Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты барамындмæ гæсгæ Дзауы районы администрацийы сæргълæууæгæй нысан æрцыд Тыбылты Вандæ. Уый райгуырдис 1967 азы. Йæ райгуырдæй цæры Дзауы поселочы. Тыбылты Вандæ фæцис Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты филологон факультет, фæстæдæр та – Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты юридикон факультет. Советон дуджы цалдæр азы бæрц акуыста Дзауы уæды райæххæсткомы. 2000-æм азæй фæстæмæ та у амалиуæггæнæг. Хъомыл кæны хъæбул æмæ хъæбулы хъæбултæ. Тыбылты чызгмæ цы фæндтæ ис, районы социалон-экономикон рæзт куыд уыны, проблемон фарстытæ куыд æмæ цы æгъдауæй скъуыддзаг кæндзæнис, ахæм æмæ æндæр фарстыты тыххæй радзырдта нæ уацхæссæгæн.
Тыбылты Вандæ ацы бæрнон бынаты кусын куы райдыдта, уæд æй фыццаграды бахъуыд тæрккъæвдаты фæстиуджытæ аиуварс кæныны сæр. Æрбалæууыд кусджыты фарсмæ æмæ абоны онг дæр архайы, цæмæй фарст кæронмæ скъуыддзаг æрцæуа. Дæттæ кæй раивылдысты, уымæ гæсгæ Дзауы районы бирæ хъæуты фæндæгтæн разианчындæуыд. Иууыл тынгдæр ивылд дон бафхæрдта Згъуыбиры хъæуы фæндæгтæ. Дон аласта хид æмæ, дзуары бонмæ чи ‘рцыдис, уыцы адæмæн сæ бон нæ уыдис уырдыгæй рацæуын. Ныртæккæ донивылды фæстиуджытимæ куыстытæ куыд цæуынц, уый тыххæй нын радзырдта Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг:
– Районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады куысты руаджы нын бантыст уавæр фæхуыздæр кæнын. Уыцы бынæтты ныртæккæ дæр цæуы куыст, цæмæй фæндæгты сæ раздæры уагмæ æркæнæм. Абон махæн нæ разы цы хæс ис, уый у, цæмæй сæндидзой районы æппæт транспортон фæндæгтæ, – банысан кодта уый.
Вандæ куыд ног сæргълæууæг æмæ бынæттон цæрæг, афтæ йæм цавæр фæндтæ ис районы исты саразыны тыххæй, уый фæдыл нын афтæ радзырдта:
– Æз мæхæдæг, куыд Дзауы районы цæрæг, афтæ хуыздæр зонын нæ районы проблемæтæ. Хуыцауы фæрцы мæм бирæ фæндтæ æмæ плæнттæ ис æмæ мæ бон куыд уа, афтæ æххуыс кæндзынæн районы цæрджытæн. Тыхст адæймаджы фарсмæ балæууын махæй алкæй хæс дæр у æмæ куыд гæнæн уа, афтæ-иу сæ фарсмæ балæудзынæн. Адæмæн фыццаг рады аразын хъæуы царды уавæртæ. Нæ къухдариуæгады хъуыды куыд у, афтæмæй дарддæр дæр арæзт æмæ цалцæг цæудзысты фæн-дæгтæ, доны хæтæлтæ, социалон объекттæ. Кæд уый размæ азты дæр районы уыдæттæ арæзт цыдысты, уæддæр дзы нырма саразинаг бирæ ис, – банысан кодта Тыбылты Вандæ. Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг куыд нымайы, уымæ гæсгæ цæрæнуатон фарст районы нырма дæр у проблемон æмæ йæ хъæуы скъуыддзаг кæнын.
