уыд бинонты цӕрдхъомдзинад. Чызг кæмæ хъуамӕ фӕцыдаид, уыдонӕн сӕхи мус, сӕхи куырой ис, уæд хорз хæдзарыл нымад цыдысты. Чызгӕн цы бартӕ, цы уавӕртӕ уыдис, уыдон бынтондӕр никӕй ӕндӕвтой. Гæджиты Къоста дзырдта: «Чызгæн-иу йæ цæстытæ цы зындысты, æндæр цæсгом иууылдæр — æмбæрзт. Хæргæ дæр сусæгæй кодта. Уынгмæ дæр цæсгомæмбæрзтæй цыди. Йæ цот усгуртæ, чындздзонтæ куы суыдаиккой, уæддæр ма-иу æмбæрзта йæ цæсгом».

Бинонты цард куырмæджы гуырд æгъдæуттæм гæсгæ арæзт кæй цыд, уый аххосæй цал чызг æмæ лæппуйы фенамонд сты? Сӕ цард-иу сын, амонд нӕ, уæлион зындон фестад. Афтæ рауади Гӕджиты Бадилайӕн йӕ хо Дарикъойы хъысмæт дæр. Дыууадӕсаздзыдӕй йӕ Хъæцмæзтæй иу цæрæг хæдзарæн радтой хорз ирæдыл. Æвзæр ын уыдысты йæ бинонтæ. Йæ лæг уыди сахъатджын. Дарикъо фæцыди дæснымæ. Мæ бон, дам, цæрын нæу æмæ, дам, мæ цæгатмæ куыд аирвæзон? Дæсны йын загъта: «Ницы хос дын ис. Дæ цæгатмæ куы ацæуай, уæд дæ фидын бахъæудзæн, дæ лæджы хæдзар дыл цы ирæд бафыстой, уый».

Уæддæр рацыди Дарикъо Хъæцмæзты хæдзарæй æмæ йæ цæгатмæ æрцыди, кæд мын мæ ныййарджытæ фæтæригъæд кæниккой, зæгъгæ. Куадзæны рæстæг уыд, тæккæ хуымгæнæн афон. Чызг йæ рыст уды хъизӕмӕрттӕ цӕссыгкалгӕ фæдзырдта йӕ мад Санетӕн. Мад æй уӕддӕр сабыр кодта: «Сылгоймагæн йæ æвзонгæй фæстæмæ уыдæттæ æвзаринаг сты. Алидзæн сæ никæдæм ис». Дарикъо йын лӕгъзтӕ кодта: «Амарут мæ, æз уæддæр нал ацæудзынæн». Æмæ йæ уæд йæ ныййарæг бафарста: «Дӕ сӕрмӕ цы ирæд райстам, уый цæмæй бафиддзыстæм, ууыл ахъуыды кодтай? Уыцы хæдзары дын цæргæ у æмæ фæраз. Ныртæккæ цæугæ кæн, рухсæй хæдзары къæсæрæй куыд бахизай, афтæ». Æмӕ арвыстой чызджы ныййарджытæ, сӕхӕдӕг ацыдысты хуым кæнынмæ. Æмӕ сӕм хуыммæ фæхабар кодтой: «Уæ чызг йæхи æрцауыгъта».

Зианмæ цæугæйæ-иу Санет йæ астæуыл бабаста, йæ чызг йæхи кæмæй æрцауыгъта, уыцы бæттæн, иронвæндаггæнгæ-иу цыди мардмӕ, йæ сæр-иу хоста. Бадила йæхӕдӕг афтӕ фыста йӕ мысинæгты: «Мӕ хо Дарикъойы мын моймæ радтой 1903 азы. Хъæцмæзты Гисалæн ӕй ауæй кодтой. Цæрын нæ фæрæзтам æмæ хорз ирæд райстам».

Никуы ферох сты Бадилайæ, йæ хо уыцы хæдзары хъизӕмӕртты хай кæй фæци æмæ йын йæ бон баххуыс кæнын кæй ницы уыди, уыдæттæ. Æмӕ ӕрмӕст ацы хӕдзары бинонтыл куы цӕуид дзырд, фӕлӕ, нӕ историйы дӕргъы цас адӕм фесты нӕ тызмӕг ӕмӕ куырмӕджы гуырд ӕнӕхъуаджы ӕгъдӕутты амӕттаг…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.