Ныр мæйы бæрц куыст цæуы Цхинвалы районы Громы хъæуæй Ленингоры районы Цъинагары хъæумæ фæндагарæзтадыл. Ацы фæндаг уыд зынвадат, афтæмæй та Цхинвалæй Цъинагармæ цы фæндаг цæуы уымæй у æртæ хатт къаддæр.

15 километр дæрддзæгæн фæндагыл сæрдыгон бон дæр зынтæй цыдысты хæдтулгæтæ, зымæгон цъыф бонты та йыл æппын цæуæн нæ уыд. Фæндаг саразыны фарст рагæй тыхсын кодта Цъинагары зонæйы цæрджыты. Хицауады раз рагæй æвæрдтой уыцы фарст, фæлæ фæрæзтæ кæй нæ фаг кодта, уымæ гæсгæ æргъæвд цыд азæй-азмæ.

2019 азы Инвестпрограммæйы фæлгæтты Гром-Цъинагары фæндаджы арæзтадæн хицæн æрцыд 255 милуан сомы. Проектон-сметæйон документаци куыддæр арæзт æрцыд, афтæ фæндаджы арæзтадмæ æрæвнæлдта паддзахадон унитарон куыстуат «Дорэкспострой».

Фæндагарæзтады прораб Абеты Хъазбег куыд зæгъы, афтæмæй фæн-даджы арæзтадон куыстытæ райдыдтой Громы ‘рдыгæй фарс. Ныридæгæн сын айгæрдын бантыст 5 километры бæрц: «Фæндаджы арæзтадыл кусы техникæйы æхсæз иуæджы. Фæндаг хъæды дæр кæй цæуы, уымæ гæсгæ лыг цæуынц бæлæстæ, лæсæн бынæттæ та фидар цæуынц бетонон къултæй. Цъыф зæйтæй тæссаг бы-нæтты æвæрд цæуынц стыр диаметр бетонон хæтæлтæ. Фæндагæн æмткæй йæ дæргъ уыдзæн 15 километры. 10-æм километры арæзт æрцæудзæн хид, кæцыйы дæргъ уыдзæн 36 метры. Фæндаджы иувæрсты та уыдзæнис донлæдæрсæн къанау, фæндаг уыдзæн капиталон арæзт, фæлæ асфальт нæ уыдзæн – арæзт æрцæудзæн хæрзгъæд грунтæй», – зæгъы фæндагарæзтады прораб.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй Гром-Цъинагары фæндаджы арæ-зтадыл кусынц, сæйраджыдæр, бынæттон цæрджытæ. Æрхонгæ кусджытæн та бынаты арæзт æрцыд æхсæвиуатгæнæн æмæ сихор кæм хъуамæ кæной, ахæм бынæттæ. Фæндаджы арæзтад фæуыдзæн ацы азы кæрон æмæ уæд Цъинагары зонæйы цæрæг адæмæн сæ уавæр фæхуыздæр уыдзæнис. Абон кæд Цъинагарæй Цхинвалмæ фæндагыл цæугæйæ иуæрдæм дыууæ сахат æмæ æрдæг бахъæуы, уæд ацы фæндаг эксплуатацимæ радтыны фæстæ уыцы рæстæг зынгæ фæкъаддæр уыдзæнис. Уыимæ цъинагайрæгтæн æнцондæр уыдзæн горæтмæ се ‘ркæнгæ продукци æрласын, бынæттон базары сæ ауæй кæнын æмæ стæй фæстæмæ афоныл аздæхын.

Фæстаг азты Цъинагары регионы бирæ вазыгджын социалон проекттæ арæзт æрцыд, кæцытæн сæ нысан у хъæуы цæрæг адæмы царды уавæртæ фæхуыздæр кæнын. 2014 азы нуазыны донæй ифтонг æрцыдысты Абреу, Орчъосан æмæ Цъинагары хъæутæ. 2016 азы паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс» баивта, чи базæронд сты, уыцы электроцæджындзты. Ивгъуыд аз Цъинагары байгом сывæллæтты рæвдауæндон. Орчъосаны хъæуы та цалцæг æрцыд скъола. Ныр Гром-Цъинагары фæндаг куы сырæза, уæд та суыдзæн ног лæвар зонæйы цæрджытæн.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.