– Куыд зонут, афтæмæй Дзауы районæн тынг разиан кодта зæххæнкъуыст. Кæддæры рæсугъд æмæ нæргæ район уысммæ пырхæнтæ фестад. Кæй зæгъын æй хъæуы, адæм фесæфтой се стыр хæдзæрттæ, сæ бирæ азты фыдæбон. Уыдис дзы ахæмтæ æмæ æппындæр ницыуал райстой сæ пырх хæдзæрттæй. Ахæм бинонтæн уæлдай тынг зын уыдис сæ къæхтыл слæууын æмæ хæдзар саразынæн та фæрæзтæ хъæуы, уæд та мæгуыр рæстæг уыд. Кæд бирæ рæстæг рацыд, уæддæр цæрæнуатон фарст районы нырма у ахсджиаг. Фæстаг цалдæр азы нæ районы арæзт æрцыдис æртæ 18-фатерон корпусы, фæлæ проблемæ уыдонæй кæронмæ скъуыддзаг не рцыдис. Районы ис ахæмтæ дæр, кæцытæ кредитты руаджы бавдæлдысты æмæ сæхи тыхтæй райдыдтой хæдзæрттæ аразын. Хæдзар аразын æнцон кæй нæу, уый алчи дæр æмбары. Фæлæ ма ам ис иу хъуыддаг, бирæйы æнæбафыдæбонæй цæттæ хæдзар фæхъæуы æмæ уæд иннæттæ та мæсты фæкæнынц, зæгъгæ, кæд иутæн æххуыс кæнынц, уæд, зæгъгæ, махæн дæр нæ хæдзæрттæ куы ныппырх сты æмæ кредиттæ фидынæн куы ницыуал фæразæм. Уымæ гæсгæ абоны онг дæр цæуынц æмæ хъаст кæнынц хæдзæртты тыххæй. Ацы проблемæ хъæуы æвæрццагæй аскъуыддзаг кæнын, цæмæй дзы загъд ма цæуа æмæ адæмæн сæ зæрдæтæ барухс уой. Хъуыддаг афтæ домы æмæ æз нæ Хицауады раз сæвæрдзынæн ацы фарст. Ис мæм ахæм хъуыды, цæмæй районы корпустæ саразыны бæсты, хæдзæрттæм рады чи лæууы, уыцы бинонтæн финансон æххуыс бакæнæм. Ома, корпусты бинонтæм цы дыууæ къуымы æрхауа, уый бæсты уыцы дыууæ къуым йæхи зæххыл куы сараза, уæд ын бирæ пайдадæр у. Уый йедтæмæ – иутæн æртæ милуан æмæ æрдæгы аргъ фатер радтæм æмæ иннæтæн та сæдæ мин сомы бæрц дæр ма феххуыс кæнæм, уый раст нæу. Стæй-иу афтæ куы уаид æмæ-иу раст уæрст куы æрцæуиккой фатертæ … Дзауы район горæт нæу, алкæмæн дæр ис йæхи зæхх æмæ сæ кусынц, дарынц фос дæр æмæ алкæй фатеры цæрын нæ фæнды. Æз уæлдæр цы хъуыды загътон, уыцы хъуыды-иу арæх фехъуыстон цæрджытæй. Æмæ кæд хицауад дæр нæ фарсмæ æрбалæууа, уæд афтæмæй фылдæр бинонтæн æрцæудзæнис æххуыс æмæ та стæй цард цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. Дзырдæн, кæд иу фатер цыппар милуаны аргъ лæууы, уæд уыцы цыппар милуаны цыппар бинонтыл адих кæн æмæ фылдæр бинонтæ сæ фарст цадæггай аскъуыддзаг кæной, – зæгъы Тыбылты чызг.
Вандæйæн ма йæ фæнды ис, цæмæй фембæла поселочы цæрджытимæ æмæ сæм байхъуса, цавæр фæндтæ сæм ис, цæуыл тыхсынц æмæ уый фæстæ иууыл ахсджиагдæр фарстыты аскъуыддзаг кæной. Тыбылты Вандæ, йæхæдæг куыд зæгъы, уымæ гæсгæ поселочы æнæмæнгхъæуæг у хæрзарæзт, ног домæнтæн чи дзуапп кæна, ахæм хъазæн комплексимæ сывæллæтты фæзуат саразын. Уымæн æмæ дзы нæй ахæм æдас бынат, ныййарджытæ сæ сывæллæттимæ зæрдæйыдзæбæхæн кæм баулæфой æмæ кæм атезгъо кæной.
– Ис ма мæм ахæм хъуыды, цæмæй «курортон зонæ»-йы, стадионмæ хæстæг, уæлвæндаг улæфæн парк саразæм. Сæвæрдзыстæм дзы бадæнтæ, рухс æм бауадздзыстæм æмæ йæ афтæмæй схæрзарæзт кæндзыстæм. Стадион дæр хъæуы хуыздæр уагмæ æркæнын. Бынтон хорз уаид, нæ районы спортивон комплекс дæр арæзт куы æрцæуид. Нæ районы сывæллæттæ Дзауæй араст вæййынц горæтмæ спортивон комплекс «Олимп»-мæ. Ис нæм ахæмтæ, кæцытæ цæуынц ленк кæныны спортмæ, гимнастикæмæ æмæ уый тынг зын у, куыд сывæллæттæн сæхицæн, афтæ ныййарджытæн дæр. Арæх афтæ рауайы æмæ йæ дарды тыххæй ныууадзынц æмæ нæм афтæмæй та спортмæ æвзыгъд сывæллæттæ бирæ ис.
