Информацион агентад «Спутник-Хуссар Ирыстон»-ы пресс-центры нæ республикæйы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæрдар Хъотайты Марияйæн брифинг уыдис РХИ-йы Бастдзинад æмæ дзыллон коммуникациты комитеты сæргълæууæг Джиголаты Хасанимæ.

Брифингы райдианы Хъотайты Мария бацымыдис кодта, Бастдзинады комитеты цавæр проблемæтæ ис, цы у йæ аххосаг æмæ сæ куыд скъуыддзаг кæнынмæ хъавынц, уымæ. Фарст ма йæм радта стационарон телефоны бастдзинады тыххæй, ома, ныртæккæ арæх не сты æмæ ма  сомбон уæрæхæй пайда кæндзыстæм уыцы бастдзинадæй æви нæ.

«Æз афтæ хъуыды кæнын æмæ пайда кæндзыстæм стационарон телефоны бастдзинадæй. Уымæн æмæ, иуæй ацы бастдзинады лæггæдтæ сты асламдæр мобилонæй, иннæмæй та у æдасдæр. Алкæмæн дæр зындгонд у, 2008-æм азы хæстон архайдтыты фæстиуæгæн уыдон кæй æрцыдысты æдзæллаг уавæрмæ æмæ ныр дæр ацы фарст у проблемон. Бæрæг куыд у, афтæмæй ныртæккæ нæ республикæйы стационарон телефоны бастдзинадæй пайда кæнынц 800 абонентæй фылдæры бæрц. Уыдон, сæйраджыдæр, сты паддзахадон структурæтæ, пайда ма дзы кæнынц цæрджытæй ацæргæ чи сты, уыдон дæр. Цæмæй стационарон бастдзинад сæндидзын кæнæм, уый тыххæй бахъæудзæнис стыр хæрдзтæ, ома, 50 милуан сомы бæрц», – загъта Джиголаты Хасан. Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны стационарон телефоны бастдзинад сæндидзын кæныны хъуыддаг гæнæн ис æмæ фидæнмæ бахауа республикæйы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестпрограммæмæ.

2018 азы Бастдзинады комитеты дæлбаруæвæг паддзахадон унитарон куыстуат «Телерадиохызæджы» кусджытæ бавнæлдтой нымæцон телеуынынад аразынмæ, кæцы реализаци цæуы дыууæ этапæй. «Фыццаг уал 2018 азы арæзт æрцыд нымæцон телеуынынады хызæг фондз объекты скондæй. Дыууæ базæйон станцы арæзт æрцыд Ленингоры районы, дыууæ –  Дзауы районы. «Паук»-ы бæрзæндыл дæр монтаж æрцыд мæсыг æмæ ныртæккæ уый руаджы Цхинвал æмæ Цхинвалы районы хæстæгдæр хъæутæ исынц нымæцон телеуынынады сигнал. Дыккаг этапы та, ома, ацы аз ноджыдæр æнгæс объекттæ æмæ базæйон станцтæ арæзт æрцæудзæн горæт Къуайсайы, Знауыры районы хъæутæй цалдæры, афтæ ма – Теделеты хъæуы бæрзæндыл. Куыддæр базæйон станцтæ арæзт фæуой, афтæ уыдон се ‘ппæт дæр баиу уыдзысты, «Паук»-ы бæрзæндыл цы антеннæ ис, уымæ. Куыд зонæм, афтæмæй æппæт Уæрæсейы дæр хизынц нымæцон телеуынынадмæ æмæ Хуссар Ирыстоны телеуынынад дæр хъуамæ рæстæджы домæнтæн дзуапп дæтта. Нымæцон телеуынынады руаджы бирæ хатт фæхуыздæр уыдзæнис телеуынынады нывты гъæд. Æрмæст цалдæр азы размæ цы телевизортæ балхæдтой нæ цæрджытæ, уыдон уыцы формат нæ ахсынц, фæлæ уыдон та кусдзысты сæрмагонд уæлæмхас ифтонгады руа-джы.

Цæмæй нымæцон телеуынынадмæ рахи-зæм, уый тыххæй нын рахицæн æрцыд 150 милуан сомы бæрц. Уыдонæй уал нæ куысты фыццаг этапы бахардз ис 46 милуан сомы бæрц», – загъта комитеты сæргълæууæг  Джиголаты Хасан ма куыд банысан кодта, афтæмæй 2019 азы кæрон республикæйы телесигнал цадæггай хъуамæ ахиза нымæцонмæ æмæ хъуамæ аххæсса нæ республикæйы цæрджытæн сæ 95 процентыл. «Йæ ныхæстæм гæсгæ нымæцон телеуынынад цы цæрæнбынæтты не ‘рцахса  уыдон та, сæйраджыдæр, сты дæрддаг æмæ хæххон хъæутæ – уыдоны уал ифтонг кæндзысты аналогон сигналæй.

Брифингы рæстæджы ма Бастдзинады комитеты сæргълæууæг цыбыртæй радзырдта нæ республикæйы интернет æмæ бастдзинады лæггæдты тыххæй дæр. Хуыздæрæн нæ республикæмæ хуынд æрцыд ног провайдер «Юг-телеком». Ацы компани кæд бирæ æвзонгдæр у нæ республикæйы архайæг оператор «Мегафон»-æй, уæддæр ныридæгæн йæхи равдыста æууæнкджынæй интернет-лæггæдты къабазы. Компанийы кусджытæ афæдзы æмгъуыдмæ сифтонг кодтой æнæхъæн горæты кабелон лæггæдтæй. «Уыдон кусынц тынг хорз, фидынц æппæт фиддонтæ дæр. Ацы аз фæнд кæнынц сæ куыст адарддæр кæнын Дзауы поселочы, Цхинвалы районы цалдæр хъæуы æмæ иннæ аз та уыцы лæггæдтæй фæхайджын уыдзысты æндæр цæрæн бынæттæ», – загъта Джиголаты Хасан. Уый ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, ацы оператор дыууæ-æртæ азы æмгъуыдмæ хъуамæ интернетæй сифтонг кæна æгас республикæйы.

Брифингы Бастдзинады комитеты сæргъ-лæууæгмæ йæ куысты фæдыл журналисттæ лæвæрдтой æндæр цымыдисгæнæг фарстытæ æмæ сын райстой æмбæлон дзуаппытæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.