Фосдарды куыст кæнын нæ адæмæн фыдæлтæй фæстæмæ сæ туджы ис. Æмæ уый æнæнхъæлæджы нæу. Зæхкуыстимæ фосдард дæр уыдис сæ царды фæрæз. Фосдард райтынг кæнынæн хорз уавæртæ кæй ис нæ республикæйы территорийыл дæр, уый ирдæй  фенын кодта рæстæг йæхæдæг дæр. Раджы, уартæ ма советон дуг куы уыдис, уæд алы хъæуы дæр уыдис фосдарды фермæтæ. Цæрджытæ сæхæдæг дæр дардтой бирæ фос, афтæмæй нæ сæрвæттæ нæ цух кодтой фосæй. Дардтой мæргътæ, лыстæгкъах фос дæр. Уый æппæт фосæн зымæгмæ холлæгтæ дæр амал кодтой нæхимæ. Афтæмæй хъæууон цæрджытæ фидар æнгом баст уыдысты хъæууон цардимæ.

Фæстаг азты уавæр цæхгæр фæивта. Хъæуты цæрджытæ зынгæ фæкъаддæр сты бæрæг аххосæгтæм гæсгæ. Уыимæ та, кæй зæгъын æй хъæуы, зынгæ фæкъаддæр сты, фосдард чи кæны, уыдоны нымæц дæр. Ныртæккæ хъæууон хæдзарады сæйраг архайæг ссис фермер, фæлæ уыдонæй дæр ацы хуызы амалиуæгад райтынг кæнын кæй фæнды, уыдон дæр афтæ бирæ не сты.

Фермерон хæдзарад райтынг кæнын бафæндыд Убиаты хъæуы цæрæг Мамиты Альберты дæр. Зæрдиагæй йæ кæй фæндыд уыцы хъуыддаг саразын, уый бæрæг у, нырмæ уал цы сарæзта, уымæй. Уый бирæтау йæ сæрæй дуæрттæ нæ кодта хицауадмæ, фæлæ уал æнæ искæйы æххуысæй сарæзта, фос кæм дардтаид, ахæм дæргъæй-дæргъмæ скъæт. Йæ ныййарджытæм уыд цыппар стуры æмæ сæ Альберт æрбакодта йæ фермæмæ. Хъуыдис фосы нымæц фæфылдæр кæнын æмæ Альберты амондæн уыцы рæстæджы рахастæуыд уынаффæ, цæмæй фермерон хæдзарад райтынг кæнын кæй фæнды, уыдонæн æрцæуа æххуыс. Уый уыдис 2011 азы. Мамиты Альбертæн дæр рахицæн æрцыд 500 мин сомы æмæ дзы балхæдта 11 стуры. Ныр йе стурты нымæц схызтис 53 сæрмæ. Альберт уыцы фосмæ зилы йæ бинонтимæ æмæ сыл æххæссынц. Альберт ма райста хъалмыхъхъаг фосы мыггагæй дæр 51 сæры. Фæлæ йын нæ сæндидзыдтой нæ  климатон уавæрты, амардис ын дзы цалдæр сæры æмæ уæд аргæвста æмæ базары ауæй кодта иннæты. Балхæдта дзы бынæттон стурты мыггагæй цалдæр сæры æмæ йын ныр йæ къух аразынц. Фермермæ ныртæккæ дуцгæ хъуццытæ ис 25 бæрц, иннæтæ та сты родтæ, дыгæрдгуытæ. Æхсырæй ахсы цыхт, йæ сылы йын хæрын кæны хуытæн, йæ цыхт та йын уæй кæны базары. Фæлæ базармæ республикæйæн æддейæ дæр кæй ласынц урсаджы продукттæ, уымæ гæсгæ зынтæй уæй кæны æмæ уымæй фермер равдыста йе ‘нæразыдзинад.

Альберты фæндыд хуытæ дарын дæр. Скодта 10 дзæргъы, 15 бæрц та йæ хуыгистытæ уыдысты, хъыбылтæ – бирæ. Фæлæ хуыты африкæйаг емынæ куы фæзынд, уæд ын аскъуыдысты æмæ сæ афтид абадтис

Альберт кæд ветеринар нæу, уæддæр сахуыр кодта уыцы дæсныйад æмæ ныр фосæн йæхæдæг саразы судзинтæ дæр, балхæны сын æнæмæнгхъæуæг хостæ æмæ ауды йæ фосы æнæниздзинадыл. Зымæгмæ сын æрцæттæ кодта фаг холлæгтæ æмæ ныр йæ фос æрвитынц æдыхст зымæг.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.