Дзауы райцентрыл цæуы Федералон трассæ, бирæ уазджытæ нæм æрцæуы æндæр æмæ æндæр мадзæлттæм æмæ æддагоны цæст та уынаг у. Нæ райцентры æддаг хуыз фæхуыздæр кæнын кæй хъæуы, уый æмбæрстгонд у. Абон, нæ районы цыдæриддæр куыстуæттæ ис, уыдон иууылдæр рацыдыстæм æмæ бафснайдтам центрæй суанг рынчындоны онг. Цæмæй хæрзæфснайд æрцæуа, уый тыххæй нæ бахъæудзæн иу фондз ахæм зиуы ракæнын. Фæлæ нæм горæт куы нæ фæкæсой къанаутæ ссыгъдæг кæнынмæ, уæд махæн нæ тыхы уый бæрц нæ цæуы. Къанаутæ иу дыууæ азы бæрц нал æрцыдысты сыгъдæг, байдзаг сты æмæ сæ хъуамæ ныссыгъдæг кæнæм. Алы майрæмбоны дæр-иу, куыд нæ ‘вдæла, уымæ гæсгæ æфснайдзыстæм централон уынгтæ.
Тыбылты Вандæ ма банысан кодта доны проблемон фарст дæр. Районмæ Едысæй цы нуазыны дон цæуы, уый миттайыны рæстæджы, къæвдабонты æмæ сæ фæстæ дæр бирæ рæстæг фæцæуы змæстæй, уымæ гæсгæ цæрджыты тыхсын кæны доны проблемæ дæр.
– Ацы фарсты тыххæй адæм тынг уынгæджы кæй сты, уый зонын. Цынæ брон раласы, ахæм нæй. Нæ «аристонтæ» ивтам алы аз дæр, цъыфæй-иу байдзаг сты æмæ-иу нал скуыстой. Къæвда цал хатты æруары, уал хатты нæ кърæнттæй цъыф дон рацæуы. Сæ раивыны тыххæй сæ фæхъæуы ‘лхæнын, алкæмæн та уыцы æхцатæ нæ вæййы. Техникæйæн дæр зиан у, фæлæ ма стыр зиан хæссы адæймаджы æнæниздзинадæн дæр æмæ уыдæттæ иууылдæр хъæуы хынцын.
Райцентры сæрмæ, къуылдымыл ис резервуартæ æвæрд. Сарæзтой сæ раджы, фæлæ афтæ лæууынц, не скуыстой. Дон сæм нæ цæуы æмæ сæ цæй тыххæй сæвæрдтой? Кæддæр дзырдтой, зæгъгæ, сыл бирæ ‘хцатæ сфыстой æмæ абон цы донæй пайда кæнæм, уый уынæм. Уымæ гæсгæ хицауады раз æвæрдзыстæм доны фарст дæр, цæмæй скъуыддзаг æрцæуа æмæ цæрджытæ чъизи донæй ма пайда кæной. Рæхджы фæнд кæнæм Къуыдаргоммæ ацæуын дæр, цæмæй бынаты базонгæ уæм сæ уавæртимæ. Ахæм фембæлдтытæ нын хъуамæ уа арæхдæр. Хъæутæ федзæрæг сты æмæ ма дзы чи баззад, уыдонæн хъæуы сæ фарсмæ балæууын, сæ царды уавæртæ сын фæхуыздæр кæнын. Адæм уый куы уыной, уæд бирæты фæстæмæ æрыздæхын дæр бафæнддзæн. Махæн куыд нæ бон уа, афтæ сын æххуыс кæндзыстæм. Хъæутæн иууыл ахсджиагдæр сты фæндæгтæ, дон, куысты бынæттæ æмæ газификаци. Хъæу æрдзон газæй ифтонг куы уа, уæд уымæй бирæ фæрогдæр уыдзæн хъæууон лæджы къух. Хорз уаид, арæзт куы ‘рцæуид хъæуты территориты райрæзты комплексон программæ. Дыууæ азы фæстæ кæд бæллиццаг фæстиуджытимæ нæ уа, уæддæр ын уыдзæнис райдиан. Хъæуты адæм куы уа, уæд горæтæн дæр пайда у, хъæууонхæ-дзарадон продукттæ дæр афтæ зынаргъ нæ уаиккой. Йæ рæстæджы сæм æркаст куы уыдаид, уæд афтæ нæ фæлыгъдаиккой Цæгат Ирыстонмæ, Уæрæсемæ хуыздæр цардагур, – зæгъы Тыбылты Вандæ.
Бæрæг куыд у, афтæмæй æрдзон газ бауагътой Дзауы поселочы фæндагмæ æввахс чи цæрынц, уыдон. Газ адæм сæхи тыхтæ æмæ фæрæзтæй кæй бауагътой, уый алчи дæр зоны. Фæлæ абон адæм æвæрынц фарст, зæгъгæ, нæй гæнæн æмæ нæ фиддонтæ горæты банчы бæсты Дзауы банчы фидæм?
– «Ацы фарстмæ нæма ‘ркастæн, фæлæ у хуымæтæг. Саразæн ын ис. Фæнды мæ зæгъын уый æмæ нæ районы адæм афтæ бафæлладысты суг амал кæнынæй, æмæ чи хæстæ, чи та кредиттæ фæистой, афтæмæй сæ хæдзæрттæм æрдзон газ бауагътой. Алы аз дæр нын дзырдтой, зæгъгæ, уæм ацы аз газ бауадздзыстæм, фæлæ адæмæн сæхи уадзинаг фæцис. Ныртæккæ архайын ууыл, цæмæй ма Фаллагфарсы цæрджытæм дæр газ бауадзæм. Мæ бон цы у, уымæй сæм хъуамæ фæкæсон мæхи тыхтæй дæр æмæ ма мын хицауад дæр аххуыс кæндзысты, цæмæй, хиды цур цы газы хæтæл ис, уый доны сæрты ауадзæм. Ацы районы дæр цæры тынг бирæ адæм æмæ тыхсынц æнæ газæй», – банысан кодта Тыбылты Вандæ.
Дзауы районы фæсивæд цæмæй æгуыст ма уой æмæ пайда уой республикæйæн, уый тыххæй у йæ дзырды сæр районы администрацийы сæргълæууæгæн. Йæ ныхæстæм гæсгæ, районы ис ахæм адæймæгтæ, кæцытæ кусынц дыууæ, æртæ бынаты æмæ бирæтæ та сты æгуыст.
– Зæгъæм, сылгоймаг æртæ сывæллонимæ макуы куса æмæ чидæр та цалдæр ранæй мызд иса, уый бынтон раст нæу. Хъуыддагмæ хъæуы æркæсын. Ацы бонты мæм Къуайсайæ куыстагур æрцыдис иу æрыгон лæппу куль-турæйы къабазы специалист, кæцы ахуыр кодта Уæрæсейы æмæ йæ фæнды йæ райгуырæн зæххыл кусын. Лæппуйы куысты бынатæй сифтонг кæныны бардзырдыл æрфыстон мæ къух. Æвзонг специалисттæн хъæуты куы нæ уа куыст, уæд цæй сомбоныл дзурæм, – фарст æвæры Тыбылты чызг. Уый ма банысан кодта йæ рæстæджы Дзауы районы фосдарды хъуыддаг æнтыстджын кæй уыд, хъæутæ нæргæ кæй уыдысты, уымæ гæсгæ. Абон афтæ кæй нæу, уый бæрæг у. Уымæ гæсгæ районы администрацийы сæргълæууæг хъуамæ фембæла специалисттимæ æмæ фермертимæ, цæмæй бæстон базона районы фермерты проблемæтæ æмæ цы гæнæн уа, афтæ сæ фарсмæ æрбалæууой.
Дзауы районы алæмæттаг æрдз Советон Цæдисы адæмæн зындгонд уыдис. Курортон зонæйыл нымад кæй цæуы, уымæ гæсгæ, кæд ныртæккæ нæ, уæддæр уыдзæн рæстæг æмæ дзы сараздзысты санаторитæ. Хъæздыг у йæ минералон дæттæй. Фæлæ, цæмæй уыцы хъæздыгдзинадæй республикæмæ пайда цæуа æмæ нæ адæмæн куысты бынæттæ фæзына, уый тыххæй хъæуы бындуронæй райтынг кæнын ацы къабаз. Цæмæй ацы комы туризм райтынг уа æмæ дзы санаторион-курортон комплекс сырæза, уый фæдыл, районы хицау куыд хъуыды кæны, уымæ дæр бацымыдис кодтам. Уый нын куыд зæгъы, уымæ гæсгæ сæйраг сты финансон фæрæзтæ, инвестортæ.
– Зæгъæм, 2008-æм азы хæсты фæстæ Дзауы районы Къодибыны Гæбæраты лæппутæ сарæзтой хосгæнæн курортон комплекс. Ардæм раздæр дæр адæм цыдысты хос кæнынмæ. Хорз проект у, фæлæ сын йæ рæстæджы ‘хцайы фæрæзтæ фаг кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ æрдæг арæзтæй баззад. Мæнмæ гæсгæ, йе скусын кæнын уаид тынг хорз хъуыддаг, нæ хицауад дæр, æвæццæгæн, туризм райтынг кæныны фарстмæ йæ хъус æрдардзæн, – зæгъы Тыбылты Вандæ.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.